Урок развития речи по осетинскому языку в 5 классе.Сочинение на тему "Æрдхорд æмбæлттæ` фсад сты"
методическая разработка (5 класс)

Накусова Ирина Ахсарбековна

Урок- подготовка к написанию сочинения на тему   "Æрдхорд æмбæлттæ` фсад сты".Цель урока: повторить пройденный материал по теме "Имя прилагательное" и подготовиться к написанию небольшого сочинения.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл aembaelttae.docx443.24 КБ

Предварительный просмотр:

Сочиненимæ цæттæгæнæн урок 5-æм къласы.

Ныхасы темæ: Æрдхорд æмбæлттæ` фсад сты.

Грамматикон темæ: Миногон.

Нысантæ:

1. Темæйыл дзургæйæ сфæлхатын æмæ бафидар кæнын миногоны тыххæй рацыд æрмæг.

2. Сывæллæтты ахуыр кæнын хæлар ахастдзинæдтыл, иртасын æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.

3. Бакусын ныхасы рæзтыл.

Урочы эпиграф.

Æмбал кæмæн нæй, уыцы стыр Хуыцау,

Æмбал кæмæн нæй, ахæм лæг мæ ма скæн.

                                                 (Ходы Камал)

Урочы цыд.

Мынæгæй зæлы зарæг «Æмбалы хорзæх уæ алкæй дæр уæд».

Экраныл – къласы иумæйаг къам.

Хицæн сывæллæтты къамтæ се`мбæлттимæ.

MPj02629490000[1].jpg          Kids-with-dog.jpg

           3269456.jpg6472d7065825aa98aa1df61009f3eddd.jpeg

Ахуыргæнæг. Сывæллæттæ, экраныл цы уынут ,цы зарæгмæ хъусут, хæдзармæ уын цы хæслæвæрдтæ радтон, умæ гæсгæ уæм куыд кæсы, абон нæ ныхас цæуыл уыдзæн?

Скъоладзау. Æвæццæгæн, æмбалы тыххæй.

Ахуыргæнæг. Цæмæй дызæрдыг ма кæнат, уый тыххæй ма мæнæ ацы кълеткæты  нымæцты бæсты сæвæрут дамгъæтæ, алфавитмæ гæсгæ уыцы нымæц чи æййафы.

 2

19

 3

 1

18

 æ

 м

 б

 а

 л

Скъоладзау. Рауад нæм дзырд  æмбал.

Ахуыргæнæг. Хъуыдымæ гæсгæ ма йæм хæстæг цавæр дзырдтæ сты?

Скъоладзау. Æмгар, æрдхорд.

Ахуыргæнæг. Мæ къухы ис «Ирон адæмы этнографии æмæ мифологийы дзырдуат». Мæнæ нын куыд амонынц ацы дзырдты нысаниуæг. Æрдхорд æмгæрттæ – раздæр ирон адæмы царды чи уыд, ахæм æрдхорддзинады фæтк. Уыцы фæткмæ гæсгæ – иу хæстон ныббырст кæнæ æндæр исты тæссаг

хъуыддаджы размæ лæппулæгты къорд ард бахордтой, стæры рæстæг æфсымæртау кæрæдзийыл æнувыд кæй уыдзысты. Ард - иу хордтой бæрæг ритуалон æгъдаумæ гæсгæ».

Æрдхорд  - æрдхæрдтæ, æмбал – æмбæлттæ.

Бакæсæм – ма нæ эпиграфы ныхæстæ (Раянæ).

– Разы стут поэтимæ?

– Разы стæм. Мæ фыдæн ис ахæм æмбæлттæ, æмæ йын сæ æз раздæр йе`фсымæртæ хуыдтон.

Ахуыргæнæг. Уый тыххæй фæзæгъынц, хорз æмбал æфсымæрæй  хъауджыдæр нæу, зæгъгæ.

Цгъойты Хазбийы чиныгæй бакæсын «Скифаг æрдхорддзинад».

Уæдæ куыд равзаргæ у хорз æмбал? Цавæр хъуамæ уа æцæг æмбал?

Ныртæккæ тестыты руаджы уый сбæрæг кæндзыстæм. Раст дæм цы вариант кæсы, уый фæбæрæг кæн.

  1. Де`мбал йæ хæдзармæ куыст нæ сæххæст кодта, йæ бон нæ бацис. Ды:

     А) дæ тетрад æм дæттыс, сфысс æй, загъгæ.

V  Б) бацамыдтай йын, куыд кæнгæ уыд, уый.

Куыд схонæн ис æхæм æмбал ?  Цæстуарзон

  1.  Де`мбал рынчын у. Ды:

V а) Æрвылбон æм цæуыс æххуысмæ.

    б) Хъуыды дæр не`ркодтай, фæрынчын ис, уый.

Куыд зæгъдзыстæм ахæм æмбалæй? Хæларзæрдæ.

  1. Де`мбалы дын чидæр æфхæры, нæмы. Ды:

 V а) йæ фарсмæ балæудзынæ æмæ йын аххуыс кæндзынæ.

     б) Дæхи ницы уынæг скæндзынæ.

Куыд схондзыстæм ахæм æмбал?  Ныфсхаст.

  1. Уæззæуттæ исынæй лæппутæ ерыс кæнынц.

     А) Де`мбал нæ бакуымдта ерыс кæнын.

V  Æ) Æппæтæй уæззаудæр уæз систа.

Куыд зæгъдзыстæм де`мбалæй? Тыхджын

  1. Автобусы цæугæйæ де`мбал:

а) йæ бынат радта ацæргæ сылгоймагæн.

Æ) Цыма йæ нæ федта, уый хуызæн йæхи скодта. Куыд зæгъдзысты уæд де`мбалæй? Æгъдауджын

Хæс.  Цы дзырдтæ ныффыстат, уыдонæн ма сæ ныхмæвæрд дзырдтæ сæ акомкоммæ ныффыссут.

Цæстуарзон – æдзæстуарзон.

Хæларзæрдæ – фыдзæрдæ, саузæрдæ.

Ныфсхат – æнæныфс.

Тыхджын – æдых.

Æгъдауджын- æнæгъдау.

Хæс. Дзырды хæйттæм гæсгæ сæ равзарут.

Куыд уæ фæнды, уе`мбалмæ галиу цæджындзы дзырдтæ хауой æви галиу?

Дзуапп та цавæр фарстæн дæттынц? Цы нысан кæнынц? Цавæр ныхасы хай сты?

Хæс.  Саразут – ма, адæймагæн йе`ддаг бакастыл чи дзура, ахæм дзырдбæстытæ. Æрфыссæм-ма зæгъæм, Раянæйы. Раянæйæн ис: бур дзыккутæ, цъæх цæстытæ, сау æрфгуытæ.

Дз/б саразæм хъуыдыйадтæ.

Кæцы дзырдтæ дзы сты  миногонтæ?

Цавæр фарст домынц?

Физминуткœ :  сывœллœттœй алчидœр хъуамœ сныв кœна йœ хуыздœр  œмбалы  

Ахуыргæнæг. Зæгъæм, иу предметæй иннæмæ уыцы-иу миниуæг тыхджындæрæй  ис, уæд куыд загъдзыстæм: Ромæ тыхджын лæппу у, фæлæ Сæрмæт та … (тыхджындæр). Уæдæ Æлбегаты Русланæй, Олимпаг хъæзтыты призер штангæ исынæй куыд зæгъдзыстæм? Уый та бынтон тыхджын у.

– Руслан у тынг тыхджын, бынтон тыхджын, иттæг тыхджын.  

Хæс.  Скъоладзаутæ кæсынц, хæдзары цы æмбисæндтæ ныффыстой, уыдон. Зæгъынц, цавæр  миногон дзы ис, уый. Иу æмбисонд фæйнæгыл фыссынц æмæ йæ æвзарынц.

        Хорз æмгар зын сахат  сбæрæг вæййы.

Хæс.  Атасындзæг кæнын миногон хорз.

        Хатдзæг. Миногон дæр номдары хуызæн ивы йæ кæрæттæ хауæнтæм гæсгæ.

Хæс.  Атасындзæг кæнут дзырдбаст хорз æмбал.

        Хатдзæг. Йæ кæрæттæ ивы æрмæст номдар.

Хæс.  Нывты бæсты сæвæрут хъæугæ номдартæ.

        Æмгарау мæм дæ …       https://im2-tub-ru.yandex.net/i?id=01b151c3f4f2ed83c1f0d9f098bba0ef&n=33&h=190&w=326           дары (хъус).

 

        Æмгарау …        https://im1-tub-ru.yandex.net/i?id=5be385813de2cf98ea42d5f2d1e1793a&n=33&h=190&w=140              зоныс (зæрдæ)

Физминуткœ : Хъазт «Чи фылдœр»

Хœс: сывœллœтты дыууœ къолдыл адих кœнын:чызджытœ œмœ лœппутœ.Чи фылдœр сœ 2 минутмœ  ныффысса миногонтœ,уыцы къорд рамбылдта.

Хæс. Бакусын текстыл. Бахахх кæнын миногонтæ.

Ахуыргæнæг. Хорз. Уæдæ нæ абоны урокæй уæхицæн зондæн цы райстат, тынгдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыд? (Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ).

        

Ахуыргæнæг. Абон мах сбæрæг кодтам, цавæр хъуамæ уа æцæг æмбал. Алкæй дæр нæ хъæуы æцæг æмбал, фæлæ уæ рох макуы уæд, алчидæр уæ йæхæдæг дæр хъуамæ æмбалæн бæзза.

        Ныр та уын хæдзармæ куыст. Ныффыссут нывæцæн ахæм темæйыл: «Мæ хуыздæр æмбал». Хъуамæ йын радзурат йе`ппæт миниуджыты тыххæй, йе`ддаг бакаст ын æрфыссут. Кæд æм æвзæрæй исты ис, уæд уыдон дæр ныффыссут. Æрмæст æцæг æмбал зæгъдзæн рæстдзинад.

        Ууыл нæ урок  фæцис. Нæ урочы эпиграфы авторау сымах дæр тæрсут æнæмбал уæвынæй. Хъуыды кæнут, хъæздыгдзинад афтид мулкæй нæу. Æмгарджын ут. Æмгары хорзæх уæ алкæй дæр уæд.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок -развития речи по русскому языку по теме "Весна"

Конспект урока. Подготовка к сочинению-описанию по картине К.Ф.Юона "Конец зимы. Полдень"...

Урок развития речи по русскому языку в 7 классе "Глаза - зеркало души"

Форма урока – творческая лаборатория. С учащимися выясняется, что лаборатория – это место, помещение для опытов, экспериментов, которые должны подтвердить какую-то наглядную идею, закон....

Разработки уроков развития речи по русскому языку для 5 класса

Уроки развития речи разработаны по программе Ладыжинской для 5 класса....

конспект урока развития речи по русскому языку "Публичное выступление" в 6 классе

Урок разработан с опорой на материал, посвящённый выводу советских войск из Афганистана, и нацелен на формирование умений и навыков грамотного использования имени числительного в речи и в публичном вы...

Разработка урока развития речи по русскому языку в 5 классе на тему "Поздравление спасшего утопающего"

Цель урока: учить детей строить позравительную речь и произносить ее; пополнить словарный запас; воспитывать чувство коллективизма....