Презентация к уроку "Симд-сокровище осетинского искусства"
презентация к уроку (8 класс)
Презентация к уроку "Симд-сокровище осетинского искусства"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
prezentatsiya_simd_na_oset.pptx | 1.5 МБ |
Предварительный просмотр:
Подписи к слайдам:
Тем æ : « Симд-ирон аивады хæзна »
Проектон куыст Пълан 1.Ирон-уырыссаг дзырдуатæй рафыссын дзырд « Симд »- ы нысаниуæг. 2.Интернеты тыгъдады ссарын « Симд »- ы тыххæй æрмæг æмæ йæ рафыссын . https://ru.wikipedia.org https://dic.academic.ru/ 3.Номдар симд-æй саразын мивдисæг . 4.Цы нысан кæны мивдисæг « Симын »- ы этимологи , уый сбæрæг кæнын. 5.Саразын цыбыр презентаци симды тыххæй .
1. Симд массовый осетинский танец; симды куы бацæуай, уæд дзы симын хъæуы погов. когда войдёшь в хоровод, то надо танцевать (соотв. назвался груздем, полезай в кузов). басимд (мн. басимдтытæ) процесс действия по гл. басимын расимд (мн. расимдтытæ) процесс действия по гл. расимын симæг (мн. симджытæ ) танцующий, участвующий в массовом танце.
2. Ирон кæфтытæн сæ тæккæ рагондæр æмæ зындгонддæр у къайон-дзыллон кафт «Симд». Раджы заман Ирыстоны «Симд» кафыдысты дыууæ хуызы иу хуынди «Нæртон симд» иннæ та «Тымбыл симд». Нарт цы «Симд» кафыдысты, уый хуыдтой «Нæртон симд». Кафыдысты Ногбоны æхсæв æрыгон, тыхджын нæлгоймæгтæ «дыууæ уæладзыгæй», иутæ лæууыдысты иннæты уæхсчытыл æмæ афтæмæй симдтой. Хуыдтой ма йæ «æддæгуæлæ кафт» дæр. Кафджытæ сабыргай зылдысты арты алыварс куы рахиз, куы галиуæрдæм. Уыцы кафт-иу уыди, цалдæр хъæуы цæрджытæ-иу цы бæрæгбæттæм æрæмбырд сты, уыдоны кæронбæттæн. бон арæхдæр кафынц «Тымбыл симд». Кафты бацæуынц сылгоймæгтæ дæр, нæлгоймæгтæ дæр. Кафджыты нымæц хъуамæ уа къайон, уымæн æмæ чызджытæ æмæ лæппутæ фæкафынц къæйттæй. Симд фæкафынц сабыргай, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ. Тымбыл лæуд æркæнынц æмæ куы рахизырдæм, куы галиуæрдæм кафынц заргæйæ. Куыдфæстæмæ кафты темп фæтагъддæр вæййы.
3-4. « Симд» - «симын», нысан к æ ны «танцевать массовый осетинский танец»
«Симд» - «симын». «Симын»- ы этимологи та баст у араббаг дзырд «sama»- имæ æмæ нысан кæны «ритуальный танец дервишей» .
« Что я видел! Гениальный танец. Танец Божеств! Только по одному этому танцевальному шедевру [„ Симду “] можно определить высокую культуру народа, которому этот танцевальный праздник принадлежит». Серж Лифарь
Дмитрий Алексидзе Осетинский народ – это народ, имеющий в своей природе по существу великую театральность, это музыкальный народ, пластичный народ, такой поэтичный народ, который имеет такой чудесный танец как „ Симд “ – неповторимый танец в мире. Да здравствует „ Симд “ – танец, который выражает рыцарство, чистоту чувств, мужество и благородство. Да здравствует такой народ, да здравствует такое искусство!»
Кайсын Кулиев «Даже если бы осетины создали только один танец „Симд“, они были бы великой нацией».
Экспрессионизм -нывкæнынады аивады стильтæй иу . Ахæм нывы нывгæнæг ратты эмоционалон (æнкъарæнджын ) характеристикæ фæлгонцтæн, уавæртæн.
V — зонын æй ; + — нæ йæ зыдтон ,у мын ног информаци ; - — æз æндæрхуызон æнхъæл уыдтæн; ? — нæ йæ æмбарын.
Нæртон симд Алы адæмыхатмæ дæр ис бирæ диссаджы кæфтытæ , фæлæ йын уыдоны æхсæн æппæтæй уарзондæр вæййы йæ культурæ , цардыуаг , æгъдау æмæ истори ирддæрæй кæм разынынц , уый . Ирон кæфтытæн сæ тæккæ рагондæр æмæ зындгонддæр у « Симд ». Раджы заман Ирыстоны « Симд » кафыдысты дыууæ хуызы . Иу хуындис «Нæртон симд ». Симдæн уыдис ритуалон нысаниуæг. Адæм афтæ нымадтой,цыма ацы кафтæй фарн цæуы. «Дыууæуæладзыгон», «æддæгуæлæ» кæнæ «Нæртон симд » кафыдысты Ногбоны æхсæв æрыгон, тыхджын нæлгоймæгтæ дыууæ уæладзыгæй куывды арты æмæ агты алыварс . Кафджыты нымæц – иу хæццæ кодта 200 онг . Кафты мидæг уæллаг уæладзыг хъæр кодта фыццаг уæладзыджы кафджытæм: « Бакувут !». Иннæты дзуапп уыди : «Дæлæмæ æрхаут!». Хистæртæ куыд дзырдтой , афтæмæй раздæр нæ рагфыдæлтæ симд æртæ уæладзыгæй кафыдысы : æртыккаг уæладзыджы уыдысты галтæ кæнæ байрæгтæ. Туркаг хæсты рæстæг 19-æм 70-æм азты æфсады фенæн уыди , ирон хæстон фæсивæд « æддæгуæлæ симд » куыд кафыдысты,уый .
Тымбыл симд. Симд у Ирыстоны уарзондæр кæфтытæй иу. Раджы заман Симд кафыдысты дыуу æ хуызы. Иу хуындис «Нæртон симд», иннæ та «Тымбыл симд». Абон арæхдæр кафынц «Тымбыл симд». Кафты бацæуынц нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæйгтæ дæр. Кафджыты нымæц хъуамæ уа къайон, уымæн æмæ лæппутæ æмæ чызджытæ фæкафынц къæйттæй. Фæсивæд рагацау райдайынц сæхи цæттæ кæнын хъазтмæ. Лæппутæ фæтырнынц, цæмæй акафой йæ зæрдæмæ цы чызг цæуы, уыйимæ. Кафты рæстæг лæппуйы змæлд вæййы цырд, рог æмæ арæхстджын. Сæхи дарынц сæрбæрзондæй. Кафгæ-кафын лæппу фæархайы, цæмæй ма фæрæдийа, цæмæй йæ кафт фæцæуа куыд хистæрты зæрдæмæ, афтæ йе ’мгæртты зæрдæмæ дæр. Февдисы йæ уæздан ахаст чызгмæ. Чызгæн та йæ къахайст кафты рæстæг вæййы ленкгæнæгау. Симды рæстæг лæппутыл вæййы цухъхъатæ, чызджытыл та разкъæрттæ. Сæ дыстæ вæййынц даргъ, цæмæй къухтæ æппындæр ма зыной. «Симд»-ы бындуры ис дыууæ элементы: æмраст (прямая) æмæ тымбыл (круг). Уыдон нысан кæнынц хур æмæ æнæкæрондзинад (бесконечность).
« Зилахары-быдыры хъазæн лæгъзы уыцы гуыпп æмбырд сты Нарты фæсивæд . Симд самадтой уыдон хъазæн лæгъзы. Симгæ та афтæ кодтой , æмæ хæхтæ згъæлыдысты , сау хъæды бæлæстæ фæстытæ кодтой , зæхх сæ быны лæпп-лæпп кодта …»
Цæуы къæрццæмдзæгъд; У хъазт йæ тынгыл . Лæууынц æмгуыппæй Чызгæй, лæппуйæ. Æрлæууыд хъазтæн Йæ кæрон лæппу, Цырæгътæ судзынц Йæ цæсты бакæс, Тæмæнтæ калы Йæ цæсгом иууыл . Æрбауад уайтагъд Фацбаймæ чидæр Æмæ йæ симдмæ Фæкæны уартæ…
… Хъазты чегъре æваст Хуысинæйы раз февзæрд . Чызджытæм æй фæкæны . Хъуыдинæйы рад æрхауд . Чегъре йæ разы æрлæууыд … Лæппуйы цонг ссыгъд . Чызджы цæсгом фæсырх. Фыццаг хатт симдтой иумæ. Уарзæттæ симынц , зæххыл æндзæвы æрмæстдæр къахфындз , зæрдæтæ уæлæрвты тæхынц. Æмцыд, æмист кæнынц сæ къæхтæ. Зæрдæтæ риуты дугъ рауагътой . Сæ зæрдæты гуыпп-гуыпп хъуысы кæрæдзимæ. Фæлæ мæнæ æрсабыр сты дугъæттæ. Фæндыры цагъд сæм тынгдæр сыхъуыст …
Бадилатæ – афтæ хуыдтой 18-19 æнусты Дыгуры æлдæртты, феодалты. Уыдоны къухы уыдысты царды хъæздыгдзинæдтæ.
Зилахар - Нарты хъаз æ н, тых æ взар æ н æ м æ ар æ хст - дзин æ дт æ æ вдис æ н ф æ збыдыр. Нарт æ фат æ м æ æ рдын æ й, кард æ й æ м æ цирхъ æ й, б æ хтыл дугът æ уадзын æ й, кафын æ м æ зарын æ й с æ к æ р æ дзи к æ м æ вз æ рстой,цуаны к æ д æ м цыдысты, ах æ м бынат. Хъаз æ н ф æ з — афт æ д æ р ма й æ хуыдтой.
Чегъре- кӕфтыты амонӕг бӕлвырд адӕймаг . Уый амыдта чи рацӕудзӕн кафынмӕ ,ӕнӕ уый амындӕй кафты фӕзмӕ рацӕуыны бар никӕмӕн уыд.
Симд иудзинад сœрыстырдзинад ныфс уарзондзинад хœлардзинад уœздандзинад
Синквейн 1.Симд 1.Симд 2.Красивый,осетинский 2.Р œ сугъд,ирон 3.Танцевать,любить,учить 3.Симын,уарзын,ахуыр к œ нын 4.Симд-символ осетинского народа 4.Симд-ирон ад œ мы символ 5.Единство 5.Иудзинад
Бузныг !
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Презентация"Возрождение народного декоративно-прикладного искусства.Орнамент."
Данная презентация можно использовать на уроке ИКН, которая познакомит детей с декоративно- прикладным искусством , с орнаментами марийской вышивки ....
Презентации по предметам МХК и Искусство
В данном разделе представленны работы моих учеников ....
Презентация "Смысл высокой трагедии, образы искусства военных лет и образы войны в искусстве второй половины 20 века" 11 класс
Искусство военных лет...
Презентация. Проверочная работа по изобразительному искусству в 5 классе на тему: "Искусство и культура Древнего Египта".
Материалы презентации - проверочная работа по изобразительному искусству в 5 классе на тему: "Искусство и культура Древнего Египта", могут быть использованы вместо опросных листов...
Библейские темы в изобразительном искусстве. Презентация к уроку по изобразительному искусству в 7 классе.
Библейские темы в изобразительном искусстве. Презентация к уроку по изобразительному искусству в 7 классе по программе Б.М.Неменского...
Презентация к уроку по осетинскому языку в 5 классе на тему "Лексика"
Данная презентация составлену к уроку по осетинскому языку "Лексика"....
Презентация по теме "Воздействующая сила искусства. Искусство и власть".
искусство и власть какая есть связь...