Праздник осетинского языка.
материал
Предварительный просмотр:
СЦЕНАРИЙ К ПРАЗДНИКУ ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА.
«Мæ уарзон МАДÆЛОН ÆВЗАГ».
1 - кæсæг: - Уæ бонтæ хорз зынаргъ æмбæлттæ!
- Тынг æхсызгон нын у абон кæй æрбамбырд стæм, æмæ мæнæ нæ иумыйаг рæсугъд ирон бæрæгбоныл кæй цин кæнæм. Адæймаг фыццаг йæхи хъуамæ уарза, стæй та искæй. Де ‘взаг ды куыннæ уарзай, уæд æндæр нацийы та кæм хъæуы.
Алы иронæн дæр сæрбæрзондæй йæ бон хъуамæ уа зæгъын: «Æз дæн ирон».
2 – кæсæг: Язык- это тот родник ,который зачахнет ,иссохнет, если к нему не будут приходить, чтобы напиться его чистой воды. Но и хранить его необходимо от засорения… Осетинский язык богат, красив. И этот праздник – тот самый повод насладиться звучанием и произношением родной речи. Его задача в умножении любви подрастающего поколения к родному языку.
Ирон дæн æз, æз дзурдзынæн иронау!
Зынаргъ мын у мæ мадæлон æвзаг!
Мæйдар æхсæв нын рухс уыдзæнис бонау,-
Ирон æвзаг ирон фарнæй у дзаг.
Фыдæлты фарнæй хайджын дæ, Ирыстон!
Рæвдауы нæ ныййарæгау дæ зæхх.
Хъæбулау дыл мæ зарджытæ фæфыстон,
Хъæбадæйыу дæ тыгъ быдыры цъæх.
1 - кæсæг: 15 - майы æппæт Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон фæбæрæг кæнæм иумæ нæ ирон æвзаджы бæрæгбон.Майы мæй у дидин æфтауæн рæстæг, æмæ уадз æмæ нæ ирон адæмы царды бæлæстæ дидин æфтауой, уадзой арф уидæгтæ, цъæх арвы бын.
2006 азæй фæстæмæ мах стыр цинимæ фембæлæм ацы рæсугъд бæрæгбоныл.
2 – кæсæг: Указом президента Республики Северная Осетия- Алания, начиная с 2006 года 15 мая отмечается День осетинского языка и письменности.
1 - кæсæг: Ацы бæрæгбон нын дæтты фадат æмæ стыр уæрæх авналæнтæ, цæмæй нæ гыццыл Ирыстоны алчидæр дзура йæ мадæлон æвзагыл, цæмæй ма бауадзæм цудын не ‘взаг,нæ уарзон Ирыстоны хæхтыл зæла ирон зарæг æмæ фæсивæды цæвджыты æхситт.. Ацы бон æвæццæгæн æнæхъуаджы не ‘рцыд æвзæрст, 1899 азы 15 майы рацыд мыхуыры Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» дæр.
2 – кæсæг: 15 мая 1899 года во Владикавказе вышел в свет сборник стихов Коста Левановича Хетагурова «Ирон фæндыр» («Осетинская лира»)-первая литературная книга на осетинском языке.
Куыд хъæздыг у ирон æвзаджы суадон!
Нæ байсысдзæн æнустæм дæр йæ цад.
«Ирон фæндыр» - нæ зондамонæг фаззон,
Хæссы сæрибар, амонд æмæ цард.
1 - кæсæг: Ацы ныхæстæ комкоммæ дæр махмæ хауынц, фæсивæдмæ, йæхи ирон чи хоны, ирон зæххыл чи цæуы, йæ рæсугъд æрдзæй йын йæхи чи хъал кæны, амонд ацы зæххыл чи ссары, уыдонмæ.
Сидæм сымахмæ нæ ирон фæсивæд, дзурут иронау, дзурут Къостайы æнæмæлгæ æвзагыл, ма йæ бауадзæм сæфын, знæгты къæхты бынмæ. Уыцы диссаджы рæсугъд æвзаг махмæ æнусты сæры ралæвæрдтой нæ фыдæлтæ скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ. Мах дæр æй адæттæм нæ сæрты, фæлтæрæй-фæлтæрмæ.
2 – кæсæг: Осетинский язык относится к Иранской группе индоевропейской языковой семьи, является единственным преемником скифо – сармато- аланского языка, и делает его уникальным памятником самобытности, истории и культуры осетинского народа. Большое эмоциональное значение сегодняшнего праздника трудно переоценить, без языка нет и нации.
« Читая чудесные строки «Ирон фæндыра», осетины впервые всем существом осознали, что они – один народ, что у них одна культура, одна исстрадавшаяся душа, они чаяния и мечты», писал Васо Абаев.
1 - кæсæг: Ныр та бакæсæм цыбыр юмористикон сценкæ «Сона фæйнæгмæ».
«Сона фæйнæгмæ».
Ахуыргæнæг: Сона фæйнæгмæ ма рацу.
Сона: Цыта кодтон! Фыдæнæн та мæ фæйнæгмæ рахуыдта.(рацыд йæхи æрцæттæ кодта).
Ахуыргæнæг: Фысс. Мæ мады ном Даро. Мæ фыды ном Гæци. Ме ‘фсмæры ном та Хазби.
Ацы ран мын ссар номдартæ, æмæ сæ базон кæцы хауæнты сты.
Сона: (Фæйнæгмæ кæсы æмæ дзуры) « Даро» у номдар. «Д» йæ райдыдта æмæ ис Дæттынон хауæны. «Гæци» у номдар. « Г» йæ райдыдта æмæ ис Гуырынон хауæны. «Хазби» дæр номдар. «Х» й æ райдыдта æмæ уый та ис Хуызæнон хауæны.
Ахуыргæнæг: Тынг хорз. Фæлæ ма мын дæ боныг радав.
Сона: Æмæ мын цы æвæрыс?
Ахуыргæнæг: Кæй зæгъын æй хъæуы «Фондз», фæлæ йæ кæд базонай кæцы хауæны ис, уæд.
Сона: Хауæнтæй «Ф» йæ ничи райдауы, æмæ никæцы хауæнмæ хауы.
Ахуыргæнæг: Æмæ «æвзæр» та кæцы хауæны ис?
Сона: «Æвзæр» ис Æттагбынатон хауæны.
Ахуыргæнæг: Уæдæ уал дын «æвзæр» æвæрын, стæй дарддæр фендзыстæм.
Сона: (сæргуыбырæй араст).
( Кæрон).
1 - кæсæг: Ирон æвзагыл цæрæнбонты фыстой æмæ фысдзысты сæ зæрдæйы æнкъарæнтæ нæ фысджытææмæ нæ поэттæ. Диссаджы рæсугъд равдыстой сæхи хъуыдытææмææппæт ирон адæмы хъуыдытæ дæр. Абоны царды сагъæссаг у ирон æвзаджы фидæн, фæлæ йæ цалынмæ уарзæм, цалынмæ йыл хъуыды кæнын фæрæзæм, цалынмæ ирон сывæллон дзура йæ мадæлон æвзагыл, уæдмæ йын тæссаг нæу фесæфынæй.
Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ: «Хæхтæ æмæ алантæ».
Зон æй мæ Ирыстон
Æнæ дæу сидзæр дæн,
Хур мæ нæ тавы дзæбæх.
Цинимæ зæрдæйы
Урс цæссыг фезмæлы
Афтæ зынагъ у дæ зæхх.
О, фæлæ, иу сагъæс зилы мæ хъуыдыты
Хорз амонд кургæйæ нæу,
Мах фæстæ а зæххыл
Чи цæудзæн, чи цæрдзæн
Уый та куыд уарздзæни дæу?
Сæрыстырæй нæхи ирон куы хонæм
Уæд не 'взагыл куыд ауыгътам нæ къух?
Æви, мыййаг æй нал хæссæм нæ сæрмæ
Уырыссагау цæмæ дзурæм æдзух?
2 –кæсæг: Бакæсæм сценкæмæ «Ирон чызджытæ».
(Дыууæ чызджы æрбауайынц. Хъæуы уазæг сæм хæстæг бацыд, æмæ сæм дзуры)
Уазæг: - Уæ бон хорз чызджытæ!
Фатик: - Здрасте!
Светик: Привет!
Уазæг: Иронау нæ зонут, ацы хорз чызджытæ?
Фатик: - Æз зонын. Скъолайы дæр ирон проходит кодтон. Фæлæ мæнæ Светик хорз нæ зоны, уый половина осетинка у.
Уазæг: Ома куыд половина?
Фатик: - Йæ мад уырыссаг у.
Уазæг: Æмæ уæд ды та цахæм осетинка дæ? Стæй дæ ном цы хуыйны?
Фатик: Æз та целая осетинка дæн. Стæй мæ ном та Фатик.
Светик: Фатикæн йæ родителтæ осетинтæ сты дыууæ дæр.
Уазæг: Æмæ ахуыр та кæм кæнут?
Светик: Æз Владикавказский техникумы, первый курсы.
Фатик: Æз дæр Светикы однокурсница дæн.
Уазæг: Æмæ цæргæ та кæм кæнут?
Фатик: Æз Ардонский дæн.
Светик: Æз та Владикавказский.
Уазæг: О, оооо! Уæдæ уæ иу горæттаг у, нæ?
Светик: О, о ! Æз Владикавказаг горæттаг дæн.
Уазæг: Уæдæ мæм хъусут, целая осетинка æмæ половина осетинка.
Иронау дæ ном хуыйны Светланæ, кæнæ Ацырухс. Дæуæн та Фатимæ. Стæй уæ иу Дзæуджыхъæуккаг у, иннæ та Æрыдойнаг. Стæй уæ целый æмæ половина дæр ничи у, Фатимæ у сыгъдæг ирон, кæцы Светикæй ницæмæй хицæн кæны.
Светланæ дæр ирон, фæлæ ахæмы фæхонæм æрдæг ирон.
Смахмæ та куыд фæкаст, истæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ Фатимæ æмæ Светланæ?
Мæнмæ гæсгæ дыууæ дæр æмхуызон сты. Светиктæ æмæ Фатиктæ дæр , уымæн хуыйнынц.
КÆРОН.
1 - кæсæг: Мах стæм ирæттæ æмæ хъуамæ уарзæм нæ райгуырæн зæхх, Ирыстоны урс сæр хæхты æмæ цъæх быдырты, дидинæгкалæг уыгæрдæнты æмææлутоны ад чи кæны, уыцы хæххон суадæтты, Ирыстоны цытджын æмæ кадджын хистæрты.
2 –кæсæг: Осетинский язык является хранителем богатейшей духовной культуры нартского эпоса. Перед современными осетинами стоит историческая задача сохранения и развития этого уникального памятника истории и культуры. Осетинский язык относится к Иранской группе индоевропейской языковой семьи, является единственным преемником скифо – сармато- аланского языка, и делает его уникальным памятником самобытности, истории и культуры осетинского народа. Большое эмоциональное значение сегодняшнего праздника трудно переоценить, без языка нет и нации.
1 - кæсæг: Фыдыбæстæ, ныййарæг зæхх, райгуырæн уæзæг, мад, фыд, мадæлон æвзаг, мæ Ирыстон … Цы у æнæ уыдонæй адæймаджы цард?
Байхъусæм уæдæ æмдзæвгæ: «Мæ Ирыстон».
Цæй диссаг дæ, мæ Ирыстон,
Куыд адджын у дæ уынд.
Цæй зынаргъ дæ, мæ зæрдæйæн,
Куыд дын æй зæгъон, куыд?..
Куыд дын уарзын, дæ хуры скаст,
Сæууон æртæхты худт.
Дæ аллы хох, дæ аллы дзыхъ,
Мæ цин æмæ мæ уд.
Сабырдзинад дæ зæххыл уæд,
Дидин æфтау фæрнæй.
Мæ Ирыстон, зæххы цъарыл,
Дæуæй зынаргъ дæр нæй!
Цæмæн ма ис сисæн æвзагæй уæлдæр
Ирон æвзаг равзæрдис дисæн
Цæмæ кæнæм не 'взаг нæхæдæг дæлдæр
Æвзаг куы у удты æвдисæн.
Йæ уарзтæн ивæн нæй лæгæн
Мæ уарзт дæр ивгæ нæу мæнæн
Кæм фæнды дæр цæрон
Уæддæр уыдзынæн æз ирон!
Сты зонды уацхæссæг æппæт дунейы 'взæгтæ
Нæ дзы 'взары хæстæг æмæ дарддаг
Фæлæ ныххойы зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг!
Ис æвзагæй нал дзурæм иронау
Ис хъæбулæй не 'взаг у æвæд
Стыр уырысæн нал хизæм йæ ронæй
Удæй ма куыд уæм ирæттæ уæд?
1 - кæсæг: Сценкæ «Раст дзуапп
Ахуыргæнæг: Симон «4» ма мын «2»- ыл фæдих кæн.
Симон: ( архайы, нæ йын уайы) Æмæ цы фæдих кæнон?.
Ахуыргæнæг: Цыппар фæткъуыйы фæдих кæн дæхи æмæ Сосланыл.
Симон: Æртæ мæн, иу иу та Сосланы.
Ахуыргæнæг: Æмхуызон сæ фæдих кæн.
Симон: Æмæ Сослан мæнæн æрдæгыл фæдих кæнит. Стæй дыргъæй фæткъуыйы едтæмæ ницы уарзын , æмæ дзы фылдæр нæ раттдзынæн.
Ахуыргæнæг: Хорз уæдæ, кæд фæткъуы нæ дæттыс, уæд тачылауитæ фæдих кæн.
Симон: Уый уыдзæн цыппар .
Ахуыргæнæг:Цæмæн цыппар?
Симон: Уымæн æмæ æз чылауитæ нæ уарзын æмæ сæ иууылдæр Сосланæн дæттын.
Ахуыргæнæг: Æвæццæгæн æй нæ зоныс æмæ афтæ æфсæндтæ кæныс.
Симон: Уæдæ йæ кæд ды зоныс, уæд ма йæ зæгъ.
Ахуыргæнæг: Æз æй зонын, фæлæ ма дæ боныг радав.(дæтты йæм æй)
«4»-ы « 2»йыл куы фæдих кæнæм, уæд дын йæ дзуапп фыссын дæ боныджы «Дыууæ»!!! Уый дын раст дзуапп.
Симон: (Йæ боныг райста æмæ ацыд).
Кæрон.
Дæ мады æвзагыл
Кæд дзурыс, кæд зарыс,
Дæ фыдгул ызнагæн
Йæ сау зæрдæ марыс.
Кæд рохæй ыскуыдта
Дæ мады æвзаг, -
Йæ къах дыл æркъуырдта
Дæ фыдгул ызнаг!
1 - кæсæг: Уæдæ ахуыр кæм вæййы уым худгæ дæр акæнынц.
Бакæсæм цыбыр юмористон сценкæ:« Ирон нæ зони»-мæ.
Зæронд ус: (йæ къухы лæдзæг, сумкæ, кæсæнцæстытæ.)
Лæппу: (Телефон наушниктæ)
Зæронд ус: (Рацæуы йæ къухы гæххæтты гæбаз, кæсы йæм æмæ цыдæр агуры).
Мæ хæдзар!! Кæм æй агурон?? Стæй цы æлхæнын, уый дӕр куы нӕ зонын . уӕдӕ ӕнӕахуырӕй взӕрдӕр исты ис? Цы зӕгъон мӕ рӕстӕгӕн скъолайы дуарӕй никуы бакастӕн, стӕй уӕд мӕ кӕстӕр хомӕ та чи кастаид. Мӕ мад куы нӕв бакуыстаид, уӕд та ӕххормагӕй мардаиккам. О.о. !! уӕртӕ уыцы лӕппуйы куы афӕрсин. Хорз лӕппу, дӕ бон хорз!
Лӕппу: (нӕ хъусы, йӕ хъусты наушниктӕ, йӕ къухты та телефон, афтӕмӕй йӕхинымӕр кафы йе уӕхсджытӕй).
Зӕронд ус: Дӕумӕ дзурын лӕппу! (ӕвналы йӕм) Нӕ мӕ хъусыс?? Ӕви ирон нӕ дӕ??
Лӕппу: (исы йӕ наушниктӕ) – Что бабуля? Я ирон нӕ жонис. (фӕстӕмӕ сӕ бакодта йӕ наушниктӕ)
Зӕронд ус: (гӕххӕт ӕм дары) Мӕ фырты фырт рынчын у, ӕмӕ хостӕм рацыдтӕн горӕтмӕ. Ӕркӕс ма ацы гӕххӕтмӕ ӕмӕ мын афтек дӕр бацамон.
Лӕппу: Бабуля! Я же сказал: Нӕ жони ирон. Афтек-мафтек, я не понимаю(иннӕрӕдӕм азылд ӕмӕ та йӕхицӕн кафы)
Зӕронд ус: Ай цавӕр лӕппу дӕ? Зӕронд адӕймаг дӕ сӕрмӕ нӕ хӕссыс ӕви? (сӕ ныхасмӕ лӕппуйы мад рацыд)
Мад:Цы дӕ хъӕуы мӕнӕ ус? Кӕй агурыс?
Зӕронд ус: О.о. ! Кӕдӕй уӕдӕй ма ирон горӕты, ирон ныхас фехъуыстон.мӕнӕ ацы лӕппу дӕ лӕппу у?
Мад: Мӕн у, мӕн, а что из этого?
Зӕронд ус: Иу ныхасӕн мын дзуапп нӕ радта, ӕвӕццӕгӕн иронау ӕцӕг не мбары, ӕви мӕ хынджылӕг кӕны?
Мад: Махӕн Вовӕчкӕ по осетински не понимать кӕны. Притом, хӕдзары все дзурӕм по русски.
Зӕронд ус: Ау!! Ӕмӕ уӕм ӕппындӕр худинаг нӕ кӕсы? Ахӕм хӕрзконд ирон лӕппу, ӕмӕ иронау дзурын йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы. ??
Мад: Ӕмӕ ирон та кӕм хъӕуы? Где это надо?? Мӕнӕн Вовчик Мӕскуыйы ахуыр кӕндзӕн.
Зӕронд ус: Мӕскуы бӕргӕ хорз у, фӕлӕ йӕхи ӕвзаг та?? Йӕ мадӕлон ӕвзаг ма хъуамӕ зона??
Мад: Оф! Цы кадджын дӕм кӕсы ирон ӕвзаг. Цы нын ныууагътой нӕ предкӕтӕ?7
Зӕронд ус: (зӕхх ӕрхоста лӕдзӕгӕй) Цы? Ӕмӕ кадджын ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг! Кӕцыйы хъахъхъӕнын нӕ зонынц мӕнӕ дӕу хуызӕттӕ! Дӕ фыртӕн дӕр ды сӕнад кодтай йӕ мадӕлон ӕвзаг! Ӕмӕ чи у дӕ фырт, уый бӕрӕг дзы нал ис.
Мад: ацы хорз ус, цы дӕ хъӕуы махӕй? Нал нӕ ныууаддзынӕ абон? Надоела уже. Цы ӕххуыс дӕ хъӕуы? Кӕннод мне уже домой пора.
Зӕронд ус: Ницы мӕ хъӕуы дӕуӕй. Ирон адӕмы низтӕ бахӕр. !!
Мад: Не поняла! Пошли Вовчик! Ацы деревенщинӕ нӕ цалынмӕ нӕ фӕнадта, уӕдмӕ.(ацыдысты).
1 - кæсæг: Уæдæ нæ изæр æрхæццæ ис кæронмæ!
«Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,-
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Æмæ куы сæфай ма зæгъæд ызнаг,-
Дæуимæ сæфы дунейы истори!»
Дзурам иорнау!
Хæрзбон!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок осетинского языка в первом классе
Тематикон урок ирон æвзагæй 1 къласы. Урок – балц аргъаумæТемæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м...
Социализация ученика через изучение осетинского языка и осетинской литературы.
Социализация ученика через изучение осетинского языка и осетинской литературы....
Разработка праздника на осетинском языке"Я люблю осетинское слово,осетинский язык"
Праздник с показом презентации...
Интегрированный урок в 8 «в» классе (осетинский язык, английский язык) Тема: «Школа в нашей жизни»
Интегрированный урок в 8 «в» классе (осетинский язык, английский язык)Тема: «Школа в нашей жизни». Методический материал предназначен для учащихся, не владеющих осетинским...
Беседа о языке.День осетинского языка и литературы
Разговор о важности изучения родного языка....
Презентация "Домашние животные" к уроку по осетинскому языку (для групп не владеющих языком) для пятого класса.
Ознакомление детей с домашними животными.Названия домашних животных как на русском , так и на осетинском языке....
Методическая разработка по осетинскому языку и литературе «Мотивация учащихся на уроках осетинского языка и литературы с разным уровнем обученности».
Данная разработка предназначена для учителей осетинского языка и литературы....