Рабочая программа по предмету "Литературное чтение на родном (осетинском) языке"
календарно-тематическое планирование по чтению (2 класс)
Предварительный просмотр:
МУНИЦИПАЛЬНОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ
СРЕДНЯЯ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА № 2 г. АЛАГИРА
СОГЛАСОВАНО Руководитель ШМО __________ Дарчиева Э. В. Протокол № ___ от «____»___________2019 г. | СОГЛАСОВАНО Зам. директора школы по УВР ___________ Савлохова Р. В.
«____»____________2019 г. | УТВЕРЖДАЮ Директор МБОУ СОШ №2 ___________Коченова Л. Ч. от «___»__________2019 г. |
РАБОЧАЯ ПРОГРАММА
Предмет: | литературное чтение на родном (осетинском) языке |
Класс: | 2 «в» |
Уровень: | базовый (ФГОС НОО) |
УМК: | Л. Бесолова, М. Будаева |
Учебный год: | 2019 – 2020 |
Составитель: | учитель начальных классов, учитель первой категории Черчесова Д. М. |
г. Алагир, 2019 г.
АХУЫРАДОН ПРОГРАММÆ
Бесолты Ларисæ æмæ Будайты Милусяйы 2-æм къласы кæсыны чиныгæй чи кусдзæн, уыдонæн. Программæ арæзт æрцыд ног Федералон Паддзахадон Ахуырадон Стандарты (ФПАС-ы) домæнтæм гæсгæ 2-æм кълæсты ахуыргæнджытæн æххуысæн.
Кусӕн программӕ арӕзт ӕрцыд ног стандарты домӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ ЮНЕСКО-йы кафедрӕйы арӕзт ахуырадон комплекты бындурыл. Ирон литературон кӕсынадӕн лӕвӕрд цӕуы къуыри 2 сахаты 1-аг ӕмӕ 2-аг четвертты, 1 сахат 3 ӕмӕ 4 четвертты (ӕдӕппӕт 34 ахуырадон къуырийы - 50 сахаты).
Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн.
Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:
- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;
- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;
- мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны алывæрсыгæй хъомыл кæнын;
- хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр рæзын кæнын;
- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.
Куыд зонæм, афтæмæй æппæтæй хуыздæр фадат уыцы нысантæ сæххæст кæнынæн ис кæсыны урокты.
Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.
Кæсыны программӕйы сӕйраг идея у скъоладзауы ахуыры процессы сӕйраг архайӕг уӕвынмӕ сразӕнгард кӕнын.
Кæсыны программӕйы сӕйраг хицӕндзинад – скъоладзаутӕн комплексон ӕгъдауӕй литературон кӕсынады ӕгъдӕуттӕ бацамонын.
Кæсыны программӕйы спецификон хицӕндзинӕдтӕ:
- текстыл бакусын куыд ныхасы иуӕгыл;
- литературон уацмысы дзырдты аивдзинад ӕмӕ сӕ хицӕндзинӕдтӕ
- жанртӕм гӕсгӕ ӕвзарын;
- уацмысы ӕвзаг ӕмӕ сывӕллӕтты ныхасыл уыцы иумӕ куыст;
- уацмысыл ӕмӕ сывӕллӕттӕн фыст чингуытыл иумӕйагӕй кусын;
- сывӕллӕттӕн тексты тыххӕй зонындзинӕдтӕ дӕттын, ӕмӕ аивадон
- литературон уацмысы мидис ӕмбарын кӕнгӕйӕ сабиты миддуне хъӕздыгдӕр кӕныныл куыст.
Программæ домы, цæмæй скъоладзаутæ базоной тексты сæйрагдæр хъуыды рахицæн кæнын, уацмысы мидис хи ныхæстæй радзурын, дзырдты нысаниуæг зонын, текстæн йæ аивадон æууæлтæ рахатын; сахуыр уой хъуыды кæнын, рæза сæ аивадон æнкъарынад, цымыдис æмæ разæнгард кæной чиныг кæсынмæ.
Кæсыны программӕйы сӕйраг нысан: сабиты чиныг кӕсынмӕ разӕнгард кӕнын ; ирон, уырыссаг ама ӕппӕтдунеон литературӕйы хуыздӕр уацмысты фӕрцы сывӕллӕтты миддуне хъӕздыгдӕр кӕнын.
Кæсыны программӕйы сӕйраг хӕстӕ:
- скъоладзауты дзырдгай хъӕрӕй кӕсын ахуыр кӕнын;
- чиныг кӕнӕ хицӕн уацмысы мидис ӕмбарын;
- литературон уацмыстӕ жанртӕм гӕсгӕ ӕвзарын зонын;
- сывӕллӕттӕн фыст литературӕйы зындгонддӕр авторты зонын; цы уацымстӕ ахуыр кӕнынц, уыдоны авторты зӕрдыл дарын;
- уацмысы архайджыты мидуавæр æнкъарын;
- цардмæ эстетикон æнкъарæнтæ гуырын кæнын;
- сывæллæтты дунеæмбарынад уæрæх кæнын;
- сывæллæтты ныхас хæздыг кæнын;
- скъоладзауты чиныг кæсынмæ разæнгард кæнын.
Текстыл кусгæйæ сывӕллӕтты ныхасы арӕхстдзинад разынгӕнӕн мадзӕлттӕ:
1. Кӕсыны навыктӕ рӕзын кӕнын:
- раст ӕмӕ ӕмбаргӕ каст;
- дзырдгай каст;
- хуыздӕр кӕсӕджы конкурстӕ ӕмӕ ерыстӕ аразын;
- тагъ кӕсыныл фӕлтӕрын.
2. Аив кӕсын ӕмӕ дзурын:
- хъӕрӕй ӕмӕ хинымӕры каст;
- раст дикции аразын, хъӕлӕсонтӕ ӕмӕ ӕмхъӕлӕсонты раст артикуляцийыл куыст;
- тагъддзуринӕгтӕ кӕсын;
- орфоэпийы нормӕтӕ ахуыр кӕнын;
- рольтӕм гӕсгӕ кӕсын.
2-ӔМ КЪЛАСЫ «ЛИТЕРАТУРОН КӔСЫНАДЫ» СӔЙРАГ АХУЫРГӔНИНАГ ӔРМӔГ
Ралаууыд сард- Байдзаг цинай карт. (5 сах.)
Байрайай,баркадджын, бурзачъе фаззаг!(9 сах)
Агад мита да сарма ма хасс, Расугъд хъуыддагтам тырн! (7 сах.)
На халар царагойтай чи куыд цары? (5сах.)
Ама урс къарид карцы, Рабадт салдзачъе зымаг. (4 сах.)
Куыст – царды цин. (6 сах.)
Ис тых на кадджын Афсады, Не хсар у махан, на ныфс. (4 сах.)
Арцыд, ныллаууыд уалдзаг! (3 сах.)
8-ам Мартъи-Аппат дунейы сылгоймагты барагбон. (2 сах.)
9-ам Май – Уалахизы бон (3 сах.)
Адамон сфалдыстад (2 сах.)
Азы кæронмæ скъоладзаутæ хъуамæ базоной:
- æмбаргæ, аив æмæ раст кæсын;
- хъæлæсы уаг раст аразын;
- чысыл текст хинымæр кæсын;
- цы уацмыс бакастысты, уый мидисæй фæрстытæн раст дзуæппытæ дæттын;
- сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæстæг дзырдтæ иртасын;
- радзырд, аргъау,æмдзæвгæ кæрæдзийæ иртасын;
- зындгонд фысджыты нæмттæ зонын, сæ уацмыстæ сын ранымайын.
УНИВЕРСАЛОН АХУЫРАДОН АРХӔЙДТЫТӔ:
Зонындзинадтӕ райсыныл архайд (познавательные):
Информаци агурын тексты, таблицæты, иллюстрациты, схемæты, компьютеры.Кæсыны алыхуызтæй пайда кæнын: фактуалон, æмбæхст хъуыдытæ.
Анализ кæнын (сæйраг хъуыды хицæн кæнын, цæмæй арæзт у), хатдзæгтæ кæнын фактты бындурыл.
Фæзындтæ æмæ факттæ къордтыл дих кæнын,информаци аразын (пъланы, тексты, таблицæйы, схемæйы хуызы).
Факттæ, фæзындтæ, абстрактон æмбарынæдтæ кæрæдзиимæ барын. Аххосæгтæ агурын æмæ сын хатдзæгтæ кæнын. Ахуыргæнæджы æххуысæй, кæнæ хибарæй ассоциацитæ агурын, модельтæ аразын.
Регулятивон универсалон архайд:
Нысан æвæрын, проблемæ агурын æмæ æвæрын (урокæн, проектæн) ахуыргæнæгимæ æмæ хибарæй.
Нысан сæххæст кæныны фæрæзтæ агурын къордты кусгæйæ, кæнæ ахуыргæнæджы æххуысæй.
Ахуыргæнæджы æххуысæй кæнæ хибарæй архайдæн пълан аразын. Пъланмæ гæсгæ кусын, нысанимæ йæ барын, рæдыдтæ агурын æмæ сæ раст кæнын. Критеритæм гæсгæ нысан сæххæст кæныны къæпхæн сбæрæг кæнын.
Коммуникативон универсалон архайд:
Хи хъуыдытæ искӕмӕн дзурын, аргументтæ æмæ сæ факттæй æххæст кæнын. Хи хъуыдытæ аивынмæ цæттæ уæвын, контр аргумент тыхджындæр куы рауайа, уæд. Критикон цæстæнгас химæ. Диалогы архайын: Искæмæ хъусын æмæ йæ фехъусын. Æндæр искæйы позици æмбарын(тексты авторимæ диалогы цæуын). Алыхуызон хæстæ сæххæст кæныны тыххæй фысгæ æмæ дзургæ тексттæ аразын (хибарæй æмæ ахуыргæнæгимæ). Коммуникативон хæстæ сæххæст кæнынæн алыхуызы ныхасы ситуацитæ аразын. Къæйтты,къордты кусын(лидеры, критикы, æххæстгæнæджы ролы). Конфликттæ мынæг кæнын, баныхас кæнын зонын, барын.
Удгоймагон универсалон архайд (личностные):
Адæймаджы раконд хъуыддаг адæймагæй хицæн кæнын зонын, алыхуызон ситуациты йын аргъ кæнын зонын. Адæймаджы раконд хъуыддæгтæй хорз кæнæ æвзæр рахонæн кæцыйæн ис, уый æмбарын(афтæ хи хъуыддæгтæн дæр). Хи хорз, кæнæ æвзæр миниуджытыл сæттын æмæ сæ æмбарын. Дæ райгуырæн бæстæимæ,Уæрæсеимæ дæ цы бæтты, уыцы миниуджытæ зонын æмæ сæ дзурын. Дæхи хуызæн чи нæу, ахæм адæмимæ дзурын зонын, æндæр адæмы хæттыты минæвæрттæн аргъ кæнын. Иумæйаг хи дарыны æгъдæуттæй пайда кæнын зонын, конфликттæй хи хъахъхъæнын. Алыхуызон ситуациты хи дарыны æгъдæуттæ æвзарын зонын. Хи æвзæр миниуджытæ зонын æмæ сын дзуапп дæттын(хи æфхæрын зонын, искæйы æфхæрд æмбарын дæхи раконд æвзæр хъуыддаджы тыххæй)
ЛИТЕРАТУРÆ:
- Бесолты Ларисæ æмæ Будайты Милусяйы Кæсыны чиныг 2 къласæн. Дзæудж. 2016
- Моурауты М. Дидактикон æрмæг ныхасы рæзтыл кусынæн. Дзæудж. 2011
- Моурауты М. æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Дзæудж. 2011
- Моурауты М Дидактикон хъæзтытæ æмæ улæфты минуттæ. Дзæудж. 2011-10-12
- Уалыты Т.,Джусойты К., Дзытиаты Э. Сывæллæттæ литературæйæ хæслæвæрдтæ 2 къл. Ирон æвзаг æмæ кæсыны уроктæм. Дзæудж. 2005
- Уалыты Т. Цалдæр ныстуаны æрыгон ахуыргæнæгæн. Дзæудж. 2005
- Бзарты Р. Нæ Райгуырæн бæстæйы истории. Алан æмæ Уæрæсе рагзаманты.
- Ирон. æвзаг æмæ литературæйы программæтæ 1-11 къл. Дзæудж. 2005
- Пагæты З. 1-4 къл. Ахуыргæнинæгтæ кæсын- фыссын куыд зонынц, уымæн бæрæггæнæнтæ æвæрыны бæрцбарæнтæ. Дзæудж. «Иристон» 2003
УРОКТЫ ДÆНЦÆН ТЕМАТИКОН ПЪЛАН
№ | Урочы темæ | Сахæтты нымæц | Бон | |
пълан | факт | |||
1. | Дзасохты М. Сæрд. Коцойты А. Сæрдыгон райсом. | 1 | ||
2. | Чеджемты Г. Уæртджынхæфс æмæ Тасмакъа | 1 | ||
3. | Мæгуыр тæрхъус (аргъау) | 1 | ||
4. | Калоты П. Сæрды фæстаг мæй. Уæздан цъиу (аргъау) | 1 | ||
5. | Байрайай, бӕркаджын, бурзачъе фӕззӕг! Хозиты Яков. Сабитӕ ӕмӕ фӕззӕг. | 1 | ||
6. | Ситохаты Саламджери. Сырддонцъиу. | 1 | ||
7. | Ӕгъуызарты Саукуыдз. Згъӕлы сыфтӕр. | 1 | ||
8. | Саламты А. Кӕцы горӕтмӕ? | 1 | ||
9. | Айларты Ч. Фыдыбӕстӕ. | 1 | ||
10. | Болатты Хъ. Уазӕгуаты ивгъуыдмӕ. | 1 | ||
11. | Ходы К. цин | 1 | ||
12. | Айларты Ч. Чи фылдӕр уарзы йӕ мады? | 1 | ||
13,14. | Хъантемыраты К. Аслӕнбег. | 2 | ||
15. | Тыджыты Ю. Ӕхсарбег. | 1 | ||
16. | Джиоты К. Ӕнӕрхъуыды чызг. | 1 | ||
17,18. | Дзесты К. Рынчынфӕрсӕг. | 2 | ||
19,20. | Дзесты К. Ӕххуысгӕнджытӕ. | 2 | ||
21. | Коцойты А. Хъӕддзау. | 1 | ||
22,23. | Сечъынаты Л. Трамвайы. | 2 | ||
24,25. | Хуыгаты С. Бӕтӕ ӕмӕ Дзодзӕ | 2 | ||
26. | Хъайтмазты А. Сидзӕр. | 1 | ||
27. | Баситы М. Фӕскъӕвда. | 1 | ||
28. | Барахъты Г. Зӕрватыкк | 1 | ||
29. | Къадзаты С. Бӕлӕстӕ кӕнынц фынӕй. | 1 | ||
30. | Дзиойты Д. Митын лӕг. | 1 | ||
31. | Калоты П. Фынӕйы рӕстӕг. | 1 | ||
32. | Цӕрукъаты В. Заз. | 1 | ||
33. | Цомайты Р. Митгӕлӕбу. | 1 | ||
34. | Калоты П. Фӕд дзуры. | 1 | ||
35. | Хуытъинаты Ц. Фӕллой. | 1 | ||
36. | Джиоты К. Хӕдзармӕ куыст. | 1 | ||
37. | Дзесты К. Хинӕйдзаг къӕбыла. | 1 | ||
38. | Гӕдиаты С. Кӕсаг, хӕффс ӕмӕ цъиусур. | 1 | ||
39. | Айларты Ч. Цӕуыл зарыд дон? | 1 | ||
40. | Цӕрукъаты А. Мартъи, Цӕрукъаты В. 8-ӕм мартъи, Плиты Х. Мадмӕ. | 1 | ||
41. | Цӕгӕраты Г. Мураты бандон. | 1 | ||
42. | Хетӕгкаты Къ. Дзывылдар, Зӕрватыкк. | 1 | ||
43. | Чеджемты Г. Арв худы, арв зары. | 1 | ||
44. | Цӕрукъаты А. Ӕцӕг аргъау. | 1 | ||
45. | Санитарон куыйтӕ. | 1 | ||
46. | Будайты М. Нанайы «аргъау». | 1 | ||
47. | Баситы М. Уӕлахизы бон. | 1 | ||
48. | Къадзаты С. Фыдыбӕстӕйы стыр хӕст. | 1 | ||
49. | Сайӕджы сайд | 1 | ||
50. | Рувас бирӕгъы куыд асайдта | 1 |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
РАБОЧАЯ ПРОГРАММА ПО ЛИТЕРАТУРНОМУ ЧТЕНИЮ НА РОДНОМ (КРЫМСКОТАТАРСКОМ) ЯЗЫКЕ 1 класс
РАБОЧАЯ ПРОГРАММА ПО ЛИТЕРАТУРНОМУ ЧТЕНИЮ НА РОДНОМ (КРЫМСКОТАТАРСКОМ) ЯЗЫКЕ 1 класс (2 часа в неделю)...
Рабочая программа по литературному чтению на родном (русском) языке
Рабочая программа с календарно-тематическим планированием для 1 класса. Программа рассчитана на 2 часа в месяц....
Рабочая программа по литературному чтению на родном (русском) языке для 3 класса
рабочая программа...
Рабочая программа по литературному чтению на родном (русском) языке
Цель программы – углубленно знакомить учащихся с детской литературой и книгой, обеспечивать литературное развитие младших школьников, раскрыть перед детьми мир нравственно-эстетическ...
Рабочая программа по литературному чтению на родном русскому языку 2 класс
Программа рассчитана на 1 час в неделю...
Рабочая программа по литературному чтению на родном (русском) языке 2 класс
Рабочая программа по литературному чтению на родном (русском) языке 2 класс...
Рабочая программа по литературному чтению на родном (русском) языке
Программа учебного курса «Литературное чтение на родном (русском) языке» для 4 класса составлена на основе примерной программы по литературному чтению к учебно-методическому комплексу &laq...