Контрольно-измерительные материалы
тест (9 класс) по теме
Тесты по осетинскому языку для 9 класса
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
testyta_iron_avzagay_9_klasy.doc | 66 КБ |
Предварительный просмотр:
Тестытæ ирон æвзагæй
9-æм къласы.
Беслæныхъæуы 4-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг
æмæ литературæйы ахуыргæнæг Джериаты Мæдинæ.
Куыст æххæстгæнынмæ амынддзинæдтæ.
Æрмæг арæзт у 3 хайæ.
1-аг хайы лæвæрд цæуы хæслæвæрдтæ равзаринаг дзуаппытимæ– тип «А».
2-аг хайы лæвæрд цæуы хæслæвæрдтæ цыбыр дзуаппытæ раттынæн- тип «Æ».
3-аг хайы лæвæрд цæуы хæслæвæрдтæ æххæст дзуапп раттынæн- тип «Б».
Хæслæвæрд «А» арæзт у 3 хайæ, алы хайы дæр ис 5 хæсы. Алы «А» хæслæвæрды дæр лæвæрд цæуы 4 варианты дзуаппытæн, иу дзы у раст. Лæмбынæг бакæсут алы хæслæвæрд дæр æмæ сбæрæг кæнут раст дзуапп.
Хæслæвæрд «Æ» арæзт у 3 хайæ, алы хайы дæр ис 4 хæсы. Фарстытæ домынц цыбыр дзуаппытæ.
Хæслæвæрд «Б» домы тексты мидисы бындурыл ныффысын цыбыр сочинени.
3-аг хай дæр арæзт у 3 хæслæвæрдæй ( Б 3.1, Б 3. 2, Б 3. 3.) Равзарут 3 фарстæй иу æмæ йын æххæстæй райхалут йæ хъуыды критикон уацы, рецензи, кæнæ эссейы хуызы- уæхи æвзæрстмæ гæсгæ.
Сæххæстгонд хæслæвæрдтæн аргъгонд цæуы иу, кæнæ фылдæр баллæй. Балтæ кæрæдзимæ æфтыд цæуынц.
Фылдæр хæслæвæрдтæ баххæст кæныныл бацархайут.
Уæлахиз ут!
Хæслæвæрд «А-1».
Синтаксис ахуыр кæны
- дзырды хæйттæ
- дзырдбаст
- ныхасы хæйттæ
- æвзаджы мыртæ
Дыууæ кæнæ фылдæр граматикон бындуры вæййы
- хуымæтæг хъуыдыйады
- вазыгджын хъуыдыйады
- бæлвырдцæсгомон хъуыдыйады
- æбæлвырдцæсгомон хъуыдыйады
Вазыгджын хъуыдыйады хуызтæм нæ хауы
- æнæцæсгомон
- бабæтгæвазыгджын
- домгæвазыгджын
- æнæбæттæг
Бабæтгæвазыгджын хъуыдыйады не'мбæлы
- иугæнæг бæттæгтæ
- дихон бæттæгтæ
- ныхмæвæрды бæттæгтæ
- домгæбастдзинады бæттæгтæ
Домгæвазыгджын хъуыдыйад арæзт вæййы
- сæйраг æмæ уæлæмхæст хæйттæй
- сæйраг æмæ дæлбар хæйттæй
- сæйраг æмæ фæрссаг хæйттæй
- сæйраг æмæ æххуысгæнæг хæйттæй
Хæслæвæрд «Æ-1»
Цавæр бастдзинады хуыз ис домгæвазыгджы хъуыдыйады хæйтты æхсæн?
Дзуапп ____________________
Цæмæй хицæн кæны бæттæг бæттæг дзырдæй?
Дзуапп _____________________
Цавæр архайдтытæ æвдисынц, ныхмæвæрды бæттæгтæй цы вазыгджын хъуыдыйады хæйттæ баст æрцæуынц,уыдон.
Дзуапп _____________________
Цавæр къордтыл дих кæнынц, сæ бастдзинады хуызтæм гæсгæ, вазыгджын
хъуыдыйæдтæ?
Дзуапп ______________________
Хæслæвæрд «Б-1»
Ныффысс сочинени тексты сæйраг хъуыдымæ гæсгæ, спайда кæн вазыгджын хъуыдыйады хуызтæй.
Адæймаджы бирæ хорз миниуджытæн сæ сæр у рæстдзинад. Афтæ фехъуыстон æз мæ фыды фыдæй, афтæ-иу мын дзырдта мæ фыд дæр. Æз мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ, мæ бон цас уыди, уыйбæрц сыгъдæгæй фæхастон мæ зæрдæйы, мæ зонды уыцы рæстдзинад. Раст зæгъын хъæуы, уыдис-иу ахæм рæстæджытæ, мигътæ-иу сæхи хæрзныллæг æруадзынмæ кæд хъавыдысты, мæ фыды фыд, мæ фыды дзæбæх амынд-иу сæ быны скæнынмæ кæд хъавылысты. Фæлæ-иу ахæм уæззау сахат мæ цæстытыл ауадысты мæ фыды фыды урс-урсид боцъотæ, йе'мбаргæ цъæх цæстытæ. Мæ разы-иу февзæрд мæ фыды тызмæгхуыз цæсгом. Æмæ-иу уæд мигътæ фæйнæрдæм сæхи айстой. Æнæхъуаджы адæймаджы зæрдæхудты бацæуын, адæймагæн маст скæнын мæ сæрмæ никуы æрхастон. Фæлæ мæ кæддæры хъару, мæ кæддæры ныфс азтæ фæхастой семæ. Æртасын мæ кодтой. Æрмæст сын, æнæ гæдыныхас, сæттын нæ бакомдзынæн. Цардмæ комкоммæ кæсын мæ бон у, ницæмæй мæ рахъаст кæндзæн…
Цæгæраты Максим
Хæслæвæрд «А»-2
Уæлæмхæст хъуыдыйады хуызтæм нæ хауынц
- æмбарынгæнæн
- æххæстгæнæны
- фадатон
- бæрæггæнæны
Домгæвазыгджын хъуыдыйады сæйраг хъуыдыйады вæййы
- æмбаргæ дзырд
- æмбарынгæнаг дзырд
- æмбарынгæнинаг дзырд
- æмбарынгæнæг дзырд
Бæрæггæнæны уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ сæйраг хъуыдыйады фæбæлвырд кæнынц
- сæйраты
- æххæстгæнæны
- зæгъинаджы
- бæрæггæнæны
Фадатон уæлæмхæст хъуыдыйæдтæм нæ хауынц
- нысаны уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ
- бадзырдон уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ
- æмбарынгæнæн уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ
- бынаты уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ
Нысаны уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ нæ домынц фарст
- цæмæн?
- кæд?
- цæй тыххæй?
- цæмæ?
Хæслæвæрд «Æ»-2
Куыд бæрæг кæнæм сæйраг æмæ уæлæмхæст хъуыдыйæдты хицæндзинад?
Дзуапп__________________________
Цæмæй хицæн кæнынц æфсоны æмæ нысаны уæлæмхæст хъуыдыйæдтæ?
Дзуапп _________________________
Цавæр къордтыл дих кæнынц домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ къорд уæлæмхæст хъуыдыйадимæ?
Дзуапп __________________________
Куыд хицæнгонд цæуынц фысгæйæ домгæвазыгджын хъуыдыйады хицæн хæйттæ?
Дзуапп ___________________________
Хæслæвæрд «Б»-2
Ныффыс сочинени тексты хъуыды райхалгæйæ, спайда кæн домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæй.
Зæххыл цæрæгойæ цыдæриддæр змæлы, уыдонæй алкæмæн дæр йæ райгуырæн уæзæг вæййы царды æппæт хæрзтæй зынаргъдæр æмæ уарзондæр.
Мæргътæй бирæтæ афæдзы дæргъы зæххы алыварс æрзилынц цардагур, фæлæ сын алы уалдзæджы цъæхы райгуырæн уæзæгмæ æнæртæхгæ нæ вæййы. Адæймаг йæ зæрдæйы дзæбæхæн алы райдзаст, хъæздыг бæстæтыл фæхæты цæргæ-цæрæнбонты, уæддæр зæронды бонты йæ цæстытыл фæуайынц бæллиццаг æмæ æхсызгонæй райгуырæн уæзæг, фыды къона, фыды зæхх.
Йæ рагфыдæлты уæзæг кæмæй ферох хуыздæр бæстæтыл зилгæйæ, уымæн нæдæр мысинаг ивгъуыд ис, нæдæр бæллиццаджы абон, нæдæр тæхудиаджы фидæн.
Айларты Измаил
Хæслæвæрд «А»-3
Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады хæйттæ баст цæуынц
- къæдзыгæй
- интонацийæ
- бæттæгтæй
- бæттæг дзырдтæй
Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады хæйтты 'хсæн не 'вæрæм
- къæдзыг
- тире
- стъæлф æмæ къæдзыг
- хъæры нысан
Æнæбæттæг вазыгджын хъуыдыйады дыккаг хъуыдыйад куы фæамоны,
фыццаг хъуыдыйады цæуыл дзырдæуы, уый æфсон, уæд се 'хсæн æвæрын хъæуы
- къæдзыг
- дыстъæлф
- стъæлф æмæ къæдзыг
- стъæлф
Æвзаджы стильтæ цы наукæ ахуыр кæны, уый хонæм
- лингвистикæ
- публицистикæ
- стилистикæ
- лексикæ
Фысджытæ сæ уацмысты пайда кæнынц
- аив литературон стилæй
- хуымæтæг ныхасы стилæй
- официалон хъуыддаджы стилæй
- наукон стилæй
Хæслæвæрд «Æ»-3
Сæвæр хъуыдыйады хъæугæ æрхæцæн нысан.
Курын худинаг нæу худинаг давын у.
Æвзаджы цавæр хицæн хуыз хонæм стиль?
Дзуапп ___________________________
Цавæр дзырдтæ сты иумæйаг литературон?
Дзуапп ____________________________
Цы бæрæг кæны ныхасы культурæ?
Дзуапп ____________________________
Хæслæвæрд «Б»-3
Ныффысс сочинени тексты сæйраг хъуыдымæ гæсгæ, спайда кæн аив литературон стилæй.
Рæстдзинад! Цал хатты фæкалдтæ дæ дард, дæ зын цæуæнты… Фæлæ дыл никуы хæцы саугуырм, никуы судзыс арты, тынгдæр дзы цы бахсидыс, æндæр. Дæу нæ ласы дон. Нæ дæлдон кæныс фурды. Нæ дæ кæрды кард. Цæхæр нæмыг дæ ничердæм хизы. Топпы кæсæнæй не сарыд дæ тых æмæ дæ хъуыды. Никуы дын байстой какон сындз, туджы сау лæсæн де'нусон фæндæгтæ. Дæуæн никуы ис æргъæвсæн арвнæрæн æдзæм хæхты æмæ тымыгъæйхост быдырты.
Рæстдзинад зæххыл Хуыцау у, иунæг Хуыцау… Уый цырагъы рухсæй чи агуры, уымæн Рæстдзинад йæхæдæг цырагъдарæй ныллæууы. Уый кæмæн вæййы йæ кувæндон, уый фæндараст, уый уæлахиз кæны…
Фæрниаты Дзибус
Дзуаппытæ
А-1
1-2, 2-2, 3-1, 4-4, 5-1.
Æ-1
- домгæ, 2- фарст нæ домы, 3- ныхмæвæрд, 4- бабæтгæ, домгæ, æнæбæттæг.
А-2
1-2, 2-3, 3-4, 4-3, 5-2.
Æ-2
- фарст дæтгæйæ; 2- æфсоны - архайд æрцæуыны æфсон, нысаны - архайд сæххæст кæныны нысан; 3- æмдомгæ, æмхуызон æмдомгæ, къæпхæны; 4- къæдзыгæй.
А-3
1-2, 2-4, 3-3, 4-3, 5-1.
Æ-3
- Курын худинаг нæу – худинаг давын у.
- Бæлвырд уавæрты кæмæй пайда кæнæм.
- Алы стильты кæмæй пайда кæнæм.
- Æвзагæй раст æмæ арæхстджынæй куыд пайда кæнын хъæуы, уый .
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Дидактические материалы. Контрольно-измерительные материалы по русскому языку. 8 класс.
Предлагаемые материалы помогут сэкономить время и силы ученика и учителя в подборе языкового материала для практической части, охватывают все разделы курса русского языка, являются эффективным средств...
Контрольно - измерительные материалы. 9 класс. Контрольные вопросы за I четверть
Контрольные вопросы по теме "Изобразительный язык и эмоционально - ценностное содержание синтетических искусств" 9класс, I четверть....
Контрольно - измерительные материалы (Итоговая контрольная работа по географии 5-9 класс )
В своей педагогической деятельности я использую тесты для проверки знаний учащихся....
Демонстрационный вариант контрольных измерительных материалов контрольной работы за 1 четверть по математике для 5 класса (ФГОС)
Контрольные измерительные материалы позволяют установить уровень освоения учащимися 5 класса федерального компонента государственного образовательного стандарта среднего (полного) общего образования з...
Демонстрационный вариант контрольных измерительных материалов контрольной работы за 1 четверть по математике для 6 класса (ФГОС)
Контрольные измерительные материалы позволяют установить уровень освоения учащимися 6 классов федерального компонента государственного образовательного стандарта среднего (полного) общего образования ...
Контрольно-измерительные материалы контрольных работ по русскому языку,рабочие программы,презентации в 5- 6-м классе
Контрольно-измерительные материалы контрольных работ по русскому языку в 6-м классе ...
Контрольно-измерительные материалы для оценки метапредметных планируемых результатов по русскому языку учащихся 5 классов по разделу «Морфология. Имя существительное» с использованием краеведческого материалы.
Федеральный государственный стандарт представляет собой единство требований к результатам, структуре и условиям реализации основной образовательной программы, осуществляемое в соответствии с заданным...