Внеклассное мероприятие "Хистар буц у"
материал (8 класс) на тему

Дзуцева Римма Болаевна

Внеклассное мероприятие "Хистар буц у"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon histaer_buts_u.doc53 КБ

Предварительный просмотр:

                             «Хистæр буц   у,   кæстæртæ!»

                                     

                                  (фæсурокты мадзал)

Нысан.  Гуырын кæнын уарзондзинад хистæр кары адæммæ;

              хъомыл кæнын скъоладзауты ирон адæймаджы хуыздæр      

              миниуджытыл.

                           Эпиграф. Йæ фыдæлты кадыл чи тох кæны, уый

                                           æгад никуы уыдзæн.

Ахуыргæнæг. Абон, нæ радон фембæлдæй, ссарæм  Беслæны                          фыццæгæм  скъолайы  зынгхуыст ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджыты буц ном.

               Ыскъоладзауы раз – нæ хæс,

               Цæмæй йæ хонæм фидæн цардмæ.

              Цæмæй кæстæр æфтауа хистæрæн йæ кадмæ,

              Æмæ уа хистæр уый цинæй æфсæст.

Фæлæ уыдонæн нал бантыст сæ хистæртæн балæггад кæнын, хистæртæн та -  сæ кæстæрты рæсугъд фидæн фенын. Ссарæм сын сæ ном æдзæм алæудæй.

Сывæллæттæ, Беслæны æвирхъау хабар адæмæй никуы ферох уыдзæн.Фæлæ цард цард у.Цард адæймаджы ахуыр кæны цæрыныл. Уыцы цауы фæстæ мах хъуамæ ма ‘вгъау кæнæм нæ хъарутæ не ‘гъдæуттæ царды тынгдæр ныффидар кæныныл. Уымæн æмæ æгъдау кæм ис, фæтк дæр уым ис.

Уæдæ абон æрдзурдзыстæм не’гъдæутты сæйрагдæртæй иу – хистæрæн кад кæныныл, хистæры буц дарыныл. Уымæн æмæ хистæр кадджын кæм уа, кæстæр – æгъдауджын, уым ирон æфсармæн сæфæн нæй. Сæфæн нæй нæ фыдæлты фарнæн.

 Уыдон сæ фарн семæ нæ ахастой, фæлæ йæ ныууагътой махæн кæрæдзи уарзынæн, рæсугъддæр цæрынæн.

Ахуыргæнæг. Иу бæлас базæронд æмæ загъта: «О, адæм, æз зæххыл хæцынæй бафæлладтæн æмæ фæлдæхын, фæлæ-иу мæ фæсвæдмæ æгады æппæрст ма акæнут, мæ аууоны уæ бирæ куы фæдардтон!»

Бæлас кæлгæ-кæлын дæр йæ кадыл хъуыды кодта. Уæдæ махæн дæр, сывæллæттæ, нæ фыдæлты æгъдæуттæ сты нæ фарны бæлас.

Бæласæн та йæ къалиутæ цас бæрзонддæр цæуой, уыйас тынгдæр хӕцы йæ уидæгтыл.

                Иу куырм лæг мæйдар æхсæв уынгты фæцæйцыди, йæ къухы цырагъ, афтæмæй. Йæ сыхаг ыл амбæлд æмæ йæ фæрсы: «Дис дыл кæнын, дæуæн та цы хъауджыдæр ис талынгӕй, рухсæй?»

Фарст. Куыд уæм кæсы, цавæр дзуапп ын радт куырм лæг?

Дзуапп. Мæнмæ гæсгæ йын загъта, кæй йæ хæссы, цæмæй йыл исчи йæхи ма скъуыра.

Ахуыргæнæг.Раст, куырм лæг бахудт æмæ афтæ зæгъы: « Ацы цырагъ æз канд мæхи тыххæй нæ хæссын фæлæ дæу тыххæй дæр – цæмæй мыл дæхи ма скъуырай, дæ развæндаг дæм хуыздæр зына.»

                Нæ фыдæлты æгъдæуттæ дæр махæн нæ цырæгътæ сты. Нæ разæй нын сæ хæссынц нæ буц хистæртӕ æмæ уыдоны рухсмæ хуыздæр уынæм нæ фæндаг æмæ йыл æнцондæрӕй цæуæм.

                Абоны фембæлдæй дæр хъуамæ иу цырагъ ссудзæм, æмæ йæ рухсæй уæ фæндаг хуыздæр сзына.

Фарст. Сывæллæттæ, буц, зæгъгæ, дзурæм, фæлæ кæд уыдзысты нæ хистæртæ буц?

Дзуапп. Сæ ном сын куы нæ фæчъизи кæнæм, уыдон хорздзинадæй цыдæриддæр сфæлдыстой, махæн,  кæстæртæн, цы фарн ныууагътой, уый кадимæ куы хæццæ кæнæм, уæд уыдзысты буц.

Дзуапп. Ацы фарст æз æмбарын дыууæ хуызы. Фыццаг уый, æмæ, зæгъæм, дæ хæдзары  ис зæронд нана кæнæ дада. Уымæн йæ хуыссæн сыгъдæг куы дарай, йæ хæринаг ын афоныл куы дæттай, йæ хос – афоны куы уа, уæд уымæй дарыс дæ хистæры буц.

                Дыккаг та уый, æмæ Ирыстоны кæстæртæ сæ хорз хъуыддæгтæй, се ‘нтыстытæй куы рухс кæной Ирыстоны хистæрты зæрдæтæ, уæд уый дæр у, мæнмæ гæсгæ, хистæры буц дарын.

Фарст. Уый кой кæм скодтай, уым ма мын зæгъут уæдæ, кæй зонут, йæ намысджын хъуыддæгтæй Ирыстонæн кад чи скодта æмæ нæ хистæрты зæрдæтæ чи срухс кодта?

Дзуапп. Райсæм сæрды Олимпиаг хъæзтытæ. Ирыстоны фæсивæды къухы  бафтыди стыр æнтыстдзинæдтæ. Зæгъæм, Бæройты Хасан, Гуæцæлты Хадзы-Мурат, Тменаты Тамерлан,Дыгъуызты Тея, Касаты Заремæ.    

Дзуапп. Æз та ранымайдзынæн, аивады ирон адæмæн стыр кад чи скодта, Ирыстоны ном ноджы бæрзонддæр чи систа, уыцы  Гергиты Валери, Цæрикъаты Феликс, нæхи районы елхотаг лæппу Сæлбиты Акимы нæмттæ.

Дзуапп.  Уæдæ Бетъырбухы стырдæр заводтй иу «Балтикæ», зæгъгæ, уымæн дæр йæ генералон директор у ирыстойнаг Боллоты Таймураз.

 ( Ранымад адæймæгтæй алкæй тыххæй дæр, кæд исчи исты    зоны, уæд зонгæ кæны иннæты дæр).

Ахуыргæнæг. Мæ зæрдæмæ фæцыдысты уæ дзуаппытæ.

Æмбарут, хистæры буц дарын куыд хъæуы, уый. Ныр та мæ байхъусын фæнды уæ хъуыдытæм хæдзармæ лæвæрд темæмæ гæсгæ, ома «Хистæр буц у, кæстæртæ!»

              (Скъоладзаутæ кæсынц сæ фысгæ куыстытæ)

Ахуыргæнæг.  Бузныг, сывæллæттæ. Хорз бамбæрстат æмæ райгом кодтат темæ .(Бакæсын скъуыддзæгтæ). Мæ зæрдæ дарын, ацы рæнхъытæ чи фыста, уыдон кæддæриддæр стæй, кæмдæриддæр хистæрты буц кæй дардзысты.

Ахуыргæнæг. Сывæллæттæ, адæймаг, тугæй хæстæг ын чи вæййы, уымæн куы баллæггад кæна, уæд уый тынг хорз у. Фæлæ искæй мады хи мадау чи сбуц кæны , кæнæ искæй хъæбулы хи хъæбулау чи бауарзы, уыдон, мæнмæ гæсгæ стыр лæгдзинад равдисынц, уыдон вæййынц стыр зæрдæйы хицау. Ахæмтæ бирæ ис Ирыстоны.Уыдонæй сты Быценты хæдзары æфсин Верæ æмæ йæ чындз Валя. Верæ Быцетны сывæллæттæн сæ дыккаг мад у, фæлæ сидзæрты хи хъæбултау райста йæхицæн. Уæдæ йæ чындз Валяимæ кæрæдзи куыд бамбæрстой, уый та бафæзминаг у бирæ бинонтæн.

         Абон нæ урокмæ æрбахуыдтон Верæйы хо Соняйы, (Верæ йæхæдæг æнæфæразгæ у)  стæй чындз Валяйы. Сæхимæ сын байхъусæм , куыд разындис Валямæ ахæм хъару æмæ æгъдау æмæ ныр ссæдз азæй фылдæр «а» æмæ «о»-йæ цæрынц.

   ( Соня æмæ Валяйы раныхас).

Фарст. Чи зоны фехъуыстат сымах дæр ахæмты тыххæй?

Дзуапп. «Иунæг чызг» .Газет «Рæстдзинадæй»-æй.

Дзуапп. Таурæгъ, фырт йæ фыды тæсчъы куыд нывæрдта, уый тыххæй.

Ахуыргæнæг.  Сывæллæттæ, ацы таурæгъмæ гæсгæ цавæр æмбисæндтæ зонут.

                           

                             1.Зæрондӕн хорз куы фæуай, уæд дæхи зæронд дæр

                                афтæ хорз уыдзæн.

                             2. Дæ фыдæн цы фæуай, дæ фырттæ дæр дын уый фæ-

                                уыдзысты.                                                                    

Ахуыргæнæг. Зæгъут-ма, цавæр хатдзæг скæниккат ацы дыууæ таурæгъæй?

Дзуапп. Æз  æй æмбарын афтæ, æмæ кæстæртæ аирвæзтысты хистæрты зонды руаджы.

Дзуапп. Æмбæлы æмбисондæй хатдзæг скæнын.

                1.Хистæры куырыхондзинадæй кæстæр бæрзæндты æхсиды.

                2. Хистæрмæ мæсты ма  кæнут, кæд ма нын иу зард акæнид.

                3. Хистæрæн йæ фындз амæрз æмæ йæ зондæй бафæрс.

Ахуыргæнæг. Сывæллæттæ, уæдæ та ноджыдæр иу хатдзæгмæ æрцыдыстæм, ома, хистæр буц даринаг кæй у, уымæн æмæ уый куырыхондзинадæй цард рæсугъддæр кæны.

                Ирон адæммæ æртæ чъирийæ кадджындæр ницы ис. Нæ цины фынг нæ фидауы æнæ уыдон. Уæдæ сæ кувгæ дæр скæны кадджындæр, дзырдзæугæдæр хистæр. Абон нæ уазæг у нæ дзырдзæугæдæр хистæртæй иу                   æмæ нæ фæнды, цæмæй нын не’ртæ чъирийы скува æмæ кæстæртæн ныстуан радта.

(Хистæры ракуывд.Сывæллæттæ лæууынц.Лæппутæ оммен дзурынц. ракуывды фæстæ зарæг «Хистæр буц у, кæстæртæ…»)

Ахуыргæнæг. Сывæллæттæ, мæ хæс уыди уæ туджы , уæ зонды хистæр буц дарыны æгъдау тынгдæр ныффидар кæнын.Кæд уын нæ абоны урок

уæ дарддæры царды исты æххуыс фæуыдзæн, ома, нæ хистæртæ буц уыдзысты уæ руаджы, уæд мæ хæс сæххæст кодтон.

                                       

                                           Хатдзæгтæ.

Ахуыргæнæг. Зæгъут-ма, цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрд абоны мадзалæй?      

Дзуапп. Мæнмæ сæвзæрд ахæм хъуыды: кæстæр-хистæр кæмæ нæй, уыдон адæм не сты.

Дзуапп. Йæ фыдæлты чи нæ нымайы уый йæхæдæг дæр нымаинаг нæу.   Фарст.  Æмбæлы бакæсын æмдзæвгæ?( «Совесть»).

Ахуыргæнæг. Нæ буц хистæртæ, нæ уазджытæ «буц» уæ кæнæм зарæгæй.

                     Хъуысы «Хистæрты зарæг».

Урочы темӕ. Ирон ӕфсарм, куыд бӕрзонд  у дӕ кад!

Урочы нысантӕ. Дзырд «ӕфсарм»-ы нысаниуӕгыл ӕрдзурын.

                             Ирон ӕфсарм адӕймагӕн йӕ царды бындур кӕй

                             у, уый скъоладзаутӕн банкъарын кӕнын.

                              Ахуыр кӕнын хи хъуыдытӕ аив дзурыныл.

Урочы хуыз: урок-диспут.

Урочы фӕлгонц: интерактивон фӕйнӕг, ӕмдзӕвгӕйы текстытӕ,

                                 газет «Рӕстдзинад».  

Урочы эпигрӕф: «Царды мӕсыг амад у ӕгъдау, уаг ӕмӕ ӕфсармы

фидар дуртӕй.   Уыдонӕй,зӕгъгӕ, иу феуӕгъди,            уӕд дӕ балгъитӕг дӕр афтӕ – мӕсыг ныххӕррӕтт ласта…» (Хозиты Махар)      

Урочы цыд

1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

2. Ног ӕрмӕгыл куыст.

Ахуыргӕнӕг. Сывæллæттæ, ирон адӕм дунемӕ куы фӕзындысты, уӕдӕй сӕ  сӕ царды бирӕ цӕлхдурты сӕрты ахизын бахъуыд.  Тынг бирӕ хъизӕмӕрттӕ баййӕфтой нӕ рухсы бадинаг фыдӕлтӕ. Фӕлӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр нӕ рох кодтой ӕгъдау, ӕфсарм, намыс, се ‘гъдӕуттӕ. Цӕстыгагуыйау сӕ бахъахъхъӕдтой ӕмӕ нын сӕ стыр лӕварӕн ӕрхастой. Уымӕн хицӕн кӕны мах адӕмыхатт иннӕтӕй йе ‘гъдауӕй, йӕ культурӕйӕ. Лӕмбынӕг куы ‘ркӕсӕм царды ӕууӕлтӕм, уӕд ирон адӕмы никӕцы адӕмимӕ ис абарӕн. Уӕдӕ куыд ис махӕн бар ӕмӕ нын нӕ куырыхон фыдӕлтӕ хорзӕй цы ныууагътой, уыдон фӕсӕфой!  Мах сӕ хъуамӕ тырысайау бӕрзонд хӕссӕм, цӕмӕй фыдӕлты фарн ӕмӕ намыс цӕрой ӕнусты.  Нӕ абоны урочы хӕс дӕр уый у, ома, не  ’гъдӕуттӕ царды тынгдӕр ныффидар кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ӕгъдау кӕм ис, фарн ӕмӕ фӕтк дӕр уым ис.

( Байхъусын Джыккайты Шамилы ӕмдзӕвгӕ «Дыууадӕс дзырды»- мӕ)

Ахуыргӕнӕг. Шамилы ӕмдзӕвгӕйы цы дыууадӕс дзырды  кой кӕны, уыдонӕй иу дӕр аппаринаг нӕу. Уыдонӕй алы дзырд дӕр хицӕн ныхасы аккаг у. Æгъдау, уаг, ӕфсарм – ирон царды ахсджиагдӕр цӕджындзтӕ. Абон дзурдзыстӕм уыдонӕй ӕфсармыл.

        Бацархайдзыстӕм нӕ урочы эпигрӕфы хъуыды райхалыныл. Уый нӕ къухы куы бафта, уӕд нӕ урочы нысан дӕр банымайӕн уыдзӕн ӕххӕстыл.

Ахуыргӕнӕг. Ирон ӕфсарм… тынг бирӕ тых ӕмӕ хъуыды ис ацы дыууӕ дзырды. Уыдоны бындурыл нӕ рагфыдӕлтӕм сӕвзӕрд бирӕ домбай ӕгъдӕуттӕ. Уӕ разы ис не ‘мзӕххон, элхотаг  Котолиты Никъалайы (рухсаг уӕд) ӕмдзӕвгӕ «Ирон ӕфсарм». Бакӕсӕм ӕй.

(Иу скъоладзау кӕсы ӕмдзӕвгӕ).


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в стран иностранных слов" Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в стран иностранных слов" Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в страну иностранных слов"

Цель данного мероприятия в занимательной форме  показать разные уровни функционирования русского языка: как одного из мировых языков, как языка народов, населяющих Россию, как государственн...

Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в стран иностранных слов" Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в стран иностранных слов" Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в страну иностранных слов"

Цель данного мероприятия в занимательной форме  показать разные уровни функционирования русского языка: как одного из мировых языков, как языка народов, населяющих Россию, как государственн...

Методическая разработка уроков и внеклассного мероприятия «Проектная деятельность учащихся на уроках развития речи и внеклассном мероприятии по теме «Русские народные промыслы»

Проектная деятельность – один из лучших способов для совмещения современных информационных технологий, личностно-ориентированного обучения и самостоятельной работы учащихся. Главное – продумать ...

Методические разработки внеклассных мероприятий по физической культуре и спорту. Методические разработки внеклассных мероприятий по физической культуре и спорту.

Аннотацияк учебно-методическим  разработкам внеклассных мероприятий  по физической культуре с использованием нестандартного оборудования. 1....

Методическая разработка внеклассного мероприятия по математике «Что такое коррупция». (8-9 классы) Внеклассное мероприятие по математике «Что такое коррупция»

Данная методическая разработка внеклассного мероприятия   «Что такое коррупция?»  составлена и применялась как внеклассное мероприятие по дисциплине “Математика»   для обучающ...

Внеклассное мероприятие, посвященное 23 февраля (военно-спортивный праздник). Внеклассное мероприятие, посвященное 23 февраля (военно-спортивный праздник). Внеклассное мероприятие, посвященное 23 февраля (военно-спортивный праздник).

-соединить спортивно-оздоровительную работу с патриотическим воспитанием   школьников   -развивать у детей мотивацию к занятию спортом   - формирование спортивных к...