«Зæлинæйы гуырæнбон» (Нырыккон афоны мивдисджытæ)
учебно-методический материал (5 класс)
Урочы нысантæ. | Скъоладзауты дзырдуат фæхуыздæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын. 2.Бакусын мивдисджыты ифтындзæгыл. 3. Ахуырдзауты ахуыр кæнын кæрæдзийæн æмæ хистæртæн æгъдау дæттын. |
Урочы хуыз. | Урок – экскурси |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ. | Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын. Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын. Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ. | Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. | Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон. |
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urok_5_kl.nevl_.gr_._fgos_tehn_karta.docx | 32.04 КБ |
Предварительный просмотр:
Кълас: 5 ( ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы скъоладзаутæн)
Ахуыргæнæг: Кцойты М.И.
Темæ: « Зæлинæйы гуырæнбон» (Нырыккон афоны мивдисджытæ)
Урочы нысантæ. | Скъоладзауты дзырдуат фæхуыздæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын. 2.Бакусын мивдисджыты ифтындзæгыл. 3. Ахуырдзауты ахуыр кæнын кæрæдзийæн æмæ хистæртæн æгъдау дæттын. |
Урочы хуыз. | Урок – экскурси |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ. | Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын. Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын. Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ. | Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. | Презентацитæ, интерактивон фæйнæг, магнитофон. |
Урочы структурæ
Урочы этаптæ | Ахуыргæнæджы архайд. | Скъоладзауты куыст. | УАА |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) | Фæйнæгыл ис дзырдбыд æмæ йæ куы баххæст кæнæм, уæд сбæрæг кæндзыстæм нæ урочы темæ, абон цæуыл дзурдзыстæм, уый. Æркæсут нывтæм æмæ сæ иронау ныффыссут. Ссарут дзырдбыды сæйраг дзырд. Куыд тæлмац кæны уырыссаг æвзагмæ бæрæгбон. Ранымайут ма, цавæр бæрæгбонтæ фæбæрæг кæнут, уыдон. (Ногбон-Новый год, куадзæн – пасха, 8-æм мартъи, гуырæн бон - день рождение æмæ а. д.) Бакæсут ма презентацимæ æмæ зæгъут, цавæр бæрæгбоны кой дзы кæнынц æмæ йæ цæмæй базыдтат?(Фæйнæгыл презентаци сывæллæтты хуызистытæ æмæ зарæгимæ.) | Скъоладзаутæ æххæст кæнынц дзырдбыд, бæрæг кæнынц урочы темæ. Сæйраг дзырд – бæрæгбон. | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын), удгоймагон (иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын) |
Актуализаци (къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.) | Мах нæхи цæттæ кодтам Зæлинæйы гуырæнбонмæ. Байхъусæм ма лæмбынæг Зæлинæ æмæ Ацæмæзы ныхасмæ. Зæлинæ. Ацæмæз, тагъд уазджытæ æрбацæудзысты, æмæ фынг арæвдз кæнæм. Ацæмæз. Арæвдз кæнæм, фæлæ, уазджытæ цал уыдзысты, уый зоныс? Зæлинæ. Зонын. Хуынды гæххæттыттæ радтон Янæйæн, Муратæн, Тимурæн, Батрадзæн, Аминæтæн. Ацæмæз. Алинæйы ферох кодтай. Зæлинæ. Хуынды гæххæтт къулыл бакодтон æмæ йæ иннæтæ дæр фендзысты. Мæнæ ахæм. Мæ зынаргъ æмкъласонтæ! Дыццæджы уыдзæнис мæ гуырæн бон æмæ уæ нæхимæ хонын! Æнхъæлмæ уæм кæсдзынæн цыппæрдæс сахатыл. Мæ адрис:г.Дзæуджыхъæу, Коцойты Арсены уынг, 56-æм хæдзар, 17-æм фатер Зæлинæ. | Хъусынц диалогма, сæхи цæттæ кæнынц бæрæгбонмæ | Зонадон (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды) коммуникативон (алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын) |
Ног æрмæгыл куыст. Чиныгимæ куыст | Равзар раст вариант. Зæлинæ æмæ Ацæмæзы æмбæлттæ: æрбацыдысты =ацыдысты Лæппутæ æмæ чызджыты фынджы уæлхъус: сыстын кодтой -рбадын кодтой хистæры бынаты Зæлинæ æрбадтис: хистæры бынаты- ноггуырды бынаты
Лæппу дурын сыкъа байдзаг кодта: донæй- бæгæныйæ . Ахуыргæнæг:Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, куыд дардтой сывæллæттæ сæхи хистæры раз? Тексты ссарут фарстатæн дзуæппытæ. ( Куы æрбацыдис, уæд сыстадысты). Ахуыргæнæг:Куыд дардта йæхи Ацæмæз хистæры раз? Уыцы рæнхъытæ ссарут тексты. (Йæ къухæй йын сыкъа райста æмæ йæ байдзаг кодта бæгæныйæ, стæй йæ радта зæронд лæгмæ). Ахуыргæнæг:Цавæр хатдзæг скæндзыстæм нæхицæн ацы текстæй. (Сабитæ хистæрæн лæггад кæнын хъуамæ зоной, аргъ кæнын зоной? Ахуыргæнæг:Уæдæ ма бакæсæм хъуыдыйæдтæ хистæр æмæ кæстæры æхсæн цы ахастытæ вæййы, уый тыххæй æмæ сын сæ тæлмацтæ ссарæм. Хистæрæн фæндаг дæттын хъæуы. Кæстæр хистæрæн лæггад кæны. Хистæры коммæ кæсын хъæуы. Хистæр дзуры, кæстæр хъусы. Старших надо слушаться. Старшему нужно уступать дорогу. Младший прислуживает ( оказывает уважение) старшему. Старший говорит, младший слушает. | Хъусынц, лæмбынæг æмæ æвзарынц раст вариант. Тексттыл кусынц, агурынц фарстатæн дзуæппытæ. | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон (фæрстытæ æвæрын, хи хъуыдытæ æргом кæнын) удгоймагон (этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын). Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын, ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын), |
Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын. Къордты куыст: | Ахуыргæнæг: Ныр та ма байхъусæм Зæлинæйы дадайы куывдмæ. Чи зоны йæ нæ бамбардзыстут, фæлæ уæм куыд кæсы, цавæр арфæтæ хъуамæ ракодтаид дада йæ гыццыл чызгæн æмæ сабитæн? Что он мог пожелать Залине и детям? Ахуыргæнæг:Уæдæ æцæгæй афтæ у ,æви нæ, уый та базондзыстæм иннæ урочы. Уæхимæ сахуыр кæндзыстут тексты бынмæ цы дзырдтæ лæвæрд ис уыдон æмæ лæмбынæгдæр адзурдзыстæм дадайы куывдыл. Къордтæ фыссынц арфæйы ныхæстæ бæрæгбонмæ-гуырæнбонмæ. | ерысы хуызы архайынц дзырдтæ ирон æвзагмæ талмац кæныныл Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц Къордтæ кæсынц сæ арфæйы ныхæстæ кæрæдзийæн. | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон ( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ), удгоймагон (мадæлон æвзаджы аивдзинад; Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын) |
Рефлекси. Æрмæг бафидар кæныныл куыст. Хатдзæгтæ скæнын. | Хъуыдыйæдтæ цухгонд мивдисджытæй баххæст кæнын. Хистæртæ уатмæ куы 'рбацыдысты, уæд сывæллæттæ… . Тембол сын йæ къухæй ацамыдта, æрбадут, зæгъгæ. Уыдон… . Ацæмæз зæрон лæджы къухæй… дурын,… бæгæныйæ байдзаг кодта æмæ йæ… … … радта. Йæхæдæг та дурынимæ йæ уæлхъус… . (Сбадтысты, райста, сыкъа, фыды фыдмæ, æрлæууыдис, сыстадысты). – Кæмæ уыдыстæм абон уазæгуаты? Кæй гуырæн бон мА у тагъд рæстæг? Алы аз дæр кæй гуырæн бон фæбæрæг кæнæм 15-æм отябры? -Цы фæцыд уæ зæрдæмæ ацы урочы? -Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ ?
Æз ацы урочы бакуыстон хорз. Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз. | Хъуыдыйæдтæ цухгонд мивдисджытæй аххæст кæнынц, дзуапп дæттынц. Дзуапп дæттынц.(Сæ зæрдыл æрлæууын кодтой Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон) Сæ хъуыдытæ дзурынц. | Зонадон (анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын), коммуникативон (бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ) удгоймагон (хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын) |
Хæдзармæ куыст. | Ныффыссут цыбыр нывæцæн «Мæ гуыранбон» | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Презентация "Афон"
Презентация посвящена жизни монахов, святыням Афона...
Классный час -"Новый Афон"
Викторина...
Тема: Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ.
Открытый урок на тему: " Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ"....
ТЕСТ 11 къласы темæ «Нырыккон музыкалон культурæ»-мæ
Тест к учебнику 11 класса ( автор : Кудзоева Анжела ) по теме: " Современная музыкальная культура"....
Открытый урок в 7 классе на тему "Мивдисджытæ æппæрццæгтимæ æмæ сæ растфыссынад"
Открытый урок был проведен в 7 классе...
«Æгъдау цард рæсугъд кæны».Грамматикон темæ: «Мивдисæджы ифтындзæг нырыккон афоны"
Конспект урока по родному языку....
Темæ: Нырыккон нывкæнынад.
Урочы нысантæ.1. Мырты растдзурынадыл куыст.2. Æнæзонгæ дзырдты мидис хъуыдыйæдты мидæг бæрæг кæныныл фæлтæрын.3. Текстмæ байхъусыны фæстæ йын йæ мидисæ...