Конспект урока осетинского языка
план-конспект урока (4 класс) на тему

Тема урока: << Уарз дӕ бӕстӕ!>>.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл урок осетинского языка35.79 КБ

Предварительный просмотр:

4 класс.Осетинский язык, литературное чтение.

Тема урока: << Уарз дӕ бӕстӕ!>>.

Тип урока: ОСЗП( Организация системы знаний и их повторение).

Оборудование:

 Компьютер, ММ- проектор, диск с файлами, карточки с цифрами, магнитола, фотографии известных людей Осетии, серии изданий << Нартских сказаний>> на русском, осетинском и дигорском языках, отдельные сказания для детей, картины о природе Осетии, иллюстрации Махарбека Туганова к << Нартским сказаниям >>.

Цели и задачи:

1. Организовать в систему знания учащихся по <<Нартским сказаниям>> и повторить их.

2. Продолжить работу над устной речью учащихся.

3. Воспитание любви к своей большой Родине- России и к маленькой Родине- Осетии.

4. Вызвать уважение к прошлому своего народа и с гордостью носить его имя.

5. Подвести учащихся к << Кодексу Аланской этики>> .

                                     Формируемые УУД.

Личностные: способность к самооценке.

Регулятивные: определять и формулировать цель урока с

                              помощью учителя; уметь работать коллективно по

                              составленному плану; уметь высказывать свое

                               предположение на основе работы с материалом

                               учебника; планировать свое действие в        

                               соответствии с поставленной задачей.

Познавательные:                                                                                           нравственно- этическое оценивание усвояемого  материала

( << Нартские сказания>>- это не  отдельно взятые сказания об одном герое, это целый эпос об одном народе- Нартах.)

Коммуникативные:

в устной форме уметь оформлять свои мысли; учиться работать в группе; слушать и понимать речь других; формулировать собственное мнение.

Урочы цыд.

I.( Хъуысы << Хонгӕ кафт>>-ы цагъд).

Ахуыргӕнӕг дзуры:

<< Уыдис, дам, раджы ам, Кавказы,

Ӕмбисонды рӕсугъд адӕм:

Домбай тыхӕй, хъӕздыг ӕгъдауӕй,

Бӕрзонд, рӕсугъд , аив уындӕй.

Сӕуӕхсид райхъал кодта бӕстӕ,

Ирыстон циндзинадӕй- дзаг.

Нӕ фӕсивӕд, нӕ ирон адӕм

Бӕрзонд хӕсдзысты Нарты кад!>>.

II.Скъоладзаутӕ сӕхӕдӕг зӕгъынц урочы темӕ.

III.Ахуыргӕнӕг:

…Дзырдтой нӕ буц фыдӕлтӕ раджы, мӕнг дуне, дам, уыди фынӕй, ӕмыр ӕмӕ саудалынг. Стӕй арвыл фӕзынди мӕйы зынг, стъалыты ӕрттывд, ӕмӕ кӕрӕй- кӕронмӕ нывӕндгӕ рацыд Æрфӕныфӕд, уый фӕстӕ ссыгъди сӕуӕхсид, ӕмӕ цъӕх арвыл фӕзынди хуры цалх. Стӕй сӕ рухсы ӕндӕрг фӕрдыгау цӕхӕртӕ ацагъта ӕмӕ арвӕй фесхъиудта зынджыстъӕлфӕн. Ӕмӕ куы ӕрхаудта, уӕд сау фӕнык фестади зӕххыл.

     Хуыцау ысфӕлдыста уыцы ӕрвон сыгъдонӕй Нарты.

     Арвы цӕссыгӕй зӕххыл сӕвзӕрди алцы ӕппӕт дӕр: хӕхтӕ ӕмӕ дон, бӕлас ӕмӕ дыргъ, кӕрдӕг ӕмӕ хор.

     Фӕзындысты сырдтӕ.

     Уалынджы хуры тӕвдӕй сулӕфыд фурд, ӕмӕ фӕзындысты Донбеттыртӕ. Ӕмӕ сын радта Хуыцау адӕмӕн зонд ӕмӕ тых, амонд ӕмӕ фыдбылыз…

IV. 1-аг скъоладзау( лӕппу):

<< Ирон адӕм сӕ зӕрдыл дарынц

Хӕмыц, Уырызмӕджы, Сырдоны,

Донбеттырты гыццыл хӕрӕфырт-

Батрадз радтой уымӕн ном>>.

2- аг скъоладзау( чызг):

<< Сатана, диссаджы рӕдаукъух,

Уындӕй уа, зондӕй уа ӕххӕст.

Нӕртон адӕмы астӕу- кадджын,

Тыхстбон- сӕ ирвӕзынгӕнӕг!>>

3- аг скъоладзау:

- Æз зонын Нарты Уырызмӕджы. Уый уыдис Нартӕн сӕ куырыхондӕр.

4- ӕм скъоладзау:

- Æз зонын Нарты Сосланы.Уый уыдис ӕндон хъӕбатыр, фӕлӕ ӕнӕхатыр нӕртон гуырд. Йӕ хъӕбатырдзинад, йӕ тых, йӕ хъару кӕм нал фӕфаг кӕнынц, уым хиндзинадӕй скӕны йӕхицӕн хотых.

5-ӕм скъоладзау:

- Æз зонын Нарты Батрадзы- Нартӕн сӕ тӕккӕ хъаруджындӕр, ӕппындӕр аипп кӕмӕ нӕ арынц Нарт, уыцы болат Батрадз. Лӕгӕй- лӕгмӕ ӕргом цӕуы знаджы ныхмӕ. Батрадзӕн тыхгӕнӕг тых никуы ссардта. У раст, ӕнӕхин, ӕнӕкӕлӕн.

6- ӕм скъоладзау:

<<Уыдис ма сӕм гыццыл Ацӕмӕз,

Зӕронд Ацӕйӕн уыд бындар.

Сычъитӕ кафынц ныр чъыллиппӕй,

Гӕлӕбутӕ пӕр- пӕр кӕнынц,

Ацӕмӕзы уадындзы зардмӕ

Ӕфсатийы фос ӕмбырд кӕнынц,

Цӕуы Ацӕмӕз стыр сау хохмӕ

Сайнӕг-  ӕлдары хӕдзармӕ.

Ӕвирхъау сау рӕсугъд Агуындӕ

Уыдис Ацӕмӕзӕн йӕ мӕт.

Ацӕмӕз нал ауӕрды зардыл,

Нӕртон адӕм хъырнынц хъӕрӕй!>>

V.Киноныв << Алӕмӕты уадындз>>- ӕй скъуыддзаг( 19 мин 16 сек- 21 мин 21 секундмӕ).

VI. Ахуыргӕнӕг:

- Æмӕ кӕд Нартӕм скъолатӕ , рӕвдауӕндӕттӕ нӕ уыд, уӕддӕр сӕ кӕстӕртӕ уыдысты ӕгъдауджын, коммӕгӕс, зыдтой лӕггад кӕнын, ӕххӕст кодтой хистӕрты дзырд.

    Нарты адӕм уарзтой ерыс кӕнын. Ерыс кодтой фат ӕхсынӕй, бӕхыл бадынӕй, кафынӕй, зарынӕй , дугъы уайынӕй, цыргъ ныхас кӕнынӕй, армӕй хӕцынӕй, хъӕбысхӕцынӕй.

- Иугӕр кӕд афтӕ хорз зонут Нарты адӕмы хъайтарты, уӕд саразӕм мах дӕр ерыс( викторинӕ), чи хуыздӕр зоны Нарты кадджытӕ, зӕгъгӕ.

Архайдзыстут дыууӕ къордӕй: <<Скифтӕ>> ӕмӕ << Сӕрмӕттӕ>>.

1.Чи уыдысты скифтӕ ӕмӕ сӕрмӕттӕ?

( Уыдон уыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ, хӕстӕг лӕууыдысты кӕрӕдзимӕ, уыдон ӕрхъуыды кодтой Нарты кадджытӕ.)

2. Кӕй нымадтой Нарты адӕм сӕ хистӕр ӕмӕ сӕ зондджындӕрыл?

( Уырызмӕджы. << Уырызмӕджы фӕстаг фосы конд>>, << Уырызмӕг ӕмӕ Сохъыр уӕйыг>>.)

3. Чи уыдис Æхсар ӕмӕ Æхсӕртӕджы фыд?

( Уӕрхӕг. << Нарты фӕткъуы>>.)

4. Чи уыдис нымад Нарты адӕммӕ ӕппӕты тыхджындӕр ӕмӕ уӕздандӕрыл?

( Батрадз. << Батрадз Нарты гуыппырсарты куыд фервӕзын кодта>>, << Нарты ӕмбырд>>.)

5. Чи ацыдис ӕндӕр бӕстӕтӕм тых агурӕг?

 

6. Чи ӕрхъуыды кодта ирон фӕндыр?

( Сырдон. << Нарты фыдбылыз >>,  << Сырдон уӕйгуыты куыд асайдта>>.)

7. Чи ӕрхъуыды кодта ирон бӕгӕны?

( Сатана. << Бӕгӕны куыд фӕзынди>>.)

8. Цал мыггагыл дих кодтой Нарты адӕм? Цӕмӕй хицӕн кодтой кӕрӕдзийӕ?

9. Ахӕццӕ кӕнын дарддӕр:

<< Нарт Нарт уӕд уыдысты, ӕмӕ нӕртон адӕймаджы дзыхӕй…>>

<< Нарт Нарт уӕд уыдысты, нозтӕй…>>

<<Нарт Нарт уӕд уыдысты, ӕмӕ нӕ кӕстӕр…>>

10. ( << Алайнаг намысы кодекс >> )

 

VII. Викторинӕйы фӕстиуджытӕ бахынцын.

VIII. Ахуыргӕнӕг:

- Ирон адӕммӕ- иу лӕппу куы райгуырд, уӕд ыл ӕвӕрдтой нӕртон ном: Уырызмӕг, Хӕмыц, Сослан, Батрадз, Ацӕмӕз.

- Уӕдӕ йӕ нӕртон ном кадджынӕй чи хӕссы?

( Андиаты Сослан- Олимпаг хъӕзтыты 2 хатты чемпион. Нарты Сосланы хъару ис Андиаты Сосланмӕ дӕр. Ном лӕггӕнӕг нӕу, фӕлӕ алы лӕппу дӕр хъуамӕ тырна йӕ номы аккаг хорз уӕвынмӕ.)

IX. Интерактивон фӕйнӕгыл ӕвдыст цӕуынц Тугъанты Махарбеджы конд нывтӕ << Нарты кадджытӕм >>. ( Скъоладзаутӕ дзурынц Махарбеджы цардвӕндаджы тыххӕй цыбырӕй.)

X. Проектон архайд << Нарты ӕртӕ мыггаджы>>.

XI. Урочы кӕронбӕттӕн.

- Кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут хъуыдыйӕдтӕ:

Ӕз бамбӕрстон…

Равзӕрд мӕм цымыдисдзинад…

Уыдис мын зын бамбарӕн…

Мӕн бафӕндыдис…

Ӕз мӕ дарддӕры царды кӕндзынӕн…


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок осетинского языка. Темæ: «Мысты зарæг» Гаглойты Григол

Открытый урок осетинского языка.  Темæ: «Мысты зарæг» Гаглойты Григол...

Темæ: «Мæ Ирыстон» Урок осетинского языка в русской группе о родном крае, об Осетии.

Урочы нысан: 1.    Скъоладзаутимæ равзарын цы у Фыдыбæстæ, цæмæй рæсугъд у Ирыстон,  цæмæн æй уарзæм?2.    Уарзондзинад хъомыл кæнын Райгуырæн бæстæм.3....

Открытый урок осетинского языка в 4 классе на тему " Мивдисæджы растфыссынад."

Открытый урок в 4 классе на тему: "Мивдисæджы растфыссынад"....

Презентация к уроку осетинского языка

Презентация к уроку осетинского языка...

Лента букв для уроков осетинского языка

Лента букв для уроков осетинского языка...

Кроссворды для уроков осетинского языка (Проблемный метод)

ПРИМЕНЕНИЕ КРОССВОРДОВ В УЧЕБНОЙ ДЕЯТЕЛЬНОСТИ КАК ЭФФЕКТИВНЫЙ МЕТОД ФОРМИРОВАНИЯ ОБЩИХ ЗНАНИЙ.Одним из таких методов считаю работу с кроссвордами (от англ. cross — "крест", ...

Конспект урока осетинского языка во 2 классе "Номдар".

Урок знакомства учащихся2 класса  с темой "Имя существительное"...