«Æгъдау цард рæсугъд кæны».Грамматикон темæ: «Мивдисæджы ифтындзæг нырыккон афоны"
план-конспект урока (5 класс)
Предварительный просмотр:
Ныхасы темæ: «Æгъдау цард рæсугъд кæны.»
Грамматикон темæ: «Мивдисæджы ифтындзæг нырыккон афоны (рацыд æрмæг фæлхат кæнын)».
Урочы хæстæ:
1. Сфæлхат кæнын афæдзы афонтæ,къуырыйы бонтæ, мивдисæгæй рацыд æрмæг .
2. Бæлвырддæр æрдзурын В.А. Сухомлинскийы радзырд «Дур»-ыл
3. Æрдзмæ уарзон цæстæй кæсын, йæ рæсугъддзинад ын
Хъахъхъæнын, рæсугъд хъуыддæгтæ кæнын .
4. Ныхасы рæзтыл куыст.
Урочы æрмæг: компьютер (презентаци), музыкæ, карточкæтæ.
Урочы цыд.
- Бацæттæгæнæн рæстæг.
СЛАЙД – 1 «Уæ бон хорз!»
1). Ахуыргæнæджы разныхас. Ме стъолыл ис:чиныг, боныг, тетрад, пенал, дзырдуат.
2) Фарстатæ:
- Абоны нымæц? Къуырийы бон цавæр у? Знон та кæцы нымæц уыдис? Райсом та?
- Ныртæккæ цавæр афæдзы афон у? Цавæр уалдзыгон мæйтæ зонæм?
Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Хæдзармæ куыст нын уыд ныффысын амбисæндтæ. (бафæрсын цалдæр скъоладзауы)
2. Лексикон разминкæ. (СЛАЙДТÆ) (сывæллæттæ радыгай дзурынц нывтыл цы дзыртæ ис, уыдон. Иннæтæ йæ фæстæ хъæрæй дзурынц – аудирование).
(джитъри, тæрхъус, къух, дзул, бирæгъ, цъиу, къафетт)
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ ныр та бакæсæм сценкæ тынг лæмбынæг. Цæмæй мын уый фæстæ дзуаппытæ раттат мæ фарстатæн.
3. Сценкæ «Уæд ды та?» (слайдта хорз æмæ æвзæр миниуджытимæ)
Æз фыдуаг митæ нæ кæнын,
Чысыл сабиты нæ нæмын.
Уæд ды та?
Мæн æнæзивæг фæхонынц,
Мæн цæрдæг лæппуйæ зонынц.
Уæд дæу та?
Мæн дада йæ хъæбул хоны,
Мæн нана йæ бæдул хоны .
Уæд дæу та?
(Хорз миниудхытæ: Фыдуаг митæ нæ кæнын, сабиты нæ нæмын, æнæзивæг ,цæрдæг
Ахуыргæнæг:
- Чи уыдысты нæ уазджытæ? Цæуыл дзырдтой? (сыв. дзуæппытæ).
- Уæдæ, куыд бамбæрстат, афтæмæй абон нæ урочы темæ у: « Æгъдау цард рæсугъд кæны» Грамматикон темæ та у «Мивдисæджы ифтындзæг нырыкон афоны
Зæгъут ма мын цы у æгъдау? (æгъдау у нормы поведения)
4. Дзырдуатон куыст. (СЛАЙДТÆ)
Цай - колодец
Фыдуаг кæнын - баловаться
Ныппæрын - бросил
Дур – камень
Бахус- засох
Тулдз-дуб
Хæс : Ног дзырдтима дзургæйæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйæдтæ, дзырдбæстытæ.
5. Текстыл куыст
Текст бакæсын хъуыдыйадгай . Передать смысль текста
Дур
Быдыры , тулдз бæласы цур бирæ азты уыдис цъай. Адæмы донæй æфсæста. Иухатт бæласы цурмæ бацыд иу лæппу. Уый уарзта фыдуаг митæ кæнын. Стыр дур систа æмæ йæ ныппæрста цъайы. Дур ныххауд дон кæцæй цыд уырдæм æмæ цъай бахус ис. Йæ алыварс кæрдæг дæр æмæ тулдз бæлас дæр бахус сты.
Рацыдис бирæ рæстæг , лæппу базæронд. Иухатт уый æрбацыд
уыцы ранмæ. Фæлæ дзы нал уыдис нæдæр бæлас, нæдæр цай. Нал зарыдысты цъиутæ. «Цымæ цы фесты кæддæры цъай, тулдз бæлас æмæ цъиутæ»- хъуыды кодта зæронд лæг.
. (Учитель говорит предложение на русском из 1 абзаца и дети должны найти в тексте. Из 2 абзаца так же + соответствие картин с текстом.)
6. Физминуткæ (Слайд)
Мах цæуæм, цæуæм цæуæм
Зокъотæ æмбырд кæнæм
Иу зокъо, дыууæ зокъойы
Зокъотæ дæр хин сты
Къудзиты бын бамбæхсынц.
Ныффысын нымæц тетрæдты.
Текстимæ куыст.
7 Тетрæдты куыст.
1вариант- 1 абзацай рафыссын номдартæ столбикæй æмæ сæм æртыгай мивдисджытæ бафтау.
2вариант дæр дыккаг абзацæй афтæ.
Фæйнæгыл куыст. Дыууæ ахуырдзауы фæйнæгыл ифтындзæг кæнынц дзырдтæ: Уарзын Цæуын (иннæтæ та фыссынц тетрады)
8.Тексты бындурыл арæзт беседæ.
-Цæй тыххæй у нæ радзырд?
-Чи у радзырды сæйраг архайæг?
-Цавæр æвзæр ми бакодта?
-Цавæр мивдисджытæ бахъуыды кодтат?
9. Тест
1. Кæцы дзырд у уæлдай
а) дидинæгг б) хъазын
æ) уалдзæг в) бадын
2. Дзырдтæй кæцы у мивдисæг?:
а) хъæд
æ) хæрын
б) хуымгæнæны мæй
в) бирæгъ
3. Фыццаг уалдзыгон дидинæг у:
а) уарди
æ) малусæг
б) джыджына
в) урсдидинæг
4. Адæймаджы хорз миниуджытæ сты
а) зивæг кæнын
æ) æгъдау дæттын
б) хорз ахуыр кæнын
в) фыдуаг кæнын
10. Хæслæвæрдтæ: (СЛАЙДТÆ)
1. Подбери к глаголам нужные местоимения
1) Сымах бады.
2) Ды уарзын .
3) Æз фыссынц.
4) Мах кафут
5) Уый фыссæм
6) Уыдон хæрыс
(карточкæтыл куыст алчи дæр фыссы йæ ном æмæ æххæст кæнынц хæс, бæрæг кæнынц рæдыдтытæ кæрæдзийы æмæ карæдзийæн сæвæрын бæрæггæнæнтæ.
2. Æмбисæндттæ сæмбырд кæн.
Æвзæры æвзæрæй ничи фæзмы.
Хистæрæн аргъ кæнын зон.
Æгъдау цард рæсугъд кæны
18. Урокæн хатдзæгтæ скæнын (ахуыргæнæджы кæробæттæн ныхас).
Хатдзæгтæ:
-Цæуыл дзырдтам абон нæ урочы?
-Црвæр ног дзырдтæм базыдтам?
-Текст нæ цæуыл ахуыркæнын?
19. Х/ куыст:
Нарисовать 2 картинки: 1 с плохими поступками, 1 с хорошие.
И подписать картинки одной фразой если сможете на русском.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок-театр «Хъуамæ царды исты фæд ныууадзон…» (Брытъиаты Елбыздыхъойы царды æмæ сфæлдыстады нывтæ).
Конспект урока по осетинской литературе в 9 классе....
Мивдисæджы грамматикон æууæлтæ.
Урок осетинского языка в 10 классе....
Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.
Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»....
Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.
Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»....
«Зæлинæйы гуырæнбон» (Нырыккон афоны мивдисджытæ)
Урочы нысантæ.Скъоладзауты дзырдуат фæхуыздæр кæнын. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын.2.Бакусын мивдисджыты ифтындзæгыл.3. Ахуырдзауты ахуыр кæнын кæрæдзийæн æмæ хистæртæн æгъдау дæттын.Урочы хуыз...
Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.
Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр». Урочы хӕстӕ: 1 Бакусын ног лексикӕйыл, бацӕттӕ кӕнын сывӕллӕтты ӕмдзӕвгӕ кӕсынмӕ.2 Ӕрдзурын хистӕр ӕмӕ...
Темæ: «Царды мæсыг амад у æгъдау, æфсарм æмæ зонды фидар дуртæй» ( Беджызаты Чермены новеллӕ « Ӕлбегаты Батай ӕмӕ Бӕрсӕгаты чындз»-мæ гæсгæ.)
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 8--æм къласы...