Конспект урока по осетинскому языку 2 класс
план-конспект урока (2 класс) на тему

Золоева  Мая Тимофеевна

                                Неˊвзаг.

  Æхсицгон æй, маддæлон æй,

Хæзнадонæ æй неˊ взаг.

Ци рæсугъд æй, ци рагон æй,

Ци дзæбæх кæнуй зæлланг!

Аци рæсугъд дзурдтæ махæн ниффинста дигорон лæг – Бабочити Руслан.  Е архайуй уобæл, цæмæй сумах, минкъий сувæллæнттæ, берæ уарзайтæ уеˊ взаг,уæ маддæлон æвзаг – ирон æма дигорон æвзæгтæ.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_osetinskogo_yazyka_vo_2_klasse.docx34.53 КБ

Предварительный просмотр:

Дигорай 2-аг устӕуккаг скъолай  

       Дигорон   ӕвзаги   урок

                2 «А» кълас

C:\Users\user\Desktop\i.jpg

Ахургӕнӕг: Золойти Мая

Урокки темæ:

Фарститæ ка? æма ци?- йæн дзуапп ци дзурдтæ (предметти нæмттё) дæттунцæ , уони кæрæдземæй æртасун.

Урокки нисантæ:  

                 1. Байамонун сувæллæнтт фарстатæ ка? æма ци?-йæн дзуапп ци                                                              дзурдтæ      дæттунцæ,  уони кæрæдземæй æртасун.

                2. Раст æма рæсугъд финсунбæл ахур кæнун сувæллæнтти.

               3. Нихаси ирæзтбæл косун.

             4. Федар кæнун уарзондзийнадæ маддæлон æвзагмæ.

                                              Урокки цуд:

            1 Урокмæ бацæтæгæнæн рæстæг.(Слайд 1.)

                                Неˊвзаг.

  Æхсицгон æй, маддæлон æй,

Хæзнадонæ æй неˊ взаг.

Ци рæсугъд æй, ци рагон æй,

Ци дзæбæх кæнуй зæлланг!

Аци рæсугъд дзурдтæ махæн ниффинста дигорон лæг – Бабочити Руслан.  Е архайуй уобæл, цæмæй сумах, минкъий сувæллæнттæ, берæ уарзайтæ уеˊ взаг,уæ маддæлон æвзаг – ирон æма дигорон æвзæгтæ.

II  Хæдзарæмæ лæвæрд куст исбæрæг кæнун.

Бафæрсун сувæллæнтти , куд  исæнхæст кодтонцæлæвæрд фæлтæрæн, куд бакустонцæфæлтæрæни хæслæвардтитæбæл. (141 фæлтæрæн)

III  Нæ райгурæн бæстæ Иристон.

-  Цубур нихас нæ райгурæн бæстæ Иристони туххæй.

- Равдесун сувæллæнттæн Иристони туруса, герб.                         ( Слайд 2)

Бакӕсун сувӕллӕнттӕн Къостай ӕвзагбӕл финст Иристони гимни текст.

IV Нӕуӕг ӕрмӕгбӕл куст.

-Сувӕллӕнттӕ, ракӕсетӕ ӕма зӕгъетӕ, циуавӕр предметтӕ уинетӕ нӕ къласи медӕгӕ. Сувӕллӕнттӕ нимайунцӕпредметти нӕмттӕ.(Слайд 3)

-Радех кӕнетӕ сӕ ӕнӕуод предметтӕ ӕма уодгин предметтӕбӕл.

сувӕллон        пъартӕ

скъоладзау                  стъолӕ

биццеу        киунугӕ

кизгӕ        тъетрад

ахургӕнӕг         ручкӕ

        дуар

        фӕйнӕг

        къӕразгӕ

Куд бафӕрсун ӕнгъезуйаци предметтӕбӕл? Ка ес  къласи? (Скъоладзау,биццеу,кизгӕ, ахургӕнӕг, сувӕллон, Алан, Сӕрмӕт, Маринӕ)

Циуавӕр преметтӕ  ес  нӕ  класи?

 2 Дзоргӕй исӕнхӕст кӕнун 147 фӕлтӕрӕн. Дзурдтӕ рафинсун дууӕ цӕгиндземӕй.

                Ка?                                            Ци?

3  Финсгӕй , хебарӕй исӕнхӕст кӕнун 150 фӕлтӕрӕн.

 - Ӕргъуди  кӕн6ун фарстатӕ Ка?ӕма Ци?-йӕн дзуаппка дӕттуй, фӕйнӕ фондзуӕхӕн дзурди ӕма сӕ тъетрӕдти ниффинсун.

4  Киунуги 47 фарсбӕл бакӕсун раертӕст ӕма ӕй зӕрдӕбӕл бадарун.

5 Бакӕсун  ӕмбесӕндтӕ, сӕ гъудибӕл син бакосун ӕма сӕ сувӕллӕнттӕн балӕдӕрун кӕнун.

- Рафинсун дӕ зӕрдӕмӕ ци ӕмбесонд фӕццудӕй, уой. Иссерун предметти нӕмттӕ ӕвдесӕг дзурдтӕ, фарстатӕ сӕмӕ раттун ӕма син сӕ буни баханхӕ кӕнун.

Цӕсгон зӕрди айдӕнӕ ӕй҆

Адӕймаг е́ гъдауӕй федауй.

Мет дӕр рӕсугъд ӕй, фал си адӕм медӕмӕ ледзунцӕ.

V Дзурдуатон куст.

- Ци уинетӕ хузи?

Куй, къӕбус,къӕбуци, данкъа.

Исхонун ӕй ӕнгъезуйалли хузи дӕр.Раттӕн син нӕмттӕ.

Мела, Суффут, Саугъос, Ӕрсой.

- Нурба сӕ хӕццӕ исаразетӕ гъудиадӕ.

Мӕнмӕ ес  зундгин къӕбис.

- Куд бафӕрсун ӕнгъезуй къӕбисбӕл.

Ци? Къӕбис.

- Маддӕлон ӕвзаги фарс та Ка? дӕттӕн ӕрмӕст адӕймаги ном ци дзурдтӕ  ӕвдесунцӕ, уонӕмӕ. Иннӕ предметтӕмӕ ба ӕгӕсемӕ дӕрдӕттӕн фарста Ци?

Рабарун  дигорон дзурдтӕ уруссаг ӕвзаги дзурдти хӕццӕ ӕма си ци хецӕндзийнӕдтӕ ес, уони байамонун.

IV Нихаси ирӕзтбӕл бакосун.

(Слайд)

Бавдесун сувӕллӕнттӕн фӕззигон ӕрдзи рӕсугъддзийнӕдти хузтӕ.

Исаразун сӕбӕл гъудиадттӕ, гъудиадттӕй ба радзурд.

                                                Фӕззӕг.

   Ралӕудтӕй сугъзӕрийнӕ фӕззӕг.

Бӕлӕсти бор сифтӕ зелдох кӕнунцӕ ӕма хаунцӕ зӕнхӕмӕ.

Цеути рӕсугъд зар нӕбал игъусуй. Ӕрдзӕ ӕнкъард кӕнун райдӕдта.

Адӕм, сирдтӕ, цъеутӕ сӕхе цӕттӕ кӕнунцӕ зумӕгмӕ.

-Рафинсун тъетрадмӕ фӕстаг гъудиадӕ, иссерун си фарстатӕ Ка? ӕма Ци?     -йӕн дзуапп ци дзурдтӕ дӕттунцӕ, уони. Дзурдти сӕрмӕ ниффинсун сӕ фарститӕ.

  VI Уроккӕн кӕронбӕттӕн искӕнун.

-  Куд балӕдӕрдтайтӕ нӕ  нӕуӕг ӕрмӕг?

- Циуавӕр зиндзийнӕдтӕ уӕбӕл рамбалдӕй уӕ кусти?

- Ци фӕццудӕй уроки уӕ зӕрдӕмӕ?

VII Хӕдзарӕмӕ куст

53 фарс, 170 фӕлтӕрӕн.

Стъӕлфити бӕсти бафинсун гъӕугӕ дзурдтӕ.

   

 

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разработка (план-конспект) урока. Предмет: русский язык. Класс: 1 Тема урока: Письмо слов со строчными буквами б, д.

Разработка (план-конспект) урока. Предмет:русский язык.Класс:1Учитель:Цветкова И.Ю.Тема урока:Письмо слов со строчными буквами б, д....

Конспект урока по осетинскому языку 4 класс

научиться изменять глаголы по числам;правильно ставить вопросы к глаголам;научить различать глаголы в единственном и множественном числе...

Конспект урока по осетинскому языку "Уалдзыгон бон"

Конспект урока  по осетинскому языку "Уалдзыгон бон"...

Конспект урока по осетинскому языку" Фрукты и овощи"

Урок оставлен по программе полилингвального образования...

оформление конспекта урока по осетинскому языку

Схема оформления конспекта по осетинскому языку и литературе в начальной школе по фгос...

Конспект урока по осетинскому языку

Бацамонын  æмхъæлæсонтæ дз, дж,  гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ дыгай дамгъӕтӕй  арӕзт  кӕй  сты  , фӕлӕ  кӕй  нысан кӕнынц  иугай  мыртӕ  ӕмӕ иугай...

Конспект урока по осетинскому языку "Уалдзæг бацыди йæ рады" Мивдисджыта.

Работа предназначена для учителей осетинского языка. Урок составлен по современным стандартам....