Интеллектуальная игра "По дорогам знаний" на осетинском языке.
материал (9, 10, 11 класс) на тему
Игра состоит из 4-х туров. В первом туре всем командам задаются общие вопросы,. Каждая из них старается набрать как можно больше баллов. Во 2-ом туре командам предлагаются 4 категории тематических вопросов. 1 категория- вопросы об Ардонской духовной семинарии, 2 категория- осетинский язык, 3 категория- Нартский эпос, 4 категория- Осетия. По мере того , кто в 1-ом туре набрал больше баллов, предоставляется право выбора категории. В 3-ем туре каждой команде показывается на интерактивной доске достопримечательное место Осетии. Участники команды должны как можно больше рассказать о нем. в 4-ом туре участвуют только капитаны команд. Каждый из них должен дать лексическое значение предлагаемому слову. Итоги.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
intel._hazt._zonyndzindty_fndagyl.docx | 29.59 КБ |
Предварительный просмотр:
Интеллектуалон хъазт
«Зонындзинæдты фæндагыл».
Архæйдтой дзы цыппар командæйы.(9-10 кълæстæ).
Амонæг зонгæ кæны командæтæ æмæ жюрийы уæнгтимæ æрбацæуæг адæмы. Командæтæ дзурынц сæ нæмттæ æмæ девизтæ.
Алы командæйæн дæр ис хицæн стъол.Ууыл æвæрд ис сигналон карточкæ –светофор.Амонæг фарст куы радта æмæ куы зæгъа дзырд «рæстæг»,æрмæстдæр уæд ис сдарæн светофор æмæ дзуапп раттын.
1 тур
Иумæйаг фæрстытæ.
Ацы туры зæгъын хъæуы уый,æмæ чи куыд фылдæр баллтæ райса,афтæ радыгай цæудзысты дыккаг туры категоритæ æвзарынмæ.Алы раст дзуаппæн дæр лæвæрд цæуы иу балл.
1. Ацы аргъауы ис æппæтæй фылдæр сырдтæ. Рæстæг.
Дзуапп: «Фаззæттæ» -йы.
2.Дзырд «æндæрг» - ы синоним у? Рæстæг.
Дзуапп: аууон
3. «Черемуха» иронау у? Рæстæг.
Дзуапп: къæбырттæг.
4. Ацы таурæгъон къаннæг уацмысæн йæ мидис у сатирикон, ироникон ,у зондамонæн. Уацмысы жанр у? Рæстæг.
Дзуапп: Басня.
5.Хæмыцæн йæ фаззон æфсымæр у?Рæстæг.
Дзуапп: Уырызмæг.
6.Геродоты хонынц куыд? Рæстæг.
Дзуапп: Историйы фыд
7. Токаты Алихан æмæ Брытъиаты Елбыздыхъо уарзтой уыцы иу дидинæг. Елбыздыхъойы фæндонмæ гæсгæ ирон фысджыты альманахæн дæр лæвæрд æрцыд ацы дидинæджы ном, Токаты Алихан дæр йæ иу æмдзæвгæ схуыдта ацы дидинæджы номæй. Цавæр дидинæджы кой кæнæм? Рæстæг.
Дзуапп: Малусæг
8.Къостайы ацы æмдзæвгæ нымад у лирикон шедеврыл? Цавæр æмдзæвгæ? Рæстæг.
Дзуапп: «Азар»
9. Ирыстоны сæргълæууæг чи у? Рæстæг
Дзуапп: Æгъуызарты Таймураз.
10. Дыууæ галы уæрдоны ифтыгъдæй куыд хуыйны? Рæстæг.
Дзуапп: Цæд
11.Ацы ирон кафт хонынц «Хуыцæутты кафт». Цавæр кафту? Рæстæг.
Дзуапп: «Симд»
12.Фыццаг ирон балеринæ у? Рæстæг.
Дзуапп: Гæздæнты Аврорæ
13.Ацы хъæуæн йæ ном арæзт у «æмбонд»-æй. Цавæр хъæуæн? Рæстæг.
Дзуапп: Брутæн, ома раздæр бырутæй арæзт уыдысты сæ хæдзæрттæ.
14. Адæймагæн йæ сæры цы ис? Рæстæг.
Дзуапп: зонд
15.Фыццаг ирон профессор у? Рæстæг.
Дзуапп: Æлборты Барысби.
16. Плиты Христофор цавæр фыццаг ирон оперæйы автор у? Рæстæг.
Дзуапп: «Къоста»-йы, кæнæ «Возвращение Коста»
17.Дзырд «цот»-ы синоним у? Рæстæг.
Дзуапп: Зæнæг.
18.Ацы кæрдæг у зианхæссæг хуымты, быдырты культуртæн . Куыд хуыйны? Рæстæг.
Дзуапп: Хæмпæлгæрдæг
19.Æфсæддоны уæлдæр цин ( чин ) куыд хуыйны? Рæстæг
Дзуапп: Генералиссимус
20.Мæнæуæфснайæн афон ма куыд хонæм? Рæстæг.
Дзуапп:Мæнæугæрдæнтæ
21.Ацы кусæн дзаумайæн кæрдæг у йæ халæг, дур та йæ цыргъгæнæг. Цы у? Рæстæг.
Дзуапп: цæвæг.
22. Æнæрвæссондзинад ма куыд зæгъæн ис? Рæстæг.
Дзуапп: Æлгъ
23.Гаглойты Федыр Захары фырты фæсномыг у? Рæстæг.
Дзуапп: Гафез
24. Бæхтæ дугъы кæм фæуадзынц, ахæм сæрмагонд фæз куыд хуыйны? Рæстæг.
Дзуапп: Ипподром.
25. Дзырд «зонадон»-ы синоним куыд у? Рæстæг.
Дзуапп: Наукон
26. Асæй чысыл адæймаджы куыд хонынц? Рæстæг.
Дзуапп: Карлик
- Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн
2 тур
Блиц-фæрстытæ, ома, фарст-дзуапп.
Командæтæ цыппар кæй сты ,уымæ гæсгæ фæйнæгыл дæр лæвæрд ис цыппар категорийы фæрстытæ.
Ацы туры фæрстытæн дзуапп дæттынц командæтæ нæ,фæлæ командæтæй иугай адæймæгтæ(дзуапп дæтты, равзæрст категори хуыздæр чи зоны,уый).Амонæг фарст дæтты ,архайæг та уайтæккæ дæр хъуамæ дзуапп ратта. Дзырд «рæстæг»-æй ацы туры нæ пайда кæндзыстæм. Алы дзуаппæн дæр лæвæрд цæуы иу балл.
_ -Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн
1.Категори «Æрыдоны духовон семинар æмæ йæ рауагъдонтæ - Ирыстоны фысджытæ ».
1.Æрыдоны семинары уагътой къухæйфыст журнал. Куыд хуынди?
Дзуапп: Журнал «Фидиуæг»
2.Æрыдоны семинаристтæ цы ирон æвзаджы ахуыргæнæн чиныгæй ахуыр кодтой, уымæн йæ аразджытæй иу уыд сауджын. Чи уыд?
Дзуапп: Сауджын Цæлыккаты Алыксандр.
3.Æрыдоны семинары рауагъдон Нигер йæ поэмæ «Мулдар»-ы фыссы:
«…Кæсгон нымæтау æхсæв хъæды
Йæ быны батыхта бæстон,
Цæст ахсы хорз Æрфæны фæды,
Йæ зарæг байтынг кодта дон…».
- Куыд уыдзæн Æрфæны фæд уырыссагау?
Дзуапп: Млечный путь
4. «Мызурон» райгуырд Æрыдоны, ахуыр кодта хъæууон райдиан скъолайы. Стæй фæци каст Æрыдоны семинар. Уым ныффыста йæ фыццаг æмдзæвгæтæ дæр, куыста Маньчжурийы. Кæй кой кæнæм?
Дзуапп: Илас Æрнигон - Тогъуызты Иласы фырт Газакы .
5. Æрыдоны семинары рауагъдонтæй 1935-37 азты репресситы амæттаг чи фæци?
Дзуапп: Æрнигон Илас, Барахъты Гино æмæ Æмбалты Цоцко
6. Æрыдоны семинары ацы рауагъдоны,зындгонд фыссæджы, Джыккайты Шамил схуыдта : «Ирон аив дзырды зæрингуырд». Кæй схуыдта афтæ?
Дзуапп: Коцойты Арсены
7. Брытъиаты Елбыздыхъойæн, Æрыдоны семинары рауагъдонæн , нæ драматургийы бындурæвæрæгæн, йæ цавæр драмæ у символикон революцийы тыххæй ?
Дзуапп: драмæ «Амыран»
8. Тугъанты Махарбег Брытъиаты Елбыздыхъойы куыд схуыдта?
Дзуапп: «рæсугъд адæймаг»
9. Къубалты Алыксандр, Æрыдоны семинары иннæ рауагъдон, йæ кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ» - йы сюжет кæмæй фехъуыста?
Дзуапп: Зыгъуытаты куырм Бибойæ
10.Æрыдоны семинары рауагъдонтæй Къостайыл сау чи фæдардта йæ царды кæронмæ?
Дзуапп: Æмбалты Цоцко
2 категори. «Ирон æвзаг»
1. Цы амоны дзырд «арийаг»?
Дзуапп: уæларвон, сыгъдæг
2. Ирон æвзаджы дамгъæ в-йæ цал дзырды райдайы? Зæгъ сæ.
Дзуапп: æртæ дзырды - вазыгджын, вæзн (ширина) , вæййы.
3.Бырынцъаг фæндаг ма куыд хонынц?
Дзуапп: Кæлæх фæндаг
4.Дзырд «хæрзæмбæлæг»- ы синоним цавæр у?
Дзуапп: Рæстæмбæлæг
5.Цæмæй дзырд бæхдон-æй рауайа вазыгджын дзырд, уый тыххæй цы ми бакæнын хъæуы?
Дзуапп: Дзырды фыццаг дамгъæ б аивын хъæуы ц-йæ, æмæ дзы рауайдзæн вазыгджын дзырд цæхдон.
6. Мивдисæджы æбæлвырд формæ ма куыд хонæм?
Дзуапп: инфинитив
7. Цавæр ныхасы хайы кой цæуы ацы цыппаррæнхъоны?
Дзырдæн куы лæууын сæ фæстæ,
Вдисын уыдон ахаст æз.
Банымадтой мын мæ хæстæ-
Хорз кæстæрæн,дам, нын бæзз!
Дзуапп:фæсæвæрд
8. Мивдисæджы ивынады ном чи вдисы, уыцы дзырд куыд хуыйны?
Дзуапп: ифтындзæг
9. Галиу къухæй архайæг куыд хуыйны?
Дзуапп: галиуæг
10.Дзырд «пайда»-йы антоним цавæр у?
Дзуапп: зиан
3 категори «Нарты кадджытæ».
1. Куырдалæгон чи у?
Дзуапп: Уæларвон куырд, куырды куысты бардуаг.
2.Сохъхъыр уæйыг «саудзагъд æмæ къуыпных лæппу» кæй схуыдта?
Дзуапп: Батрадзы
3. «Хæдзар хорз у, фæлæ Хурыскæсæнырдыгæй къуымы ницы ис.» Ацы ныхæстæ цæмæн загъта Сырдон кадæг «Фæндыр куыд фæзынди»-йы?
Дзуапп: Хæдзары сылгоймаг кæй нæй, уый тыххæй
4.Цы у нартæн Зилахар?
Дзуапп: сæ хъазæн фæз
5. Сырдон йæ хистæр фырты цонджы стджытæй æмæ иннæ лæппуты зæрдæты тæгтæй цы сарæзта ?
Дзуапп: дыууадæстæнон фæндыр
6. Æхсар æмæ Æхсæртæг цы хъахъхъæдтой?
Дзуапп: Нарты фæткъуы.
7.Нарты кадджытæм иллюстрацитæ чи скодта?
Дзуапп: Тугъанты Махарбег.
8. Сатанайы ныййарджытæ чи уыдысты?
Дзуапп: Лæгты дзуар æмæ Дзерассæ
9. Сатанайы куыд хуыдтой?
Дзуапп: Нарты мад
10.Ирон адæм абон Нарты кадджытæ зонынц сæйраджыдæр ацы азы уагъд чиныгмæ гæсгæ. Кæцы азы уагъд чиныджы кой кæнæм?
Дзуапп: 1946 азы
4 категори « Ирыстон»
1. Ирыстоны æппæты бæрзонддæр хох цавæр у?
Дзуапп: Джимарайы хох.
2. Ирыстоны стырдæр цæугæдон цавæр у?
Дзуапп? Терк
3. Теркæн йæ ратæдзæн кæцæй у, ома, кæцæй райдайы?
Дзуапп: Йæ райдайæн исы Зилгæ хохы цъитийæ.
4. Кæдæм хауы Терчы дон?
Дзуапп: Хъаспийы денджызмæ.
5. Ирыстоны æппæты стырдæр цъити цавæр у, æмæ кæм ис?
Дзуапп: Дыгургомы, Хъæрæугомы цъити
6. «Ермоловы дур» , æрдзы геологон цыртдзæвæн, кæм ис?
Дзуапп: Ис Уæллаг Ларсы, Гуырдзыйы арæнæй гыццыл æддæдæр.
7. Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспект раздæр куыд хуынди?
Дзуапп: Александровский проспект
8.Коцойты Арсены цыртдзæвæн кæм æвæрд ис?
Дзуапп: Наукон библиотекæйы раз.
9. Ацы ком у Ирыстоны фидыц. Цавæр комы кой кæнæм?
Дзуапп: Цъæйы комы
10. Ирыстоны цавæр кувæн бынат хонæм «Тымбыл хъæды дзуар»?
Дзуапп: Хетæджы къох
- Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн
3 ТУР.
ВИДЕО-фарст.
Алы командæйæн дæр компьютерыл кæнæ интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы Ирыстоны зæрдылдарæн бынæттæй иу. Скъоладзаутæ хъуамæ зæгъой,цы у,кæм ис æмæ ма дзы цы зонынц,уыдæттæ.Ацы фарсты дзуаппæн лæвæрд цæуы 10 баллы.Цы у æмæ кæм ис,уый куы зæгъой,уæд- 5 баллы. Уымæй уæлдай ма уæлæмхасæн æрмæг куы зоной, уæд та -10 баллы.
1.1-аг командæйæн æвдыст цæуы Ходы Никъалайы конд скульптурæ «Нарты Сослан», кæцы конд æрцыд 2007 азы,æвæрдæрцыдУырыссаг театры раз.
2. 2- аг командæйæн æвдыст уæуы Хетæгкаты Къостайы мад Марияйы ингæн, кæцы ис Нары.
3. 3-аг командæйæн æвдыст цæуы Алайнаг-Успенаг аргъуан ( Аланский Успенский мужской монастырь), кæцы арæзт æрцыд 2000 азы, Куырттаты комы , Фыййагдоны.
4. 4- æм командæйæн æвдыст цæуы Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуан, кæцы арæзт æрцыд 1815 азы, ис Ирыхъæуы, 13 скъолайы раз.
_- Ныхасы бар жюрийы уæнгтæн
4 тур.
Капитанты конкурс.
Лæвæрд дзырдты лексикон нысаниуæг бацамонын.Чи куыд фылдæр баллтæ райста,уыма гæсгæ радыгай дзуапп дæттынц.Ацы конкурсæн лæвæрд цæуы дыууæ баллы.
1. Гакк - нысан
2. Чыргай - къордгай
3. æртгуыз - артæндзарæг
4. цъæмæл – афтид
Кæронбæттæны ныхасы бар лæвæрд цæуы жюрийæн
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Социализация ученика через изучение осетинского языка и осетинской литературы.
Социализация ученика через изучение осетинского языка и осетинской литературы....
Разработка праздника на осетинском языке"Я люблю осетинское слово,осетинский язык"
Праздник с показом презентации...
Интеллектуальный турнир "Дороги наших побед"
Внеклассное мероприятие в рамках предметной недели гуманитарных наук, посвященное Великой Отечественной войне, а также истории Российской армии. Возраст - 8-11 классы. Мероприятие направлено на ...
Интегрированный урок в 8 «в» классе (осетинский язык, английский язык) Тема: «Школа в нашей жизни»
Интегрированный урок в 8 «в» классе (осетинский язык, английский язык)Тема: «Школа в нашей жизни». Методический материал предназначен для учащихся, не владеющих осетинским...
Беседа о языке.День осетинского языка и литературы
Разговор о важности изучения родного языка....
Презентация "Домашние животные" к уроку по осетинскому языку (для групп не владеющих языком) для пятого класса.
Ознакомление детей с домашними животными.Названия домашних животных как на русском , так и на осетинском языке....
Методическая разработка по осетинскому языку и литературе «Мотивация учащихся на уроках осетинского языка и литературы с разным уровнем обученности».
Данная разработка предназначена для учителей осетинского языка и литературы....