Литературон-музыкалон композици «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…» (Методическая разработка)
методическая разработка (8 класс) по теме
Литературно-музыкальная композиция подготовлена с целью методической помощи на праздник осетинского языка и письменности.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
литературно-музыкальная композиция | 66.79 КБ |
Онлайн-тренажёры музыкального слухаМузыкальная академия
Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей
Современно, удобно, эффективно
Предварительный просмотр:
Литературон-музыкалон композиции «О, ме взаг, о мӕ ахсджиаг…»
Хӕс:
- зонгӕ кӕнын рӕзгӕ фӕлтӕры ирон ӕвзаг ӕмӕ фыссынады бӕрӕгбонимӕ;
- ӕвдисын ӕвзаджы ахадындзинад адӕймаджы ӕмӕ ӕхсӕнады царды; гуырын кӕнын ирон ӕвзагмӕ, уыимӕ ӕндӕр адӕмыхӕттыты ӕвзӕгтӕм уарзондзинад;
- гуырын кӕнын уарзондзинад ,сӕрыстырдзинад мадӕлон ӕвзагмӕ;
-гуырын кӕнын нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕм цымыдисдзинад.
Ӕрмӕг: газеттӕ, плакаттӕ, презентаци, чингуыты равдыст.
Адæмы уд дзырды мидæг æвæрд у:
байс ын йæ дзырд – сластай йын йæ уд.
Гусалты Барис
Видеоролик «Ирыстон»
Ахуыргӕнӕджы раныхас: Ӕвзаг(элегии) Бутаты-Хестанты Победӕ
Адӕймаг ӕмӕ ӕрдз… Бӕстыфарн сӕ цыма кӕрӕдзийы амондӕн сфӕлдыста. Ӕрдз, йӕ ӕнусон фӕндӕгтыл цы хӕзнатӕ фембырд кодта, уыдон адӕймагыл бафӕдзӕхста. Адӕймаг ссардта дӕгъӕл ӕрдзы зӕрдӕмӕ. Байгом ын кодта йӕ минмырон къӕбицы дуӕрттӕ ӕмӕ дзы рахаста ӕвзӕгты ӕргъом.
Ӕвзӕгтӕ – дзурынӕн, ӕвзӕгтӕ – бастдзинады фӕрӕзӕн, ӕвзӕгтӕ зӕрдӕйӕ – зӕрдӕмӕ фӕндаг арынӕн, ӕвзӕгтӕ – фидӕны фӕлтӕрӕн ӕвидигӕ лӕварӕн.
Ӕвзӕгты хуынӕй алӕмӕты хай ӕрхаудта Иры дзыллӕмӕ дӕр. Ирон ӕвзаг Нарты бӕстӕй ӕнусы сӕрты ӕрхастой нӕ фыдӕлтӕ. Куывтой йыл уӕлӕрвтӕм. Ард ыл хордтой сау зӕхх ӕмӕ ӕмгары номӕй. Ныййарджытӕ алолайы зарӕг кодтой сӕ сабитӕн. Фидӕны фӕлтӕртӕн ныууагътой «Нарты кадджытӕ», «Даредзанты ӕмӕ Царциаты таурӕгътӕ».
Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы президенты уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2003азӕй, Зӕрдӕвӕрӕны майы 15бон Ирыстон бӕрӕг кӕны ирон ӕвзаг ӕмӕ фыссынады бӕрӕгбон.
Сывӕллӕтты къорд кӕсы ӕмдзӕвгӕтӕ (Мӕ мадӕлон ӕвзаг)
1кӕсӕг:
Дзуццаты Хадзы-Мурат
Ме взаг –
Ирон лæджы хъарæг.
Ме взаг-
Ирон лæджы зарæг.
2 кӕсӕг:
Ме взаг -
Мæ мады æхсыр,
Мæ сабион авдæн!
3кӕсӕг:
Ме взаг, зæгъ -ма мын,
Æнæ дæу куыд уон зæрдæфидар!
4кӕсӕг:
Ме взаг,
Мæ лæджыхъæд, мæ сæрибар!
5кӕсӕг:
Ме взаг,
Æнæ дæу куыд цин кæнон,
Æз æнæ дæу цы дæн?
Æнæхæдзар, искæйон!
6кӕсӕг:
Къадзаты Станислав
Ир, мæ Ирыстон, мæ зæрдæ,
Ир, мæ ирд къона, мæ аргъау,
Базыртæ мын радтай маргъау.
Ир, мæ хурзæрин, мæ фидæн,
Ехх, куы дын фестин зынг уидаг!...
Видео ролик Ассы-Яссы (Секинаевы)
1 амонӕг
Фарн уӕм бадзурӕд нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ нӕ зынаргъ ныййарджытӕ»
2 амонӕг:
Ӕгас нӕм цӕут нӕ гыццыл хуртӕ, амонджын бӕрӕгбонтӕ уыл цӕуӕд.
1 амонӕг
Зӕххы къорийыл цӕры тынг бирӕ адӕмыхӕттытӕ.Уыдонӕн алкӕмӕн дӕр ис сӕхи ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ. Алы адӕймаг дӕр сӕрыстыр у йӕ уидӕгтӕй ӕмӕ кад кӕны йӕ адӕмы историйӕн.
2амонӕг
Ирон ӕвзаг рагон кӕй у, уый алчи дӕр зоны, хауы индоевропӕйаг ӕвзӕгты бинонты ирайнаг къордмӕ.Хӕххон донау йӕхи цӕгъдгӕ фӕцыди йӕ дард фӕндӕгтыл ӕмӕ нӕм йӕ рӕууон улӕфт ӕмӕ йӕ удрӕвдауӕг азӕлд ӕрхаста.
Мӕ ирд стъалы Дарчиты Дауыт
Ды –чындздзонау абон райдзаст,
О мӕ рухс бӕстӕ, мӕ Ир!
Хур мӕ сӕрмӕ ирдӕй ракаст,
Хорау рафтыдтай ӕфсир.
Зӕрдӕ хъазы цины малы,
О куыд хорз дӕ, куыд, мӕ зӕхх!
Ды мӕнӕн - мӕ ирд ыстъалы,
Ды мӕнӕн бӕрзӕндты тӕх
Худынц мидбылты дӕ хӕхтӕ,
Цъӕх быдыртӕй райы цӕст,
Калынц дидинӕг нӕ рӕгътӕ,-
Цардӕй, амондӕй - ӕфсӕст
Буц дӕн ӕз дӕ цыт, дӕ кадӕй,
Хуры цӕстау – рухс дӕ ном.
Уарзондӕр мын дӕ мӕ мадӕй,
Ирд у, райдзаст у дӕ сом.
Зӕрдӕ хъазы цины малы,
О куыд хорз дӕ, куыд, мӕ зӕхх!
Ды мӕнӕн - мӕ ирд ыстъалы,
Ды мӕнӕн бӕрзӕндты тӕх
Инсценировкӕ «Мадӕлон ӕвзаг»
1амонӕг
Нӕ фыдӕлты, Аланты ӕвзаг, у ӕнӕхъӕн дуне.Уый у удӕгас- ирон адӕмы уд, йӕ рыст, йӕ зӕрдылдарӕн, йӕ хӕзна.Мах ӕй хъуамӕ уарзӕм ӕнӕкӕрон уарзтӕй.
2амонӕг
Нӕ мадӕлон ӕвзаг цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм, уый бирӕ аразгӕ у бинонтӕй. Нӕ рагфыдӕлтӕ нӕм мингай азты сӕрты рӕсугъдӕй цы мадӕлон ӕвзаг ӕрхӕццӕ кодтой, уый хъуамӕ кӕстӕртӕ дӕр дарддӕр царды рӕсугъдӕй хӕссой, сӕрыстыр дзы уой ӕмӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕной нӕ удварны хӕзнатӕ, нӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.
Ирыстон Галуанты Людмилӕ
Мӕ хӕххон ыстъалы – Ирыстон,
Ды хурау ӕрттивыс рӕсугъд.
О,уарзын дӕ, уарзын, мӕ радтӕг,
Дӕу хонын мӕ зӕрдӕ, мӕ уд.
Кӕд тала бӕласау дӕ къаннӕг,
Уӕддӕр мын ды тулдзау лӕууыс,
Чысыл дӕ,бӕлоны зӕрдӕйау,
Фӕлӕ мын цӕргӕсау тӕхыс.
Дӕ цинӕй ыскӕуын, фӕхудын,
Дӕ цинӕй мӕ зарӕг кӕнын,
Дӕ амондӕй кувын мӕ кувын,
Куы дыл таин царвау – бӕллын.
Фӕндыр – «Ӕрыдойнаг хонгӕ»
Презентаци «Цины бӕрӕгбон» ( Хонгӕ кафт)
1 амонӕг
Ирон ӕвзаджы бон. Ацы бон цыма Ирыстонӕн йӕ ирон цӕсгом тынгдӕр разыны, йӕ ирон зӕрдӕ парахатдӕрӕй раргом вӕййы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕры адӕймагмӕ. Ирон адӕммӕ бирӕ кадджын бӕрӕгбӕттӕ ис. Алы бӕрӕгбонмӕ дӕр нӕхи фӕцӕттӕ кӕнӕм зӕрдиагӕй, фӕлӕ нын Ирон ӕвзаджы бон хъуамӕ суа нӕ кадджындӕр бӕрӕгбӕттӕй иу.
Ирон ӕвзаг ӕрмӕст дзурыны фӕрӕз нӕу, фӕлӕ у фыдӕлтӕй фӕдзӕхст хӕзна, нацийы царды хос.
Иры ныфсӕй Хостыхъоты Зинӕ
«Арвыл хур куыд иунӕг у нӕ зӕххыл,
Афтӕ иу мӕнӕн та Ир у рмӕст
Дард бӕстыл куы ахӕтын, фӕзӕгъын:
«Иры риуыл уӕд мӕ цин, мӕ маст дӕр».
Зонын ӕз мӕ зарӕджы зӕрин хъис –
Иры риуы ргъӕд чырыны вӕрд и,
Байхъус –ма мӕм, о, дуне ӕрыхъус,
Иры ныфсӕй зӕрдӕйы цы рвнӕлд и!...
Уымӕй у мӕ сомбон дӕр ныфсӕвӕрд
Ӕз куы цудон, сисдзӕн мӕ йӕ цӕнгтыл
Ир, мӕ Ир – мӕ цӕугӕ хох, ӕфсымӕр,
Ратдзӕн тых мӕ базыртӕн, мӕ цӕнгтӕн».
Зарӕг «Ирыстон»
2 амонӕг:
Ӕнусты размӕ ирон ӕвзаджы къӕбицмӕ йӕ фыццаг хуынтӕ бахаста Мамсыраты Темырболат.Ӕцӕгӕлон Турчы зӕххыл йӕ судзгӕ сагъӕстӕ ӕмӕ зӕрдӕйы ӕгӕрон рыстыл ӕмбисонды иронау фыста Мамсыры фырт. Цы кӕйдӕр зӕххыл цыд, цы ӕцӕгӕлон ӕвзаг хъуыста, ирон адӕм амонд, ног цард ӕмӕ фарнагур цы бӕстӕм афтыдысты, уыдон ын уды сау хъизӕмар йеддӕмӕ ницы бавзарын кодтой.
1 амонӕг:
Мысыд Фыдыуӕзӕг, Иры удӕнцойӕфтауӕг сӕрыстыр хӕхтӕ, дымгӕ-иу комӕй-коммӕ, хъӕуӕй-хъӕумӕ цы парахат ирон зарӕджы зӕлтӕ хаста, уыдон; ирон къонайы хъарм, ирон ныхасы ӕхсызгон мыртӕ-лӕджы цӕрӕццаггӕнӕг мыртӕ. Темырболат ӕцӕгӕлон бӕстӕйы йӕ хауӕццаг адӕмӕн ирон ӕвзагмӕ цы уарзондзинаджы цӕхӕр байтыдта, уый сын абон дӕр хӕссы номы цин ӕмӕ йыл архайынц дзурыныл.
Презентаци –Мамсыраты Темырболат
Каст цӕуы Темырболаты ӕмдзӕвгӕ.
2 амонӕг: Йӕ мадӕлон ӕвзаг цыкурайы фӕрдыгыл нымадта зӕринуд Къоста ӕмӕ йыл ныууагъта ӕнӕмӕлгӕ уацмыстӕ. Хуыцау ӕмӕ ирон адӕмы мыггагмӕйы кад ӕмӕ радӕн.
Презентаци – «Къоста».
Каст цӕуы Къостайы ӕмдзӕвгӕ.
1 амонӕг:
Нæ мадæлон æвзаг нæ ирон царды бындур у. Мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый мæм састбазыр маргъау кæсы. Цæмæй уыцы маргъ арвмæ стæха, уый тыххæй йын дыууæ фидар базыры хъуамæ уа. Саст базыримæ дæр цæрдзæн цъиу. Фæлæ йын Хуыцау саккаг кодта арвы тыгъдад æмæ хъуамæ уым бæрзæндты зила.
2 амонӕг:
Уыйау адæймаг дæр. Æнæ мадæлон æвзаг йæ цард къахыр у, йæ уд – тутт. Цал æвзаджы зонай, уал адæймаджы дæ. Мадæлон æвзаг æппæты сæр у. Уый нæ цинты гуырæн у, уый нæ амæндты райдайæн у. (Цæрæкты Аллæ).
Пухаты Алыксандр
У не взаг нӕ удтӕн ныфсдӕттӕг,
Мыггагмӕ йын табу кӕнӕм.
Нӕ йын ис рӕхыстӕй ныббӕттӕн,
Нӕ дӕр ын фӕдӕлдон кӕнӕн!...
Мӕгуыр у, йӕхи взагыл дзурын
Кӕмӕн нӕу ӕдӕсгӕ йӕ бон.
Ӕндӕр ӕвзаг чи кӕны хъулон,
Уый ничи ысхондзӕн ирон!
Икъаты Владимир
Фыдыбӕстӕ, ды не взаг дӕ, нӕ намыс,
Дӕ фарнӕй мах – дӕ хъӕбултӕ – фӕрнджын,
Дӕ зӕрдӕ нын дӕ армы дзыхъхъы дарыс.
Дӕ фарнӕй мах – цӕрдхъом ӕмӕ ныфсджын.
Фыдыбӕстӕ, цӕуыл дӕ барӕм царды?-
Дӕ цуры мӕйтӕ, хуртӕ дӕр – ӕгъуыз.
Бӕрзонддӕр мах, о февӕрӕм Хуыцауы,
Фӕлӕ ды та нӕ зӕрдӕты цӕрыс!...
Инсценировкӕ «Ирон дӕ?»
1 амонӕг
Саби царды рухс куы фены, уœд œм йœ царддœттœг гыцци фыццаг хатт цы ‘взагыл бадзуры «мœ хъœбул», зœгъгœ, уыцы ‘взаг ын свœййы мады ‘хсырау адджын. Уырдыгœй райдайы рœзын сабийы зонд, уырдыгœй райдайы йœ балц царды гуылфœнмœ.
2 амонӕг
Мадœлон œвзаг мады ад кœны, мады œхсыримœ, йœ алолайы зарджытимœ адœймаджы уœнгты ахъары, зœрдœйы œрфытœм ныттœдзы, хуры тынтау ныккœсы йœ къуымтœм œмœ сœ ныррухс кœны.
Саби ӕмӕ ирон ӕвзаг Хуыгаты Мырзабег
Ӕз ӕууӕндын рухс дунетыл, Хурыл,
Равзӕрдис мӕ бӕллицтӕй сӕ ас:
Ӕз иронау Хуримӕ фӕдзурын,
Хуримӕ фӕкӕнын ӕз ныхас.
Ӕз тӕхын мӕ бӕллицты бӕлонау,
Иры взаг – мӕ бӕллицты фысым:
Ӕз ирон дӕн – дзурын ӕз иронау,
Базыдтон кӕсын ӕмӕ фыссын
Цард тӕхы мӕ бӕллицты уӕрдонау,
Лӕг нымайы рӕстӕгӕн йӕ цыд:
Ӕз сыгъдӕг куы фӕдзурын иронау,
Уӕд мӕнӕй ныббуц вӕййы мӕ фыд!
Ӕз нӕ кӕсын дунемӕ ӕнкъардӕй,
Адджын мын у алы ирон дзырд:
Искӕд бон куы ацӕуон ӕз цардӕй,
Уӕд иронау дзурдзӕнис мӕ фырт!
Хонгӕ кафт
1амонӕг
Мадœлон œвзаг сœууон хуры скаст у. Ирон мадœлон œвзагыл ис œрмœстдœр бамбарœн нœ Иры хœхты урс ферттывд, œнусон Терчы зарœг, ирон фœндыры зœлд, къахфындзтыл сираг сагсур лœппуйы фœнд, ирон авдœны сабийы адджын фын.
2амонӕг
Ирон нывœфтыд ныхас хъуыст хœхтœй - быдырмœ, хъœуœй - горœтмœ, хœдзарœй - скъоламœ, нœ фыдœлты уœзœгœй – дунемœ.
О, фӕлӕ иу хъуыддаг бынтӕ ныууадзын у, иннӕ хъуыддаг сӕ бахъахъхъӕнын. Азтӕ рацыд, ӕмӕ цыдӕр фӕлм ӕндӕргау бадын райдыдта, цӕрынӕй хӕрынмӕ нӕ адӕм хӕзнаты хӕзнайау кӕй ӕвӕрдтой, уыцы ирон дзырдыл. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ сӕ удтӕн адджындӕр ссис ӕцӕгӕлон ныхас.
Кӕйдӕр ӕвзаг нӕ бафхӕрдзынӕ карзӕй,
Нӕ йӕ кӕнын мӕхионӕй бындӕр,
Фӕлӕ уӕддӕр ирон дзырд бирӕ уарзын,-
Ӕвӕццӕгӕн мӕхи удӕй фылдӕр. ( Касаты Ӕмзор)
Зӕрин ӕмӕ зылангон дзырд Ирон,
Дӕ сӕнтыст – миф, дӕ зӕлгӕ мидис – кадӕг.
Ӕрвыгау – ирд, рӕууон ирдгӕйау – сатӕг,
Уыдтӕ нӕ цард, нӕ сӕнтыстӕн сӕрон. (Джыккайты Ш.)
Ирон ӕвзагӕн иунӕг бон куыд дӕттут?
Куы нӕ йын ысты мин азтӕ дӕр фаг!
Цӕры ма уым нӕ фыдӕлты нӕргӕ уд,
Нӕ фидӕнмӕ дӕр уый кӕны фӕндаг.
Ӕз та йӕ уӕдӕ афтӕ зӕгъын абон:
Уӕд алы бон дӕр не взагӕн йӕ бон!
Уыдзӕнис уӕд ӕвидигӕ нӕ амонд,
Йӕ рухсӕй ифтонг зӕрдӕ ӕмӕ зонд.
Уадз абуха нӕ горӕтты. Нӕ хъӕуты
Ӕхсӕв уа, бон ӕхсӕрдзӕнау хъӕрӕй!
Ныхаса сасмау сомбоны фӕлтӕрты,
Ӕнӕ уымӕй ирон адӕм дӕр нӕй.(Къадзаты Станислав)
Зарӕг «Мӕ Ирыстон»
1амонӕг
Уаих ӕрбауат, ирон адӕм! Фӕсарӕйнаг ахуыргӕндтӕ сӕ цӕст кӕуыл ӕрӕвӕрдтой, рагон ариаг къонайы рухс сӕм цы ӕвзагӕй кӕлы, ууыл сымах та уӕ зӕрдӕ ивын райдыдтат! Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ ирон ӕвзаг куы амӕла, нӕ сабитӕн алолай куы нал зарӕм, мӕ хур, мӕ къонайӕ сӕм куы нал дзурӕм, не ртӕ чъирийы иронау куы нал кувӕм, иронау ард куы нал хӕрӕм, уӕд ма цӕй ирӕттӕ уыдзыстӕм? Цы номӕй нӕм дзурдзысты ӕндӕр адӕмтӕ? Нӕхи сын нӕхӕдӕг та цы ном, цы фыды номӕй амондзыстӕм?
2амонӕг
«Стыр хъуыддаг у, цæмæй ирæттæ æрæмбарой, сæ культурæ, се взаг сын тынг ахсджиаг кæй у, цæмæй йæ нымайой уæлæрвты лæварыл. Æмæ уæд а зæххыл никуы бамынæг уыдзысты ирон æвзаджы зæлтæ.
ХОСТЫХЪОТЫ Зинæ
МАДÆЛОН ÆВЗАГ
Уадз, равзæрæд сæдæ 'взаджы мæ комы,
Хуыцау мын раттæд минмырон хъæлæс,
Цæмæй дæттон сæдæ нуазæны куывды,
Цæмæй ныззарон булæмаргьау æз.
Цæмæй нæ хæхтæм хорз уазæг куы 'рцæуа, –
Æфсымæр ын йæхи 'взагыл зæгъон.
Цæмæй фыдгæнæг мах бæстæм куы цæуа, –
Йæ ныхмæ кард йæхи 'взагыл цæгьдон...
Фæлæ уæддæр, уæззау тохтæм цæугæйæ,
Нæ фыдæлтæ цы 'взагыл хордтой ард,
Цы 'взагыл хъусын Терчы ирд уылæнтæм,
Кæй фæрцы ис нæ хорз æгьдæуттæн цард,
Цы 'взагыл кодта хъарджытæ ныййарæг,
Йæ дарæгæй йæм сау гæххæтт куы 'рцыд,
Цы 'взагыл дзурæм: «Фесгуыхт та ирон лæг!» –
Зæгьут-ма, уый куыд бамыр уыдзæн, куыд?!
Цагъд доулийыл
ИРОН ÆВЗАГ – СÆДÆ 'ВЗАДЖЫ ÆМКАД ДАУЫРÆ
Æппæт æвзæгтæ – не 'ппæт царды фидыц,
Сæ бирæ зæлтæ – иумæйаг бæркад.
Кæрæдзимæ "фылдæр цæра" – мæ сидынц,
Сæдæ 'взаджы мæнæн кæнынц лæггад.
1амонӕг
Йе гъдау, йе фсарм, йӕ уаг, йе взаг адӕмы ӕхсӕн рӕсугъд кӕмӕн сты, уыдоныл лӕууы нӕ ирон цардыуаг.
Махӕн дӕр нӕ Райгуырӕн Ирыстоны нӕ ирон ӕвзагыл сыгъдӕг дзурын, ӕфсармджынӕй цӕрын у нӕ ӕрдзон хӕс.
2амонӕг
Зæххыл цы бирæ адæмыхæттытæ ис, уыдонæй алчидæр архайы йæ мадæлон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæныныл.
ГАЛУАНТЫ Людæ ДЗУРУТ ИРОНАУ
Ирон æвзаг – нæ фæндыр æмæ кард,
Нæ хох-быдыр æмæ нæ уæзæг,
Ирон адæмæн се стыр фарн, сæ ард,
Нæ къонайæн йæ зынг, йæ фæздæг...
Ирон æвзаг – хæдзарон дзулы тæф,
Къуыбыры цин, хуымоны зарæг:
Нæ хъæбултæн – сæ тугдадзины цæф,
Фæдис заманы – уартриу барæг.
Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи, –
Ирон лæг нал дзуры иронау.
Æндæр æвзæгтæй буц кæнæм нæхи.
Ирон та абухгæ у, донау...
Куы нæ зара йæ рæзгæ хурæн мад
Иронау "а-ло-ло, цы-цы-тæ".
Ирон лæппу куы нæ зæгъа: "мæ уарзт",
Уæд дарæм не 'взагмæ æрцытæ...
Æви та уый дæр модæйыл у баст,
Кæй ивæм "Хонгæ кафт" "Чарльстоныл"?..
Сæ лæвар Нартæн – хъисфæндыр фæсаст –
Уæвгæ, цы фæндыр уыд, мæ боныл!..
Фæлварæнтæн куы разынæм лæмæгъ,
Уæд махæн уый уыдзæн ирони.
КЪАДЗАТЫ Станислав
Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ кувæндон, мæ цард,
Сæууон хуры тæмæн,
Мæ удлæууæн мæ уарт.
Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ нысан æмæ фат,
Нæ ивгъуыдмæ дæгъæл,
Нæ фидæнмæ фæндаг.
Æнæ уый æз цы дæн?
Æнæ фæттæ æрдын,
Æнæ хъама кæрддзæм,
Æнæ хъистæ фæндыр.
Æнæ уый æз цы дæн?
Æнæ уый æз нæ дæн.
КЪАДЗАТЫ Станислав
Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут?
Куы нæ йын ысты мин азтæ дæр фаг!
Цæры ма уым нæ фыдæлты нæргæ дуг,
Нæ фидæнмæ дæр уый кæны фæндаг.
Æз та йæ уæдæ афтæ зæгъин абон:
Уæд алы бон дæр не 'взагæн йæ бон!
Уыдзæнис уæд æвидигæ нæ амонд,
Йæ рухсæй ифтонг зæрдæ æмæ зонд.
Уадз абуха нæ горæтты, нæ хъæуты
Æхсæв уа, бон æхсæрдзæнау хъæрæй!
Ныхаса сасмау сомбоны фæлтæрты,
Æнæ уымæй ирон адæм дæр нæй.
Инсценировкӕ «Зӕроенд ус»
1амонӕг
Фæнды нæ, цæмæй Ирыстоны уыцы табуйæгтæ макуы фæцудой.
2амонӕг
Фæнды нæ, цæмæй иумæ уæм нæ алы хъуыддаджы дæр, бæрзонд хæссæм ирон лæджы фарн, æгъдау æмæ намыс.
1амонӕг
Фæнды нæ, цæмæй нæ рæсугъд фæсивæд уарзой сæ уидæгтæ, уой уæлахиз æмæ æнтыстджын, сæрыстыр уой сæхи ирон рахонынæй.
2амонӕг
Фæнды нæ, цæмæй зонат уæ бинонты æмæ мыггаджы таурæгътæ.
Фæнды нæ, цæмæй тырнат уæ хистæртæн балæггад кæнынмæ.
ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр
СОНЕТ ИРОН ÆВЗАГЫЛ
Ирон дзырдтæ – уды сырх зынджы къæрттытæ,
Зæрдæйы æвдадзуат, нæ дунейы рухс,
Нæртонгуырд хъайтарты æндонцагъд уæртытæ,
Тызмæг Особайы æгъатыр æнус,
Фыдæлты мæсгуытыл – фæдисон æртытæ,
Бæхфæлдисæн таурæгъ æдзарды уæлхъус,
Фæскъæвда нæ рæгътыл – къæлæтсæр æрдынтæ,
Æрвдидин æрдузтæ, æврæгъты хæмпус.
Ныкъæтфыст цыртытæй нынниуынц кæмдæрты,
Гæххæтт сын – кæм дугъы, кæм – тохы быдыр,
Куы фестынц Къостайы æмæлæт фæндыр,
Йæ «Додой»-цъæхахсты æрзилынц нæ сæрты.
Фæдзурæм: «Нæ хæзна – нæ рагон æвзаг».
О, сси нын ныр йемæ бынсæфтæй тæссаг!
Ахуыргæнæджы монолог
Дзаболаты Хазби
Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут.
Ис амондмæ зæххыл фæндæгтæ бирæ.
Цæуын æм, зонут, се ппæт дæр æрмæст
Лæгæн йæ бæстæ, й ‘адæмы зæрдæйыл.
Лæг фидауы йæ æгъдауæй, йæ уагæй,-
Нæртон æгъдау уæ фæдзæхст уæд, мæ хуртæ!
Сæ фæтк, сæ ныхас - адæмтæн сæ ис,-
Цæстыгагуыйау хъахъхъæнут нæртон дзырд -
Нæй афтидармæй фидæнмæ цæуæн!
Уӕ,Ир, у де взаг дун-дуне мӕ удӕн,
Ӕмӕ йыл дзур хуыцӕуттимӕ фӕрнӕй.
Уый нӕй,уӕд мын нӕ рухс дуне ӕнуд у:
Цӕрӕн дзы нӕй, ысулӕфӕн дӕр нӕй.
Видеоролик «Ирон дӕн ӕз»
Кафт «Симд»
Видео ролик «Кодекс Аланской чести»
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»
Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ æвзæрын кæнын цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...
Литературон-музыкалон композици «Цы ис ныййарæгæй зынаргьдæр?»
Сывæллæтты зæрдæты æвзæрын кæнын ныййарæг мадмæ æхсидгæ уарзт, цæмæй архайой хуыздæр уæвыныл алы хъуыддаджы дæр:æгъдауы, ахуыры, æрвылбон царды....
Литературон - музыкалон композици «Сыгъзæрин фæззæг»
Нысантæ: 1.Скъоладзаутæм гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, сæ мадæлон æвзагмæ, фыдæлты истори æмæ культурæмæ, хъомыл cæ кæнын хуыздæр миниуджытыл.2.Уарзын кæнын фæллой кæнын, фæ...
Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)
Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....
Литературон-музыкалон композици «Нæртон фæткъуы – нæ мадæлон æвзаг»
Сценæ фæлгонцгонд у, ирон æвзаджы тыххæй ахуыргæндтæ цы загътой, уыцы фыстытæй....
Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"
В данной литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии, представители всех национальносте...
Литературон-музыкалон композици " Хæстæн мауал уæд йæ кой…"
Мæн фæнды, цæмæй мæ Ир, мæ бæстæСтъалытæм цымыдисæй кæса,Къаддæр уайой хæсты нывтæ цæсты.Рухсмæ фидæн рухс амонд хæсса....