Темæ:Нымæцон. (Фæлхат кæнын.) Конспект урока + презентация
план-конспект урока (6 класс) на тему
Нысан: Ныффидаркæнынрацыдæрмæг нымæцонæй. Фылдæркæнынскъоладзаутыныхасырæзт. УарзынкæнынРайгуырæнбæстæ, мадæлон æвзаг.
Цæстуынгæ æрмæг: таблицæ нымæцонæй, бæстæзонæнкарточкæтæ, предметоннывтæ.
Скачать:
Предварительный просмотр:
Темæ: Нымæцон. (Фæлхат кæнын.)
Нысан: Ныффидар кæнын рацыд æрмæг нымæцонæй. Фылдæр кæнын скъоладзауты ныхасы рæзт. Уарзын кæнын Райгуырæн бæстæ, мадæлон æвзаг.
Цæстуынгæ æрмæг: таблицæ нымæцонæй, бæстæзонæн карточкæтæ, предметон нывтæ.
Урочы цыд:
- Организацион хай.
- Уæ бон хорз скъоладзаутæ! Абон нæ урокмæ æрбацыдис уазджытæ æмæ сын салам раттут.
- Скъоладзаутæ, уæ тетрæдтæ бакæнут æмæ ныффыссут абоны нымæц.
- Урочы нысан зæгъын.
- Скъоладзаутæ абон нæ урочы ныффидар кæндзыстæм рацыд æрмæг нымæцонæй. (фылдæр бакусдзыстæм нæ ныхасы рæзтыл.
- Цы хонæм нымæцон? (Предметы нымæц кæнæ предметты рæнхъæвæрд цы ныхасы хай æвдисы, уый хуыйны нымæцон.)
- Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц нымæцонтæ? (Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ вæййынц цыппар хуызы: бæрцон нымæцонтæ: æртæ, дæс, мин; рæнхъон нымæцонтæ: фæндзæм, дæсæм, сæдæйæм; дихон нымæцонтæ: фæндзгай, дæсгай, сæдæгай; мурон нымæцонтæ: фондз дæсæм хайы , иу æхсæзæм хай.
- Хъуыдыйады мидæг нымæцон цавæр уæнг вæййы? ( сæйрат, бæрæггæнæн, æххæстгæнæн.)
lV. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
- Хæдзармæ куыст уын уыди цæмæй журнал «Ногдзау» - æй рафыссат 4-5 хъуыдыйады нымæцонтимæ.
V. Рахизын урочы эпиграфмæ.
- Абон нæ урочы эпиграф у ахæм (фæйнæгыл фыст), (ахуыргæнæг кæсы эпиграф).
Иу зонд – хорз, дыууæ – хуыздæр
Иу тых тыхджын, дыууæ – тыхджындæр
Брытъиаты Елбыздыхъо.
- Ацы ныхæстæ та куыд æмбарут? (Ома адæмæн æнгомдæр лæууын хъæуы кæрæдзимæ, зын сахат уа, хъæлдзæгдзинад уа, хъуамæ адæм кæрæдзийæн æххуыс кæной.)
- Уæдæ ма ахъуыды кæнут æмæ зæгъут цавæр æмбисонд ис æрхæссæн ацы эпиграфмæ? ( Гæдиаты Секъайы æмбисонд « Кæсаг, хæфс, æмæ цъиусур».)
- Æрлæууын ма йæ кæнæм нæ зæрдыл. ( Иу скъоладзау дзуры Гæдиаты Секъайы æмбисонд найзусть.)
Гæдиаты Секъайы « Кæсаг, хæфс, æмæ цъиусур».
Кæсаг, хæфс, æмæ цъиусур
денджызæй ластой иу дур:
сæ фæнд иумæ нæ цыдис!
Кæсаг донмæ хæцыдис,
хæфс æй ласта суры `рдæм.
Абон дæр ма уыцы дурр
денджызы ис уæ мæ хур.
- Цы ис иумæйагæй эпиграф æмæ æмбисонды.
- Хатдзæг скæнын хæлардзинады тыххæй.
Vl. Зынæмбарæн дзырдтæ фæйнæгыл фыст.
- Нæ абоны урочы фембæлдзыстæм зынæмбарæн дзырдтимæ. Равзардзыстæм сын сæ нысаниуæг, сæ растфыссынад. Сымах сæ бахъуыды кæнут. Дзырдбæстытæ семæ æрхъуыды кæнут.
Дзырдуат:
Фæзуат – площадь
Сакъадах – остров
Сусхъæд – липа
Уæрæсе – Россия
- Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм.
Vll. Беседæ Ирыстоны тыххæй.
- Скъоладзаутæ кæм цæрæм? (Мах цæрæм Ирыстоны.)
- Цал Ирыстоны нæм ис? (Ис нæм дыууæ Ирыстоны: Хуссар æмæ Цæгат.)
- Цал сахары нæм ис? Ранымайут сæ. ( Ис нæм æхсæз сахары: Дзæуджыхъæу, Алагир, Мæздæг, Дигора, Беслæн, Æрыдон.)
- Мах кæм цæрæм уыцы сахар та куыд хуыйны? ( Мах цæрæм Дзæуджыхъæуы.)
- Кæцы съолайы ахуыр кæнут? ( Мах ахуыр кæнæм 15 – æм скъолайы.)
- Кæцы къласы ахуыр кæнут? (Мах ахуыр кæнæм 6 – æм «Б» къласы.)
- Скъоладзаутæ цавæр урокты пайда кæнут нымæцонтæй? (Географийы, математикæйы, биологийы, историйы.)
Vlll. Карточкæтимæ куыст.
- Скъоладзаутæ æз уын райуардзынæн карточкæтæ, кæцыты ис фыст цымыдиссаг цаутæ уырыссагау (фыст). Уæ хæс: ратæлмадз сæ кæнын ирон æвзагмæ, раст пайда кæнут нымæцонтæй.
- Самый древний музей – Уфицианская галерея. Находится во Флоренции. Ему 400 лет.
- Самая длинная опера у Россини, она длится 7 часов.
- Самый большой музей это Лувр. Чтобы познакомиться с картинами музея, надо пройти 1 километр 500 метров.
- Самое длинное предложение состоит из 814 слов.
- Самая маленькая газета размером с почтовую открытку выходит 1 раз в неделю во Франции.
- Самую древнюю грамматику написали индийские ученые в 4 веке.
- Самая большая энциклопедия была напечатана в Китае. Ее заголовки заняли 60 томов.
- Самый тяжелый персик был сорван в Британии в 1984 году. Весил он 411 граммов.
- Самая маленькая книга вышла в Италии в конце 19 века. Ее длина была 16 миллиметров.
- Самые первые Олимпийские игры были проведены в Древней Греции 1000 лет тому назад.
- Самый тяжелый цветок растет на острове Суматра. Весит он 6 килограммов.
- Самая большая морковь выросла в Новой Зеландии в 1986 году. Весила она 7 килограммов.
- Самая большая редиска выросла в Австралии в 1985 году весом 12 килограммов.
- Чаще всего во всем мире дожди идут на Гаваях. Дожди идут там 350 дней в году.
- Самая старая сосна растет в Калифорнии. Ей 4 тысячи 700 лет.
- Самая старая липа в России растет в Калининграде. Ей 500 лет.
- Больше всего денег заплатили за яблоню в 1959 году в Америке. За нее заплатили 51 тысячу долларов.
(Скъоладзаутæ кæсынц сæ тæлмæцтæ.)
lX. Предметон нывтимæ куыст.
- Скъоладзаутæ, ныртæккæ уын æз æвдисдзынæн нывтæ, сымах семæ æрхъуыды кæнут дзырдбæстытæ нымæцонтæй пайдагæнгæйæ æмæ сæ уæ тетрæдты ныффыссут.
- Æртæдзыхон чъири, æртыкъахыг фынг, дыууадæстæнон фæндыр, цыппардигъон стъол, фондзтигъон стъалы.
- Мах сарæзтæм дзырдбæстытæ нымæцонтæй пайдагæнгæйæ, фæлæ ирон æвзаджы ис ахæм нымæцон кæцы у Табуйаг. Уый у нымæцон 7 (авд). Цæмæ? Уымæн æмæ баст у дзуæрттимæ. (Авд дзуары, авд æфсымæры, авд дæлдзæхы, авд бон къуырийы, авд хойы стъалыты дзыгуыр.)
- Ноджы ма нымæцон авдæй равзæрд дзырд авдæн (равдисын авдæны ныв). Ирон адæммæ ис ахæм ракуывд: Авд лæппуйы æмæ дыни у цъæхдзæст чызг куыд райгуыра».
X. Аулæфт.
- Скъоладзаутæ, ныртæккæ иу гыццыл аулæфдзыстæм. Цы æмдзæвгæтæ ахуыр кодтам нымæцонты тыххæй, уыдон нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм. (5 скъоладзауы дзурынц æмдзæвгæтæ нымæцонтимæ.)
- Иу у хур!
Иу у мæй!
Бафтауæн сæм иу дæр нæй!
Иу – мæхæдæг. Иу мæ мад.
Иуæй райдайы нымад.
- Хъустæ, рустæ, былтæ – къæйттæ.
Къухтæ, къæхтæ дæр дыгæйттæ.
- Æз, Фари æмæ Фырыдæ
Стæм æртæ. Стæм æртæ.
- Иу, дыууæ, æртæ, цыппар
Цæй уæдæ хæлттæ æппар:
Ис цыппар къахы нæ галæн.
Ис цыппар къулы хæдзарæн.
У цыппаркъуымон нæ цар.
Гъе ныр радгæс у дæ бар.
- Цæрукъаты Валодя. « Дыууæ цæукъайы»
Иу нарæг хидыл Кæрæдзийы дын
Хæрхæмбæлд фесты Æмгуыпп нылластой
Дыууæ цæукъайы! Дыууæ цæукъайы.
Сæ кæрæдзийæн Æмæ дын доны
Фæндаг кæм радтой Ыстæлфыдысты
Дыууæ цæукъайы! Дыууæ цæукъайы!
«Мæ разæй иуварс!» - Чи уæ нæ бахудт
Æмдзырд ыскодтой Фыд – зыкъуыр, фыдуаг
Дыууæ цæукъайы. Дыууæ цæукъайыл?
Æгадæй иу дæр Æз æмæ ме` мбал
Фæстæмæ не здæхт. Нæ бафæзмдзыстæм
Дыууæ цæукъайæ. Дыууæ цæукъайы!
Xl. Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ равзарын иу хъуыдыйад. ( Скъоладзаутæ хъуыды кæнынц хъуыдыйæдтæ нымæцонтимæ. Иу хъуыдыйад дзы фæйнæгыл равзарын.)
Руслан абон райста фондз.
- Цавæр у ацы хъуыдыйад йæ загъды нысанмæ гæсгæ? Йæ арæзтмæ гæсгæ? ( Ацы хъуыдыйад йæ загъды нысанмæ гæсгæ у таурæгъон. У хуымæтæг даргъ, уымæн æмæ ма дзы сайраг уæнгтæй уæлдай ис фæрссаг уæнгтæ.)
- Алы дзырды сæрмæ дæр ныффыссут, кæцы ныхасы хаймæ хауы, уый.
- Съоладзаутæ мах ныма фæрсдзырд нæма рацыдыстæм. Ацы хъуыдыйады мидæг ис ахæм дзырд, кæцы хауы уыцы ныхасы хаймæ. Уый у дзырд абон.
Xll. Хъазт «Къæлиндар».
- Скъоладзаутæ, куыд хъуыды кæнут, цымæ къæлиндар та цæмæн хъуыд? (Даргъ рæстæг нымайыны тыххæй арæзт æрцыд къæлиндар дæр. Хорз къæлиндар саразыны тыххæй зонын хъæуы, афæдзы дæргъ цæййас у, уый. Къæлиндармæ гæсгæ адæм нымайынц бонтæ, къуыритæ, мæйтæ, афæдзтæ.) Афæдзы дæргъ фыццаг хатт базыдтой египетаг адæм. Уыдон бафиппайдтой, Сириусы иу фæзындæй иннæ фæзындмæ 365 боны кæй рацæуы, уый. Уыцы рæстаджы скъуыддзаг уыдон схуыдтой афæдз. Уæдæй фæстæмæ алы бæстæты дæр райдыдтой афæдзгай нымадмæ хизын.
- Ныртæккæ, скъоладзаутæ, ахъаздзыстæм хъазт «къæлиндар» - æй. Сымахæн уыдис хæслæвæрд, цæмæй сныв кæнат зæрдылдарæн бæрæгбæттæ. (Скъоладзаутæ радыгай æвдисынц сæ нывтæ æмæ дзурынц скъуыддзæгтæ æмдзæвгæтæй.)
- 23 – æм февраль. «Ног æфсад».
Мах ыстæм тау кæрдæг
Мах ыстæм цард – цæрдæг
Мах ыстæм рухстау, æфсад!
Цомут æнгомдæрæй!
Сисут уæ къахдзæф цæрдæг.
Мачи ныл фæуа уæлахиз!
Иу! Дыууæ! Æртæ!
- 12 – æм апрель.
Адæймагæн зæхх уыдис йæ авдæн,
Æмæ йыл нæртон лæппу ыслæг.
Райсом хъуамæ Мæйы дæр æрбадæм
Хъуамæ Марсмæ сæргъæвæм цæрæг.
- 9 – æм Май.
Арвы егъау цъæхыл
Хурæн йæ цæст
Ма `рцæуæд а зæххыл
Макуыуал хæст.
- 1 – æм сентябрь.
Чиныг зонды суадон,
Рухсгæнæг цырагъ,
Алкæмæн дæр уарзон,
Буц æмæ зынаргъ.
- 1 – æм январь. Ног аз.
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ!
Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ!
Фæхæссынц уын нæуæг бонтæ!
Фыццаг хæрзтæй хуыздæр хæрзтæ!
- 25 –æм май.
Абон хурмæ хъазы бæстæ.
Цины аныгъуылдис зæхх.
Мах нæ уроктæн сæ фæстæ
Хъазæм доны был дзæбæх!
- 8 – æм мартъи .
Абон æстæм, æстæм, мартъи.
Арфæ дын кæнæм нана!
Бирæ рухс бонтæ ма царды
Хъуамæ фенай ды нырма!
- Скъоладзаутæ зæгъут ма, уæ нывтыл цавæр нымæцонтæ ис фыст? Цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ? (Скæнын хатдзæгтæ.)
- Нæ иннæ урокты мах дарддæр æмбырд кæндзыстæм нæ къæлиндар.
Xlll. Кæронбæттæн.
- - Скъоладзаутæ, ныртæккæ сараздзыстæм ерыстæ «Хуыздæр диктор». (Размæ рацæуæнт 3 скъоладзауы æмæ кæсынц текст нымæцонтимæ.) (Гæххæттыл ныффыссын текст.)
- Уæ бон хорз!
Æз, Гайты Нинæ, базонгæ уæ кæндзынæн нæ абоны телепередачæтимæ.
18.00 сахатыл. «Ирыстон абон».
18 с. 20 минутыл. «Худындзæг».
19.00 сахатыл. «Нæ чысыл хуртæн равдисдзыстæм нæ радон равдыст «Уадындз».
- Уæ бон хорз!
Æз, Бестауты Аринæ, базонгæ уæ кæндзынæн нæ республикæйы «Спортивон цаутимæ».
Нæ республикæйы цыдысты ерыстæ хъæбысхæст дзюдойæ фæсивæды `хсæн. Фæуæлахиз Аланийы иугонд командæ. Ерасты архайдтой 17 командæйы. 1983 – 1985 азты гуырд 300 дзюдоисты.
- Уæ бон хорз!
Æз, Зозырты Моникæ, базонгæ уæ кæндзынæн абоны боныхъæдимæ.
Республикæйы гидромицентр куыд хъусын кæны, афтæмæй абон, 22 декабры , нæ уардзæн, фæндæгтæ уыдзысты цъырыхснæг. Уæлдæфы температурæ республикæйы 0 – 5 градусы уазал. Дзæуджыхъæуы – 1 – 3 градусы уазал.
( Равзарын хуыздæр диктор æмæ йын раттын зæрдылдарæн лæвар.)
- Цы хонæм нымæцон?
- Сæ нысаниуæгмæ цавæртæ вæййынц? Дæнцæгтæ æрхæссын.
XlV. Хæдзармæ куыст раттын.
Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок - игра по математике для 5 класса. (Конспект урока, презентация для проведения урока).
Первый урок математики в 5 классе проводится в форме игры для мотивации учащихся на изучение математики и повторения изученного в начальной школе. К разработке урока прилагается през...
Урок биологии в 8 классе по теме "Клеточное строение организма" (конспект урока + презентация)
Урок биологии в 8 классе по теме "Клеточное строение организма". В данной работе представлен конспект урока с презентацией. На уроке дети должны усвоить знания о строении и жизнедеятельности кле...
Урок в 10 классе по теме "Неклеточные формы жизни. Вирусы" (конспект урока + презентация)
Представлен конспект урока в 10 классе с презентацией по теме "Неклеточные формы жизни. Вирусы"!. Рассмотрены особенности строения и размножения вирусов, представлена их классификация....
Конспект урока + презентация урока на тему: "Спасители Отечества. Конец Смуты"
Цель:выявить конкретные проявления кризиса в обществе и государстве, причины, вызвавшие паралич и развал общества....
Конспект урока, презентация, самоанализ урока, раздаточный и наглядный материал для урока в 4 классе по теме "Домашние обязанности"
Данный урок был проведен в рамках конкурса учитель года 2013 в районном этапе....
Учебно-методическая разработка «Скрипичная постановка рук, структура их действий в произведениях» План конспект урока, презентация к уроку.
Учебно-методическая разработка«Скрипичная постановка рук, структура их действий в произведениях»План конспект урока, презентация к уроку....
разработка урока анг.языка по теме "Шотландия" 6 класс (конспект урока, презентация, приложения к уроку)
Данная разработка урока представлена: конспектом урока, презентаций, приложениями заданий. Урок составлен для 6 класса занимающегося по УМК М.З. Биболетовой....