Конспект урока по осетинскому языку "Уалдзыгон бон"
план-конспект урока по чтению на тему
Конспект урока по осетинскому языку "Уалдзыгон бон"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
ualdzygon_baragbon.docx | 23.54 КБ |
Предварительный просмотр:
Гом урок
(Ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы сывæллæттæн, 2 къласс)
Темæ:
«Уалдзыгон бæрæгбон»
Ахуыргæнæг: Биганаты Т.К
2014г.
Темæ: «Уалдзыгон бæрæгбон».
Чеджемты Г. «Уалдзыгон бон» зарæг.
Диалог «Бæрæгбоны лæвæрттæ»
Номдар дæттынон хауæны. Миногонтæ – антонимтæ.
Нысан:
1). Зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæг «Уалдзæг»
2). Ахуыр кæнын ног дзырдтæ. Бакусын текстыл, йæ мидисыл.
Совершенствовать умения и навыки аудирования и чтения диалогического текста №6. Учить употреблять сушествительные в дательном падеже.
3). Ахуыр кæнын пайда канын миногонтæй – антонимтæй.
4). Гуырын кæнын уарзондзинад мадмæ, нанамæ.
Урочы цыд.
I. Бацæттæгæнæн хай.
-Цавæр бон у абон?
- Хъарм бон, уалдзыгон бон.
II. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын нывтæм гæсгæ.
-Цавæр афæдзы афон у? Цы æрцыди митыл? Цæмæн? Цавæр дидинджытæ фæзынди? Уæлдæф фæхъарм æмæ æртахтысты …?
III. Ног темæйыл куыст.
1). Беседæ: «Æрцыди уалдзæг. Цавæр бæрæгбон æрцæуы фыццаг уалдзыгон мæйы? Кæй бæрæгбон у? Куыд æй арвитæм?
- Цавæр темæйыл кусдзыстæм абон?
-Уалдзыгон бæрæгбон 8 мартъи.
2). Фонетикон зарядка.
Гъ – зæгъын, зынаргъ, сыгъдæг, мæргътæ.
Хъ – байхъус, хъуыды кæнын, хъазæн, райхъал, фæхъарм
Къ – къафеттæ, ме мкъласон.
3). Дзырдуатон куыст: сылгоймæгты бæрæгбон, арфæ кæнын, фарн,цæстынгас,æнус, хъуыды кæнын, лæвæрттæ, балæвар кæнын.
-Бакæсут хъуыдыйæдтæ дзырдуатон дзырдтимæ æмæ сæ тæлмац кæнут.
4). Аудировани:
Æстæм мартъи у сылгоймæгты бæрæгбон. Æз мæ мадæн балæвар кодтон дидинджытæ, нанайæн та сæрбæттæн. Арфæ уын кæнын мæ мад æмæ нана.
5). Диалогыл куыст: «Бæрæгбоны лæвæрттæ»
- Сывæллæттæ, бакæсут тексты сæргонд. Куыд уæм кæсы цæй тыххæй уыдзæн текст? Чи сты архайджытæ?
А) Кæсæм текст рольтæм гæсгæ.
-Цæй тыххæй дзырдтой Таму æмæ Алан?
Б) Кæсæм æмæ тæлмац кæнæм диалог.
- Кæмæн цы балæвар кæндзæн Алан? Цавæр лæуппу?
(Номдар дæттынон хауæны).
Кæмæн? – Мадæн дидинджытæ, Людæйæн-чиныг, хойæн – хъазæн, нанайæн – раздарæн.
- Ахъуыды кæнут, сымах цы балæвар кæндзыстут уæ мадæн, нанайæн, хойæн.
6).Фыссæм арфæтæ мадæн (фæлтæрæн – 10)
7). Физминуткæ.
8.) Байхъус, бакæс æмæ ратæлмац кæн зарæг «Уалдзыгон бæрæгбон»
Бæрæгбон йæ рады
Ралæууыд фæрнæй.
Цас уарзын мæ мады
Уый зæгъæндæр нæй.
Хурау у йæ зæрдæ –
Райдзаст æмæ рухс,
Афтæмæй фæцæра
Махимæ æнус
Æз хæссын лæварæн
Дидинджыты баст:
Уадз æмæ мæ мадæн
Хурау уа йæ каст.
- Кæй тыххæй у æмдзæвгæ?
- Куыд уарзут уæ мадæлты?
-Уæ зæрдæ йын цы зæгъы?
- Цы балæвар кæндзыстут уæ мадæлтæн?
8). Зонджын Уыг амоны.
Мивдисджытæ – антонимтæ:
А) фæллад – цæрдæг
Б) лæппу, мад чызг, сывæллон
В) Фæллад лæпу бады зæххыл.
Цæрдæг чызг гæппытæ кæны.
IV. Рефлекси:
- Цы базыдтат ногæй урочы?
- Цы фæцыдис уæ зæрдæмæ?
- Цы бахъуыды кæндзыстут?
V. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
VI. х/к.
Бакæсын текст №4, ахуыр кæнын ног дзырдтæ.
Бахъуыды кæнын арфæтæ мадæн, ахуыргæнæгæн. Ф.№10.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
конспект урокапо математике в 1 классе
Тема "Прибавление чисел 7,8,9" по программме В.Ф.Виноградовой "Начальная школа 21 века"...
конспект урокапо математике в 1 классе
Тема "Прибавление чисел 7,8,9" по программме В.Ф.Виноградовой "Начальная школа 21 века"...
Конспект урока осетинского языка
Тема урока: << Уарз дӕ бӕстӕ!>>....
Конспект урока по осетинскому языку 2 класс
Неˊвзаг. Æхсицгон æй, маддæлон æй,Хæзнадонæ æй неˊ взаг.Ци рæсугъд æй, ци рагон æй...
Конспект урока по осетинскому чтению 3 класс
Предки современных осетинов были кочевниками, которые перемещались по кавказским землям. Аланы были выходцами из скифо-сарматских племен и разговаривали на древнем иранском диалекте. Часть кочевых Ала...
Открытый урок по осетинскому языку в 1 б классе по учебнику «ГОВОРИМ И ЧИТАЕМ ПО ОСЕТИНСКИ»
Version:1.0 StartHTML:0000000167 EndHTML:0000001485 StartFragment:0000000504 EndFragment:0000001469 P { margin-bottom: 0.21cm; } ЦЕЛИ: - учить называть овощи и характеризовать их;- учить читать сл...
Конспект урока осетинского языка во 2 классе "Номдар".
Урок знакомства учащихся2 класса с темой "Имя существительное"...