Открытый урок в 5 классе "Чиныг не цаг амбал у".
план-конспект урока (5 класс) на тему
Открытый урок по родной литературе в 5 классе по произведению Кудзага Дзесова "Æрдхæрæны лæвар", второй час изучения.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
dzesty_kuydzag_urok_5_klas.docx | 24.99 КБ |
prezent_dzesty_k_ardh_l_5_kl.pptx | 2.2 МБ |
Предварительный просмотр:
Урочы технологион картӕ
Ахуыргӕнӕг - Хетӕгаты Дмитрийы чызг Аннӕ.
Куысты бынат – Дзӕуджыхъӕуы МБОУ СОШ № 22
Предмет – ирон литературӕ.
Кълас – 5«В»
Урочы хуыз – ӕрмӕг фидаргӕнӕн урок ( 2 сахат)
Темӕ | 1. «Чиныг у не ʼцӕг лымӕн» 2. Дзесты Куыдзӕг. Радзырд «Ӕрдхӕрӕны лӕвар» |
Нысантӕ | 1. Базонгӕ кӕнын скъоладзауты радзырды дыккаг хаимӕ. Уацмысы бындурыл ахуыр кӕнын скъоладзауты сӕ хъуыдытӕ аивӕй ӕргом кӕныныл, хи зонындзинӕдтӕ уӕрӕхдӕр кӕныныл. 2. Ахуырдзауты дзургӕ ныхасы рӕзтыл куыст. 3. Уацмысы бындурыл ӕрдзурын ахуыргӕнӕджы, ахуыры ӕмӕ чиныджы ахадындзинадыл царды мидӕг. |
Урочы эпиграф | «Фехалут ӕнахуыргонддзинады къӕдзӕх, цӕмӕй тагъддӕр фесӕфа фыдгӕнджыты ахстон». Виктор Гюго. |
УАА - УУД (Универсалон ахуырадон архайд) | Удгоймагон: 1. Ахуырадон архайд ӕмӕ йӕ мотивы ӕхсӕн бастдзинад саразын. 2. Ахуыргӕнинӕгты хиӕмбарынады ӕууӕлтӕ раиртасын ӕмӕ бафидар кӕнын. Регулятивон: 1. Скӕнын урочы архайды пълан. 2. Урочы куысты фӕстиуджытӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын. Коммуникативон: 1. Ахуыргӕнӕг ӕмӕ ӕмгӕрттимӕ ахуырадон ӕмгуыстдзинадӕн пълан скӕнын. 2. Хъуыдытӕ аивӕй ӕргом кӕнын, хи цӕстӕнгас быцӕу ныхасы фидар кӕнын коммуникацийы хӕстӕ ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ. Ахуырадон: 1. Хибарӕй ахуырадон хӕс снысан кӕнын зонын. 2. Хъӕугӕ ӕрмӕг рабӕрӕг кӕнын ӕмӕ агурын. 3. Ӕмбаргӕ раныхас аразын хи хъуыдытӕй. 4. Урочы хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн хъӕугӕ мадзӕлттӕ ӕвзарын уавӕртӕм гӕсгӕ. 5. Урочы архайды фӕстиуджытӕм цӕст дарын ӕмӕ раст бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрын. 6. Тексты ӕрмӕгӕй пайда кӕнын. |
Ахуырадон фӕстиуджытӕн пълан аразын | Зонын : - Адӕймаджы хорз миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты нӕмттӕ базонын. Арӕхсын: - Саразын диалогон ныхас ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сӕ сӕвзӕрыны уавӕрты,ӕфсӕнтты тыххӕй. - Аразын монологон ныхас хи миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты тыххӕй. - Тексты хъӕугӕ ӕрмӕг агурын. Удгоймагон : - Мотиваци ахуырадон архайдмӕ. - Ӕндӕр адӕмы миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕмбарын. - Адӕмы тыхстдзинӕдтӕм ӕмбаргӕ ахаст. Метапредметон: - Ног зонындзинӕдтӕй пайдагӕнгӕйӕ къордты кусын. - Урочы хӕс сӕххӕст кӕнынынӕн бӕрӕггӕнӕн ӕвӕрын. - Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕнынӕн сфӕлдыстадон мадзӕлттӕ ӕвзарын. - Ныфсджынӕй интеллектуалон къуыхцыты сӕрты хизынӕн. - Ахуыргӕнӕгимӕ иумӕ ахуырадон мадзӕлттӕ ӕвзарын урочы хӕстӕ сӕххӕст кӕнынӕн. |
Урочы ӕрмӕг | 1. 5-ӕм къласы ахуыргӕнӕн чингуытӕ; кусӕн тетрӕдтӕ ирон литературӕйӕ; визуалон рӕнхъ – чингуыты равдыст (Дзесты Куыдзӕджы уацмысты ӕмбырдгонд, Хетӕгкаты Къоста «Ирон фӕндыр», «Абетӕ», ӕмбырдгонд «Ирон ӕмбисӕндтӕ», Гӕздӕнты Валентинӕ «Традиционная культура осетин», Хӕуытаты Къоста «Уӕздандзинады гуырӕнтӕ», Айларты Измаил «Ирон фарн», Максим Горький «Мои университеты»);Михайло Ломоносовы портрет; хъазӕн хъултӕ. 2. Техникон фӕрӕзтӕ: компьютер, проектор, экран. 3. Презентаци; Туаты Алинӕйы DVD-киноныв «Осетинские праздники – хранители древних знаний» -йӕ скъуыддзаг. |
Урочы куысты хуызтӕ | Фронталон, дыгӕйттӕй (къӕйттӕй), къордтӕй |
Урочы дидактикон структурӕ
Этапы нысантӕ | Ахуырдзауты архайд | Ахуыргӕнӕджы архайд | Урочы хӕстӕ ӕвӕрын | |
Организа цион хай (3 мин.) | Мотивацион уавӕр саразын | Салам дӕттынц, ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн дзуӕппытӕ дӕттынц. | Салам дӕтты | Ахуырадон процессмӕ бахизын. |
Проблемон хӕстӕ ӕвӕрын ( 7 мин.) | Саразын ахӕм проблемон уавӕр, скъоладзаутӕ урокӕн хӕстӕ куыд сӕвӕрой, урочы ахуырадон пълан куыд саразой. | 1.Ахуырадон ӕрмӕг бамбарын. 2.Урокӕн нысантӕ ӕвӕрынц. 3.Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕнынӕн алы варианттӕ ӕвзарынц. 4.Ӕвзарынц ӕппӕты ахадгӕдӕр куысты хуыз. | 1.Скъоладзауты ног зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ног архайд базонынмӕ разӕнгард кӕны. 2.Ӕххуыс кӕны скъо ладзаутӕн урочы раст нысан сӕвӕ рынӕн, цӕмӕй хъӕугӕ зонындзи нӕдтӕ сӕ къухы бафтой. | Ӕвӕрд ӕрцыд урочы нысан, ахуырадон архайды пълан ног зонындзинӕдтӕ райсыны тыххӕй. |
Ног ӕрмӕг ахуыр кӕнын ( 10 мин.) | Раздӕр этапы ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кӕнын | 1.Фыссынц литературон тетрӕдты фӕйнӕгыл фыст ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ ног ӕрмӕгӕй. 2.Кӕсынц радыгай текст. 3.Се ʼмкъласонты дзуӕппытӕн раст аргъ кӕнынц. | Скъоладзауты архайд растырдӕм аразы. | Бахъуыды кӕнын ног зонындзинӕдтӕ текстӕй.
|
Релаксацион паузӕ | ||||
Ӕрмӕг бафидар кӕнын ( Микро-хатдзӕг) 7 мин. | Ног зонындзи нӕдтӕй бафидар кӕнын раздӕр рацыд ӕрмӕг. | Агурынц дзуӕппытӕ фӕрстытӕн монологон ныхасы хуызы. | Склъоладзауты архайдмӕ йӕ цӕст дары, сӕ куысты рӕдыдтытӕ раст кӕны. | Ног ӕрмӕгӕй пайда кӕнын зонын ахуыра-дон архайды практикон ӕгъдауӕй. |
Къордты куыст. (10 мин.) | Ахуырадон хӕслӕвӕрд раст конд у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын. | Ӕххӕст кӕнынц практикон хӕслӕвӕрд къордты. | Ахуырадон архайдмӕ домӕнтӕ ӕвӕры. Къордты куыст аразы.Къордты куыстӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕры. Фӕрстытӕ дӕтты, рӕдыдтытӕ амоны. | Ног зонындзи нӕдтӕй хатдзӕг тӕ скӕнын, пра ктикон ӕгъда уӕй сӕ пайда кӕнын зонын. Хӕслӕвӕрдтӕ раст баххӕст кӕныны тыххӕй хатдзӕг. |
Рефлекси. (3 мин.) | Ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕнынӕн анализ скӕнын. | 1.Ног зонындзинӕдты ахадындзинад бӕрӕг кӕнынц 2.Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕныны мадзӕлттӕн бӕрӕггӕнӕн ӕвӕрынц. | 1.Фӕрстытӕ ӕвӕры, урочы хӕстӕ ӕмӕ нысан куыд ӕххӕст цыдысты, уый тыххӕй. 2.Скъоладзауты метапредметон архайд ӕмӕ ног зонындзинӕдтӕ анализ кӕны. | Хатдзӕг ахуырадон хӕстӕ ӕмӕ сӕ аразыны мадзӕлттӕн. |
Урочы цыд:
Организацион хай (3 мин.) | |
Ахуыргӕнӕджы архайд | Ахуырдзауты архайд |
- Уӕ бон хорз! - Сбадут! - Чи у абон радгӕс? | - Ӕгас цу! Бадынц сӕ бынӕтты. Дзуапп дӕтты иу скъоладзау. |
Мотиваци ӕмӕ проблематизаци (7 мин.) | |
- Сывӕллӕттӕ, уыци-уыцийӕн ма дзуапп ссарут: «Дзургӕ нӕ кӕны, афтӕмӕй адӕмӕн зонд амоны». - Куыд хъуыды кӕнут, адӕймаджы царды чиныг цавӕр бынат ахсы? - Сымахӕн та уӕ уарзон чингуытӕ цавӕртӕ сты? - Ахуыргӕнӕгӕн та цы ахадындзинад ис царды? - Куыд хъуыды кӕнут, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?
- Абон нӕ урочы цы фӕнды базонын? - Нӕ размӕ цавӕр хӕстӕ ӕвӕрӕм? | Хӕдзары бакастысты ӕмӕ сахуыр кодтой радзырд «Ӕрдхӕрӕны лӕвар»-ы фыццаг дыууӕ хайы. Радыгай дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн. - Абон нӕ урочы дзурдзыстӕм чиныджы, ахуыры ӕмӕ ахуыргӕнӕджы ахадындзинадыл нӕ царды. - Куыд тырныдта Гӕбил ахуырмӕ? Адӕм цы зӕрдӕ дардтой Къостамӕ ӕмӕ «Ирон фӕндырмӕ»? Гӕбилӕн цавӕр фӕзминаг миниуджытӕ уыди? |
- Фронталон фарсты руаджы зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм хӕдзармӕ куысты ӕрмӕг – уацмысы фыццаг дыууӕ хайы: - Цавӕр заман ӕвдыст ӕрцыд радзырды? Архайд кӕд ӕмӕ кӕм цӕуы? - Чи у радзырды сӕйраг архайӕг? Цал азы йыл цӕуы? - Гӕбил скъоламӕ цӕуылнӕ цӕуы? - Кӕй руаджы базыдта Гӕбил кӕсын ӕмӕ фыссын? - Гӕбилы къухы куыдӕй бафтыд Абеты чиныг, цӕуыл ӕй баивта? - Уӕдӕ ма бакӕсӕм режиссер Туаты Алинӕйы DVD-киноныв «Осетинские праздники – хранители древних знаний»-йӕ иу ахӕм скъуыддзагмӕ, хъултӕй хъазт ӕвдыст кӕм цӕуы. - Куыд базонгӕ Гӕбил ахуыргӕнӕгимӕ? - Цӕмӕй баххуыс кодта ахуыргӕнӕг Гӕбилӕн? - Ахуыргӕнӕг цавӕр чиныг каст адӕмӕн ныхасы? - Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ адӕмы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цӕмӕн фӕцыдысты? - Ныхасы ӕгас комы адӕм куыд бауынаффӕ кодтой? Цӕмӕн? - Цавӕр уацмыстӕ ма рацыдыстӕм раздӕр фыййауы царды тыххӕй? - Цавӕр уавӕрты цардысты раздӕры заманты ӕххуырсты фыййӕуттӕ? - Хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд уын уыдис бацӕттӕ кӕнын докладтӕ зындгонд адӕмы тыххӕй, кӕцытӕн сӕ ахуыры фӕндагыл уыдис тынг стыр цӕлхдуртӕ, ӕхсӕнад сӕ размӕ нӕ уагътой. Фӕлӕ уыдон сӕ уды хъаруйы фӕрцы ӕппӕт зындзинӕдты сӕрты дӕр ахызтысты мӕгуыр лӕппутӕ уӕвгӕйӕ, фӕуӕлахиз сыл сты ӕмӕ сӕхи хъаруйӕ схызтысты ахуырады, наукӕйы бӕрзӕндтӕм.Байхъусӕм докладтӕм. - Хӕдзары цы ӕмбисӕндтӕ ныффыстат уӕ литературӕйы тетрӕдты ахуырмӕ тырнындзинады тыххӕй, уыдон бакӕсут.
- Урочы фыццаг хайӕн скӕнут цыбыр хатдзӕг. |
Радыгай дзуапп дӕттынц ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн.
Дӕнцӕгтӕ хӕссынц хӕдзармӕ куысты ӕрмӕгӕй. Скъоладзау дзуры лӕппуты рагон ирон хъазт – хъулты тыххӕй. Кӕсынц кинонывӕй скъуыддзагмӕ. - Хетӕгкаты Къоста – «Лӕскъдзӕрӕн», Тугъанты Батырбег – «Фыййау Баде», Цӕголты Георги – «Бецал». Кӕсынц докладтӕ Максим Горький, Михайло Ломоносов ӕмӕ бердзенаг оратор Демосфены цардвӕндаг ӕмӕ ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй. Радыгай кӕсынц ӕмбисӕндтӕ: «Мӕгуыр зондмӕ хӕстӕгдӕр у», «Гайлаг родӕй бӕрӕг у», «Сидзӕртыл дӕр иу хатт хур ракӕсы», «Зонд – дунейы дарӕг хӕзна» Цалдӕр скъоладзауы кӕнынц хатдзӕгтӕ. |
Ног ӕрмӕг ахуыр кӕнын(темӕ дарддӕр ахуыр кӕнын)(10 мин.) | |
- Абон нӕ урочы темӕ у «Чиныг у не ʼцӕг лымӕн». Ацы ӕмбисонд темӕйӕн цӕмӕн равзӕрстам, уый хъуамӕ базонӕм фӕстӕдӕр, ӕрмӕг ӕнӕхъӕнӕй куы бакӕсӕм, уӕд. Уымӕн нын баххуыс уыдзӕн презентаци ӕмбисӕндтимӕ. - Ныр та уал уӕ литературӕйы тетрӕдтӕм рафыссут проекторы экранӕй ног темӕ ӕмӕ тексты цы ног ӕнӕзонгӕ дзырдтыл фембӕлдзыстӕм, уыдон.
- Бакӕнӕм дзырдуатон куыст. Ног дзырдтӕм ныффыссӕм фӕйнӕгыл антонимтӕ, уырдыгӕй та сӕ рафыссӕм литературӕйы тетрӕдтӕм.
- Ӕркӕсӕм ма чиныгмӕ. Текст аив кӕсӕм радыгай комментарийтимӕ. - Скӕнӕм релаксацион паузӕ. | Скъоладзау хъӕрӕй кӕсы презентаци. Фыссынц тетрӕдты темӕ ӕмӕ ног дзырдтӕ: къаннӕг - чысыл; галвӕндаг – галуӕрдонӕй кӕуыл цӕуынц, ахӕм фӕндаг; талынггӕрӕттӕ – изӕрыгон; аууон – хур кӕдӕм нӕ кӕсы, ахӕм бынат; сӕнттӕ цӕгъды – ӕцӕг цы не ʼрцыд,уыдон; дӕрзӕг дымгӕ – карз дымгӕ; дӕлвӕндаг – фӕндаджы дӕле; цыппӕртыл – къӕхтӕ ӕмӕ къухтыл; цӕстыфӕныкъуылдмӕ – уайтагъд. Фыссынц антонимтӕ: къаннӕг – стыр, галвӕндаг – сосӕ фӕндаг, талынггӕрӕттӕ – бонрухсӕй, аууон – хурварс, сӕнттӕ цӕгъды – ӕцӕгтӕ дзуры, дӕрзӕг дымгӕ – фӕлмӕн дымгӕ, дӕлвӕндаг – уӕлвӕндаг; цыппӕртыл – йӕ къӕхтыл; цӕстыфӕныкъуылдмӕ – сындӕггай. Радыгай комментарийтимӕ аив кӕсынц уацмысы ӕртыккаг хай. Релаксацион паузӕйы архайынц. |
Ӕрмӕг бафидар кӕнын (7мин.) | |
- Тексты фӕстӕ фӕрстытӕн дзуӕппытӕ ссарут дыгӕйттӕй (къӕйттӕй), партӕйыл чи кӕимӕ бады, уыимӕ. - Цӕмӕн афтӕ тынг бауарзта Гӕбил ахуыргӕнӕджы? Цы хорздзинад ын ракодта? - Ахуыргӕнӕг Гӕбилӕн цы балӕвар кодта? - Цалдӕр скъоладзауы сӕххӕст кӕндзысты индивидуалон хӕслӕвӕрдтӕ сӕ индивидуалон гӕнӕнтӕм гӕсгӕ. Уӕ хъуыдыты рӕстдзинадӕн аргументтӕ ӕрхӕссут. Ахуыргӕнӕг хъусы сӕ дзуӕппытӕм, раст кӕны рӕдыдтытӕ. | Ахуырдзаутӕ фӕрстытӕн дыгӕйттӕй (къӕйттӕй) ӕмӕ индивидуалон ӕгъдауӕй дзуӕппытӕ агурынц: - Абоны царды ахуыргӕнӕгӕн цы ахадындзинад ис ? - Раджы заманы та куыд ахадыдта ӕхсӕнады царды ахуыргӕнӕг ? - Ацы радзырды уӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд ? |
Урочы хатдзӕг(10 мин.) | |
- Урочы дыккаг хайӕн скӕнӕм цыбыр хатдзӕгтӕ. - Баххӕст кӕнӕм къордтӕй хӕслӕвӕрд: а) фыццаг къорд раргом кӕндзӕн Гӕбилы фӕлгонц, йӕ хорз миниуджытӕ; ӕ) дыккаг къорд раргом кӕндзӕн ахуыргӕнӕджы ахадындзинад раджы заманы ӕмӕ ныры заманы; б) ӕртыккаг къорд раргом кӕндзӕн чиныджы ахадындзинад ӕхсӕнады царды. Ахуыргӕнӕг къордты куыст аразыныл архайы, консультаци сын кӕны.
| Дыууӕ - ӕртӕ скъоладзауы кӕнынц хатдзӕгтӕ. Дих кӕнынц къордтыл ӕмӕ кусынц сӕ фарстатыл. Алы къордӕй дӕр дзуры 1-2 адӕймаджы, иннӕтӕ сын бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрынц. |
Рефлекси(3мин.) | |
- Абон нӕ урочы ногӕй цы базыдтат ? - Ӕрмӕг бамбарын уӕ къухы бафтыд, ӕви нӕ? Кӕд нӕ, уӕд цӕй аххосӕй ? - Нӕ урочы кæрон фæрстытæн дзуапп раттæм: - Куыд тырныдта Гӕбил ахуырмӕ? - Адӕм цы зӕрдӕ дардтой Къостамӕ ӕмӕ «Ирон фӕндырмӕ»? - Гӕбилӕн цавӕр фӕзминаг миниуджытӕ уыди? - Цавӕр ныхӕстӕй фӕцис радзырд? Куыд сӕ ӕмбарут? - Куыд хъуыды кӕнут, радзырдӕн йӕ идейон мидис цӕй мидӕг ис ? | Урочы ногӕй цы базыдтой, уый дзурынц. Цы къуыхцытӕ рауадис сӕ куысты, уый ӕмбарын кӕнынц. Скъоладзаутæ фæрстытæн дзуæппытæ дæттынц. Скъоладзаутӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынц, хатдзӕгтӕ кӕнынц. |
Хӕдзармӕ куыст | |
Кадӕг хи ныхӕстӕй дзурын. Уацмысы мидисӕн анализ кӕнын, фӕрстытӕн дзуӕппытӕ дӕттын. | Фыссынц хӕдзармӕ куыст. |
Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын. |
Предварительный просмотр:
Подписи к слайдам:
ДЗЕСТЫ КУЫДЗ Ӕ Г (1905-1981 ) Курдиатджын ирон прозаик райгуырд Хуссар Иры Едысы хъӕуы. Фондзаздзыдӕй баззад сидзӕрӕй, ӕмӕ йыл хӕххон ӕвадат цард йӕ уӕз ӕруагъта:йӕ сывӕллоны бонтӕ арвыста тыхст уавӕрты – цыдис фыййау, хъомгӕс, кодта уӕззау куыстытӕ. Фӕлӕ уӕддӕр сахуыр кодта Едысы ӕмӕ Дзауы скъолаты. Сӕ бинонтӕ тынг уарзтой Къостайы сфӕлдыстад . 1920 азы мидхӕсты заман Дзестӕ иннӕ лигъдон адӕмимӕ ӕрцардысты Цӕгат Ирыстоны Ногиры. Зӕрдӕргъӕвд лӕппу дарддӕр сахуыр кодта Мӕскуыйы журналистикӕйы институты, бирӕ азты дӕргъы куыста газет «Рӕстдзинад»-ы. Уыйфӕстӕ бацыд ахуыр кӕнынмӕ НИИ-ЙЫ аспирантурӕмӕ. Ныууагъта арф фӕд ирон литературӕйы.
Хетӕгкаты Къостайы чиныг «Ирон фӕндыр» фыццаг хатт мыхуыры рацыд Дзӕуджыхъӕуы 1899 азы Байаты Гаппойы редакцигондӕй. Иллюстрацитӕ йӕм скодта поэт йӕхӕдӕг. «Зӕрдӕйы сагъӕстӕ, зарджытӕ, кадджытӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ»,- ныффыста Къоста йе ʼмбырдгонды райдайӕны. Ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕзынд рауадис нӕ адӕмы монон царды ацы чиныг. Йе ʼмдзӕвгӕтӕ йын д зыхӕй-дзыхмӕ лӕвӕрдтой кӕрӕдзимӕ адӕм. Уый уыдис, ӕнусты чи цӕрдзӕн, Къостайы ахӕм ӕрдхӕрӕны лӕвар Ирыстонӕн.
Хетӕгкаты Къоста. «Сывӕллӕттӕ-дурсӕтджытӕ». Къоста йӕ нывы равдыста дыууӕ ӕнахъом сывӕллоны, кӕцытӕ сӕ кармӕ гӕсгӕ хъуамӕ се ʼмгӕрттимӕ цӕуой скъоламӕ, фӕлӕ сын фадат нӕй. Цард сыл йӕ уӕз ӕруагъта – уыдон мӕгуыр муртыл алы бон дӕр хъуамӕ кусой дурсӕттӕны, цӕмӕй сӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕной. Сӕ уӕлӕ ис бызгъуыр дарӕс, сты фӕллад, фӕлӕ уӕддӕр - цардбӕллон. Сӕ цӕсгӕмттыл бакӕсӕн ис Къостайы фыст хъуыды : «Ахуыр кӕнынмӕ бӕллын!».
Скъолайы лӕппу. Хетӕгкаты Къоста . -К ӕй фырт дӕ? -Толайы. -Кӕм уыдтӕ? - Скъолайы, Алы бон дӕр дзы вӕййын. Фӕкӕсын А-БЕ-ТӔ, Фӕфыссын Бе-ве-тӕ, Ахуыр кӕнынмӕ бӕллын.
Тугъанты Махарбег. Иллюстраци Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕмӕ «Ӕрра фыййау». -Цавӕр хъуыдытыл уӕ бафтыдта ацы ныв ? -Чи радзурдзӕн ацы ӕмдзӕвгӕ?
Ӕмбисӕндтӕ: Чиныг чи кӕсы, йӕ хъуыды дӕр ын уый ӕмбары. Чиныг у зондамонӕг, уынаффӕгӕнӕг. Зонд – дунейы дарӕг хӕзна. Ахуырад у рухс, ӕнахуыргонддзинад та – талынг. Стыр зонды тых и. Зонд ӕмӕ амонд лӕг йӕ мады гуыбынӕй рахӕссы. Чиныг у зонындзинӕдты суадон. Ахуыр – рухс фидӕнмӕ фӕндаг. Чингуытӕ куы кӕсай, уӕд алцыдӕр зондзынӕ.
Историйы зындгонд сты бирӕ генион адӕм, кӕцытӕ сӕхи хъаруйӕ схызтысты наукӕйы, техникӕйы ӕмӕ политикӕйы бӕрзӕндтӕм. Сӕ царды стырдӕр нысан уыд ахуырад. Уыдон ном ӕмӕ кад скодтой сӕхицӕн ӕмӕ сӕ паддзахадӕн. Сӕ цард зын уавӕрты ӕрвитгӕйӕ цӕлхдурты сӕрты тырныдтой ахуыры рухсмӕ. Стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ сӕ къухы бафтыдысты ӕрмӕстдӕр сӕхи фыдӕбоны фӕрцы. Уӕларвон цӕхӕркалгӕ стъалытау сӕ фӕд ныууагътой дунеон историйы. Ӕркӕсӕм ма дзы иу-цалдӕры цардвӕндагмӕ.
Михайло Ломоносов (1711-1765 ) – XVIII ӕнусы цӕрӕг з ындгонд уырыссаг ахуыргонд , поэт, иртасӕг , энциклопедист, Мӕскуыйы университеты бындурӕвӕрӕг , кӕцы ныртӕккӕ хӕссы йӕ кадджын ном. Райгуырдис кӕсагахсӕджы хӕдзары Архангельскы губернийы Холмогорты , хъӕу Мишанинскийы , ныртӕккӕ - Ломоносово . Фарастаздзыдӕй баззад сидзӕрӕй. Сывӕллоны бонтӕй фӕстӕмӕ равдыста стыр зӕрдӕргъӕвддзинад ӕмӕ тырнындзинад ахуырмӕ . 1730 азы декабры нудӕсаздзыд Михайло сӕ хӕдзарӕй фистӕгӕй ацыд бӕхуӕрдӕттыл цӕуджытимӕ Мӕскуымӕ . Йе стыр бӕллиц уыд Академийы ахуыр кӕнын . Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдта йӕ зын, фӕлӕ кадджын фӕндаг наукӕйы бӕрзӕндтӕм.
Максим Горький (1868-1936) ( Алексей Максимович Пешков) Зындгонд уырыссаг фыссӕг , драматург, Нобелы премийы номинант. Райгуырд хъӕдгуыстгӕнӕджы хӕдзары горӕт Нижний Новгороды , кӕцы ныртӕккӕ хӕссы йӕ кадджын ном.Сывӕллонӕй баззад хӕрз сидзӕрӕй ӕмӕ йӕ тыхст уавӕрты хастой нана ӕмӕ дада . Литературӕ йын бауарзын кодта йӕ нана . Йӕ сабийы бонтӕ арвыста тынг уӕззау уавӕрты ӕххормагӕй – уыдис ӕххуырсты кусӕг , арӕх куыста мамӕлайы къӕбӕрыл . Ахуырмӕ афтӕ тырныдта , ӕмӕ й ӕ хицӕутты хӕдзары цары цӕр-гӕйӕ ӕхсӕвы , фӕскуыст фӕлладӕй фӕтӕген цырагъы рухсмӕ каст чингуытӕ . Йӕ хицӕуттӕ йын йӕ цырагъ куы байстой , уӕд та- иу мӕйы рухс ӕрхуы тебӕйӕ ӕрцахсгӕйӕ уыцы рухс бацарӕзта чиныгмӕ , афтӕмӕй уӕддӕр цыд зонындзинӕдты фӕндагыл . Никӕйы ӕмӕ йӕ ницӕйы бон бацис баиртасын йе ʼвзӕрст фӕндагӕй ахуыры бӕрзӕндтӕм. 1933 азы йӕ курдиатмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцыд Мӕскуыйы литературон институт, кӕцы ныртӕккӕ хӕссы йӕ ном.
Демосфен (384-322 нӕ эрӕйы р.) – зындгонд Рагон Бердзенаг оратор ӕмӕ политик Райгуырд Афинӕтӕм хӕстӕг хӕцӕнгӕрзтӕ аразӕджы хӕдзары , уыдис скифаг хӕрӕфырт . Авдаздзыдӕй сидзӕрӕй баззад ӕмӕ тыхст уавӕрты мӕгуырӕй фӕхъомыл кодта. Уыдис тынг зӕрдӕргъӕвд ахуырмӕ , кастис Перикл, Исей , Платон ӕмӕ Фукидиды фыстытӕ . Йӕ бӕллиц уыд зындгонд оратор суӕвын . У ыдис тынг зондджын,фӕлӕ дзырдарӕхст нӕ уыд, дзырдта сабыр хъӕлӕсыуагӕй , йе уӕхск та кодта схъиугӕ . Демосфен зӕрдиагӕй райдыдта йӕхиуыл кусын : йӕ дзыхы лыстӕг дуртӕ бакӕнгӕйӕ рӕсугъд дзурын ахуыр кодта, денджызы уылӕнты уынӕрмӕ ахуыр кодта хъӕрӕй дзурын . Хӕдзары йӕ тексттӕ дзырдта царыл ауыгъд стыр цирхъы бын лӕугӕйӕ , йе уӕхск схъиугӕйӕ цӕмӕй уыцы цирхъӕй лыгтӕй йӕ туг кӕла ӕмӕ йӕ уыцы хъӕндзинадӕй фервӕза . Афтӕмӕй ссис Афинӕты хуыздӕр оратор ӕмӕ йӕ ном цӕргӕйӕ баззад ӕнусты.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Разработка открытого урока по теме: «Географическая оболочка» Урок-открытие
Что такое географическая оболочка? ГО – это взаимосвязь и взаимодействие всех оболочек Земли - всех сфер Земли.Какие это сферы?Постановка проблемы1. Ученику дается г...
Открытый урок по алгебре в 7 классе «А» тема: «Уравнения с одной переменной». Открытый урок по алгебре в 7 классе «А» тема: «Уравнения с одной переменной».
Открытый урок по алгебре в 7 классе «А»тема: «Уравнения с одной переменной».презентация по данной теме...
Открытый урок (мастер-класс) по русскому языку, проведённый на Фестивале инновационных идей в региональном образовании «Педагогические открытия 21 века» по теме Урок – исследование. «Предлог». (7 класс)
Тема: Предлог. (Закрепление знаний)Цель урока а) учебная: систематизировать и обогатить знания учащихся о предлоге, на основе заданий-исследований предупредить возможные ошибки в употреблении предлого...
Открытый урок по английскому языку. Открытый урок на активность обучения английского языка». (2 е—5 е классы обучения предмету)
Применение различныхвидов игр на уроке с целью закрепления лексических и грамматических навыков в обучении английскому языку....
Методическая разработка открытого урока по математике в 5 классе «Умножение десятичных дробей» (урок открытия новых знаний) в рамках ФГОС
Технологическая карта практико - ориентированного урока...
2.1.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение открытых уроков/занятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения первого открытого урока от МО муниципального уровня)
Эксперный лист первого урока...
3.2.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение открытых уроков/занятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения второго открытого урока от МО муниципального уровня)
3.2.Совершенствование методов обучения и воспитания через проведение открытых уроков/занятий на МО муниципального уровня (экспертный лист оценивания, протокол посещения второго открытого у...