Разработка праздника на осетинском языке"Я люблю осетинское слово,осетинский язык"
методическая разработка (11 класс) на тему

Кораева Фиолета Тареловна

Праздник с показом презентации

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл uarzyn_u00e6z_iron_nyhas.docx14.14 КБ

Предварительный просмотр:

Уарзын  æз ирон ныхас ,

ирон дзырд!

Ахуыргæнæг:  Къораты Фиалетæ

Д.Саниба

 Уарзын  æз ирон ныхас ,ирон дзырд!

 Ирон æвзаг куы нал зона ирон ,

 Уæд уый уыдзæни  æнæ уидаг  бæласау

 Ирон æвзагæн чи кæна кæрон

 Уый хъуамæ Ирон хæхты  зæй фæласа!

- Абон,15 майы , у стыр бæрæгбон- Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Нæ адæмы хъысмæтыл чи хъуыды кæны , нæ райсом , нæ фидæн цы уыдзæн, зæгъгæ, ууыл чи тыхсы, уыдон æхсызгонæй сæмбæлдысты Республикæ Цæгат Ирыстоны- Аланийы Президенты Указ Ирон æвзаг æмæ литертаурæйы бон æрвылаз 15майы бæрæг кæныны фæдыл æмæ йыл зæрдиагæй цин кæнæм.

-Мадæлон æвзаг !  Сывæллон фыццаг  зарæг  цы æвзагыл фехъусы, йæ фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы,  уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл. Адæймаджы хъомыл кæнынæн,  йæ зонынндзинæдтæ парахат кæнынæн,  æцæг лæг суæвынæн иууыл ахсджагдæр фæрæз у мадæлон æвзаг

-Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны  сæйраг фæрæз.

Æвзыджы хъысмæт у адæмы хъысмæт.

Адæмы фидæн баст у йæ æвзаджы фидæнимæ.

Алы адæмæн дæр тулдз бæласау ис уидæгтæ, зæнг æмæ къалиутæ. Уидæгтæ сты  йе взаг, зæнг – йе гъдæуттæ, къалиутæ йæ царды мидис.

- Бæласæн йæ къалиутæ куы ныццæгъдай, фæлæ  йæ уидæгдтæ хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та зæнг ног къалиутæ рауадздзæн,йæ зæнг ын куы алыг  кæнай , фæлæ йæ уидæгтæ цардхъомæй куы  баззайой ,  хъыгдард куы нæ баййафой, уæд та тау суаддзысты æмæ йын зæнг дср уыдзæн æмæ къалиутæ  дæр. Гъе - фæлæ йын йæ уидæгтæ кы ныллыг кæнай, усд æрцыд йе сæфт.

- Ахæм хъысмæт ис алы адæмыхаттæн дæр: йæ фидæн аразгæ у йæ уидæгтæй, йе взаджы цардхъомæй. Æмæ йæ сæфт кæй нæ фæнды, уыцы адæм ацы æцæгдзинад хъуамæ йæ зæрдыл дара.

Афтæ махæн ирæттæн дæр уый иудадзыг хъуыдыйаг у.

Мингай азты сæрты нæм нæ хистæр фæлтæры фæрцы цы рæсугъд æвзаджы фарн æрхæццæ уый мах дæр хъуамæ фидæны фæлтæртæм адæттыныл зæрдиагæй бацархайæм.

- Ирон æвзаг у аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ Нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг. Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ. Йæ а-лол-лай-ы зарджытимæ, хистæрты æгъдæуттæ æмæ таурæгътимæ.

- Æвзаг цас фылдæр куса, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фыссой, уыйас фидар- дæр кæны.

Æмæ æвзаг фидар куы уа, уæд адæм дæр æнгомдæр сты, æмуддæр вæййынц.

-Адæм се взагæй адæм сты, æмæ йын хъуамæ авгау æрхауынæй тæрсæм, хъахъхъæнæм æй цæстыгагуыйау.

Кæд æцæг ирæттæ стæм , æмæ не взаг уарзæм , уæд æй хъуамæ зонæм.

Нæ мадæлон ирон æвзагыл цалынмæ адæм дзурой, уæдмæ кæндзæн тыхджындæр, аивæй – аивдæр, æмæ уыдзæн æнусон.

- Адæм дзурынц се взагыл- æвзаг цæры.

Æмæ цæмæй иннæ  адæмты æхсæн ма атайæм, ууыл хъуамæ не ппæт дæр зæрдиагæй бацархайæм. Æмæ нæ ахсджиагдæр хæсыл банымайæм ирон адæмы æртæ хорзæхы, æртæ удхосы бахъахъхъæнын.

Уыдон сты - не взаг, нæ фарн, не гъдау.

Ацы æртæ удхосæй йæхи æнæхай чи фæкæна, уымæн ирон схонæн нал ис.

- Ирон дзырд, ирон зæххыл куы фæцуда,уæд ма зæхх уыдзæн, фæлæ ирон адæм нал уыдзысты.

Мах хъуамæ сæрыстыр уæм ирæттæ кæй стæм уымæй.Уæд рæздзæн нæ ирон æвзаг, æмæ йæ цæрæнбон фылдæр кæндзæн.

-Абоны бæрæгбонмæ бацæттæ кодта не скъола дæр.

Ирон æгъдаумæ гæсгæ хистæр кæстæры разæй дон дæр нæ фæнуазы.

Уыцы фæтк абон дæр хæлд нæ цæуы, уымæ гæсгæ нæ абоны равдыст байгом кæндзысты 5 кълас.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект внеклассного мероприятия по русскому языку "Я люблю красивый наш язык" (5 класс)

Занятие направлено на развитие патриотических чувств учащихся, на формирование у детей бережного отношения к языку. Содержит увлекательные упражнения для учащихся 5 класса....

Методическая разработка праздника русского языка и толерантности "«Без языка невозможно прожить! Русский язык нам поможет дружить"

Это внеклассное мероприятие проводится в полиэтнической школе, в 5-6 классах, в рамках недели русского языка и литературы. Праздник  позволяет активизировать интерес к изучению русского языка, сп...

Методическая разработка открытого бинарного урока по теме «Личные местоимения в русском и испанском языках», ФГОС 5 класс, учитель испанского языка Никольская С. А., учитель русского языка Сизова Н. В., Гимназия №148 им. Сервантеса, г. Санкт-Петербург

Открытый урок по теме: «Личные местоимения в русском и испанском языках» представляет собой  бинарный урок общеметодологической направленности  (один из четырёх типов уроков деятельностной н...

Приказ о создании рабочей группы по разработке программ учебных предметов по обязательным предметным областям «Родной язык и литературное чтение на родном языке» (1-4 классы) и «Родной язык и родная литература» (5-9 классы)

Данные программы конкретирзируют содержание Стандарта, дают распределение часов по разделам курсов, определяют последовательность  изучения тем и разделов с учетом  межпредметных связей, воз...

Конспекты уроков по русскому языку на темы "ИСТОРИЯ РАЗВИТИЯ РУССКОГО ЯЗЫКА", "ПЕРИОДЫ В ИСТОРИИ РАЗВИТИЯ РУССКОГО ЯЗЫКА"

Цели: дать представление о происхождении языка и истории народа, создать условия для формирования навыков исследовательской деятельности.Тип урока: усвоение новых знаний.Методы: исследовательский, сам...