6 класс.Урок :подготовка к написанию сочинения "Осень-последняя улыбка года"
план-конспект урока (6 класс) по теме
Урок по развитию речи. Эпиграф к уроку: "Слово-одежда всех фактов, всех мыслей." /М.Горький./
Цель урока: организовать творческую деятельность учащихся по подготовке к написанию сочинения, используя личные наблюдения, устное народное творчество, произведения поэтов, картины известных художников, музыку П.И.Чайковского .
Задачи: формировать навыки работы над сочинением-описанием;
а) развивающие: совершенствовать умение использовать в речи - изобразительно-выразительными средства языка;
б) воспитательные: способствовать формирванию внимательного отношения к природе, уметь слышать и понимать его "язык", воспитывать
чувство прекрасного, общение с музыкой, изобразительным скусством, поэзией.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urochy_tsyd_fazzag-afadzy_fastag_midbylhudt_2.doc | 206.5 КБ |
Предварительный просмотр:
Фззæг –афæдзы фæстаг мидбылхудт
Гом урок ирон æвзагæй 6-æм къласы.
Урочы нысантæ:
- Зонадон нысан.
а) Бацæттæ кæнын скъоладзауты сфæлдыстадон куыст ныффыссынмæ;
æ) тексты хуызтæ æмæ сæ хицæндзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын;
æ) ирон æвзаджы лексикæ, морфологи æмæ синтаксисы æгъдæуттæ фæлхат кæнын;
б) скъоладзауты æркæнын урочы темæ хибарæй сбæрæг кæнынмæ, æмæ сæм уымæй цымыдисдзинад гуырын кæнын дарддæры куыстытæм;
в) ахуыр кæнын скъоладзауты къордты кусыныл.
2. Хъомыладон хæс.
а) гуырын кæнын скъоладзаутæм алыхуызон æнкъарæнтæ, нæ алыварс цы æрдз ис, уымæ;
æ) цæст дарын (æрдзы, адæмы æмæ цæрæгойты царды цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдонмæ, зонын æмæ сæ æмбарын);
б) адæмон сфæлдыстады хæзнадонæй арæхстгай пайда кæнын;
в) æмбарын æрдзы сусæгдзинæдтæ, зонын ын йæ бæрæггæнæнтæ, йæ сусæг æвзаг;
г) æрдз адæймагæн йæ хæдзар у, йæ царддæттæг æмæ йæ хъæуы
хъахъхъæнын, сыгъдæгæй дарын.
Урок цалцæггонд у:
нывтæ
тексттæ
компьютер
дзырдуат
тетрæдтæ
æртæкъуымонтæ
рифтаг
Урочы цыд.
Хъуысы «Зондабитæ»-йы музыкæ. Скъоладзаутæ æрбахизынц кæрæдзийы фæстæ къласмæ»
Слайд 1,2
- Бацæттæгæнæн рæстæг.
а) Скъоладзаутæ æрбахызтысты къласмæ, «райсом хорз» загътой ахуыргæнæгæн æмæ уазджытæн.
Ах-г. – Урокмæ нæм æрбацыдысты уазджытæ æмæ сын арфæ ракæнæм.
Скъ-ау. Скъоладзаутæ се ׳ргом уазджытæм раздахдзысты æмæ лæппутæй иу зæгъдзæн арфæйы ныхæстæ:
- Уазæг Хуыцауы уазæг у, æмæ нæм алы бон æгас цæут!
Ах-г. – Æрбадут æмæ байдайæм нæ балц зонындзинæдты бæстæм.
Цæттæ стæм? (Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæйы рæнхъытæ.)
Разæнгардгæнæн растæг
(мотивации)
- О, стæм! /иумæ дзолгъойæ/
1-аг скъ. Зонындзинæдты бæстæм
Иумæ ׳нæ зивæг цæуæм!
2-аг скъ. Басгарæм дæлвæз-уæлвæзтæ,
Быдыртæ, бæрзонд цъæх хæхтæ!
3-аг скъ. Нæу нæ фæндаг иууыл лæгъз –
Кæм уырдыг, кæм та – уæлвæз.
4-æ скъ. Аллон-биллонты æвзаг
Махæн амондзæн фæндаг.
5-æм скъ. Чи? Кæм?
6-æм скъ. Куыд? Цæмæн?
7-æм скъ. Цæй тыххæй?
Иумæ Уыцы фæрстытæн æмдыхæй
Агурдзыстæм абон дзуапп.
Скъ-æ иумæ. Зонындзинæдты бæстæм
Араст уæм фæрсæй фæрстæм!
Ах-г. - Бæлццон фæндагыл куы фæцæуы, уæд йемæ райсы хызын – рифтаг. Сæвæры дзы йæхицæн фæндаггæгтæ.
- Æз дæр уын æрцæттæ кодтон рифтæг.
Æвæрдзыстæм дзы, балцы нæ æхсызгон цы хъуыдытæ, зондамындтытæ æмæ зонындзинæдтæ хъаудзæн, уыдон.
II. Ах-г. -Абон нæ дзырдуат фæуæрæхдæр кæндзыстæм мæнæ ацы дзырдтæй:
Слайд-3
Рифтаг - дыууæрдыгæй æвæрæнтæ кæмæн ис, ахæм хызын.
Декораци – сценæйы архайд равдисынæн æххуыс чи у, ахæм ахорæнтæ, нывтæ, предметтæ.
Урочы нысан:
Слайд-4 Таурæгъон сочинени фыссынмæ бацæттæгæнæн урок.
Текст. Тексты æмбарынад, йæ сæйраг æууæлтæ.
Æвзаджы лексикæ, морфологи æмæ синтаксис.
- Ах-г . -Урок байдайдзыстæм зынгонд уырыссаг фыссæг Максим
Слайд-5 Горькийы ныхæстæй:
«Дзырд у æппæт цаутæ æмæ хъуыдыты уæлæдарæс»
/Максим Горький/
Ах-г - Куыд æмбарут М. Горькийы хъуыды?
Цæмæн хоны дзырд хъуыдыйы уæлæдарæс?
(Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ хуызæгмæ гæсг.)
1. Хъуыды раст бамбарыны тыххæй хъæуы, фыццаджыдæр,дзырдты нысаниуæг хорз æмбарын æмæ сæ раст пайда кæнын.
2. Адæймагæн йæ дзырдуат мæгуыр куы уа, уæд не ссардзæнис йæ хъуыдытæ аив зæгъынæн аккаг дзырдта.
3. ………………….
4. ………………….
Ах-г. - Цæмæй нæ дзырдуат хъæздыг уа, уый тыххæй цавæр хатдзæгмæ æрцыдыстæм?
/Скъ. /Хъæуы фылдæр ирон чингуытæ кæсын æмæ мадæлон æвзагыл дзурын, цæмæй нæ хъуыдытæ рæсугъд зæгъын нæ бон уа./
Ах-г. М.Горькийы арф хъуыды уын æвæрын уæ рифтæджы.
Уæ зæрдыл æй бадарут.
- Тетрæдтимæ куыст.
Ах-г. – Тетрæдты фыссæм абоны нымæц æмæ М. Горькийы ныхæстæ:
- Цæмæн хуыйны ацы мæй Джеоргуыбайы мæй?
( - Джеоргуыбайы бæрæгбон вæййы ацы мæй …..)
Ах-г. - Ис ма нын фæйнæгыл ноджы иу зондамынд фыст. Чи йæ бакæсдзæн ?
Слайд-6 /Кæсы йæ скъоладзау./
|
Фарст. Разы стут уыцы хъуыдыйыл? Цæмæн?
1- скъ. Уымæн æмæ нын æрдз лæвар кæны уæлдæф, дон.
2-скъ. Рухс æмæ нын хойраг дæр æрдз дæтты.
3-скъ. Адæймаджы цард æмæ куыст дæр æрдзимæ баст у.
Зæгъæм,хъарм цы бæстæты у, уым кæнынц зæххы куыст, дарынц фос. Цæгаты та кæнынц æндæр куыстытæ…..
Ах-аг. -Цавæр хатдзæг сараздзыстæм?
Скъ-тæ. - Адæймаг йæ райгуырдæй йæ амæлæты онг æнгом баст у æрдзимæ.
Хъæуы йæ:
- хъусын,
- æмбарын,
- хъахъхъæнын…
Ах-г. - Сæвæрæм та ацы арф хъуыды дæр нæ рифтаджы
Æмæ та йæ афыссæм нæ тетрæдты.
Ах-г. - Уæ разы уын æрæвæрдтон хъуыдыйæдтæ.
Бакæсæм ма сæ.
(Скъоладзаутæн сæ разы æвæрд ис текст- №2 æнæ сæргондæй.
Æртæ скъоладзауы кæсынц хъуыдыйæдтæ.)
- Таурæгъ. /Текстæн нæй сæргонд, текст дæр æй нæмæ хонæм./
/ Иуахæмы дын иу мæгуыр лæппу-лæг сфæнд кодта кæсын æмæ фыссын сахуыр кæнын. Æрбацыд скъолайы кæртмæ æмæ цымыдисæй æнхъæлмæ кæсы ахуыргæнæгмæ.
/ Уалынмæ ахуыргæнæг фæзынд. Лæппу йæ размæ æфсæрмхуызæй бацыд æмæ райдыдта дзурын:
- Æз сывæллонæй нырмæ кодтон кусгæ. Скъолама нæ цыдтæн. Ныр æрыгон нал дæн, нæй мæм хъæздыгдзинæдтæ дæр. Фæлæ дæ зæрдиагæй курын, айс мæ дæхимæ ахуыр кæнынмæ.
/ Ахуыргæнæг дзæвгар хъусæй лæууыд. Æвиппайды сабыргæй сдзырдта:
- Хорз. Æз дæ лæвар ахуыр кæндзынæн, æрмæст мын ды дæр мæ хæдзары æмæ скъолайы куыстытæ лæвар кæн! Ууыл баныхас кодтой, уæдæ цы уыдаид.
Йæ ахуыр лæппуйæн зынтæй цыд, фæлæ уæддæр йæ ныфс нæ саст. Йæхицæн-иу фидарæй дзырдта:
- Æз базондзынæн кæсын дæр æмæ фыссын дæр, раст мæнæ хохаг дон йæхицæн фæндаг куыд атоны хæхты, афтæ æз дæр размæ бырсдзынæн.
Цыдысты бонтæ. Райсомæй-иу раджы фестад. Ахуыргæнæджы æрбацыдмæ-иу йæ кусинæгтæ иууылдæр уыдысты конд.
- Цафон факæныс дæ куыстытæ? – дис ыл кодта ахуыргæнæг.
- Мæн хур сахуыр кодта раджы стын, - уыд лæппуйы дзуапп.
Кæстæр ахуырдзаутæ йæ æдзух фæзмыдтой, фæлæ сæм лæппу мæсты дæр никуы ссис. Иу хатт дын, мæстæй йæ чи мардта, уыцы сывæллæттæй иу бæрзонд бæласмæ сбырыд. Йæ быны къалиу фæсаст, æмæ уырдыгæй расхъиудта. Лæппу бæласы бын лæуд фæци æмæ йæ рацахста.
/ Гъе, уыцы бонæй фæстæмæ йæм сывæллæттæ бынтон æндæр цæстæй кæсын байдыдтой.
Ах-г. Фарст.
-Цы фæндыд лæппуйы?
- Чи уыдысты лæппуйы ахуыргæнджытæ?
1. Скъ. – Кæсын æмæ йæ фыссын чи ахуыр кодта, уыцы ахуыргæнæг.
2. Скъ. - Хур дæр уыд йæ ахуыргæнæг. Райсомæй стын æй уый ахуыр кодта.
3. Скъ. – Зындзинæдтæй нæ тæрсын, размæ бырсын, уыдоныл та йæ хæххон дон ахуыр кодта.
Ах-г. - Цы хъуыдыйæдтæ бакастыстæм, уый текст схонæн ис?
Бафидар кæнут уæ хъуыды.
1-аг скъ. - Хъуыдыйæдтæ текст схонæн ис,уымæн æмæ хъуыдыйæдтæн ис иумæйаг темæ, дзурынц иу хъуыдыйыл (лæппуйы ахуырыл)
2-аг скъ. - Текст кæрæдзиуыл æнгом баст у. Архæйдтытæ дзы кæрæдзийы фæдыл цæуынц.
3-аг скъ. - Йæ композицион арæзт у æххæст.
Ах-г. 1. Цавæр микротемæтæ дзы ис ?
1-cкъ. - Лæппу сывæллонæй нырмæ бирæ куыста, фæлæ йæм уæддæр
хъæздыгдзинадæй ницы ис.
2-аг скъ. - Йæ бæллиц у кæсын æмæ фыссын сахуыр кæнын.
3-скъ. - У ныфсджын, хæларзæрдæ æмæ куыстуарзаг;
4-æм скъ. - Зоны æрдзмæ хъусын.
Ах-г. -Иу хатт ма зæгъæм, цы у текст?
.
1-cкъ. - Цалдæр хъуыдыйады кæнæ абзацы сæ иумæйаг темæ æмæ хъуыдымæ гæсгæ баст куы ׳рцæуынц, уæд фæаразынц текст.
2-аг скъ. - Тексты мидæг хъуыдыйæдтæ баст æрцæуынц хъуыдымæ гæсгæ
æмæ грамматикон æгъдауæй.
3-скъ. -Текст февдисы æххæст хъуыды.
4-æм скъ. -Тексты æппæт хъуыдыйæдтæ цæуыл фæдзурынц,
уый вæййы тексты темæ.
Ах-г. 1. Цавæр тексты (ныхасы) хуызтæ зонæм?
Скъ-у а) Æрфыстон
æ) Таурæгъон
б) Тæрхæттæ.
Ах-г. Хъуыдыйæдты астæу цавæр басты хуызтæ вæййы тексты?
1-аг скъ. - Тексты мидæг хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл баст вæййынц 2 хуызы:
а) цæгон ( цаутæ кæрæдзийы ивынц, хъуыдыйæдтæн
сæ бынæттæ баивæн нæй);
2-аг скъ. - параллелон тексты мидæг хъуыдыйæдтæн сæ бынæттæ куы баивæм,
уæддæр нæ фехæлдзæн тексы хъуыды. Нæй йæ бынат ивæн
æрмæст бацæуæн хъуыдыйадæн
Ах-г. –Куыд арæзт у тексты стркутурæ?
Скъ. 1. Бацæуæн.
2.Сæйраг хай.
3. Кульминаци
4. Кæронбæттæн.
Ах-г. Ссарæм нæ тексты структурон хæйттæ. Цавæр дзврдтæ дзы арæх фембæлы?
(Скъладзаутæ сæ нымайынц.)
Слайд-7
Ах-г. Кæд цы хъуыдыйæдтæ бакастыстæм, уыдон текст схонæн ис, уæд нæ текстæн æрхъуыды кæнæм сæргонд æмæ йын æй ныффысæм.
Скъоладзауты дзуæппытæ.
- «Æрдз-ахуыргæнæг»
- «Æрдзы скъола»
- «Æрдз æмæ йæ хрозæхтæ»
V. Ах-г. Цымæ мæнæ ацы æрдзы фæзындтæ цæуыл сахуыр кæниккой сымах та?
Фæйнæгыл фыст. Скъоладзаутæ сæ тетрæдты æххæст кæнынц ацы куыст. Алы номыры ныхмæ дæр фыссынц галиу фарсæй хъæугæ дамгъæ.
1. Хур нæ ахуыр кæны –
2. Цæугæдон нæ ахуыр кæны –
3. Стъалы нæ ахуыр кæны -
4.Зæхх нæ ахуыр кæны -
5.Къæвда нæ ахуыр кæны -
6.Дидинæг нæ ахуыр кæны -
7.Дымгæ нæ ахуыр кæны –
8.Мады цæстытæ нæ ахуыр кæныц -
а) раджы стыныл
æ) хатыр кæныныл
б) сыгъдæгдзинадыл
в) иу ран нæ бадын
г) цæхæр калыныл
д) фидар лæууыныл
ж) агурын , фыдæбон кæныныл
з) уарзондзинадыл
1-а, 2- в, 3- г, 4-ж, 5-б, 6- 3, 7- д, 8- æ
Ах-г. Кæд ахæм къæрцхъус стут, уæд æвæццæгæн, бафиппайдтаиккат, æрдзæн дæр йæхи декорацитæ кæй ис,уый.
Фарст. –Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут, цал декорацийы зонут æрдзæн?
(Скъоладзаутæ хъуыды кæнынц æмæ сæ хъуыдытæ хъæрæй зæгъынц?)
Скъ-утæ – 4
Зымæг,
Уалдзæг,
Сæрд
Фæззæ
VI. - Абон дзы мах бæлвырддæр æрлæудзыстæм æрмæст иуыл.
Кæцы декорацийыл, уый базондзыстæм мæнæ ам æмбæхст дзырд куы ссарæм,уæд
1 | ф | |||||||
2 |
|
| Æ | |||||
| 3 |
| З | |||||
4 |
| З |
|
| ||||
5 |
|
|
| Æ | ||||
6 |
| Г |
|
|
- Нæ зæронд лæгæн дыууадæс фырты (афæдз)
- Тексты фыццаг хай хонæм (бацæуæн)
- Хъустæ, фындзы къоппа, рустæ
æнæвгъау æлхысчъытæ кæны (уазал)
- Сæ иу цæттæ вæййы, иннæ – æдзæттæ (уазæг, фысым)
- Афæдзы алы афон дæр йемæ хæссы йæхи …(ахорæнтæ).
- Тексты мидæг хъуыдыйады басты хуызтæй иу у (цæгон)
Слайд - Фæззæг.
VII. Слайд. Фæззæг - афæдзы фæстаг мидбылхудт.
- Афтæ схонæм нæ урочы дыккаг хай.
Ах-г - Æрдзурæм ма ныр, æрмæст фæззæджы рæсугъддзинæдтыл нæ, фæлæ ма нæм дзырд ФÆЗЗÆГ фехъусгæйæ, цы æнкъарæнтæ фегуыры, уыдоныл дæр.
- Уымæн æмæ нæ алкæмæн дæр ис йæхи фæззæг, алчидæр æй уыны йæхирдыгонау
- Куыд æй уынут сымах та?
- Цæй æмæ иу хъазтæй ахъазæм.
- Æз уын зæгъдзынæн дзырд, сымах та уæ тетрæдты афыссут, уæ цæстытыл уын цавæр æнкъарæн ауайын кодта, уый. Баныхас кодтам?
Ах-г. дзуры хицæн дзырдтæ.
Хъуысы П.И.Чайковскийы «Фæззыгон зарæг».
Фæззæг:
Зæгъæм: - нæ цæхæрадоны сырх-сырхид мырткæ,
- раздæр бæлæсты сыфæртæ сыгъзæринау бур дардтой æмæ дзы зæрдæ хъæлдзæг кодта. Ныр сыфтæр æрызгъæлд æмæ бæстæ у æнкъардхуыз.
- мæ цæстытыл та ауад райсомы халас.
- дымгæ, къæвдатæ, уазал бонтæ.
- тын куыд тæхы, уый.
- бæлæсты сыфтæртæ парчы бандæттыл, зæххыл…
- бæгънæг бæлæстæ, мит, (хæхты рауарыд).
- ирон стыр бæрæгбон Джеоргуыбайы фынгыл фæззæджы бæркæдтæ
куыд æвæрдзыстæм, уый.
æмæ æнд.
Бæласы сыфтæ: - фæззыгон парк,
-бæлæстæ сыгъзæрин дарæсы,
- хус сыфтæртæ дымгæ мæрзы.
………
Къæвда: - фæззыгон уазал къæвда,
-къæвдайы æртæхты гыбар-гыбур,
- къæвдайы æртæхтæ хус сыфтæ бандонмæ баныхаста,
- къæвдайы гыццыл къанæутты хус сыфтæ ласы.
……………………………….
Дымгæ: - тыхджын дымгæ футтытæ кæнынмæ хъавы, фæлæ йæ тых нырма лæмæгъ у,
- дымгæйы уынæр мæ хъустыл ауад
- дымгæ бæласы къалиута рудзынгыл хойы…
- бæлæстыл ма цы сыфтæртæ аззад,уыдоныл дымгæ йæхи рауадзы æмæ сæ зилгæ зæхмæ æрæзгъалы.
/ Скъоладзаутæй алчидæр дзуры йæ
цæстытыл цы фæзындтæ ауад, уыдон./
Ах-г. - Кæсут ма, цавæр алыхуызон рæсугъд æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта фæззæг!
Фæззыгон æрдзы рæсугъддзинадыл курдиатджын поэттæ æмдзæвгæтæ фыссынц.
Уæ зæрдыл дзы искæйы æмдзæвгæтæ æрлæууыд?
Фæззæг
Хетæгкаты Къоста
- Æхсæлы æгъзæлы,
Лæджирттæг фæбур…
Мигъ бады цæгаты, –
Нæ йæ тавы хур…
- Æркарстам, æрластам
Нæ хортæ, нæ хос…
Чи кусы йæ мусы,
Чи ’лвыны йæ фос…
- Хор бирæ, фос бирæ
Хуыцауы фæрцы…
Нæ хæхбæсты бæркад,
Цы диссаг дæ цы!
Фæззæг
/ Хозиты Яков /
Байрай, бæркадджын
Бурзачъе фæззæг!
У нын де ׳рцыд адджын –
Царды хос хæссæг.
Рахæс- ма дæ рæттæ,
Равдис-ма дæхи,
Махæн дæм лæвæрттæ
Ацы аз та цы ис.
/ Хозиты Яков
Фæззæг
Кочысаты Мухарбег
Скъуыддзаг(отрывок)
Фæззæг ралæууыд йæ рады
Бон æнкъард хуызæй кæсы,
Дымгæ сау мигътæ цæгатæй
Хуссармæ хæссы.
ОСЕНЬ
А.С.ПУШКИН.
(СКЪУЫДДЗАГ)
Унылая пора! Очей очарованье!
Приятна мне твоя прощальная краса —
Люблю я пышное природы увяданье,
В багрец и в золото одетые леса,
В их сенях ветра шум и свежее дыханье,
И мглой волнистою покрыты небеса,
И редкий солнца луч, и первые морозы,
И отдаленные седой зимы угрозы.
Ах-г. Поэттæ фæззæджы рæсугъддзинадыл æмдзæвгæтæ фыссынц, ныгæнджытытæ та йыл нывтæ кæнынц.
Слайдтæ.
/ Хъуысы дарддæр П.И.Чайковскийы музыкæ. Экраныл нывтæ./
Ах-г. - Æрдзы рæсугъдзинад йæ зæрдæмæ хæстæг айста П.И. Чайковский æмæ ныффыста, æмбал кæмæн нæй, ахæм музыкалон уацмыс «Афæдзы афонтæ»
Сымах дзы абон хъусут «Фæззæджы зрæг»-мæ
Ах-г. -Æрлæууæм иу нывыл.
Бакæсут нывмæ æмæ ранымайут, фарстытæ Чи? Цы? дзуапп цы предметтæ науæд фæзындтæ дæттынц, уыдон.
/Ахуыргæнæг амоны сæ разы цы дыккаг сыфтæ æвæрд ис, уыцы
таблицæ №2. Æмбарын кæны хæслæвæрд. /
VIII. Таблицæимæ куыст. Хæслæвæрд скъоладзаутæн æмбæрстгонд цæуы.
Ах-г. – Нæзæрдыл æрлæууын кæнæм синонимты æмæ антонимты нысаниуæг
(Скъоладзаутæ дæттынц æхæст дзуаппытæ)
1. Рафыссут фæрстытæ Чи? Цы? –йæн дзуапп цы дзырдтæ дæттынц, уыдон
(Номдартæ фыссынц фыццаг цæджындзы)
2. Мивдисджытæ Цы ми кæны? Цы кæны? - дыккаг цæджындзы
3. Мивдисджыты синонимтæ – æртыккаг цæджындзы
- Сæвæрын мивдисджытæм фæрстытæ Куыд? Кæд? Кæдæм? Цæмæн?
№ | Номдар | Мивдисджытæ | Мивдисджыты синонимтæ | Мивдисджытæм сæвæрын фæрстытæ |
Чи? Цы? | (Цы ми кæны? Цы кæны?) | КУЫД?Кæд? Кæдæм?Цæмæн? | ||
1 | Фæззæг | ралæууыд, | æрхæццæ | хæхтæм |
2 | Хъæд | сусу-бусу кæны | ныхас кæны, дзуры | æнкъардæй |
3 | Сыфтæртæ | згъæлынц | хауынц | зæхмæ |
4 | Цæрæгойтæ | цæттæ кæнынц | æвæрæнтæ кæнынц | зымæгмæ |
5 | Сырдтæ | æмбырд кæнынц | агурынц | холы |
7 | Хæхтæ | фæлгæсынц | кæсынц,хъахъæнынц | уæйгуытау |
8 | Мит | æрттивы | цæхæр калы | дардмæ |
9 | Уæлдæф | сыгъдæг кæны | рог кæны | райсомæй |
10 | Рæстæг | цæуы | ивы, згъоры | цалхау, тагъд |
Скъоладзаутæ сæ хæс æххæст кæнынц таблицæты (cæ ном æмæ дзы сæ мыггаг фæбæрæг кæнгæйæ)
Скъоладзаутæ кусынц хицæнтæй. Фыст куы фæуой, уæд кæсынц цы хъуыдыйæдтæ сæм рауад, уыдон.Чи нæ фæци фыст, уый сæ хæдзары бацæттæ кæндзæн.
IX Ах-г. - Фæйнæгыл дыууæ тексты.
1-аг хæс: Бакæсут тексттæ.
2-аг хæс: Сбæрæг кæнут ткстты хуызтæ.
Текст №1
Ралæууыд фæззæг. Быдыртæ фæбур сты. Хъæды бæлæсты сыфтæртæ алыхуызон сæрттывтой æмæ дзы цыхуызæттæ нæ уыдис! Æрмæст ма фыццагау цъæх-цъæхид дардта æнусон нæзыты къох хъæды астæуæй. Арв ма уыди сыгъдæг. Хур касти дардæй æмæ фæззыгон тæвд кодта быдыртæ, хæхтæ
/Мамсыраты Дæбе/
Текст №2.
Ралæууыд сыгъзæрин фæззæг. Æнусон æрдз йæ дарæс ивы.. Бæстæ сыгъзæрин доны тылды хуызæн ссис. Æнусон хъæдтæ æмæ быдыртæ сæ рæсугъддзинадæй сæхимæ ׳лвасынц. Диссаджы рæсугъд у фæззыгон æрдз. Фæззæг-афæдзы рæсугъд мидбылхудт.
Скъ-ты дзуæппытæ.
Скъ-у. -Фыццаг текст у таурæгъон. Хъуыдыйæдтæ дзы сты цæгон баст.
Мивдисæг – зæгъинæгтæй дæр бамбарæн ис тексты хъуыдыйы цыд/
Ралæууыд, фæбур сты, сæрттывтой, дардта, уыди, касти, тæвд кодта
Скъ-у. 2-аг текст у æрфыстон, уымæн æмæ хъуыдыйæдты ’хсæн ис парралелон бастдзинад. Бацæуæнæн хъуыдыйадæн нæй баивæн, фæлæ иннæ хъуыдыйæдтæн сæ бынат куы баивæм, уæдæр тексты хъуыды нæ аивдзæн.
Скъ-у. Æрфысты арæхдæр фембæлынц номдартæ æмæ миногонтæ.
Нывæфтыд æрцæуы эпитеттæ, метафорæтæй, абæрстытæй æмæ æндæр аивгæнæн мадзæлттæй.
Сыгъзæрин….
X. Ах-г. - Адæм æрдзимæ æнгом баст кæй сты, уымæ гæсæ йæм зыдтой хъусын, йæ бæрæггæнæнтæ йын сæ зæрдыл дардтой.
Сымах та æрдзы бæрæггæнæнтæй цавæртæ зонут?
/Скъоладзаутæ дзурынц сæ зæрдыл кæцытæ лæууынц, уыдон./
- Уымæл сæрд æмæ хъарм фæззæг – даргъ зымæгмæ.
- Æнгуз æмæ æхсæр бирæ куы нæ ’рзайа, уæд уыдзæн уазал æмæ митджын зымæг.
- Фæззæг бæрзы сыфтæ йæ цъуппæй куы райдайой бур кæнын, уæд уалдзæг раджы ралæудзæн; бынæй куы райдайа сыфтæр бур кæнын -уалдзæг афæстиат уыдзæн.
- Райсомы халас – хус æмæ хъарм бонмæ цæуы.
- Зæхмæ цы сыфтæр æрæзгъæла, уый уæлгоммæ фæлдæхт куы уа, уæд фæззæджы тыллæг хорз не ’рзайдзæн, дæлгоммæ фæлдæхт куы уа, уæдуыдзæн хъæздыг тыллæгмæ.
- Тын бирæ куы уа, уæд уыдзæн хъарм фæззæг æмæ уазал зымæг.
- Фæззæджы мит раджы куы рауара, уæд уыдзæн рагуалдзæг.
- Фæззæджы мæргътæ ныллæг куы тæхой, уæд уыдзæн уазал зымæг.
- Тулдз æмæ бæрз сæ сыфтæр раджы куы азгъалой, уæд уыдзæн хъæздыг тыллæг.
10.Бæласы сыфтæр фæбур, фæлæ æрæгмæ згъæлы-уазалтæ тагъд нæ уыдзысты.
XI. Къордты куыст.
Ах-г. Мæнæ уын слайдыл æмбисондтæ.
Слайд -11 Абадут дыууæ къордæй æмæ райхалут цыбырæй æмбисæндты хъуыды.
Æмбисæндтæ.
1 .Мыст дæр ма зымæгмæ æвæрæнтæ кæны.
2. Фæззæг- бæркæдтæ нымайæн.
3.Уалдзæджы сæрдæн кусæм, сæрды – фæззæгæн, фæззæг – зымæгæн.
1-аг къорд фыссы 2-аг æмбисонд;
2-аг къорд æвзар 3-æмбисонд.
Зæлы П.И. Чайковскийы музыкæ. Куыстæн лæвæрд цуæуы 3-4мин.
/ Цы цыбыр текст ныффыстой скъоладзаутæ, уый хъуамæ бакæсой./
XII. Ах-г. Музыкæ дæрддæр зæлы æмæ ахуыргæнæг дзуры таурæгъ.
Таурæгъ
Раджы кæддæр иу хъæды æрцард Фæззæг. Хъæды сырдтæ, мæргътæ æмæ йæ цæрæгойтæ фæрсын байдыдтой:
-Адæмæй дæхи афтæ дард цæмæн бамбæхстай?
Фæззæг сын æнкъардæй дзуапп радта:
-Æз мæ цæстысыг згъалын, сæрды рæсугъддзинад мæн тыххæй кæй тайы, ууыл.
Мæ бирæ уазал цæссыг зæххыл нал цæуы æмæ доны малтæ фесты. Сæ сæрмæ та фæзынынц уазал цъæх мигътæ. Фесæфынц ахорæнтæ, бæстæ ныхъхъуынтъыз æмæ нынкъард вæййы. Боны рабадын нал фæфæнды, фæстæмæ тагъддæр куы акъул уаид, ууыл фæархайы.
- Нæй адæмы æнæ фæлтæрддзинадæй ныууадзæн – кæрæдзийы дзыхæй ныхас исгæйæ,сонт хъæр скодтой сырдтæ, мæргътæ æмæ цæрæгойтæ.
- Нæ йæ зоныс, адæмы царды афæдзы алы афон дæр хицæн нысанимæ баст кæй у, уый?
-Уалдзæг - сын царддæттæг æмæ сывæллоны бæллицтимæ баст у;
- Сæрд - НЫФС, УЫРНЫНАД æмæ ФÆНДТИМÆ.
- Фæззæг – ФÆЛТÆРДДЗИНАДИМÆ.Уый сын æххуыс кæны царды раст бæллицтæ æвзарынмæ;
Зымæг – КУЫРЫХОНДЗИНАДИМÆ, уый гуырын кæны адæймагмæ ног фæндтæ, бæллицтæ, хатдзæгтæ.
Куы бамбæрста Фæззæг, адæм æм æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц уый,уæд рацыд хъæдæй æмæ араст зæххыл бæркæдтæ уаргæ.
XIII. Хæдзармæ куыст.
- Цымæ мах урокæй зæгъæн ис, бæркæдджын (хъæздыг) уыд, зæгъгæ? Цы дзы бадардтат уæ зæрдыл?
/Скъоладзаутæ нымайынц урочы цæуыл дзырдтам, уыдон æмæ сæ фыссынц сæ тетрæдты æмæ фæйнæгыл. Рауадис нын дзы сфæлдыстадон куыстæн пълан.
Пълан.
1. Фæззæджы ахорæнтæ
2. Фæззæг поэттæ, нывгæнджытæ æмæ композиторты сфæлдыстады.
3. Фæззæджы бæрæггæнæнтæ, йæ сусæг æвзаг.
4. Фæзæг-бæркæдтæ уарæг.
Ацы пъланмæ гæсгæ сараздзыстут сочинении - æрфыст « Фæззæг – æрдзы фæстаг мидбылхудт»
Бæрæггæнæтæ сæвæрын скъоладзаутæн.
Урочы кæрон. 1. Скъоладзаутæ сæ фысгæ куыстытæн кърандасæй тетрады æвæрынц бæрæггæнæн.
Кæрдæхуыз – «5»,
Копрадзхуыз - «4» æрмæг хорз бамбæрста;
бур – «3» цыдæртæ дзы кæронмæ нæ бамбæрста;
сырх- «2» æрмæг æппындæр нæ бамбæрста.
Æртæкъуымонтæ урочы рæстæг æвæрд уыдысты скъоладзаутæн сæ партæтыл. Ахуыргæнæгмæ дзы кæцы фарс здæхт уыд, уымæ гæсгæ уый бæрæг кодта, скъоладзаутæй æрмæг чи куыд æмбары,уый.
Цъæх – æрмæг хорз æмбары.
Бур -æрмæг æххæст æмбæрст нæу, хъæуы ма йæ скъоладзауæн ногæй бамбарын кæнын .
Сырх - скъоладзау æрмæг æппындæр не ’мбары, хъæудзæн æй урочы фæстæ бауромын æмæ йын æй бамбарын кæнын.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Подготовка к написанию сочинения на ОГЭ в 2015 году
Презентация "Подготовка к написанию сочинения на ОГЭ в 2015 году"...
Подготовка к написанию сочинения по теме: "Нужны ли в жизни сочувствие и сострадание?" (по произведениям Л. Андреева "Кусака", В. Маяковского "Хорошее отношение к лошадям", А. Платонова "Юшка") в 7 классе. Урок РР.
Презентация и материал к уроку литературы по теме: РР Написание сочинения по теме: "Нужны ли в жизни сочувствие и сострадание?" (по произведениям писателей 20 века). По материалам видеоурока, провед...
МЕТОДИЧЕСКИЕ РЕКОМЕНДАЦИИ ПО ПОДГОТОВКЕ К НАПИСАНИЮ ИТОГОВОГО СОЧИНЕНИЯ В 2016/2017 УЧЕБНОМ ГОДУ ДЛЯ УЧИТЕЛЕЙ РУССКОГО ЯЗЫКА И ЛИТЕРАТУРЫ
МЕТОДИЧЕСКИЕ РЕКОМЕНДАЦИИПО ПОДГОТОВКЕ К НАПИСАНИЮИТОГОВОГО СОЧИНЕНИЯВ 2016/2017 УЧЕБНОМ ГОДУДЛЯ УЧИТЕЛЕЙ РУССКОГО ЯЗЫКАИ ЛИТЕРАТУРЫ...
МЕТОДИЧЕСКИЕ РЕКОМЕНДАЦИИ ПО ПОДГОТОВКЕ К НАПИСАНИЮ ИТОГОВОГО СОЧИНЕНИЯ В 2016/2017 УЧЕБНОМ ГОДУ ДЛЯ УЧИТЕЛЕЙ РУССКОГО ЯЗЫКА И ЛИТЕРАТУРЫ
Методические рекомендации к итоговому сочинению по литературе 2016-2017 учебный год...
Конспект урока развития речи в 9 классе.(Урок мужества) ТЕМА УРОКА: «Подготовка к написанию сочинения-рассуждения в рамках подготовки к ОГЭ по русскому языку (выполнение задания 15.3 части 3)».
Конспект урока развития речи в 9 классе.(Урок мужества)ТЕМА УРОКА: «Подготовка к написанию сочинения-рассуждения в рамках подготовки к ОГЭ по русскому языку (выполне...
Конспект урока развития речи в 9 классе «Урок по подготовке к устному собеседованию»
Урок развития словесно- логического мышления....
Подготовка к написанию сочинения по картине Ф.П. Толстого «Цветы, фрукты, птица".Презентация по русскому языку в 5 классе.Урок развития речи.
Подготовка к написанию сочинения по картине Ф.П. Толстого «Цветы, фрукты, птица".Данная презентация удобна в своем алгоритме при подготовке к сочинению по картине....