"æмбалдзинадæй хуыздæр ницы ис!"
методическая разработка по краеведению (7 класс) по теме
Урок осетинского языка о великой силе - дружбе! легенда о друзьях Амизоке и Дандамиде. пословицы о дружбе.
Когда то, в 12 веке, грузинский поэт Шота Руставели так сказал: «Кто не ищет дружбы с близким,тот себе заклятый враг!»
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
druzhba.rar | 206.77 КБ |
Предварительный просмотр:
Уæ бон хорз, мæзынаргъæмбæлттæ!
Тынг æхсызгон мын у, нæ фембæлд абоны урочы. Нæ абоны урок хуымæтæг нæ уыдзæн. Мах сымахимæ балцы ацæудзыстæм æмбалдзинады дунемæ. Æмбалимæ цыфæнды фæндаг дæр уыдзæни æнцон æмæ хъæлдзæг. Куыд уæм кæсы, адæймаджы цард дардфæндагимæ абарæн ис? (оооо)
Цæгæй дæр, адæймаджы фæндаг арæзт у минут, сахат, бон, мæй æмæ
азтæй.
Абон бафæлвардзыстæм уыцы фæндаг ацæуын ссæдз минутмæ.
Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут царды фæндаг. Куыд уæм кæсы, æнæ
Æмбæлттæй йыл нæ бон суыдзæн ацæуын? (нæ)
Растзæгъут, уымæн уæвæн нæй.
Кæддæр, 12 æнусы гуырдзиаг поэт Шота Руставели афта загъта: «Чи
нæ агуры æмбалдзинад хионимæ, уый йæхицæн у знаг!» («Кто не ищет
дружбы с близким,тот себе заклятый враг!»)
Алы адæмыхаттмæ дæр ис йæхи æмбисæндтæ, таурæгътæ
æмбалдзинады тыххæй.
Ныр та иугыццыл аулæфæм:
Хъазт «Йæ кæрон ын зæгъ»:
1.Æмбæлтты хорздзинад арфæ нæ агуры.
2.Хорз æмбал зынсахат сбæрæг вæййы.
3. 100 сомы бæсты 100 æмбалы хуыздæр. (уырыс.уац.)
4.Æгаддзинадæй æмбалдзинад хуыздæр.
Ацы æмбисæндты æхсæн загътат иу æмбисонд. Æрлаууæм ма йыл:
100 сомы бæсты 100 æмбалы хуыздæр. Мæнмæ гæсгæ, сымах мемæ
сразы уыдзыстут куы зæгъон хорз кæй у 100 æмбалы æмæ 100 сомы
иумæ куы уой адæймагмæ. Фæлæ æнцондæр цы у ссарын: 100 сомы æви
100 æмбалы?
Ацагурут ма уæ дзыппыты.
Куыд федтам, афтæ 100 сомы æнцондæр у ссарын. Царды фæндагыл
адæймаг бамбæлы алыхуызон адæмимæ: зæрдæхæлар æмæ саузæрдæ,
чъынды æмæ рæнтон, тæппуд æмæ хъæбатырыл. Уæдæ куыд ссарæм
уытыппæт адæмы æхсæн æцæг æмбалы?
Аххуыс ма мын кæнут мæ хъуыды кæронмæ зæгъын:
Æмбал уый у - …….. (зын сахат дæ фарсмæ чи æрбалæууы; дæ циныл цин кæнын чи зоны; дæ зылындзинад дын чи зæгъа; )
Æркæсæм ма, цы нæм рауади – æцæг æмбалы ныв!
Куыд уæм кæсы, æмбæлттæ бирæ хъуамæ уой?
(Размышления ребят)
Раст загътат, æцæг æмбæлттæ бирæ нæ вæййынц.
Ис æмгæрттæ,æрдхæрдтæ, зонгæтæ, æмкъласонтæ.
Фæлæ æмбал у сеппæтæй æввахсдæр æмæ зынаргъдæр. Хорз æмбал зын сахат æрбалæудзæн дæ фарсмæ. Мæ нын абон ахæм æмбæлтты тыххæй æвдисæн уыдзæн рагон ирон таурæгъ. Байхъусут мА йæм лæмбынæг æмæ мын кæронæй зæгъдзыстут: ЦЫ АРГЪ УЫД РАДЖЫ ЗАМАНЫ ÆМÆ ЦЫ АРГЪ ИС НЫРЫ РÆСТÆГ ÆМБАЛДЗИНАДÆН?!
Дандамид æмæАмизок
Скифтæм тынг кадджын уыд æфсымæрдзинад, хæлардзинад. Уый тыххæй бæлвырд æвдисæн баззад историйы.
Иу заман скифтæм знæгтæ æрбабырстой. Уыдон уыдысты бирæ æмæ æнæхатыр. Скифтæй бирæты фæцагътой, бирæты та дзы уацары райстой. Уацайрæгтимæ уыд æрыгон скифаг хæстон Амизокдæр. Хæсты хæдразмæ уый æрдхорд-æфсымæ ракодта йæхи æмгар лæппу Дандамидимæ. Дыууæ лæппуйы кæрæдзиуыл афтæ æнувыд уыдысты, кæрæдзийы афтæ бирæуарзтой, æмæДандамид уайтагъд цæугæдоны сæрты баленк кодта знæгтæм, цæмæй баххуыс кæна йе 'рдхорд Амизокæн.
Знæгтæ Дандамиды æрцахстой æмæ йæ бакодтой сæ фæтæгмæ. Уый йæ бафарста
–Цы ратдзынæ де 'рдхорд Амизокы суæгъд кæныны тыххæй?
Дандамид дзуапп радта
–Цыдæриддæр мæм ис, уый.
Уæд знæгты фæтæг фæлварæгау загъта
–Уæдæ дæ цæстытæ ратт.
Дандамид æхсызгонæй сразы.
Лæппуйы цæстытæ куы скъахтой, уæд знæгтæ æцæгæй дæр суæгъ дкодтойАмизокы.
Æрдхæртæ кæрæдзийыл куы бацин кодтой, уæд æрбаленк кодтой цæугæдоны сæрты. Знæгтæ уыцы хъуыддаг фенгæйæ фидарæй бамбæрстой адæм кæрæдзиуыл афтæ иузæрдион кæмсты, уыцы бæстæйæн басæттæн нæй æмæ æхсæвыгон лидзæг фесты.
(ОТВЕТЫ)
- Сымах та цавæр æмбæлттæ хъæуы уæ фарсма?
- Æмæ ма иу фарст: сымах уæхæдæг бæззут æмбалæн?
Нæ абоны урок кæронмæ хæццæ кæны.Уæ разæй ис царды дард
фæндаг. Æмæ йыл æмбæлут æрмæстдæр ахæм æмбæлттыл, кæцытæй
уæ зæрдæ рухс кæна.
Ныр та раисæм кæрæдзийы къухтæ –уыдон сты æмбалы къухтæ. Æрæвæрут уæ къухтæ кæрдзийы уæхсчытыл. Уыдон сты æмбалы
уæхсджытæ, кæцытæ уыдзысты уæ ныфс зын сахат.
Нæ фембæлды кæрон мæн фæнды сымахæн балæвар кæнын«зæрдæтæ», цæмæй иу уæ зæрдыл æрбалæууой куырыхон Рувасы ныхæстæ: «Сæйрагдæр цæстытæй нæ фендзынæ, цæхæрцæст у æрмæстдæр зæрдæ».
Иу лæгæн йæ мæлæты бон æрхæццæ. Хуыцайу ын загъта: Хорз адæймаг уыдтæ æмæ дын ис бар равзарын рæстæг ацæрынмæ. Лæг ахъуыды кодта æмæ загъта: Мæнæ ацы хъæды бæлæстыл цал сыфтæры и уал аз. Уый æгæр бирæ у – загъта Хуыцау. Бæлæстыл цал фæткъуыйы ис, уыйбæрц. Уый дæр æгæр бирæ у – загъта Хуыцау. Уæд лæг исдугмæ ницы сдзырдта, стæй уæд йæ мидбылты бахудт: «Цал æмбалы мын ис, уыйбæрц уыд мæ цард дæр!!!» Æмæ уæ нæ бауырндзæнис, хорз адæм, уыцы лæг нырма дæр цæры.
- Куыд уæм кæсы, цæмæн? (бирæ æмбæлттæ йын ис æмæ йæхæдæг дæр у хор æмбал)
Уæдæ сымахæн дæр уæ цæрæнбон бирæ æмæ æмбалы хорзæх уæ уæт.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)
Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....