Интегрированный урок.( осетинский язык, география, информатика). "Живые" источники Осетии. Глагол.
план-конспект урока (7 класс) на тему

Повторение и закрепление пройденного материала.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл irystony_tsardagas_suarta-urok.docx814.12 КБ

Предварительный просмотр:

Нæ суартæ – æвдадзы хос

Темæ: Кæронбæттæн урок. Мивдисæг. Ирыстоны «цардæгас» суартæ.

Нысан: Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын æмæ ныффидар кæнын.

Хъомыладон хæс: 1. Рæзын кæнын скъоладзаутæм уарзондзинад Ирыстоны алæмæт æрдзмæ: йæ дæттæм, суартæм æмæ а.д.

2. Хæдзардзин цæстæй кæсын нæ æрдзы лæвæрттæм, хъахъхъæнын сæ æмæ сын аргъ кæнын.

Урочы цыд

Хъуысы музыкæ. Æвдыст цæуынц Цъæйы нывтæ интерактивон фæйнæгыл.

(Слайд 1-5)

цей1 

цей

Ахуыргæнæг: Уый уыди раджы. 18-æм æнусы, дам, Уæрæсейы ус-паддзахæн фæрынчын йæ фырт рæуджыты уæззау низæй. Дохтыртæ йæ куы федтой, уæд ын бауынаффæ кодтой ацæуын Кавказмæ, кæд, мыййаг, уым фæхуыздæр уаид, зæгъгæ. Æрцыдысты, уæдæ цы уыдаид.Æрбынат кодтой Цъæйы. Уым фæцардысты дзæвгар рæстæг.  Лæппу улæфыд сыгъдæг хæххон уæлдæфæй, нуæзта тад цъитийы донæй. Уый фæстæ рараст фæстæмæ сæхимæ. Сæ фæндаг, дам, ракодтой Буронæй Зæрæмæгмæ. Уым дæр фæцард иуцасдæр. Нуæзта, Зæрæмæджы зæххæй  цы суар абухта, уый донæй. Гъе, стæй дам, уæд араст йæ фæрныг хæдзармæ. Дохтыртæ йæм куы байхъуыстой, уæд, дам, сæ дисæн кæрон нал уыд. Йæ рæуджытæ уыдысты сыгъдæг, йæхи æнкъардта тынг хорз.

Скъоладзау: Куыд дзурынц зæронд адæм, афтæмæй дам-иу, раздæр цъитийы ихы къæрттытæй сæ къустæ байдзаг кодтой,  къустæм-иу сæгъы æхсыр æрдыгътой. Ахæм ихтыл дыгъд æхсыр-иу рынчынтæн амыдтой, уæлдайдæр рæуджытæ хъыгдард кæмæн уыдысты, уыцы рынчынтæн. Чи зоны, æмæ ус-паддзахы лæппу дæр афтæ кодта. Чи зоны…  (Слайд 1-5)

Ахуыргæнæг: Уæдæ цымæ цæмæн сдзæбæх ус-паддзахы фырт?

Скъоладзау:Ус-паддзахы фыртæн, мæнмæ гæсгæ, æвдадзы хос фесты сыгъдæг, хæххон уæлдæф, стæй-ма суарты дон кæй нуæзта, уый.

Ахуыргæнæг: Уæдæ куыд бамбæрстат, афтæмæй нæ урочы цœуыл ныхас кœндзыстœм?

Скъоладзау: Нœ урочы ныхас кœндзыстœм суарты тыххœй.

Ахуыргœнœг: Нœ урочы темæ у: (фыст интерактивон фæйнæгыл) «Ирыстоны цардæгас суартæ». Дзурдзыстæм нæ алæмæты суартыл æмæ рафæлхат кæндзыстæм  «Мивдисæг». (Слайд 6)

- Фыссæм абоны нымæц æмæ темæ.

- Хæдзармæ уын уыдис сфæлхат кæнын мивдисæгæй рацыд æрмæг, базонын æмæ ранымайын, Ирыстоны цы суартæ ис, уыдон. Ссарын æмæ радзурын нæ суарты тыххæй историон факттæ æмæ таурæгътæ. Табуафси, сывæллæттæ, райдайæм.

(Слайд 7-8)

Интерактивон фæйнæгыл фыст сты фæрстытæ рацыд æрмæгæй.

  1. Цы хонæм мивдисæг?

- Мивдисæг у сæрмагонд ныхасы хай, кæцы æвдисы предметы архайд æмæ домы фæрстытæ: цы ми кодта? цы ми  кæны? цы ми кæндзæн? Зæгъæм, калди, кæлы, кæлдзæнис.

  1. Цæмæ гæсгæ ивы мивдисæг?

-Мивдисæг ивы цæсгæмттæм, нымæцтæм æмæ афонтæм гæсгæ. Зæгъæм: куыста – 3 цæсгом, иууон нымæцы, ивгъуыд афоны.

  1. Куыд хуыйны мивдисджыты ивынад цæсгæмттæм, нымæцтæм, афонтæм гæсгæ?

- Мивдисджыты ивынад цæсгæмттæм, нымæцтæм æмæ афонтæм гæсгæ хуыйны ифтындзæг.

  1. Йæ арæзтмæ гæсгæ мивдисæг цавæр вæййы?

- Йæ арæзтмæ гæсгæ  мивдисæг вæййы хуымæтæг æмæ вазыгджын. Хуымæтæг мивдисæг  арæзт у иу дзырдæй, вазыгджын – дыууæ кæнæ фылдæр дзырдтæй. Зæгъæм: фыссын, ахуыр кæнын.

  1. Мивдисæгæн цал хуызы ис?

-  Мивдисæгæн ис дыууæ хуызы: æххæст æмæ æнæххæст хуыз. Æххæст хуызы мивдисæгæн йæ архайдæн ис кæрон, ахæм мивдисæгæн ис разæфтуан. Зæгъæм: сарæзта, бахуды. Æнæххæст мивдисæджы архайдæн нæй кæрон, нæй йын разæфтуан. Зæгъæм, аразы, худы.  

  1. Мивдисджытæ цавæр къордтыл дих кæнынц?

-  Мивдисджытæ дих кæнынц дыууæ къордыл: цæугæ æмæ æдзæугæ. Цæугæ мивдисдждытæн сæ архайд ахизы иу предметæй иннæмæ. Мивдисæгæй фæдæттæм фæрстытæ кæй?цы?. Зæгъæм: Зæхх нын дæтты (цы?) дон. Мивдисæг дæтты у цæугæ. Иннæ мивдисджытæ сты æдзæугæ. Зæгъæм: бадын дурыл. Бадын  (цæуыл?) у æдзæугæ мивдисæг.

  1. Мивдисæгæн цал здæхæны ис?

- Мивдисæгæн ис цыппар здæхæны: æргомон здæхæн, бæллиццаг здæхæн, бадзырдон  здæхæн, фæдзæхстон здæхæн.

Ахуыргæнæг: Хорз, сывæллæттæ, нæ зæрдыл æрлæууын кодтам рацыд æрмæг. Ныр та рахизæм Ирыстоны суартæм. Зæгъут-ма, цавæр суартæ зонут Ирыстоны?

Скъоладзаутœ:  «Зæрæмæг», «Тиб-1», « Тиб–2», «Бæгъиатæ», «Заманхъул», «Урсдон», «Бухар-Дон», «Хилак», «Хъæрмæдон» æмæ бирæ æндæр суартæ.

Интерактивон фæйнæгыл разынд Ирыстоны суарты бынæтты картæ. (Слайд 9)

Ахуыргæнæг: Ныхасы бар дæттæм географийы ахуыргæнæг Гуацъæты Татьянæ Ивановнæйæн. Уый нын радзурдзæн Ирыстоны суарты гуырæн бынæтты тыххæй.

Минеральные воды — серьезный рекреационный ресурс Северной Осетии. На незначительной площади республики разведано около 300 выходов минеральных вод самого различного химического состава и лечебных свойств. По количеству минеральных источников (в отношении к площади территории) республика занимает одно из первых мест в России.

Наиболее освоенными и изученными считаются Верхне-Кармадонские минеральные источники, которые дважды (в 1936 и 1949 гг.) изучались Центральным институтом курортологии и физиотерапии. По мнению специалистов, термальные источники Верхнего Кармадона являются аналогом висбаденских вод, которые открыты в Германии и пользуются мировой славой, таких нет в СНГ, также является аналагом французской воды Ля-Бурбель.

С 1960 года интенсивно изучались минеральные воды в районе селения Урсдон. Когда на глубину 600 метров были пробурены основные скважины, из верхнемеловых известняков ударил фонтан целебной воды с температурой плюс 35 градусов. В составе минеральных источников Кора-Ур-сдона много химических элементов: хлора, йода, брома. В одном литре кора-урсдон-ской минеральной воды содержится до 20 граммов химических веществ.

По мнению специалистов, применение воды полезно для лечения заболеваний опорно-двигательного аппарата, кожных, нервных, ряда внутренних и т.д. С недавнего времени Кора-Урсдонская минеральная вода разливается в бутылки и продается в магазинах. В районе этих минеральных вод построены пансионат и туристская база, проектируется круглогодичная здравница, планируется расширить существующие хозяйства.

В южной части республики, в дельте реки Мамисондон, вблизи селения Тиб, издавна известны выходы очень ценных целебных минеральных вод. Эти воды в прошлом уже привлекали внимание таких исследователей, как Э. Карстенс, А, Овчинников, А. Иванов и многие другие. По мнению большинства ученых, по своим целебным свойствам тибскне минеральные воды являются аналогами уже известных минеральных вод Боржоми в Грузии.

В Тибе имеется два вида углекислых минеральных вод с дебитом до тысячи кубометров в сутки, содержание углекислого газа в которых составляет до 1-1,6 грамма на литр, минерализация — до 5-7. В настоящее время воды Тибского месторождения разливаются в бутылки для реализации. В районе Тиба ведется строительство санатория, где они будут широко применяться для лечебных целей.

Из большого разнообразия минеральных вод РСО-Алания сегодня пока используется всего 11 месторождений: 4 — для санаторно-курортного лечения и 7 — для розлива в бутылки и продажу через торговую сеть.

Ахуыргæнæг: Куыд федтат картæйы, афтæмæй стырдæр суартæ сты: Мæздæджы (Сухотскийы), Заманхъулы, Урсдоны, Балтайы, Алагиры, Хъæрмæдоны, Зæрæмæджы æмæ Тибы. Ныр уын лæвæрд цæуы текст суарты тыххæй, хуыйны «Ирыстоны суартæ». Тексты сæмбæлдзыстут зынæмбарæн дзырдтыл æмæ сын хъуамæ раиртасæм сæ нысаниуджытæ.

Суартæ – минеральные источники;

нуæрттæ – жилы;

хъæппæрисджын – инициативный.

Урочы мидæг ма сæмбæлдзыстæм ахæм дзырдтыл:

туаггуыр – кислород;

донгуыр – водород;

буаргъæд – вещество.

Интерактивон фæйнæгыл фæзындис текст «Ирыстоны суартæ», скъолдадзаутæй йæ исчи кæсы: (Слайд 10)

1.Цæгат Ирыстоны хæхбæсты уæвгæйæ, адæймаджы цæст æрхæцы нæ диссаджы суартыл. 2. Алы ран дæр пæллахъæй гуырынц кæдзæхты фидар нуæрттæй æмæ махæн парахатæй хæссынц хæхты сатæг æмæ нæртон æнæниздзинад дæр. 3. Æрдз махæн цы суартæ балæвар кодта, уыдон сæ химион скондмæ гæсгæ ныхмæ фæлæудзысты ахæм суартæм, куыд «Ессентуки», «Боржоми», «Сергиевск» æмæ æндæртæм. 4. Цæгат Ирыстоны ис æртæсæдæ суары бæрц. 5. Уыдонæн аргъ нæй, фæлæ сын ис стыр адæмон хæдзарадон ахадындзинад. 6. Абон нæ суартæй сæхи дзæбæх кæнынц нæ республикæйы цæрджытæ æмæ фæлладуадзджыты бирæ нымæц. 7. Хорз уаид, æмæ не’мбисонды суартæ Ирыстонæй дарддæр чи фæхæццæ кæна æмæ сын сæ кад бæрзонддæр чи сиса, ахæм хъæппæрисджын адæм куы фæзынид, уæд.

Ахуыргæнæг: Цæуыл цæуы ныхас тексты?

- Тексты ныхас цæуы Ирыстоны суартыл, сæ миниуджытыл, сæ ахадындзинадыл.

Ахуыргæнæг: Зæгут-ма, сымахмæ гæсгæ, тексты авторæн йæ зæрдæ риссы Ирыстоны суарты уавæрыл? Стæй цæмæй бæрæг у?

- Æнæмæнг, йæ зæрдæ  кæй риссы, уый бæрæг у æвдæм хъуыдыйадæй. (Кæсы æвдæм хъуыдыйад.

Ахуыргæнæг: Хорз, раст загътай. Ныр та ссарут тексты мивдисджытæ æмæ сæ рафыссут уæ тетрæдтæм.

Хъуысы музыкæ.

Скъоладзаутæ фыссынц: æрхæцы, гуырынц, хæссынц, балæвар кодта, фæлæудзысты, ис, дзæбæх кæнынц, уаид, фæхæццæ кæна, сиса, фæзынид.

Ахуыргæнæг: Æркæсут мивдисджытæм æмæ зæгъут, сæ арæзтмæ гæсгæ цавæр сты, уый. Сæ сæрмæ сын фæнысан кæнут. Хуымæтæг мивдисджыты сæрмæ – х, вазыгджын мивдисджыты сæрмæ – в. Хорз, ныр та сын дзыхæй дзургæйæ зæгъут сæ хуыз.( скъоладзауты дзуœппытœ)

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, сымах зонут, доны химион сконд кæй у хуымæтæг  Н2О, донгуыр æмæ дзы туаггуыр йедтæмæ ницы ис. Уæдæ цымæ уæд куыд равзæрынц суартæ?

Скъоладзау: Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ зæххы ис алыхуызон буаргъæдтæ (вещества). Уыдон доны ныттайынц. Чи батайы, уыцы буаргъæдтæ донæн дæттынц ад. Афтæ æвзæрынц дзæбæхгæнæн суартæ.

Ахуыргæнæг: Раст зæгъы. Гъер та ма текстæй рафыссут дыккаг хъуыдыйад æмæ йæ равзарут хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

Иу скъоладзау æвзары интерактивон фæйнæгыл, иннæтæ æвзарынц сæ тетрæдты.

Ахуыргæнæг: Зæгъут-ма, исчи уæ зоны, суартæ цæмæ гæсгæ дзæбæх кæнынц адæймаджы низтæ?

Скъоладзау: Цавæр буаргъæдтæ дзы батад, уымæ гæсгæ уыцы дæтты бон у алыхуызон низтæ дзæбæх кæнын.

Ахуыргæнæг: Сымахæй исчи зоны, нæ суартæй чи цавæр низ дзæбæх кæны, уый?

Сколадзау: Зæгъæм, «Тиб» хорз у уыргтæн, «Къора»-йы дон та хорз у ахсæнæн æмæ тъæнгты кæлмытæн, глисттæ кæй хонæм, уыдонæн. 

Ахуыргæнæг: Ноджыдæр ма уæ чи зоны?

Скъоладзау: «Хилак»-ы дон хорз у ахсæнæн, тъæнгты æмæ игæры  низтæн.

Ахуыргæнæг: Хорз зонут, цæмæн сты хорз нæ суартæ, уый. Гъер та фæйнæгмæ рауайæд æртæ скъоладзауы. Фыццаг равзардзæн мивдисæг «хæссынц» морфологон æгъдаумæ гæсгæ. («Хæссын» у мивдисæг, р.ф. – хæссын, хуымæтæг, цæугæ); +++++++++++++++

 дыккаг дзырд «Хилак»-æн скæндзæн уæнгон-мырон анализ, æртыккаг дзырдтæ Хъæрмæдоны, суартæ, æнæниздзинад æвзардзæн дзырды хæйттæм гæсгæ.

Ахуыргæнæг: Зæгъут-ма «Хъæрмæдон»-ы дон абон куыд хонынц?  (Абон æй хонынц «Арианæ»).

Интерактивон фæйнæгыл «Хъæрмæдон». (Слайд 11)

кармадон

Ахуыргæнæг: Абон ын ахæм ном цæмæн ис, цы æрцыд «Хъæрмæдон» -ыл? Скъоладзау: 2002 азы 20 сентябры Хъолайы цъити ратыдта, æмæ йæ гуырæнтæ фесты ихтæ æмæ дуррæдзæгъдтыты бын, æмæ сæ пайда кæнæн нал уыд дæргъвæтин рæстæг.

Ахуыргæнæг: Куыд зонут, афтæмæй уыцы трагедийы бахаудтой нæ ирон бæхты театр «Нарты»-йы æрыгон артисттæ дæр. Уыцы рæстæг Хъæрмæдоны истой киноныв, разамынд та сын лæвæрдта зындгонд актер æмæ режиссер Сергей Бодров. Зæйы бын ма фæцис  дзæуджыхъæуккаг æрыгон лæппу Цæгæраты Альберт. Уый Дæргъæвсмæ аласта йе ’мбæлтты, фæлæ фæстæмæ йæ хæдзарыл нал сæмбæлд. Альберты номыл скодтой зарæг, йæ ныхæсты автор та у нæ уазæг, поэт Кобесты Зауыр. Ацы зарæгæй нæ урочы арæм, уыцы бæллæхы чи бахаудта, уыдоны ном. Рухсаг уæнт!

Хъуысы  «Цæгæраты Алберты» зарæг

Ахуыргæнæг: Ацы зарæджы фæстæ тынг зын у дзурын. Фæлæ мын чи зæгъдзæн «Хъæрмæдон» йæхи ногæй куыд равдыста, куыд фæзынд?

Скъоладзау:   Хъарм дæттæ куыдфæстагмæ сæхицæн фæндаг айгæрстой ихты æхсæнты æмæ ногæй фæзынд «Хъæрмæдон. 2005 азæй фæстæмæ дзы æхгæд акционерон æхсæнад «Арианæ» æвгты райдыдта кæнын, æмæ махæй уæлдай Уæрæсейы кæцыдæр горæтты цæрджытæн фадат фæцис æвдадзы хосгæнæг суар нуазын æмæ сæхи дзæбæх кæнынæн.

Ахуыргæнæг: Тынг раст, ныр та кусæм компьютертимæ. Ныхасы бар дæттæм Ольгæ Ивановнæ Лапотниковайæн, информатикæйы ахуыргæнæгæн.

Ацы куыстæн лæвæрд цæуынц мивдисджытæ: кæсын, дзурыс, бадæм, хордтай, сабухтой, калдысты, уарзын, нымайыс, кæлдзысты, дзæбæх кæнынц, сафынц, нуазæм, æнæниз кæнæм, дзурдзынæ.

Практическая работа на компьютере.

Практическая работа по теме:

"Построение таблицы в текстовом редакторе Microsoft Word"

Цели:

Обучающие:

  • обеспечить усвоение учащимися способа построения таблиц в Microsoft Word.

Воспитывающие:

  • развить у учащихся интерес к предмету;
  • формировать у учащихся наблюдательность.

Развивающие:

  • развивать у учащихся эстетическое восприятие окружающего мира.

Задачи:

  1. Расширить и углубить теоретические знания по информатике;
  2. Развить практические навыки;
  3. Углубить представление у учащихся о практическом применении текстового процессора Microsoft Word;
  4. Способствовать развитию интереса у учащихся к предмету “Информатика”.

Знания и умения:

  1. Знать алгоритм построения таблиц;
  2. Знать и уметь пользоваться алгоритмом форматирования таблиц стандартным способом.

оборудование: 

  1. Проектор, интерактивная доска;
  2. Персональный компьютер для каждого ученика.

 Ход урока

I. Сегодня мы выполним практическую работу в ТР Microsoft Word.

На каждом компьютере, на  рабочем столе сохранен файл глаголы.doc. В файле находятся  данные глаголы:  (Слайд 13)

кæсын, дзурыс, бадæм, хордтай, сабухтой, калдысты, уарзын, нымайыс, кæлдзысты, дзæбæх кæнынц, сафынц, нуазæм, æнæниз кæнæм, дзурдзынæ. Ваша задача построить таблицу, данные глаголы распределить  по лицам и числам:

Вопросы классу:

1. Вспомним,  каким  способом можно построить таблицу?

Создать таблицу можно двумя способами:

  1. На панели инструментов нажать кнопку “таблица”→вставить таблица. 
  2. Воспользоваться пунктом меню “Таблица”. 

Отличие этих двух способов состоит в том, что в первом случае компьютер предложит создать таблицу, у которой может быть не более 5 столбцов.

Если необходимо создать таблицу с большим количеством столбцов, то нужно применить второй способ. Именно второй способ сегодня мы с вами и рассмотрим.

Вспомним  алгоритм построения таблицы через “строку  горизонтальное меню”.

 Алгоритм построения таблицы 

  1. В меню выбрать пункт “Таблица”.
  2. Щелкнуть по кнопке “ вставить таблица ”.
  3. В диалоговом окне “Вставка таблицы” установить необходимое количество столбцов и строк.
  4. Щелкнуть по кнопке “ОК”.

Сразу после того, как WORD вставит в текст таблицу, ширина всех столбцов будет одинаковой. Можно изменить ширину столбцов с помощью мышки.

Таблица наша будет называться: «мивдисджытæ».

Таблица будет состоять из 6 столбцов и 9 строк. В первой строке вы запишите «мивдисджытæ».  В  второй  строке вы запишите свою фамилию на осетинском языке,  В третьей лица глаголов,  в четвертой строке - число  глагола, на следующих 5-ти строчках – Вы используя команды вырезки или перетаскивания заполните созданную таблицу.

ВОПРОС?  Чем характерна эта таблица?

(объединение 1и 2 строк)

ВОПРОС?   Как объединить строки?

(выделить необходимое количество строк, щелкнуть ПКМ, в меню выбрать  объединение ячеек).

Работа  УЧЕНИКА  С ИНТЕРАКТИВНОЙ ДОСКОЙ.

 Вводя свою фамилию некоторым из вас будут использовать осетинскую букву æ.

Вопрос как вставить этот символ?

Ответ:

  1. Вставка→ символ (щелкнуть на нем ЛКМ).
  2. В диалоговом окне, используя полосу прокрутки  найти необходимый символ æ. ОК

Сейчас я вам покажу как необходимо настроить  клавиатуру для работы с этими символами.

Алгорим настройки клавиатуры для ввода осетинской буквы æ:

  1. В  горизонтальном меню щелкнуть ЛКМ – левой кнопкой мыши  по вкладке ВСТАВКА.
  2. Вставка→ символ (щелкнуть на нем ЛКМ).
  3. В диалоговом окне, используя полосу прокрутки  найти необходимый символ æ.
  4. Выделить его (щелкнуть на нем ЛКМ).
  5. Щелкнуть левой кнопкой мыши по кнопке СОЧЕТАНИЕ КЛАВИШ.
  6. В строке новое сочетание клавиш указываем необходимое нам сочетание  клавиш, например   ALT+Ё .
  7. Щелкнуть ЛКМ  по кнопке НАЗНАЧИТЬ.
  8. Щелкнуть ЛКМ  по кнопке ЗАКРЫТЬ.

Алгорим настройки клавиатуры для ввода осетинской буквы Æ:

  1. В  горизонтальном меню щелкнуть ЛКМ – левой кнопкой мыши  по вкладке ВСТАВКА.
  2. Вставка→ символ (щелкнуть на нем ЛКМ).
  3. В диалоговом окне, используя полосу прокрутки  найти необходимый символ æ.
  4. Выделить его (щелкнуть на нем ЛКМ).
  5. Щелкнуть левой кнопкой мыши по кнопке СОЧЕТАНИЕ КЛАВИШ.
  6. В строке новое сочетание клавиш указываем необходимое нам сочетание  клавиш, например   ALT+А .
  7. Щелкнуть ЛКМ  по кнопке НАЗНАЧИТЬ.
  8. Щелкнуть ЛКМ  по кнопке ЗАКРЫТЬ.

 - Смотрим внимательно на экран.

Сейчас  вы сядете за компьютеры, выполните практическую работу.

  1. Настроите клавиатуру,
  2. создадите  таблицу,
  3. заполните ее,
  4. сохраните файл под своей фамилией в папке своего класса;
  5. распечатаете свою работу.

- Как оформить таблицу?

- Записываем в тетрадях алгоритмы оформления таблицы.

Алгоритм оформления таблицы 

  1. Выделить таблицу.
  2. Выполнить команды: “Таблица” - “Автоформат”. 
  3. Выбрать подходящий формат.
  4. Щелкнуть по колонке “ОК”. 

У каждого на столе есть ход работы практической работы. У кого есть вопросы, поднимите руку, и я к вам подойду.

Итак, садимся на свои места.

План практической работы “Построение таблиц”

  1. Открыть на РАБОЧЕМ СТОЛЕ файл мивдисджытæ.doc.
  2. Постройте таблицу по алгоритму, выбрав 6 столбцов и 9 строк.
  3. Объедините ячейки 1,2 строки.
  4. По центру первой строки запишите название таблицы: “ мивдисджытæ ”. 
  5. По центру второй  строки запишите свою фамилию на осетинском языке. 
  6. Объедините ячейки третьей строки выделив по два столбца.
  7. Перейдите на новую строку, выбрав выравнивание текста по левому краю.
  8. Заполните следующие ячейки используя команды вырезки или перетаскивания.
  9. Оформите свою таблицу.
  10. Сохраните документ в  папку своего класса.
  11. Распечатайте  результат учителю.

Итак, заканчиваем работу.

домашнее задание.

И.Семакин  10 класс стр.73

Оценить работу каждого.

Ахуыргæнæг: Зæгъут-ма, исчи уæ ссардта суарты тыххæй таурæгъ кæнæ историон хабар?

Скъоладзау: 1863 азы Тменыхъæуккаг Царахаты Тепсарыхъо фехста хохы дзæбидыры, йæ фæд-фæд ацыди дзæбидырæн. Иу ран федта цъитийæ тæф кæй цыд. Уыцы бон йæ бон не сси ныххизын цъитийы скъуыдмæ (трещина).  Иу-цасдæры фæстæ Тепсарыхъо ацыд йæ фыдимæ уыцы бынатмæ, йæхи бабаста даргъ бæндæнæй æмæ ныххызт цъайгондмæ. Цъай разынд тынг арф, йæ быны та уыд хъарм дон. Афтæмæй фæзынд ацы суары ном «Хъæрмæдон», ома, хъарм дон. Тепсарыхъо-иу арæх йæхи надта ацы цъайы. Йæхи райдыдта хатын хуыздæр, йæ фæллад-иу цыдæр фæци. Афтæ райдыдтой адæм ам сæхи найын. Буарыл-иу цы хъæдгæмттæ уыд, уыдон-иу тагъд байгас сты.

Ахуыргæнæг: Хорз нын радзырдтай  «Хъæрмæдон»-ы фæзынды истори. Бузныг. Ныр та бакæндзыстæм сфæлдыстадон куыст къордтœй.  Алы къордœн  дæр ратдзынæн иу сыф, кæцы ран фыст ис  иу хъуыдыйад, сымах æй ахæццæ кæнут. Саразут дзы æртæ хъуыдыйадæй æмхæст текст доны тыххæй. Сбæрæг кæнут мивдисджытæ.

1-аг къордœн: Æнæ донæй цæрæн нæй.

1 –аг къорды куыст: Адæймаджы буары фылдæр хай у дон. Адæймаг æнæ хæринагæй фæцæрдзæн цалдæр къуырийы, æнæ донæй та нæ фæцæрдзæн дыууæ-æртæ боны дæр.

2-аг  къордœн: Зæххыл бирæ дон ис.

2-аг къорды  куыст. Уымæй йедзаг сты фурдтæ æмæ денджызтæ. Фæлæ уыцы донæй адæймаг нæ пайда кæны, уымæн æмæ цæхджын у).

3-аг къордœн: Цардæгас дæттæ сты нæ хæзна.

3-аг къорды куыст.  Уыдонмæ хъæуы хæдзардзин цæстæй кæсын. Цæмæй дон хъахъхъæд цæуа, ууыл нæ архайын хъæуы æрвылбон.

Ахуыргæнæг: Хорз сарæхстыстут ацы куыст сæххæст кæнынмæ. Сывæллæттæ, уæдæ цæмæй суартæ ма фесæфой, адæм сæ пайда кæной се ’нæниздзинад дзæбæх кæнынæн, уый тыххæй та хицауад цы уавæртæ аразы?

Скъоладазау: Зæххы суартæ кæм ссардтой, уым аразынц санаторитæ, дохтырты амындмæ гæсгæ дзы адæм нуазынц дон, кæнынц дзы дзæбæхгæнæн сæрмагонд ваннæтæ.

Ахуыргæнæг: Хорз уаид, æмæ нæ республикæйы цы суартæ ис, уыдонмæ се ’ппæтмæ фаг цæстдард куы уаид, уæд. Уæд нæ экономикæ дæр хъæздыгдæр кæнид, адæмæн дзы фылдæр пайда уаид.

-  Сывæллæттæ цы хъуыдыйæдтæ сарæзтат, уыдонæй иу у вазыгджын хъуыдыйад. Равзарут æй схемæмæ гæсгæ, сбæрæг кæнут мивдисджытæ. Райсæм æртыккаг къорды арæзт хъуыдыйæдтæй æртыккаг хъуыдыйад. Скъоладзаутœ сарœзтой схемœ:      (Цæмæй…), [ууыл…].

Ахуыргæнæг: Хорз равзæрстат хъуыдыйæдтæ. Куыд зонут, афæ нын æрдз радта бирæ хорздзинæдтæ, бирæ лæвæрттæ нын ракодта. Абон сæ мах пайда кæнæм. Фæлæ сæм цымæ цавæр цæстæй кæсæм, фаг цæстæнгас сæм ис?

Скъоладзау: Кæй зæгъын æй хъæуы, абон фаг цæстæнгас нæй нæ æрдзмæ: нæ суартæм, нæ цæугæдæттæм, нæ хъæдтæм, нæ хæхтæм. Ис ахæм стырзæрдæ адæймæгтæ, суадоны гæххæтты гæбæзтæ, консервы къоппытæ æмæ æндæр бырон чи ныккалы. Ахæм суадоны дон нуазынмæ нал фæбæззы. Уый раст нæу.

Скъоладзау: Мах фарон сæрды уыдыстæм Хилачы дон ласынмæ. Йæ раз уыд бирæ пластикæйæ конд æвгтæ. Хорз уаид, æмæ-иу алчидæр йæ фæстæ куы бафснаид. Науæд æрдзы хъæбысмæ куы ацæуай, уæд фенæн ис бирæ бырон. Баулæфыдтæ, бахордтай, уæд бафснай дæ фæстæ.

Ахуыргæнæг: Æз сымахимæ разы дæн, сывæллæттæ. Абон нæ куыд хъæуы æрдз, райсом дæр нæ афтæ хъæуы. Мæнгæй нæ фæзæгъынц: «Æрдз – нæ дарæг»… Ныр та уын загъд æрцæудзæн базон-базонтæ, сымах та сæ раргом кæнут:

Базон-базонтæ:

  1. Ай цы диссаг у зæххон

Цъититы бын рафыхт дон? (Хъæрмæдон)  

кармадон 3

  1. У туаллаг лæг йæ цæрæг,

Ацы суар та у … (Зæрæмæг)

зарамаг

  1. Уыдысты æлдæрттæ – Тæгиатæ

Къуыдары зындгонд дон   … (Бæгъиатæ)

багиат   

 

багиат1

  1. Дæлæ Тæтæртупп, фæцудыдта, акъул.

Быдыры суæрттæй иу у - … (Заманхъул)

заманкул

  1. Сæрды йæ къуырфыты баззайы мит,

Хъуысы дзæбидыры фындзы къуыззитт,

Сæры бæстастæу, æнæмæнгæй, зиллакк,

Дæттæн сæ хуыздæртæй басгуыхтис …. (Хилак)

хилак

  1. Ног чындзау ныммæрзы уынгтæ,

Рахсы игæр æмæ уыргтæ.

Нæ сыхæгтæн ис – Гуниб,

Уымæй нæу ныллæгдæр … (Тиб).

               тиб-2

Ахуыргæнæг: Афтæмæй, цæуыл ныхас кодтам нæ урочы?

Скъоладзау: Нæ урочы ныхас кодтам мивдисæгыл æмæ Ирыстоны цы суартæ ис, уыдоныл.

Ахуыргæнæг: Уæдæ уæ нæ  урок цавæр хæтдзæгмæ æркодта?

 Скъоладзау: Æрдз у нæ дарæг, æмæ йæм хъуамæ кæсæм хæдзардзин цæстæй, хъахъхъæнæм æй, сыгъдæг æй дарæм, зонæм нæ бæстæ æмæ йын аккаг хъæбулы лæггад кæнæм.

Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Хуыцау уын ахæм арфæ ракæнæд, æмæ стыр лæгтæ куыд суат, хъæппæрисджын куыд уат æмæ Ирыстоны цы диссаджы суартæ ис, уыдонæн сæ кад бæрзонддæр куыд сисат, дарддæр æй куыд фæхæццæ кæнат бæстæйы нæ, фæлæ дунеты æппæт рæттæм дæр!

Хæдзармæ куыст: Ныффыссын  нывæцæн «Æрдз  нæ царды».

Бæрæггæнæнтæ:


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Интегрированный урок (английский язык + география) по теме "Антарктида" «Бороться и искать, найти и не сдаваться…»

Андреева Елена Фёдоровна - учитель географии, Воротина Лилия Александровна - учитель английского языка, БОУ "Вохтожская средняя общеобразовательная школа №2" Грязовецкого района Тип урока: Урок изучен...

Интегрированный урок (английский язык + география) «Обобщающий урок по географии материков и океанов»

Интеграция обеспечивает развитие навыков и умений иноязычной речевой деятельности; познавательных способностей учащихся через интеллектуальное и эмоциональное воздействие художественного произве...

Интегрированный урок английский язык+география

презентация -дополнительный материал для проведения урока по теме "Африка"...

интегрированный урок английский язык + география по теме "Австралия" 11 кл

Цель: сформировать представление о природе, населении, истории заселения, хозяйстве страны.Задачи:Образовательные:-расширить географические знания учащихся;-обучать иноязычному общению в контексте диа...

интегрированный урок английский язык + география по теме "Австралия" 11 кл

Цель: сформировать представление о природе, населении, истории заселения, хозяйстве страны.Задачи:Образовательные:-расширить географические знания учащихся;-обучать иноязычному общению в контексте диа...

интегрированный урок английский язык + география по теме "Австралия" 11 кл

Цель: сформировать представление о природе, населении, истории заселения, хозяйстве страны....