Открытый урок в 7 кл. Гаглойты Рутен. Радзырд "Цард"
план-конспект урока (7 класс) на тему
Урок в 7 классе по рассказу Гаглоева Рутена "Цард"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urochy_plan_-_gagloyty_ruten._tsard.docx | 26.7 КБ |
prezentatsi_-_gagloyty_ruten_7_kl.pptx | 1.66 МБ |
Предварительный просмотр:
Урочы технологион картӕ.
Ахуыргӕнӕг - Хетӕгаты Дмитрийы чызг Аннӕ.
Дзӕуджыхъӕуы 22-ӕм скъола.
Предмет – ирон литературӕ.
Кълас – 7 «Б»
Урочы хуыз – ног ӕрмӕг ахуыр кӕнын.
Темӕ: | 1. «Хъӕздыгдзинад – адӕймаджы сафӕг» 2.Гаглойты Рутен (1888-1937). Радзырд «Цард». |
Нысантӕ: | 1. Уацмысы бындурыл ахуыр кӕнын скъоладзауты сӕ хъуыдытӕ аивӕй ӕргом кӕныныл, хи зонындзинӕдтӕ уӕрӕхдӕр кӕныныл. 2. Ахуырдзауты дзургӕ ныхасы рӕзтыл куыст; скъоладзауты се сфӕлдыстадон курдиатӕй пайда кӕнын ахуыр кӕнын урочы. 3. Уацмысы бындурыл ӕрдзурын ӕхсӕнады социалон дихдзинадыл, хъӕздыг йӕ хъӕздыгдзинадӕй рынчын кӕй кӕны, ууыл. |
УАА - УУД (Универсалон ахуырадон архайд) | Удгоймагон: 1. Ахуырадон архайд ӕмӕ йӕ мотивы ӕхсӕн бастдзинад саразын. 2. Ахуыргӕнинӕгты хиӕмбарынады ӕууӕлтӕ раиртасын ӕмӕ бафидар кӕнын. Регулятивон: 1. Скӕнын урочы архайды пълан. 2. Урочы куысты фӕстиуджытӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын. Коммуникативон: 1. Ахуыргӕнӕг ӕмӕ ӕмгӕрттимӕ ахуырадон ӕмгуыстдзинадӕн пълан скӕнын. 2. Хъуыдытӕ аивӕй ӕргом кӕнын, хи цӕстӕнгас быцӕу ныхасы фидар кӕнын коммуникацийы хӕстӕ ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ. Ахуырадон: 1. Хибарӕй ахуырадон хӕс снысан кӕнын зонын. 2. Хъӕугӕ ӕрмӕг рабӕрӕг кӕнын ӕмӕ агурын. 3. Ӕмбаргӕ раныхас аразын хи хъуыдытӕй. 4. Урочы хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн хъӕугӕ мадзӕлттӕ ӕвзарын уавӕртӕм гӕсгӕ. 5. Урочы архайды фӕстиуджытӕм цӕст дарын ӕмӕ раст бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрын. 6. Тексты ӕрмӕгӕй пайда кӕнын. |
Ахуырадон фӕстиуджытӕн пълан аразын. | Зонын : - Адӕймаджы хорз миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты нӕмттӕ базонын. Арӕхсын: - Саразын диалогон ныхас ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сӕ сӕвзӕрыны уавӕрты,ӕфсӕнтты тыххӕй. - Аразын монологон ныхас хи миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты тыххӕй. - Тексты хъӕугӕ ӕрмӕг агурын. Удгоймагон : - Мотиваци ахуырадон архайдмӕ. - Ӕндӕр адӕмы миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕмбарын. - Адӕмы тыхстдзинӕдтӕм ӕмбаргӕ ахаст. Метапредметон: - Ног зонындзинӕдтӕй пайдагӕнгӕйӕ къордты кусын. - Урочы хӕс сӕххӕст кӕнынынӕн бӕрӕггӕнӕн ӕвӕрын. - Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕнынӕн сфӕлдыстадон мадзӕлттӕ ӕвзарын. - Ныфсджынӕй интеллектуалон къуыхцыты сӕрты хизынӕн. - Ахуыргӕнӕгимӕ иумӕ ахуырадон мадзӕлттӕ ӕвзарын урочы хӕстӕ сӕххӕст кӕнынӕн. |
Урочы ӕрмӕг : | 1. Ахуыргӕнӕн чингуытӕ 7 къласӕн; кусӕн тетрӕдтӕ литературӕйӕ; визуалон рӕнхъ – чингуыты равдыст (Короленко «Дети подземелья», Нарты кадджытӕ –«Фӕндыр куыд фӕзынди» ,Хетӕгкаты Къ. «Ирон фӕндыр», Гӕдиаты С. Радзырдты ӕмбырдгонд, Гӕдиаты Цомахъ. Уацмысты ӕмбырдгонд- радзырд «Царды уӕз») 2. Техникон фӕрӕзтӕ: компьютер, проектор, экран. 3. Презентаци. |
Урочы куысты хуызтӕ: | Фронталон, къордтӕй. |
Урочы дидактикон структурӕ.
Этапы нысантӕ | Ахуырдзауты архайд | Ахуыргӕнӕджы архайд | Урочы хӕстӕ ӕвӕрын | |
Организа цион хай (3 мин.) | Мотивацион уавӕр саразын | Салам дӕттынц, ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн дзуӕппытӕ дӕттынц. | Салам дӕтты | Ахуырадон процессмӕ бахизын. |
Проблемон хӕстӕ ӕвӕрын ( 7 мин.) | Саразын ахӕм проблемон уавӕр, скъоладзаутӕ урокӕн хӕстӕ куыд сӕвӕрой, урочы ахуырадон пълан куыд саразой. | 1.Ахуырадон ӕрмӕг бамбарын. 2.Урокӕн нысантӕ ӕвӕрынц. 3.Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕнынӕн алы варианттӕ ӕвзарынц. 4.Ӕвзарынц ӕппӕты ахадгӕдӕр куысты хуыз. | 1.Скъоладзауты ног зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ног архайд базонынмӕ разӕнгард кӕны. 2.Ӕххуыс кӕны скъо ладзаутӕн урочы раст нысан сӕвӕ рынӕн, цӕмӕй хъӕугӕ зонындзи нӕдтӕ сӕ къухы бафтой. | Ӕвӕрд ӕрцыд урочы нысан, ахуырадон архайды пълан ног зонындзинӕдтӕ райсыны тыххӕй. |
Ног ӕрмӕг ахуыр кӕнын ( 10 мин.) | Раздӕр этапы ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кӕнын | 1.Фыссынц литературон тетрӕдты фӕйнӕгыл фыст ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ ног ӕрмӕгӕй. 2.Кӕсынц радыгай текст. 3.Се ʼмкъласонты дзуӕппытӕн раст аргъ кӕнынц. | Скъоладзауты архайд растырдӕм аразы. | Бахъуыды кӕнын ног зонындзинӕдтӕ текстӕй.
|
Релаксацион паузӕ | ||||
Ӕрмӕг бафидар кӕнын (Мини-проект ӕмӕ Микро-хатдзӕг) 7 мин. | Ног зонындзи нӕдтӕй бафидар кӕнын раздӕр рацыд ӕрмӕг. | 1. Фыссынц хорз миниуджытӕ ӕвдисӕг номдартӕ уынгты, бульварты, фӕзты нӕмттӕн. 2. Агурынц дзуӕппытӕ фӕрстытӕн монологон ныхасы хуызы. | Склъоладзауты архайдмӕ йӕ цӕст дары, сӕ куысты рӕдыдтытӕ раст кӕны. | Ног ӕрмӕгӕй пайда кӕнын зонын ахуырадон архайды практикон ӕгъдауӕй. |
Къордты куыст. (10 мин.) | Ахуырадон хӕслӕвӕрд раст конд у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын. | Ӕххӕст кӕнынц практикон хӕслӕвӕрд къордты. | Ахуырадон архайдмӕ домӕнтӕ ӕвӕры. Къордты куыст аразы.Къордты куыстӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕры. Фӕрстытӕ дӕтты, рӕдыдтытӕ амоны. | Ног зонындзи нӕдтӕй хатдзӕг тӕ скӕнын, пра ктикон ӕгъда уӕй сӕ пайда кӕнын зонын. Хӕслӕвӕрдтӕ раст баххӕст кӕныны тыххӕй хатдзӕг. |
Рефлекси. (3 мин.) | Ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕнынӕн анализ скӕнын. | 1.Ног зонындзинӕдты ахадындзинад бӕрӕг кӕнынц 2.Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕныны мадзӕлттӕн бӕрӕггӕнӕн ӕвӕрынц. | 1.Фӕрстытӕ ӕвӕры,урочы хӕстӕ ӕмӕ нысан куыд ӕххӕст цыдысты, уый тыххӕй. 2.Скъоладзауты метапредметон архайд ӕмӕ ног зонындзинӕдтӕ анализ кӕны. | Хатдзӕг ахуырадон хӕстӕ ӕмӕ сӕ аразыны мадзӕлттӕн. |
Урочы цыд :
Организацион хай ( 3 мин.) | |
Ахуыргӕнӕджы архайд | Ахуырдзауты архайд |
- Уӕ бон хорз! Чи у абон радгӕс? | - Ӕгас цу! Дзуапп дӕтты иу скъоладзау |
Мотиваци ӕмӕ проблематизаци ( 7 мин) | |
- Куыд хъуыды кӕнут, адӕймаджы царды нысан цы у? Куыд уӕм кӕсы? Хъӕздыг, ӕхцаджын ӕнӕнысан цард адӕймаджы зӕрдӕ куыд ивы – хорзырдӕм ӕви ӕвзӕрырдӕм? Цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа адӕймагмӕ, цӕмӕй йӕ цард дзӕгъӕлы ма фӕцӕра ? - Куыд уӕм кӕсы, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм? - Цы нӕ фӕнды абон нӕ урочы базонын? Нӕ размӕ цавӕр хӕстӕ ӕвӕрӕм? | Дзуапп дӕттынц 2-3 скъоладзауы, дзурынц сӕ хъуыдытӕ. - Адӕймаджы хорз ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытыл. - Хъӕздыгдзинад ӕцӕгдӕр адӕймаджы сафӕг у ӕви нӕ? |
- Фронталон фарсты руаджы зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм раздӕр урокты рацыд ӕрмӕг, кӕцыйы ӕвдыст цӕуы алыхуызон адӕмты удыхъӕд ӕмӕ миниуджытӕ. | Дӕнцӕгтӕ хӕссынц кадӕгӕй «Фӕндыр куыд фӕзынди» - Нарты гуыппырсарты ахаст Сырдоны трагедион уавӕрмӕ, Къостайы «Хъуыбады» -йӕ – сидзӕр Хъуыбадыйы уды сыгъдӕгдзинад, Гӕдиаты Секъайы уацмыс «Арагуийы Ерыстау ӕлдар» -ӕй – ӕлдары ӕвирхъау зӕрдӕйы уаг, Тугъанты Батырбеджы радзырд «Бӕхдавӕг»-ӕй – Гуыйманы мидхъуырдухӕн ӕмӕ фыдвӕндаг. |
- Хӕдзары цы докладтӕ бацӕттӕ кодтат ирон ӕмбисӕндтӕм гӕсгӕ рацыд ӕрмӕджы бындурыл, уыдонмӕ байхъусӕм. - Урочы фыццаг хайӕн скӕнӕм цыбыр хатдзӕг. | Кӕсынц докладтӕ. 2-3 скъоладзауы дзурынц сӕ хъуыдытӕ. |
Ног ӕрмӕг ахуыр кӕнын (10 мин.) | |
- Абон нӕ урочы темӕ у «Хъӕздыгдзинад – адӕймаджы сафӕг». Цымӕ нӕ темӕ афтӕ цӕмӕн хуыйны? Уый базондзыстӕм, ӕрмӕг куы бакӕсӕм, уӕд. Ныр та уал уӕ литературӕйы тетрӕдтӕм рафыссут проекторы экранӕй ног темӕ ӕмӕ тексты цы ног ӕнӕзонгӕ дзырдтыл фембӕлдзыстӕм, уыдон. - Бакӕнӕм дзырдуатон куыст. Ног дзырдтӕм ныффыссӕм антонимтӕ. - Ӕркӕсӕм ма чиныгмӕ. Текст аив кӕсӕм радыгай комментарийтимӕ. | Фыссынц тетрӕдты темӕ ӕмӕ ног дзырдтӕ: бонджын - хъӕздыг; ӕргъӕвст –сыд, салд, уазал; ӕнус - сӕдӕ азы; пиллон суадзы - ссудзы; кӕрц - зымӕгон хъарм уӕлӕдарӕс; хъазтизӕр – бонджынты хъӕлдзӕг абадт кафт ӕмӕ зардимӕ (бал). Фыссынц антонимтӕ: бонджын-мӕгуыр, ӕргъӕвст-хъарм, ӕнус-уысм,пиллон суадзы-ахуыссы,кӕрц-рог уӕлӕдарӕс,хъазтизӕр-кӕнд. Радыгай аив кӕсынц уацмысы текст. |
- Релаксацион паузӕ скӕнӕм. | Архайынц релаксацион паузӕйы. |
Ног ӕрмӕг бафидар кӕнын. (7 мин.) | |
- Тексты фӕстӕ фӕрстытӕн дзуапп раттӕм.
- Цалдӕр скъоладзауы сӕххӕст кӕндзысты индивидуалон хӕслӕвӕрдтӕ сӕ индивидуалон гӕнӕнтӕм гӕсгӕ. Уӕ хъуыдыты рӕстдзинадӕн аргументтӕ ӕрхӕссут. Ахуыргӕнӕг хъусы сӕ дзуӕппытӕм, раст кӕны рӕдыдтытӕ. - Бакӕсӕм презентацимӕ нӕ ног темӕйӕ: 1.Короленко. «Дети подземелья» 2.Къоста «Дурсӕттӕг сывӕллӕттӕ» 3.Гюстав Курбе «Подаяние нищего» 4.Ӕмбисӕндтӕ мӕгуырдзинад ӕмӕ хъӕздыгдзинады тыххӕй. | Иу ахуырдзау кӕсы фӕрстытӕ, иннӕтӕ сын дзуӕппытӕ дӕттынц. Индивидуалон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынц. Скъоладзау кӕсы презентацийы текст - гыццыл лӕппуйы уды хӕзнадон; - хохаг сывӕллӕтты ӕвадат царды уавӕртӕ; - дзыппӕй мӕгуыр, зӕрдӕйӕ хъӕздыг; - адӕмон сфӕлдыстады хӕзнадонӕй. |
- Мах нӕ фӕстаг цалдӕр урочы дзырдтам адӕймаджы алыхуызон миниуджытӕ ӕвдисӕг уацмыстыл.Уымӕ гӕсгӕ уын ӕз дӕттын сфӕлдыстадон хӕслӕвӕрд: Саразут мини-проект «Ног микрорайон». Нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, нӕ горӕты кӕй сарӕзтой ног микрорайон ӕмӕ йын раттын хъӕуы ном. Нӕмттӕ ма раттын хъӕуы йӕ уынгтӕн, фӕзтӕн, бульвартӕн ӕмӕ уыдон хъуамӕ уой кад ӕмӕ ӕгъдау ӕвдисӕг адӕймаджы хорз, фӕзминаг миниуджытӕй, ӕнкъарӕнтӕй ӕмӕ ӕмбарынӕдтӕй. | Скъоладзаутӕ тетрӕдты фыссынц: Микрорайон – Сабырдзинад; уынгтӕ – Рӕдаудзинады,Хъӕбатырдзинады, Фӕлмӕнзӕрдӕйы; фӕзтӕ – Сӕрибары, Рӕстдзинады, Уарзондзинады, Куырыхондзинады; бульвартӕ – Амонды, Ӕмбаргӕдзинады; проспекттӕ – Циндзинады, Ӕгъдауы, Ӕфсымӕрдзинады, Ӕхсары; парктӕ – Фарны, Рӕсугъддзинады. |
Фыццаг хатдзӕг (5 мин.) | |
-Урочы дыккаг хайӕн скӕнӕм цыбыр хатдзӕг. - Къордтӕй сӕххӕст кӕнӕм хӕслӕвӕрд: 1) фыццаг къорд скӕндзӕн афӕлгӕст ӕмӕ хатдзӕг хъӕздгуыты, аристократты цардӕн; 2) дыккаг къорд скӕндзӕн афӕлгӕст ӕмӕ хатдзӕг мӕгуырты цардыл гыццыл чызджы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ; 3) ӕртыккаг къорд раргом кӕндзӕн авторы цӕстӕнгас ӕнӕнысан хъӕздыг цардмӕ. Ахуыргӕнӕг къордты куыст аразыныл архайы, консультаци сын кӕны. | Скъоладзаутӕ кӕнынц хатдзӕгтӕ. Дих кӕнынц къордтыл ӕмӕ кусынц сӕ фарстатыл. Алы къордӕй дӕр дзуры 1-2 адӕймаджы, иннӕтӕ сын бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрынц. Мӕгуыр чызджы тӕригъӕддаг уавӕр. |
Рефлекси ( 3 мин. ) | |
- Абон нӕ урочы ногӕй цы базыдтат? - Ӕрмӕг бамбарын уӕ къухы бафтыд, ӕви нӕ? Кӕд нӕ, уӕд цӕй аххосӕй? - Абон уе ʼнтыстдзинӕдтӕн цавӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕриккат уӕхӕдӕг? - Уацмысмæ фæрстытæн дзуапп раттæм: - Куыд æрвыстой хъæздгуытæ сæ рæстæг? - Цæмæн сын афтæ бæстон æвдисы автор сæ цард? - Хъæздыг адæм æмæ мæгуыр сывæллоны цард фæрсæй-фæрстæм цæмæн æвæры? - Цавæр ахаст равдыста фыссæг йæ персонажтæм? Цæмæ гæсгæ йæ бамбæрстат? - Сбæрæг кæнут уацмысы сæйраг хъуыды. - Куыд хъуыды кæнут, абоны царды ахæм тæригъæддаг уавæрты исчи цæры? Нæ æрвылбоны царды никуы фенæм уынджы ахæм зæрдæриссæн нывтæ? - Сымах та цы цæстæй кæсут царды ахæм фæзындтæм? Уынджы мæгуыргур æххормаг адæмæн баххуыс кæнут æви нæ? | Урочы ногӕй цы базыдтой, уый дзурынц. Цы къуыхцытӕ рауадис сӕ куысты, уый ӕмбарын кӕнынц. Скъоладзаутæ радыгай дзуæппытæ дæттынц.
Дыууæ-æртæ скъоладзауы дзурынц сæ хъуыдытæ: - Адӕймаг цалынмӕ ӕцӕг адӕймаг уа, уӕдмӕ иннӕ адӕмы тӕригъӕддаг уавӕрмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн.Йӕ амал цӕмӕй уа, уымӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн. |
Хӕдзармӕ куыст | |
1.Уацмысы мидисӕн анализ кӕнын, фӕрстытӕн дзуӕппытӕ дӕттын. 2. Дарддӕр бакусын мини-проектыл: скӕнын чертеж-схемӕ «Ног микрорайон», уынгты, бӕстыхӕйтты нӕмттӕ дзы ныффыссын. | Фыссынц хӕдзармӕ куыст. |
Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын. |

Подписи к слайдам:
Хетӕгкаты Къоста « Дурсӕттӕг сывӕллӕттӕ » 1890 аз. « Зӕххӕй – бӕгъӕввад , арвӕй - дзабырджын »
Гюстав Курбе «Подаяние нищего» « Дзыппӕй - мӕгуыр , зӕрдӕйӕ - хъӕздыг »
В.Г.КОРОЛЕНКО «Дети подземелья» « Мӕгуыр – къулбӕрзӕй »
В.Г.Короленко «Дети подземелья » Маруся
В.Г.Короленко «Дети подземелья» « Мӕгуырӕн баххуыс – удыбӕстӕ »
Хетӕгкаты Къоста . « Ирон фӕндыр ». Кадӕггӕнӕг Хъуыбады . « Гӕвзыкк - йӕ цард , рухс – йӕ уд»
ӔМБИСӔНДТӔ: Хъӕздыг йӕ хъӕздыгдзинадӕй рынчын кӕны . Хъалӕн – хъал дзаума , мӕгуырӕн – хъарм дзаума . Мӕгуыры къух цыбыр у. Мӕгуыр лӕгыл худын нӕ хъӕуы . Мӕгуыр лӕгыл дур дӕр хӕрдмӕ тулы . Хъӕздыг мӕгуыры тыхст не ʼмбары . Мӕгуыры зӕрдӕ – фынтӕй хъал . Мӕгуыр – бонзонӕг , хъӕздыг – ӕнӕфсис . Мӕгуыры бафхӕрӕг ӕндӕр хорз ма ссарӕд . Хъӕздыгдзинад – адӕймаджы сафӕг .
- Ӕппӕт бонджынтӕ дӕр сӕ хъӕздыгдзинадӕй рынчын кӕнынц ? Хъӕздыгдзинад кӕй нӕ фесӕфта , ахуырад , ӕнӕниздзинад ӕмӕ мӕгуыртыл чи аудыдта , рагон дунейы уыцы рухстауӕг политиктӕ : Гай Цильний Меценат Ашока Маурья ( I ӕнус нӕ эрӕйы р.) ( 273-232 нӕ эрӕйы р.) Рагон Римы политик Рагон Индийы паддзах
XIX-XX ӕнусы райдайӕны Уӕрӕсейаг меценаттӕ : Савва Сергей Савва Мамонтов Дягилев Морозов
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Разработка открытого урока по теме: «Географическая оболочка» Урок-открытие
Что такое географическая оболочка? ГО – это взаимосвязь и взаимодействие всех оболочек Земли - всех сфер Земли.Какие это сферы?Постановка проблемы1. Ученику дается г...
Открытый урок по алгебре в 7 классе «А» тема: «Уравнения с одной переменной». Открытый урок по алгебре в 7 классе «А» тема: «Уравнения с одной переменной».
Открытый урок по алгебре в 7 классе «А»тема: «Уравнения с одной переменной».презентация по данной теме...
Открытый урок (мастер-класс) по русскому языку, проведённый на Фестивале инновационных идей в региональном образовании «Педагогические открытия 21 века» по теме Урок – исследование. «Предлог». (7 класс)
Тема: Предлог. (Закрепление знаний)Цель урока а) учебная: систематизировать и обогатить знания учащихся о предлоге, на основе заданий-исследований предупредить возможные ошибки в употреблении предлого...
Открытый урок по английскому языку. Открытый урок на активность обучения английского языка». (2 е—5 е классы обучения предмету)
Применение различныхвидов игр на уроке с целью закрепления лексических и грамматических навыков в обучении английскому языку....
Методическая разработка открытого урока по математике в 5 классе «Умножение десятичных дробей» (урок открытия новых знаний) в рамках ФГОС
Технологическая карта практико - ориентированного урока...
2.1.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение открытых уроков/занятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения первого открытого урока от МО муниципального уровня)
Эксперный лист первого урока...
3.2.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение открытых уроков/занятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения второго открытого урока от МО муниципального уровня)
3.2.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение открытых уроков/занятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения второго открытого у...