учебная прогр.5 класс
методическая разработка (5 класс) на тему

учебная прогр.5 класс

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл uchebnaya_progr.5_klass.docx39.53 КБ

Предварительный просмотр:

  МАОУБ СОШ №7  г. Владикавказа

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА

по учебному курсу «Осетинский язык»

     5  класс

( невлад. группа)

(100 часов)

подготовила

Плиева Л.Т.

г. Владикавказ

2012

ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ

5-æм къласы ирон æвзаджы Кусæн программæ цæттæгонд æрцыд  Федералон паддзахадон ахуырадон стандарты домæнтæм гæсгæ. Программæ арæзт у ирон æвзаджы программæйы бындурыл. Автор: Джиоты Г.Х. (сфидар æй кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон университеты ЮНЕСКО – йы кафедрæ).

 

Программæйы нысан:

  • Ирон æвзаг ахуыр кæныны нысантæ æмæ фæстиуджытæ фæхуыздæр кæнын;  
  • ног ахуырадон стандартмæ гæсгæ астæуккаг скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæныны технологитæ   ивд кæй цæуынц, уый хынцгæйæ  ирон æвзаджы уроктæм  ивддзинæдтæ бахæссын;
  • астæуккаг скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæныны ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнын.

 

Программæйы мидис:

Астæуккаг скъолайы ахуырдзауты зонгæ кæнынц ирон æвзаджы нормæтимæ, ахуыр сæ кæнынц хи ныхас литературон æвзагмæ гæсгæ аразыныл. Ацы уавæрмæ гæсгæ ирон æвзаджы ахуыртæ дæр арæзт сты ирон литературон æвзаджы тыххæй скъоладзаутæн зонындзинæдтæ раттынæн.

Фæлæ уыимæ, ахуырдзауты зонгæ кæнынц ирон æвзаджы равзæрдимæ, йæ структурон арæзтимæ, æвзаджы иуæгтимæ.

Программæ ахуырдзауты зонгæ кæны æвзаджы ахæм æмбарынæдтимæ:

  • фонетикæ, фонетикæйы æмбарынæдтæ; лексикæ, лексикæйы æмбарынæдтæ; орфографии.
  •  морфемикæ æмæ дзырдарæзт;
  • синтаксис æмæ пунктуаци;
  • морфологи,  ныхасы хæйттæ: номдар, фæрсдзырд  æмæ нымæцон;
  • иумæйагæй æвзаджы тыххæй зонындзинæдтимæ: æвзаджы равзæрды фарстатæ,  æвзаджы ахадындзинад æхсæнады  царды;
  •  программæмæ хаст æрцыдысты, ныхасы рæзтыл куыст цы æмбарынæдты бындурыл арæзт цæуы, уыдон: текст, тексты арæзт, хъуыдыйæдты бастдзинад тексты.
  • ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуаци, æрхæцæн нысæнттæ æвæрыны æгъдæуттæ.

Ранымад зонындзинæдтæй уæлдай ма программæйы бæрæггонд цæуынц, 5-æм къласы ахуырдзаутæ цы орфографион, пунктуацион æмæ ныхас аразыны арæхстдзинæдтæ хъуамæ райсой, уыдон дæр.

5-æм  къласы  Ирон  æвзаджы  Кусæн программæйы  структурæ:

5-æм къласы ирон æвзаджы кусæн программæ арæзт у системондзинад æмæ наукондзинады принциптыл. Программæйы хъусдард цыд, цæмæй йæ домæнтæ  ахуыргæнджытæн уой æнцон баххæстгæнæн, цы æмбарынæдтæ дзы амынд цæуы, уыдон та скъоладзаутæн  –  æнцон  бамбарæн.

Ныхасы рæзтыл куыст фæпарахатдæр кæныны тыххæй æвзаджы æмбарынæдтæ лæвæрд цæуынц ныхасы рæзтыл куыстытимæ æнгом бастæй, æвзаджы иуæгтæн ныхасы мидæг цы ахадындзинад ис, уый амонгæйæ. Ныхасы рæзтыл куыстытæн сæ ахадгæдæртæ сты тексты бындурыл æххæстгæнæн фæлтæрæнтæ, кæцытæ бæрцæй лæвæрд цæуынц грамматикæ амоныны куысты хуызтимæ.

Программæйы стыр бынат ахсы рацыд æрмæг фæлхат кæныныл куыст. Уымæй уæлдай ма алы ног темæ дæр амынд цæуы рацыд æрмæджы бындурыл, кæронæй та æнæмæнг хъуамæ цæуа рацыд æрмæг фæлхат кæныныл куыст.

Программæйы бæррæггонд æрцыд ахуыры азы сахæтты нымæц, алы темæйæн дæр дзы цас лæвæрд цæуы, уый.  

Кусæн программæйы нысан æмæ хæстæ

Программæйы сæйраг нысан: ахуырадон предмет «Ирон æвзаг» 5-æм къласы ахуырдзаутæн дæтты зонындзинæдтæ ирон æвзаджы тыххæй, рæзын сын кæны сæ æвзаджы æмæ ныхасы арæхстдзинæдтæ. 5-æм къласы Кусæн программæйы нысан у: ахуырдзауты æвзаджы æмбарынæдтимæ базонгæ кæнын, практикон æгъдауæй сæ пайда кæныныл фæцалх кæнын.

Программæйы сæйрагдæрыл нымад цæуы коммуникативон компетенци(арæхстдзинæдтæ), культурæамонынады (культуроведческая) компетенци  рæзын кæнын.

 

        Коммуникативон компетенци (арæхстдзинад) амоны, цæмæй скъоладзаутæ арæхсой ныхасы хуызтæй (дзургæ, фысгæ, хъусгæ) пайда кæнынмæ, ныхасы уавæртæм гæсгæ арæхсой сæ ныхас аразынмæ.  

        Культурæамонынады (культуроведческая) компетенци – ирон æвзаг ирон адæмы культурæимæ зонгæ кæныны фæрæз кæй у, уый æнкъарын;  æвзаджы бастдзинæдтæ истори æмæ  адæмы культурæимæ, ирон ныхасы этикетон нормæтæ зонын, пайда кæнынмæ сæ арæхсын.  

 

Иумæйагæй ахуырадон предмет «Ирон æвзаджы» сæйраг хæстæ сты:

  • ахуырты  скъоладзаутимæ хъомыладон куыст кæнын;
  • логикон хъуыдыкæнынады рæзтыл кусын;
  • скъоладзауты фæцалх кæнын хиуыл кусыныл, ирон æвзаг  хибарæй ахуыр кæныныл;  
  • иумæйаг ахуырадон арæхстдзинæдтæ рæзыныл куыст (удгоймагон, регулятивон,  зонындзинæдтæ исыны (познавательный), коммуникативон).

 

Предметы хицæндзинад:

Ирон æвзаг у ирон адæмы уд æмæ зонд, ирон адæмы культурæйы хæзнадон; ирон æвзаг у  ныхас кæныны, хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз, нæ адæмы царды тыххæй зонындзинæдтæ кæрæдзийæн дæттыны фæрæз.

Æвзаг канд хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз нæу, æвзаг у хъомылады хотых, æмæ уымæ гæсгæ ирон æвзаджы ахуыртæн скъолайы  ис стыр ахадындзинад.  

Ахуырты рæстæг пайдагонд цæуы ахæм  ахуырадон технологитæй:

  • скъоладзаутæм индивидуалон цæстæй  кæсыны технологи (дифференциаци);
  • проблемон ахуыртæ;
  • информацион-коммуникативон технологи;
  • æнæниздзинад хъахъхъæныны  технологи;
  • бæрæггæнæнты инновацион  системæ,  «портфолио»;
  • коллективон  куысты  хуызтæ  (къæйттæй куыст, къордты куыст);
  • проектон-иртасæн  технологи.

Кусæн программæмæмæ  хаст  ивддзинæдтæ

      Ирон æвзаджы ахуырадон программæйы (Дзæуджыхъæу, «ЦИППИ», 2011 аз) 5-æм къласы ирон æвзаг ахуыр кæнынæн лæвæрд цæуы 100 сахаты.         Нæ  Кусæн программæйы  дæр лæвæрд  цæуы ацы сахæтты нымæц.

5-æм къласы ирон æвзаджы  Кусæн программæйы    æрмæг темæтæм гæсгæ лæвæрд цæуы афтæ:

Программæйы мидис

Сахат

1.

Райдайæн кълæсты рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

3

2.

Ацы ног чиныг.

3

3.

Чиныг у дæ хорз æмбал.

2

4.

Ды æмæ де мбæлттæ.

9

5.

Де рвылбоны цард.

1

6.

Ногæй та скъоламæ.

5

7.

Сæрды каникултæ.

2

8.

Цы зоныс? Цæмæ арæхсыс?Контролон куыст.

2

9.

Къостайы райгуырæн бон.

6

10.

Афæдзы афонтæ.

15

11.

Цы базыдтай? Контролон куыст.

1

12.

Бакæс, æмæ иумæ аныхас кæнæм.

2

13.

Де рвылбоны цард.

6

14.

Скъола.

7

15.

Цæмæ арæхсыс?

1

16.

Цавæр миниуджыты хицау дæ?

6

17.

Бакæс, æмæ иумæ аныхас кæнæм.

2

18.

Цы базыдтай? Контролон куыст.

1

19.

Куыд æххуыс кæныс хæдзары?

5

20.

Бакæс, æмæ иумæ аныхас кæнæм.

1

21.

Афæдзы афонтæ.

3

22.

Нæ алфамблай дуне.

3

23.

Цы зоныс? Цæмæ арæхсыс?

1

24.

Скъола.

8

25.

Цы базыдтай афæдзы дæргъы?

1

26.

Афæдзы дæргъы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

3

5-æм къласы  Кусæн программæйы нысантæ æмæ хæстæ баххæст кæнынæн ахуырты рæстæг пайдагонд цæудзæн ахæм ахуырадон фæрæзтæй

Ахуыргæнæн чиныг: «Ирон æвзаджы чиныг 5-æм къласæн».   Автор: Джиоты Г.Х., Дзæуджыхъæу,  «ЦИППИ», 2011.

Ахуыргæнæн уæлæмхасæн æрмæг скъоладзаутæн: «Текстыл куыст ирон æвзаджы урокты». Автор: Майрæмыхъуаты Ф.А., Дзæуджыхъæу, ИПО  СОИГСИ, 2011.

Методикон æрмæг ахуыргæнæгæн:

  Гаппуаты Хъ. Дидактикон æрмæг 5-æм къласы ирон æвзаджы уроктæм.

Ахуырты (урокты) хуызтæ:

Ног æрмæг амоныны урок, рацыд æрмæг (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ) бафидар кæныны урок,   комбинарон урок, урок-беседæ, фæлхат кæныны урок, урок-лекци, урок-хъазт, урок-иртасæн, урок-практикум, ныхасы рæзтыл кусыны урок.

Ахуырты пайда кæнæн ис ахæм методтæй æмæ мадзæлттæй:

- рацыд æрмæджы фæдыл беседæ;

- индивидуалон бафарст;

- фронталон бафарст;  

- индивидуалон куысты хуызтæ;

 - кæрæдзийы куыстыты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын;

 - хи куысты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын (дзырдуатæй, бæрæгуатæй пайда кæнгæйæ);

- грамматикон хъæзтытæ;

- презентаци (компьютерон дæр)  цæттæ кæныныл куыст;

- текстимæ куыст

Ахуырдзауты архæйдтытæ урочы:

- хи æмæ искæй ныхасы анализ, ныхасы рæдыдтытæ раст кæныныл куыст;

- текстæн пълан аразыныл куыст;

- пъланмæ гæсгæ текст хи ныхæстæй радзурын;

- текст  кæронмæ ахæццæ кæнын;

- тексты рæдыдтытæ сраст кæнын;

- ног текст аразыныл куыст;

- диалогон ныхасы архайын;

- аудировани (текстмæ хъусын, алыхуызон текстты информаци иртасын, тексты хъуыды раст æмбарын,   хъуыдытæ кæрæдзиуыл логикон æгъдауæй бæттын зонын;

- фысгæ ныхас (текст) аразын зонын, хи хъуыдытæ фысгæ ныхасы хуызы  раргом кæнынмæ арæхсын;

- темæмæ гæсгæ æнцойгæнæн схемæтæ æмæ таблицæтæ цæттæ кæнын;

- хибарæй (кæнæ къорды кусгæйæ) орфографион æмæ пунктуацион хæслæвæрдтæ бацæттæ кæнын;

- дзырдуæттимæ кусын, хи дзырдуат саразыныл куыст;

-  компьютерон презентацитæ цæттæ кæныныл куыст;

5-æм къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ бæрæггæнæн куыстытæ:

  • тестытæ;
  • тексты иумæйаг æвзæрст;
  • проблемон фарстæн фысгæ дзуапп рдæттын;
  • нывмæ гæсгæ сочинени;
  • цардæй ист цауы тыххæй  дзурын,
  • предметы æрфыст  цæттæ кæнын;
  • лингвистикон темæйыл дзургæ/фысгæ дзуапп  цæттæ кæнын.

Рацыд æрмæгæй зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны куысты хуыз:

  • тест;
  • контролон куыст.

ДОМÆНТÆ

5-æм къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæм ирон æвзагæй

Ахуырдзаутæ хъуамæ зоной:

  • 5-æм къласы цы æмбарынæдтимæ базонгæ сты, уыдоны раиртæстытæ;   ныхасы æмбарынæдтæ, орфографион æмæ пунктуацион æгъдæуттæ; лæвæрд фарстæн дзуапп дæттын, дзуапп дæнцæгтæй фидар кæнын.

 Фæндзæмкъласонтæ ахуыры азы кæронмæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:

 

  • цы  хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдты хуызтимæ базонгæ сты, ахæмтæ аразын;
  • дзырды нысаниуæг бацамонын, ныхасы мидæг дзы раст пайда кæнын; ирон æвзаджы орфографион æмæ æмбарынгæнæн дзырдуæттæй пайда кæнын;
  • литературон æвзаджы нормæтæм хъус дарын.

Орфографийæ.Орфографион рæдыд ссарын, сраст æй кæнын;

Пунктуацийæ.  Æрхæцæн нысæнттæй фæхицæн кæнын кæй хъæуы, ахæм хъуыдыйады хæйттæ ссарын,   æрхæцæн нысаны æвæрд бацамонын.

Ныхасы рæзтыл куыстытæй. Тексты темæ, сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын. Таурæгъон тексты мидис текстмæ хæстæг кæнæ æлвæстæй радзурын. Лæвæрд текстæн кæнæ хи арæзт текстæн пълан бацæттæ кæнын,нывы æрфыст.

Хи тексты хъæндзинæдтæ ссарын, сраст ын кæнын йæ ныхасы рæдыдтытæ (цы æрмæг рацыдысты, уымæ гæсгæ).

Æвзаджы мадзæлттæй дзургæ æмæ фысгæ ныхасы раст пайда кæнын.

Дзырдуæттæй пайда кæнын.

Хи зонындзинæдтæй пайда кæнын

- диалог æмæ монолог аразгæйæ;

- контролон куыстытæ æххæст кæнгæйæ.

Скъоладзаутæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:

Ныхас кæнынимæ баст архæйдтытæ:

Хъусын:

тексты хъуыды раст æмбарын,

сæ жанртæм гæсгæ алыхуызон текстты информаци иртасын,

тексты сæйраг хъуыды, йæ аразæг хæйттæ иртасын.

Кæсын:

- раст æмæ аив кæсын;

- тексты ссарын сæйраг æмæ уæлæмхасæн информаци;

- текст хæйттыл адих кæнын, хæйттæм гæсгæ текстæн  пълан бацæттæ кæнын;

- бакаст текстмæ гæсгæ лæвæрд фæрстытæн дзуапп дæттын;

- текст кæсгæйæ дзы хъæугæ информаци ссарын;

- тексты æмæ парагрæфы сæргондмæ базонын, ныхас дзы цæуыл цæудзæн, уый;

- дзырдуаты хъæугæ æрмæг ссарын;

- логикон цавд раст æвæрын, паудзæтæ раст кæнын;

- текст раст хъæлæсы уагæй кæсын.

Дзурын:

- ахуыргæнæджы фарстæн дзуапп дæттын;

- дзургæ ныхас раст аразын, хъуыды раст æргом кæнын;

- æвзаджы мадзæлттæй  æмæ интонацийæ раст пайда кæнгæйæ хи хъуыдытæ раст æргом кæнын.  

Фыссын:

- тексты темæ æмæ сæйраг хъуыды иртасын;

- текст абзацтыл дих кæнын;

- чысыл тексттæ фыссын (сочинени-миниатюрæ фыссын);  

- текст аразгæйæ, алыхуызон дзырдуæттæй пайда кæнын;

- хи хъуыды æргом кæнын;

- текстæн æрхъуыды кæнын, йæ  сæйраг хъуыды æмæ темæ æргом чи кæны, ахæм сæргонд;

- хи кæнæ искæй ныхасы рæдыдтытæ раст кæнын.

 

Фонетикæ и орфоэпийæ:

- дзырды мыртæ раст рахицæн кæнын, классификаци сын скæнын;  

- цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ бæрæг кæнын; мыртæ æмæ дамгъæтæ иртасын;

- хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ, дзырдтæ  раст дзурын.

 

Графикæ:

- ирон алфавит зонын, дамгъæтæ раст кæсын;

- дзырдуатимæ кусгæйæ, алфавитæй раст пайда кæнын;

Морфемикæ:

- дзырды морфемæтæ хицæн кæнын;

- æмуидагон дзырдты нысаниуæг разæфтуантæ æмæ фæсæфтуанты фæрцы куыд ивы, уый иртасын;

Лексикологи:

- дзырды лексикон нысаниуæг бацамонын алыхуызон мадзæлттæй пайда кæнгæйæ (дзырдуатæй пайда кæнгæйæ, уырыссаг æвзагмæ йæ тæлмац кæнгæйæ,  синонимтæ æмæ йæм антонимтæ ссаргæйæ,  æмуидагон дзырдтæм гæсгæ);

- дзырдтæ тематикон къордтæм гæсгæ дих кæнын;

- дзырдтæй сæ лексикон нысаниуæгмæ гæсгæ раст пайда кæнын;

- дзырды комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæ иртасын;

- ирон ныхасы хуымæтæгдæр этикетон нормæтæй пайда кæнын;

Морфологи:

- ныхасы хæйттæ кæрæдзийæ иртасын;

- дзырдтæ тасындзæг æмæ ифтындзæг кæнын, дзырды формæ аивын зонын;

- рацыд ныхасы хæйттæй ныхас кæнгæйæ раст пайда кæнын.

Орфографи:

- дзургæйæ бацамонын дзырды растфыссынад;

- раиртæстмæ гæсгæ дæнцæгтæ ссарын.

Синтаксис æмæ  пунктуаци:

- хъуыдыйады дзырдбæстытæ рахицæн кæнын;

- дзырдбæстытæ аразын;

- хъуыдыйæдтæ аразын;

- хъуыдыйады интонаци иртасын;

-

- æрхæцæн нысæнтты æвæрд амонын;

- рацыд пунктуацион æгъдаумæ дæнцæг ссарын зонын.

Ахуырадон – тематикон пълан

Программæйы мидис

Сахат

1.

Ацы ног чиныг.

3

2.

Чиныг у дæ хорз æмбал.

2

3.

Ды æмæ де мбæлттæ.

9

4.

Де рвылбоны цард.

1

5.

Ногæй та скъоламæ.

5

6.

Сæрды каникултæ.

2

7.

Цы зоныс? Цæмæ арæхсыс?Контролон куыст.

2

8.

Къостайы райгуырæн бон.

6

9.

Афæдзы афонтæ.

15

10.

Цы базыдтай? Контролон куыст.

1

11.

Бакæс, æмæ иумæ аныхас кæнæм.

2

12.

Де рвылбоны цард.

6

13.

Скъола.

7

14.

Цæмæ арæхсыс?

1

15.

Цавæр миниуджыты хицау дæ?

6

16.

Бакæс, æмæ иумæ аныхас кæнæм.

2

17.

Цы базыдтай? Контролон куыст.

1

18.

Куыд æххуыс кæныс хæдзары?

5

19.

Бакæс, æмæ иумæ аныхас кæнæм.

1

20.

Афæдзы афонтæ.

3

21.

Нæ алфамблай дуне.

3

22.

Цы зоныс? Цæмæ арæхсыс?

1

23.

Скъола.

8

24.

Цы базыдтай афæдзы дæргъы?

1

25.

Афæдзы дæргъы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

3

Къæлиндарон – тематикон пълан.

Темæ

Сах

Куысты хуыз

Лексикæ

Граммат.

Цæстуынгæ æрмæг

Æмгъуыд

1.

Ацы ног чиныг.(3 сах.)

Мæ чиныг.

Нæ ног чиныг.

Чиныг – зондамонæг.

1

1

1

Ныхасы рæзтыл куыст,

диалогон ныхас

Адæмыхатт, æнгуыр, æнгуырдар,уацхæссæг

Номдарты бирæон нымæцы формæтæ

чиныг, таблицæ

2.

Чиныг у дæ хорз æмбал.

(2 сах.)

Чиныг у ме мбал.

Чиныг – зонды къæбиц.

1

1

Урок – беседæ,

рольтæм гæсгæ кæсын

Архайд, арæхстгай, æрымысын, къæбиц, бæллиццаг

чиныг

3.

Ды æмæ де мбæлттæ. (9 сах.)

Мæ ног зонгæтæ.

Ме мкъласонтæ.

Чи сты дæ ног æмбæлттæ?

Кæм цæрынц дæ ног æмбæлттæ?

Фыстæг ме мбалмæ.

Фыстæг Светланæмæ.

Æцæг æмбал.

Цымæ чи у æцæг æмбал?

Дæуæн дæр ахæм æмбал ис?

1

1

1

1

1

1

1

1

1

Диалогон ныхас, нывтæм гæсгæ куыст,

Урок – беседæ,

Æхсызгон,зæрдæргъæвд,арæхсын,фыстæг,фæдзæхсынæдзух

Бæрцон

æмæ рæн-

хъон нымæ-

цонтæ.

Цæсгомон номив-

джытæ.

Чиныг, нывтæ,ИКТ

4.

Де рвылбоны цард.

1

Комбинирон урок

Ныртæккæ, æдзух, арæх, стæм хатт, никуы

Мивдисæ-

джы афонтæ.

Нывтæ,дидактикон æрмæг

5.

Ногæй та скъоламæ. (5сах.)

Байрай,ахуыры фыццаг бон.

Ахуыры фыццаг бон.

Не скъолайы бæрæгбон.

Æмæ та райдыдта ног ахуыры аз.

1

1

1

2

Урок-интервью, урок-беседæ,

комбинирон урок

Æфсургъ, зæрдæйы уаг, æрхæндæг,зæрдæрухс

Абстрактон номдартæ.

Хуымæтæг хъуыдыйад.

ДВХъ.

Таблицæ,чиныг.ИКТ

6.

Сæрды каникултæ.

(2 сах.)

Каникултæ.

Куыд арвыстай дæ каникултæ?

1

1

Грамматико - ориентирон

Æрттиваг, æнуд, иумæйаг. уæрæх

Сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ.

Таблицæ, чиныг, фæйнæг

7.

Цы зоныс? Цæмæ арæхсыс? (2 сах.)

Æрмæг фæлхат кæнын.

Контролон куыст.

1

1

Фæлхат кæныны урок

Карточкæтæ, фæйнæг

8.

Къостайы райгуырæн бон.

(6 сах.)

Къоста – ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг.

Фæлладуадзæн фæз « Терк»-мæ.

Къоста«æрцыдис»фонтанты фæзмæ.

Къостайы бæрæгбонмæ.

«Адæм,уæ кæрæ-

дзи уарзут!»…

Къоста – сабитæн.

1

1

1

1

1

1

Урок-лекци

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Аив кæсæны урок

Бæгъæввад,

хи рæвдз кæ-

нын, къух-

æмдзæгъд,

фæхъус уæвын

Мивдисджыты разæф-

туантæ.

Мивдисæ-

джы хуызтæ.

Вазыгджын номдартæ.

ИКТ,фотоаль-

бом

9.

Афæдзы афонтæ.

(15 сах.)

Фæззæджы фæдыл – паркмæ.

Фæззыгон хъæды.

Нывгæнджытæ.

Фæззабег – дæсны нывгæнæг.

Зымæджы кæлæнтæ.

Зымæгон нывтæ.

Арсы уазджытæ.

Тел скъолайы сывæллæттæн.

Ног боны размæ.

Зæлинæйы фын.

Ног боны аргъау.

Ихын галуан.

Зымæджы каникултæ.

1

1

1

1

1

1

2

1

2

1

1

1

1

Диалогон ныхас

Комбинирон урок

Урок – беседæ

Ныхасы рæзтыл куыст

Арвæрттывд,

сахкъæвда, сæлфынæг,

хуылыдз,

мæстыгæр

Тасындзæг.

Ифтындзæг.

Æппæццаг номивджы-

тæ.

Æргомон здæхæн.

Фæдзæхстон здæхæн.

Нывтæ, карточкæтæ, чиныг,ИКТ

10.

Цы базыдтай?

Контролон куыст.

1


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Проверка учебной работы класса классным руководителем.

Виды проверки учебной работы класса классным руководителем....

Календарно-тематическое (поурочное) планирование по геометрии (профильный уровень) на 2014-2015 учебный год Класс: 10 Всего часов: 68 (2 часа в неделю) УМК: • Атанасян Л.С. Бутузов В.Ф. Кадомцев С.Б. и др. Геометрия, 10-11: учеб. для общеобразоват. учр

ТРЕБОВАНИЯ К УРОВНЮ ПОДГОТОВКИ ВЫПУСКНИКОВ В результате изучения курса геометрии 10 ученик должен знать/понимать • существо понятия математического доказательства; примеры доказате...

Рабочая программа кружка по русскому языку «Русское слово» на 2015-2016 учебный год Класс: 9

Рабочая программа кружка по русскому языку  «Русское слово»на 2015-2016 учебный годКласс: 9...

Календарно-тематическое планирование На 2015-2016 учебный год Класс 5 Предмет физическая культура

Календарно- тематическое планирование составлено на основе комплексной программы " Физическое воспитание 1-11 классы", ФГОС В.И. Лях, издательство "Просвещение", 2014г....

Рабочая программа по геометрии на 2019-2020 учебный год Класс: 7-9. Атанасян

Рабочая программа по  геометрии для 7-9 классов  на 2019-2020 учебный год.  Атанасян...

ПЛАН ВОСПИТАТЕЛЬНОЙ РАБОТЫ на 2021 - 2022 учебный год класс 6

ПЛАН  ВОСПИТАТЕЛЬНОЙ РАБОТЫ  на 2021 - 2022 учебный год класс 6...