"Пришла зима". (Имя существительное)
план-конспект урока (5 класс) на тему

Хадикова Лариса Владимировна

Повтореие пройденного материала.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл otkryty_urok_seminar1.docx29.92 КБ

Предварительный просмотр:

             ГОМ УРОК

дифференциацигонд къорды

Дзæуджыхъæуы  15-æм астæуккаг  скъола

(Урок бацæттæ кодта Хадыхъаты Л.В.)

Урочы темæ. «Урсзачъе зымæг»

(грамматикон темæ.Номдар)

Урочы практикон хæстæ: ахуыр кæнынскъоладзауты дзургæ ныхасыл, уæрæхдæр кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ.

Урочы нысæнттæ:

Зонадон: скъоладзауты зонындзинæдтæ фæбæлвырд кæнын æмæ сæ иумæйагхатдзæгмæ æркæнын, уæрæхдæр кæнын скъоладзауты дунейы æмбарынад.

Хъомыладон: рæзын кæнын скъоладзауты сфæлдыстадон цæстæнгас сæ куыстмæ, разæнгард сæ кæнын сæхи хъуыдытæ хатдзæджы хуызы дзурынмæ, гуырын кæнын уарзондзинад æрдзмæ.

Рæзынады:архайын, цæмæй скъоладзауты аналитикон критикон æмæ фæлгонцон хъуыдыкæнынад кæна уæрæхдæр.

(Цæстуынгæ æрмæг: презентаци, нывтæ)


                                                                                             Эпиграф

                                      Ды – афæдзы сæр, урсдзыкку бæрæгбон,

                                      Дæ сæууон хур ныл ног рындзæй æркаст.

                                                                                           Чеджемты Æхсар.

Урочы цыд:                              

Орг.Момент.

Ахуыргæнæг: - Скъоладзаутæ, уазджытæ, уе ппæтæн дæр уæ бон хорз.

Нæ урок райдыдта. Дæ хорзæхæй, радгæс, зæгъ ма нын, абон кæцы нымæц у? Ам чи нæй? Къуырийы бонтæм гæсгæ та цы бон у?

Дуар æрбахостой.  Уазджытæ æрбацыдысты, быцæу кæнынц .

Ахуыргæнæг - Цæуыл быцæу кæнут?

1. Æз дæн фæззæг! Адæмы хор æмæ донæй æз æфсадын. Æз æппæтæй хуыздæр дæн.

2. Æз та дæн сæрд! Æппæтæй хъармдæр. Адæм мæн фылдæр уарзынц.

3. Æз та дæн уазал æмæ хъызт зымæг! Æппæтæй тыхджындæр дæн. Сывæллæттæ та мæ уæлдай уарзт кæнынц.

4. Уæдæ æз та дæн Уалдзæг! Уалдзæджы райхъал вæййы бæстæ. Æз дæн царддæттæг.

Ахуыргæнæг. Быцæу ма кæнут. Иууылдæр хорз стут, адæмæн пайда, иууылдæр нæ хъæут. Уæдæмæ афтæ бакæнæм,  уазæгуаты нæ ахонут æмæ мах фенæм, чи уæ рæдаудæр фысым у, уый. Уый тыххæй та хæлттæ сæппарæм. (хæлттæ æппарынц – зымæджы хал схауд.Иннæ афæдзы афонтæ зымæгæн арфæ кæнынц.)

Фæззæг – Урс пæлæз, урс пæлæз,

                    Райтау, дада, цæй

                    Сабитæн сæ Ног аз

                    Сбуц кæнæм фæрнæй.

Сæрд  -     Æгас цу, Ног аз!

                    Фарны къах æрбавæр

                    Æмæ фæсур нæ зæрдæты фæллад.

                    Кæмæн у зын,- фæхуыздæр кæн йæ уавæр,

                    Кæмæн у нцон – æнæниз цард ын ратт.

Уалдзæг – Ды – афæдзы сæр, урсдзыкку бæрæгбон,

                    Дæ сæууон хур ныл ног рындзæй æркаст

                    Æмæ дæ курæм хистæртæн цæрæнбон.

                    Нæ кæстæртæн – цæрæнбон æмæ уарзт.(Чеджемты Æ)

 Зымæг-       Мит, мит, сæлæф мит

                      Уары æмæ уары

                      Ног азы лæвæрттæ

                      Сабитæн æз уарын…

(уазджытæ сбадут æмæ байхъусут, сывæллæттæ та зымæджы тыххæй цы зонынц).

Презентаци – «Зымæг»

Ахуыргǽнæг: (ч у радгæс? Радгæс дзуры нымæц, бон, чи нæй урочы.)

Фонетикон зарядкæ:(нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм мырты раст дзурынад-слайд)

З – зæхх, зынаргъ, зæй

Дз – дзедыр, дзывылдар, Дзæуджыхъæу

Дж – Джызæл, Джимара, денджыз

Хъ – Хъобан, хъæдур, хъуг

Тъ – тъепа, тъизын, алтъами

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын ( зымæджы тыххæй сочинени- миниатюрæ ныффыссын;  æмбисæндтæ, уыцы-уыцитæ ссарын, сæ мидис зонын)

- Сывæллæттæ кæсынц х/ куыст.

Дзырдуат:

Ахуыргæнæг: Фæйнæгыл фыст сты дзырдтæ ног æрмæгмæ. Кæсæм ног дзырдтæ æмæ сæ мæ фæстæ дзурæм. Нæ хъус дарæм цавды нысанмæ.

Тъыфылтæ

хлопья снега

Урс гæлæбутæ

снежинки

Зилдух кæнынц

кружатся

Бырæн къуыбыр

горка

Къахдзоныгътæ

коньки

Дзоныгъ

санки

Рæйын

лаять

Митын лæг

снеговик

Æвзалы

уголь

Сфæлыстой

нарядили

Æрттиваг

блестящий

Хæс: æрхъуыды кæнут дзырдтимæ дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ

Ахуыргæнæг кæсы ног æрмæг (текст)

     Ралæууыдис уазал зымæг. Мит стыр тъыфылтæй уары. Уынгтæ, хæдзæрттæ, бæлæстæ – иууылдæр урс-урсид адардтой. Æрдз скодта йæ зымæгон пæлæз.

     Адæм Ногазмæ сæхи цæттæ кæнынц. Сфæлыстой заз бæлæстæ алыхуызон æрттиваг хъазæнтæй

 Сабитæтынг уарзынц зымæг. Хъæлдзæгæй æмбырд кæнынц бырæн къуыбырмæ. Алан æмæ Сослан бырынц къахдзоныгътыл. Данæ та йæ гыццыл æфсымæр Давиды дзоныгъы ласы. Мæнæ къæбыла дæр сæ фæстæ згъоры æмæ рæйы.  Иннæ сабитæ та митын лæг скодтой. Йæ сæрыл – бедра, йæ цæстытæ сау æвзалыйæ, фындзы бæсты та йын уырыдзы ныссагътой. Афтæ хъæлдзæгæй æрвитынц сывæллæттæ сæ зымæг.

Сывæллæттæ радыгай кæсынц текст æмæ йæ тæлмац кæнынц.(Кæсыны технологимæ хъус дарын)

Дзуапп ратт фæрстытæн.(текстмæ гæсгæ)

- Цавæр сæргонд æрхъуыды кодтат радзырдæн? Цæмæн?

- Адæм Ногазмæ сæхи куыд цæттæ кæнынц?

- Куыд аивта зымæгон æрдз йæхи?

- Куыд æрвитынц сабитæ сæ зымæг?

Хæс:Текстмæ гæсгæ раст вариант фæнысан кæн.(кълас дих кæнынц 2къордыл æмæ радыгай дзуапп дæттынц)

Ралæууыдис уазал

                 Сæрд

                 Фæззæг

                  Зымæг

Уынгтæ адардтой

                 сау

                 сырх

                 урс

Сабитæ тынг уарзынц

                 дзурын

кæсын

                зымæг

Алан æмæ Сослан бырынц

                 бæласæй

                 хæдзарæй

                 къахдзоныгътыл

Иннæ сабитæ та скодтой

                  хæдзар

                  бандон

                   митын лæг

Сывæллæттæ хъæлдзæгæй æрвитынц

                   сæ бон

                   сæ ныййарджыты

                   сæ зымæг

Фарстытæ:

- Цы у номдар?

- Зæгъут, цавæр фæрстытæн дзуапп дæтты номдар? ( Чи?Цы?)

 -  Цал нымæцы ис номдарæн? (Иууон æмæ бирæон)

- Тексты ссарут номдартæ æмæ сæ зæгъут иууон нымæцы æмæ бирæон нымæцы.

   (1къорд – иууон нымæцы номдартæ; 2къорд – бирæон нымæцы номдартæ)

(Уынг, зымæг, мит, хæдзар, бæлас, пæлæз, сабитæ, æфсымæр, къæбыла, митын лæг, цæстытæ, уырыдзы)

Хæс: номдартæм бафтаут миногонтæ (1-2къорд)

Уынг

Уазал

Зымæг

Стыр

Мит

Алыхуызон

Хæдзар

Ногуард

Бæлас

Хъарм

Пæлæз

Бъæгънæг

Сабитæ

Урс

Æфсымæр

Тызмæг

Цæстытæ

Урсдзыкку

Уырыдзы

Алыхуызон

Хъазæнтæ

Хъæлдзæг

Ахуыргæнæг.Атасындзæг кæнут дзырдбæстытæ:

(карточкæтæ дæтты дыууæ скъоладзауæн)

Хæс. дзырдтæ баххæст кæн хъæугæ дамгъæтæй:(1-2къорд)

У…нг, хæ…ар, æф…ымæр, цæ…тытæ, уыры…ы, урс…ыкку, ты…мæг, …æлдзæг, …абитæ,  бæла…

     Хæс. Хъуыдыйæдтæ текстмæ гæсгæ баххæст кæнын.(1-2къорд)

Ралæууыдис … зымæг. Мит стыр тъыфылтæй уары. Уынгтæ, хæдзæрттæ, бæлæстæ – иууылдæр … адардтой. Æрдз скодта йæ … пæлæз.

    Сабитæ тынг … зымæг. Хъæлдзæгæй æмбырд кæнынц бырæн ….. Алан æмæ Сослан бырынц къахдзоныгътыл. Данæ та йæ гыццыл æфсымæр Давиды … ласы.

Фарст. Цы хонæм сæрмагонд æмæ иумæйаг номдартæ?

Хæс. тексты ссарын сæрмагонд номдартæ, зæгъын сын сæ иумæйаг нæмттæ.(1-2къорд)

(Алан, Сослан, Данæ, Давид – сабитæ)

Хæс. чиныгимæ куыст (фæлтæрæн сæххæст кæнын)

Хъазт. Раст у, æви нæ?Цæмæн дæттæм номдартæм ахæм фарстытæ?

Ралæууыд (чи?)  зымæг.

Уары (чи?) мит.

Митын лæг скодтой (цы?) сабитæ.

Уарзынц зымæг (цы?) сабитæ.

Давиды ласы (цы?) Данæ.

Рæйы (чи?) къæбыла.

Ахуыргæнæджы ныхас. Байхъусæм уæдæ сывæллæтты ныхасмæ уынджы.

Диалогон ныхас.  (Проектон куыст «Цъæй»)

Ахуыргæнæджы ныхас.

Абон ногæй цы базыдтат?

Уæ зæрдæмæ цы фæцыд урочы?

Ахуыргæнæджы ныхас.

  Ды – афæдзы сæр, урсдзыкку бæрæгбон,

 Дæ сæууон хур ныл ног рындзæй æркаст.

Дзырды бар «Зымæгæн»

Сывæллæттæ, мæ зæрдæмæ тынг фæцыдыстут. Тынг бирæ зонут зымæджы тыххæй.Стæй мæ бирæ кæй уарзут, уый дæр бамбæрстон. (æвæры бæрæггæнæнтæ)

Афæдзы афонтæ (мах дæр  дæ уарзæм æмæ дын арфæ кæнæм)

Дауырæ «Зымæг»

Хур ма зæхх æртавы цъус.

Быдыр митæй дары урс.

Уазал дымгæ у тызмæг.

Уый та нæм æрцыд зымæг.  

 Цомайты Ростислав «Митгæлæбу»

Митгæлæбу

Уыд зымæг –

Фæцыбыр бон,

Къанæутты

Ныссалди дон.

Урс кæрц байтыгъта

Нæ фæзты.

Урс бæмбæгæй

Байдзаг бæстæ

Арвыл

Митгæлæбу хъазы,

Дымгæимæ

Симды бацыд.

Æз кæсын

Йæ фæзындмæ

Æнхъæлмæ,

Уæлæ и,-

Æртахт мæ сæрмæ.

Къухæй йæм

Фæсидтæн æз:

М арм дын уæд

Хуыссæнуат, къæс».

Митгæлæбу

Сидтмæ ртахти,

М армыл абадт

Æмæ ртади.

     Зымæгон хъазт /Цæгæраты Гиго/

Арвæй мигътæ разгъæлттой

Урс-урсид гæлæбутæ,

Хъазгæ, худгæ разгъордтой

Уынгмæ сыхы лæппутæ

Хъазгæ –худгæ, лæппутæ!

Хъазгæ-худгæ  чызджытæ!

Хъарм хæдзæрттæй рахастой

Уыдон зынг сæ уадултыл,

Чи сæ йæ кæрц раласта

Æмæ миты атулы

Хъазгæ –худгæ, лæппутæ!

Хъазгæ-худгæ  чызджытæ!

Зымæг

Уæдæ мæн фæнды сымахæн, сывæллæттæ, арфæтæ- лæвæрттæ ракæнын. Хæдзары сæ сахуыр кæнут æмæ сææрвылбон пайда кæнут.(уары арфæйы лæвæрттæ)

Ахуыргæнæг: бузныг уе ппæтæн дæр.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Стихотворение:"Пришла Зима"

Стихотворение:"Пришла Зима"...

"Пришла зима."

Нотный материал....

«К нам пришла сама бабушка Зима»

Новогодний праздник в младшей группе «Солнышко»...

Технологическая карта урока немецкого языка по теме "Зима пришла"

Технологическая карта урока немецкого языка  в 3 классе по теме "Зима пришла". Урок построен в соответствии требованиям ФГОС НОО....

Презентация к конкурсу чтецов "Зимушка - зима в гости к нам пришла"

Презантация к конкурсу чтецов с загадками...

Конспект спортивного развлечения «Пришла веселая зима» для детей второй младшей группы

Конспект спортивного развлечения «Пришла веселая зима» для детей второй младшей группы...