Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"
материал (8 класс) на тему

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальностей чувствуют себя комфортно. Живут и работают во благо нашей малой Родины- Осетии   и нашей матушки- России.  Исполняются песни и танцы  разных национальностей.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iryston_mahan_u_na_uazag.docx31.57 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

Литературон музыкалон мадзал       « Ирыстон махæн у нæ уæзæг».

Презентаци.

(Осетинская песня)

1амонæг. Уæ бон хорз, нæ буц уазджытæ!

2 амонæг.  Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæдæй рацыд 240 азы. Нæ литературон- музыкалон мадзал    « Ирыстон махæн у нæ уæзæг»  арæзт у  уыцы цауы кадæн.

1 амонæг.  Уæрæсейы фæрцы Ирыстон рæзыд æмæ цыдис размæ.

2 амонæг. Схызт экономикæйы, политикæйы, культурæйы, социалон фарстаты бæрзонддæр  къæпхæнмæ.

1 амонæг.  Абон нæ уарзон Иры схонæн ис  фидар, тыхджын,ахадгæ  бирæнацион  республикæ.

          1 скъ. Цытджын Уырыс, о артуд ыстут, артуд,

Ныфсы хос у нæ зæрдæтæн уæ кой,

Нæ фыдызнæгтæн фидар ныхкъуырд радтут,

Фæвæййынц дард Ирыстонæй сæргой!

2 скъ. Нæ иудзинадыл рыст Зураб Магкаты,

Куырыхон Семау- дардуынаг йæ цæст.

Æфтыдта кад нæ Ирыстоны кадыл

Æмæ æрцыд йæ рухс бæллиц æххæст.

3скъ. Уæрæсе у нæ цинхæссæг цыкура,

Цæрæд, цæрæд нæ фæндиаг фæрнæй.

Йæ рухс бæллицтæн макуы уæд æрмынæг,

Дæрдтыл йæ цины зарджытæ зæлæнт!

(номер. Русский танец или песня)- 9 г кл.

1скъ. Зæххы цъарыл,Дунейы стыр тыгъдады

        Ирыстонæй рæсугъддæр бынат нæй,

        Уæрæсейæн йæ хуссар дуар Кавказы,

      Цæры дзы бирæ адæмтæ фæрнæй.

2 скъ. Бирæ сты нæ бинонтæ,

         Мах цæрæм фæрнæй

        Семæ, уарзон уазджытæ,

         Базонгæ ут,цæй!

Иумæ: Мах стæм

 1 скъ.Ирæттæ,мæ  уырыссæгтæ

2скъ. Сомихæгтæ,мæхъæлæттæ,

         3скъ. Хъуымыхъæгтæ, гуырдзиæгтæ

4скъ.У краинæгтæ, цæцæйнæгтæ

5скъ.Туркæгтæ, мæ кæсгæттæ

6скъ.Азербайджайнæгтæ,мæ  грекъæгтæ

           7скъ.Тæтæйрæгтæ, къарейæгтæ

            8скъ. Белорусæгтæ мæ немыцæгтæ

9 скъ. Авайрæгтæ, лезгинæгтæ

10скъ. Таджикæгтæ,мæ  дзуттæгтæ

11скъ.  Узбекæгтæ, даргъинæгтæ.

1скъ. Уæрæсейы фсымæртимæ,

     Иннæ хæлар дзыллæтимæ,

   Ирыстон, фæрнæй нын бирæ цæр!

            Хæрæм дын ард, дæ хъæбултæ

          Иумæ: Цæстыгагуыйау хъахъхъæндзыстæм

                   Дæ зæхх, дæ ном,   дæ тырыса!

2скъ. Уарзон Ирыстон, нæ фæлтæрты амондæн

Размæ нæртон лæгау, царды фарн хæсс!

Сомбон нæ ныфс куыд уа фидарæй абонæн-

Дардæй бæрзондмæ нæ фидæнмæ кæс!

3скъ. Иудзинад басгуыхæд махæн нæ зондахаст,

Иу къухы æнгуылдзтау- фидар, æнгом…

Абон нæ ног дуджы махыл дæр хур ракаст-

Ноджы бæрзонддæрмæ систам нæ ном!

               ( номер. Осетинский танец)

1 амонæг.  Тынг æнгом æмæ хæларæй цæрынц Иры зæххыл  æппæт адæмтæ дæр.

2 амонæг. Уыдон иууылдæр   Ирыстоны хонынц  сæ уæзæг, сæ райгуырæн зæхх.

1 амонæг. Гъе,уымæн, афтæ зæрдиагæй , сæ тыхтыл æмæ зонындзинæдтыл нæ ауæрдгæйæ, фæллой кæнынц нæ уарзон Фыдыуæзæджы   сæраппонд. .

1 скъ. Мæ нæртон Ир, адджын мын дæ, зынаргъ дæ!

 Æз бонæй- бонмæ  хатын уый фылдæр.

Мæ риуы дæ æдзух хæссын, зæрдæйау,

Куы фæриссай- фæрисдзынæн æз дæр…

2 скъ. Куыд рæсугъд дæ, куыд сæрыстыр, куыд рæдау!

 Мæ зарæгæн нæ хæхбæстæ хъырны.

Æнæном дæн, æнæмыггаг æнæ дæу,

Дæ къæбицы мæ удвæллой зыны…

3 скъ. Ды дæ мæнæн æппæтæй дæр зынаргъдæр,

Дæуæн кувын, дæуыл у, Ир, мæ дзырд.

 Нæ арæхсын, куыд райхалон мæ зæрдæ?

 Ды дæ мæнæн рæсугъддзинады цырт!

4скъ.  Куы уа бæласæн дурвидар йæ уидаг,

Уæд,дам,нæ цуды уадтымыгъæй хъæд.

Зæххыл куы уа нæ иудзинад фæзминаг,

Нæ амонд дæр тыхджын уыдзæни уæд.

( Грузинский танец)

 1 амонæг. Рагæй- æрæгмæ дæр æппæт адæмтæн сæ сæйрагдæр нысан уыди иудзинад, хæлардзинад.

2 амонæг. Уымæ тырныдтой, ууыл уыди сæ тох.

 1 амонæг. Ирон адæмы гени, ирон адæмы хъæбул, Иры стъалы Къоста дæр уымæ сидтис йе мдзæвгæ «Балцы зарæг» - ы.

2 амонæг. Цæйут , æфсымæртау,

 Радтæм  нæ къухтæ,

Абон кæрæдзимæ

Иры лæппутæ!

1 скъ. Бутаева Милана. ( «Балцы зарæг»)

Азар- ма мын «Балцы зарæг»,-

 Мæ уд дзы улæфы.

 Уымæ хъусгæйæ мæ зæрдæ

 Базмæлы, ыстæлфы!

 Азар æмæ кæрæдзимæ

 Радтæм,цæй, нæ къухтæ.

 Къостайы сидт сæххæст кæнæм,

 О Иры лæппутæ!

 Искуы иумæ иу хъуыддаджы

 Иу æвзаг ссарæм,

 Æмæ мах дæр нæ тырыса

 Иры сæрмæ сдарæм!

 Æмæ дардмæ, тымбыл къухау,

 Разына Ирыстон!

 Кæннод нæ нæ сæфтмæ бæллæг

Бакæндзæг гæныстон!

 Саразæм нæ цард æнустæм

 Иу цырагъы рухсмæ,

 Цæмæй цæрæм, уый æрхæссæм

 Нæ иумæйаг къусмæ!

 Не стыр гении «Балцы зарæг»

Мах тыххæй ныффыста…

Баиу уæм æмæ йæ фена:

 Йæ зарæг ыскуыста!

2  скъ.   «Иумæ, иумæ», - сидынц афтæ хæхтæ.

«Иумæ», - сиды бæрзытæн сæ къох.

«Иумæ, иумæ» ,- зарынц  махæн мæргътæ ,

 Иу мæгуыр у, - ма уæ кæнæд рох»!

3 Скъ. «Иумæ»,- дзурын , зæрдæ мæ нæ сайы.

«Иумæ!» - хъуысы фæндыртæн сæ цагъд.

Дон та къулы иунæгæй цы уайы? –

О, кæны уый иннæ дæттæм  тагъд!.

4 скъ. «Салам,Ханум!»- мæм хуры тын æрдзуры,

«Ламази,гого»- барухс кæны риу

Зæххыл цæрæг уырыссаг «Здравствуй» зоны,

Æппæт адæмты «Дружба» кæны иу.

5 скъ.

Гуырдзиаг зарæг, хъырнын дын æз,

Æмæ мæ зарæг

Æхсæрдзæнтау зæланг кæнид цъæхснаг

Гуырдзиаг зарæг, хæхты сæрты барæг,

Цымæ дæм æз кæд фæхъусдзынæн фаг!

( номерГрузинская песня)

1скъ . Нæ рæсугъд фæндтæм,

          Куысты бæрзæндтæм

          Æдасæй хизæм

          Кæрæдзи уарзгæ

         Цæуæм мах размæ

           Æппæт адæмтæй.

2скъ. Ыстæм мах иувæнд,

         Ыскодтам иумæ

             Зæрдæты цæдис

             У зæххæн абон

             Йæ хуыздæр амонд

             Хæлæртты цæдис

3скъ.     Мæ хорз æмбал- кæсгон лæппу,

 Мæ царды цин дæуæн зæгъын

Кæсгон кафт та куы акæнин,

Нæ цардæн та ысаргъ кæнин

4скъ. Кæсгон кафт у æппæт дуне,

Мæ удæн та – йæ миддуне.

Нывæндын дзы мæ рухс фæндтæ,

Мæ цардæн ды, уæд йе мбис дæ.

5скъ. Хатыр мæнæн,мæ хæлæрттæ

Кæд ивгъуыд бон кæсгон уыдтæн.

Мæ царды мбис уæд ацы кафт,

Хæссын æдзух æз ацы уаргъ.

( Кæсгон кафт)

1 скъ. Иры зæххыл мын бирæ ис æмбæлттæ

Мæ зæрдæ сыл нæ сивдзынæн æз никуы

С æ цурæй мæн нæ фæхæссынц мæ къæхтæ

Æнæ сымах куыд цæрдзынæн æз искуы? 

2скъ.  Дзгоева Алена œмдзœвгœ «Æмбалмæ»

Дæуæн,æмбал, мæ хæдзары дуар – гом…

Мæ фыд мæ ууыл ахуыр кодта рагæй.

 Дзырдта- иу мын: кæрдзын, цæхх дæттын зон,

 Фæуадз, дам- иу, фæлтау дæхи дæр хъуагæй.

 Мыййаг, дыл цард куы руадза тынг йæ уæз,-

Фæзын – иу мæм, кæсдзынæн дæм æнхъæлмæ.

 Мæ фæстаг хæдон раласдзынæн æз,

 Мæхи къухтæй йæ скæндзынæн дæ уæлæ.

 Нæ ныууадзын куывды мæ цинæй фаг,

 Фæстæмæ дзы æрбахæссын  нæхимæ.

 Куы фæзынай, гъеуæд, зæгъын, мыййаг,

 Куы нæ сфаг уа мæ мидбылхудт дæуимæ.

 ( номер. Осетинские мелодии)

1скъ. Куыд диссаг у зæрин хурыскаст бæстыл,

Куы сæрттивы цъæх кæрдæгыл æртæх,

Сæууон дымгæ куы аныдзæвы зæххыл,

Зæлдаг хуымты куы асимы уæрæх!

2скъ. Кæмфæнды уон, æрмæстдæр дæу фæмысын,

Мæ ирон зæхх, мæ циндзинады сæр!

 Рæсуг суадæтты зарæгмæ фæхъусын,

Фæхъусын тар хъæды уынæр!

3 скъ. Мæ Ир, æнæхъæн дунейыл дæуæй

 Кæм ис рæсугъддæр, уый мА мын ды зæгъ?

 Бæстыл дæуæй тыхджындæр нæй,

Мæ Ирыстон, мæ кадджын зæхх!

 4скъ. Габуев Алан «Мæ бæстæ»

Уарзын æз мæ бæстæйæн йæ фæзтæ,

Иры дзыхъхъ, дæ хæхтæ уарзын æз.

 Уарзын æз Ирыстонæн йæ дæттæ,

 Дарын æз Фыдыбæстæйæ хæс.

 Царды ды уæззау цæфтæ куы федтай,

 Бирæ кодтай ды æнамонд цард.

 Фæлæ ныр хуыздæр рæстæг ыскодта,

 Нал кæнынц нæ адæм ныр фыдмаст.

 Уалдзæгау ды дидинæг æфтауыс,

 Хурау мæ рæвдауыс, тавыс ды.

 Амонд æмæ фарны цæхæр калыс,

 Ацы зæххыл мæн цæрын фæнды.

 Уарзын æз дæ хъæдтæ мæ дæ хæхтæ,

 Де хсæрдзæнтæ уарзын æз.

 Уарзын æз Ирыстонæн йæ фæзтæ,

 Цæр, Ирыстон, мах фæндиаг рæз!

( номер)Дагъистайнаг кафт

1скъ. Ирыстон!

Æппæт дзыллæты ды дæхиау уарзыс,

Æмæ сын хорз фысым ысдæ.

Семæ ды цæрын фæразыс-

Ис дæ зæрдæйы хæрзтæ.

2 скъ. Рæсугъдæй иу бинонтау хъуамæ

 Ирыстоны сахъ фырттæ цæрой,

Æмæ лæгдзинады нысанмæ,

Кæрæдзи уарзгæйæ цæуой…

 3 скъ. Рæз нын Ирыстон, дæрдтыл ис дæ къабæзтæ,

Тулдз бæласау нын ды цардхъомыс цъир!

 Уадз æмæ фæлтæртæн царды хос а бæстæ-

Амонд æрхæсса, куыд сæндидза Ир!

4скъ. Мæн тынг фæнды куыд азæла нæ зарæг,

Куыд фехъуыса нæ урссæр хæхтæм дард,

Мæ уарзон Ирæй макуы хъуыса хъарæг,

Æхсида дзы цæджджинагау нæ цард.

5 скъ. Иры адæм, уæ кæрæдзийы уарзут!

Æфсымæртау уын хицæнгæнæн нæй!

Дунейы хæрзтыл райгуырæн зæхх барут,

Ирон зæххыл куыд фæцæрат фæрнæй.

( зарœг «Мœ  Ирыстон»)



По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»

Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ  æвзæрын  кæнын  цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...

Литературон-музыкалон композици «Цы ис ныййарæгæй зынаргьдæр?»

Сывæллæтты  зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой  хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды....

Литературон - музыкалон композици «Сыгъзæрин фæззæг»

Нысантæ: 1.Скъоладзаутæм  гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, сæ мадæлон æвзагмæ, фыдæлты истори æмæ культурæмæ, хъомыл cæ кæнын хуыздæр  миниуджытыл.2.Уарзын кæнын фæллой кæнын, фæ...

Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....

Литературон-музыкалон композици «Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг»

Сценæ фæлгонцгонд у, ирон æвзаджы тыххæй ахуыргæндтæ цы загътой, уыцы фыстытæй....

Литературон-музыкалон композици «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…» (Методическая разработка)

Литературно-музыкальная композиция подготовлена с целью методической помощи  на праздник осетинского языка и письменности....

Литературон-музыкалон композици " Хæстæн мауал уæд йæ кой…"

Мæн фæнды, цæмæй мæ Ир, мæ бæстæСтъалытæм цымыдисæй кæса,Къаддæр уайой хæсты нывтæ цæсты.Рухсмæ фидæн рухс амонд хæсса....