Урочы темæ «Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис»
план-конспект урока (5 класс)

урочы пълан комкоммæ ныхасæй

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urochy_temae_duneyyl_aegdauaey_histaer_nitsy_is.docx24.84 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис»

Грамматикон тема: «Комкоммæ ныхас»

Урочы нысантæ:

1. Бацамонын, цы у комкоммæ ныхас.

#1044;зургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл бакусын

3. Рæзгæ фæлтæры хистæры фарн æмæ кадимæ зонгæ кæнын, цæмæй рæза сæ удварн.

Фæсивæды ирон æгъдæуттыл бæттын.

Сывæллæтты ирон æфсарм, уæздандзинад, æгъдауимæ бæттын.

Æххуысгæнæн фæрæзтæ: проектор, презентаци.

Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Нæ фыдæлтæ дзырдтой: «Æгъдау адæймаджы номджын кæны».

Нæ фыдæлтæ дзырдтой, æгъдау адæймаджы номджын кæны, зæгъгæ.

Куыд ма æмбæлы ацы хъуыдыйад рацаразын?

Дзуапп: Нæ фыдæлтæ дзырдтой, æгъдау, дам, адæймаджы номджын кæны..

Фæрссаг ныхас

«Ном». Ситохаты Саламджери.

Ахæм æгъдау уыд кæддæр ирæттæм:

Ноггуырдыл-иу никуы ҆вæрдтой ном.

Хистæртæ дзырдтой сæ сывæллæттæм:

«Чызг, цы фæдæ?!» «Лæппу, мемæ цом».

Стæй йыл-иу куы рацыд иу-дæс азы.

Радтой-иу ын ном æрмæст гъе уæд.

Номæн афтæ стыр аргъ кодтой раджы.

Уый хъахъхъæнын уыд лæгæн йæ мæт.

Уыцы ҆гъдауæн раджы асаст й ҆асин.

Саби райсы авдæнмæ ныр ном.

Фæлæ афтæ мачи зæгъæд, мачи:

«Ном хæссын ныртæккæ у æнцон».

2 сывæллоны сæ нæмтты тыххæй дзурынц.

Мæ ном у Артур. Æппæты зындгонддæр Артур у Къарол Артур уыд бриттаг таурæгъон фæтæг V æнусы. Уый ныддæрæн кодта саксæгты. У Британийы радзырдты сæйраг архайæг. Абоны бонмæ бæрæг нæу, Артур æцæгæй дæр цард æви нæ.

Ирæтты ҆хсæн æппæты зындгонддæр Артур у Таймæзты Артур — номдзыд ирон спортсмен, æртæ хатты олимпиаг чемпион, Дунейы дыууæ хатты чемпион .

Мæ ном у Сослан. Сослан у Нарты эпосы æппæты номдзыддæр хъайтар. Нарты кæстæр фæлтæры минæвар, æнæном фыййауы фырт. Уромæг æй нæ уромы, тыхгæнæг ыл нæ тых кæны.

Сослан у Нарты кадджыты зындгонддæр, бирæвæрсыгдæр, ныхмæвæрддæр фæлгонцтæй иу.

Ирæтты ҆хсæн æппæты зындгонддæр Сослан у Андиаты Сослан у уæгъдибар хъæбысхæстæй Советон Цæдисы авд хатты чемпион, Европæйы æртæ хатты чемпион, Дунейы цыппар хатты чемпион, дыууæ хатты олимпиаг чемпион.

  1. Урочы темæйыл куыст

1) Раиртæст равзарын.

1. Раиртæст бакæсын.

Къордты куыст

1 къорд фæрстытæ дæттынц раиртæстæй

2 къорд дæттынц дзуæппытæ.

1 фарст: Цы хонæм комкоммæ ныхас?

2 фарст: Авторы ныхас та цы хонæм?

Исты хъуыдыйады бацамонын комкоммæ æмæ авторы ныхас!!!!!!!!!!!!.

2) Чиныгимæ куыст.

2-аг фæлтæрæн баххæст кæнын. Къордты куыст.

Амонд.

Иу бинонтæ цардысты, уыдис сæм зæронд лæг, фæлæ сæм æгъдау фидар нæ уыдис. Æхсæвы мит рауарыд. Райсомæй зæронд лæг сыстадис, æндæр ничима сыстад, æмæ кæсы: митыл фæд. «Ай та цæй фæд у, мæн йæддæмæ куы ничима сыстад?», - хъуыды кæны лæг. Ацыди фæдыл æмæ хъæдмæ ссыди. Лæг дистæ кæны: «Ай цы хабар у?».

Уæд æм къутæртæй чидæр радзырдта: «Уый мæ фæд у, уæ хæдзары амонд дæн, æмæ уæ цы хъæуы, цы курыс, уый мын зæгъ». Зæронд лæг афтæ: «Æз нæхимæ афæрсон». Сæхимæ фæрсæг ауади æмæ фæрсы бинонты: «Нæ амонд нæ фæрсы, цы уæ хъæуы, зæгъгæ, æмæ цы ракурон?». Лæппутæ загътой: «Хор, зæхх!»

Уæд кæстæр чындз дуарæй æрбалæуыд æмæ захта: «Æгъдау, æнувыд дзинад». Зæронд лæг бацинкодта: «Гъæ, уый хорз захта: æгъдау, æнувыд дзинад». Зæронд лæг аздæхти хъæдмæ, сæ амондмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ дзæбæхæй цардысты.

1. Бахахх кæнын комкоммæ ныхас.

2. Бахахх кæнын авторы дзырдтæ.

#1058;екстæн пълан саразын.

1) Зæронд лæг ногуард митыл фæд ауыдта.

2) Зæронд лæг æмæ амонды ныхас.

3) Лæг сæхимæ фæрсæг ауади.

4) Зæронд лæг бацин кодта чындзы дзуаппыл.

5) Бинонтæ амондджын цард кæнын райдыдтой.

4. Рæдыдтытæ сраст кæнын.

5. Хъуыдыйад «Æхсæвы мит рауарыд» равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.

5-æм фæлтæрæн баххæст кæнын.

Хистæрæн кæстæр куы дæтта æгъдау,

Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау.

Хистæрæн кæстæр куы райса йæ уаргъ,

Кæстæрæн алкæм уыдзæни уæд аргъ.

Хистæрæн кæстæр куы ратта бынат,

Кæстæр уыдзæни уæд хорзыл нымад.

Кæстæр куы фæрса йæ хистæры зондæй,

Кæстæр уæд никуы фæрæдидзæн сонтæй.

1. Бацамонын антонимтæ.

Æмбисæндтæ.

Хистæр кæм нæй, уым кæстæр дæр нæй.

Хистæр кæм нæй, уым кæстæр ма агур.

Хистæр, кæстæр кæм нæ зоной, уырдæм фарн нæ цæуы.

Хистæр-зондамонæг, кæстæр-æгъдаудæттæг.

Тестытæ баххæст кæнын.

#1050;омкоммæ ныхас у:

а) Искæй ныхас ивдæй загъд куы æрцæуа, уæд уый хонæм комкоммæ ныхас.

æ) Искæй ныхас æнæ аивгæйæ загъд куы æрцæуа, уæд уый хонæм комкоммæ ныхас.

б) Искæй ныхæстæм æндæр дзырдтæ æфтыд куы æрцæуынц, уæд уыдон хонæм комкоммæ ныхас.

2. Адæм бирæ фæфæсмон, фæмæт кодтой, стæй рахастой ахæм фæнд: «Абонæй фæстæмæ дон нуазгæ уæд кæстæрæй, цæмæй ахæм бæллæх макæуылуал æрцæуа!»

Хъуыдыйад арæзт у ахæм схемæмæ гæсгæ:

а) А: «К!»

æ) «К»,- а.

б) А: «К».

3. Дарддæр ахæццæ кæнут æмбисонд: «Дунейыл æгъдауæй…»

а) тыхджындæр ницы ис

æ) хистæр ницы ис

б) хуыздæр ницы ис

4. Комкоммæ ныхас фæлæууы хъуыдыйадæн

а) йæ райдайæны

æ) йæ астæу, кæроны, райдайæны

б) йæ кæроны

5. Æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрд не 'сты хъуыдыйады

а) Хæдзармæ лæвæрд уын цы уыд – « Афарста ахуыргæнæг».

æ) «Хæдзармæ лæвæрд уын цы уыд?» – афарста ахуыргæнæг.

б) «Хæдзармæ лæвæрд уын цы уыд?» – Афарста ахуыргæнæг.

VI. Урочы хатдзæгтæ.

Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын.

- Цæуыл нæ ахуыр кæны абоны урок?

Æз фехъуыстон …

Æз базыдтон …

Цымыдисаг мæм фæкаст …

Зын мæм фæкаст …

Мæ зæрдæмæ фæцыд …

ІV. Хæдзармæ куыст.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

"æмбалдзинадæй хуыздæр ницы ис!"

Урок осетинского языка о великой силе - дружбе! легенда о друзьях Амизоке и Дандамиде. пословицы о дружбе.Когда то, в 12 веке, грузинский поэт Шота Руставели так сказал: «Кто не ищет дружбы с бли...

Темᴂ: «Хистᴂрᴂн кᴂстᴂр куы дᴂтта ᴂгъдау…» (миногми фᴂлхатын)

Урочы хᴂстᴂ:          1. Скъоладзауты базонгᴂ кᴂнын таурᴂгъ « Дада» - имᴂ. (А.Н.Толстоймᴂ гᴂсгᴂ), бакусын аив кастыл.2. Текстмᴂ гᴂсгᴂ сфᴂлхат кᴂнын миногми...

Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....

Урок -викторина : “Адæмон сфæлдыстады дунейы”

Повторение пройденного материала по устному народному творчеству .Защита проектных работ учащихся....

Урочы темæ: «Хистӕрӕн кæстӕр куы дӕтта ӕгьдау…»

Урочы  нысантæ  Урочы типНыхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; миногмиты  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Скьоладзауты базонгӕ кӕнын таурӕгь «Дада»-имӕ(А.Л.Толстоймӕ...

Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй) Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ

План конспект урока в 9 классе. Грамматическая тема урока "Стили речи"....