«Лексикæ»
план-конспект урока (6 класс)
Предварительный просмотр:
Гом урок ирон æвзагæй 6 «А» къласы
Урочы темæ: «Лексикæ»
Ныхасы темæ:« Ирон национ культурæ:нывкæнынад.Хетæгкаты Къоста-нывгæнæг».
Урочы нысан:
1.Сфæлхатын æмæ бафидар кæнын рацыд æрмæг.
2.Рæзын кæнын сфæлдыстадон гæнæнтæ. Хибарай куыстмæ арæхсын. Къордтыл куыстмæ арæхстдзинадыл бакусын. Ныхасы рæзтыл бакусын.
3.Универсалон ахуырадон архæйдтытæ:къордтыл куыст,презентацитыл куыст,сфæлдыстадон куыст,хибарæй куыст.
4. Райгуырæн бæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.
5.Къоста нывкæнынады дæр стыр бæрзæндтæм кæй схызт,ууыл лæмбынæгдæр æрдзурын.
Урочы фæлгонц:
Чиныг,тетрад,алыхуызон техникон фæрæзтæ,Къостайы конд нывтæ, карточкатæ.
Урочы эпиграф: «Къостайы сфæлдыстад поэзийы дæр æмæ нывкæнынады дæр иухуызон бæрзонд у йæ адæмондзинадæй алывæрсыгæй»
Урочы цыд:
Организацион хай:-Уæ бон хорз,сывæллæттæ.Знон уæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг тынг раппæлыд æмæ мæн дæр бафæндыд сбæрæг кæнын,цымæ ирон æвзагæй дæр афтæ хорз дзуæппытæ раттиккат.
Бакæсут-ма фæйнæгмæ, лæвæрд цæуы дзырбыд. Дзырдбыды чырæгтæ æххæст кæнæм фæрсырдæм.
-Сæйраг дзырд нæм цы рауад? (лексикæ)
-Цы хонæм лексикæ? (æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæхонæм лексикæ)
Фæйнæгыл лæвæрд цæуы текст.Бакæсæм-ма йæ.
…Лæгæй-лæгмæ йæ хорз чи зыдта, ахæмтæ куыд дзурынц,уымæ гæсгæ бæрæг дардта йæ фидæрттæ арæзтæй:уæхскæй фæтæн,нарæгастæу,асæй рæстæмбис лæппу,хæрзконд фидыцджын гуырыконд. Кæд –иу иудадзыг дæр хуымæтæг дарæсы уыд,уæддæр-хæрзаивæй. Тарбын морæ цухъхъа,сау куырæт,кæнæ та арæхдæр дардта цъæх цухъхъа æмæ фæлурс куырæт. Йæ æрмадзы-иу куы куыста,уæд-иу йæ уæлæ скодта уæрæх æмæ парахат урс хæдон. Сау къæбæлдзыг бæзджын сæрыхъуын,сау зачъетæ,сау бæзджын æрфгуыты бынæй сау-сауид цæстытæ афтæ æдзынæг кастысты,æмæ зæрдæ агайдтой;ахæм æнгæс лæвæрдтой, æмæ сæ хицауыл уадидæгæнæн баууæндыдаис, хионау дæм æркастаид. Гъе,ахæмæй зыдтой адæм фыццаг ирон нывгæнæджы йе ддаг бакасты æууæлтæм гæсгæ.(Тугъанты М,)
Фарст:Чи уыдис фыццаг ирон нывгæнæг?
Дзуапп: Хетæгкаты Къоста.
Фарст. Уæдæ,абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм?(Лексикæ.Дзырдты бастдзинад кæрæдзиимæ сæ мидисмæ гæсгæ,æмæ ма ныхасы темæ-Хетæгкаты Къоста-нывгæнæг).
Ахуыргæнæг. Раст, хуымæтæджы нæ райстам эпиграфæн Тугъанты Махарбеджы ныхæстæ: «Къостайы сфæлдыстад поэзийы дæр æмæ нывкæнынады дæр иухуызон бæрзонд у йæ адæмондзинадæй,йæ алывæрсыгæй».Куыд æмбарут ацы ныхæстæ?
Ахуыргæнæг. Ныффыссæм абоны нымæц æмæ урочы темæ. Куыд загътам,афтæмæй абон урочы дзурдзыстæм лексикæйыл(æвзаджы дзырдуатон сконд).
Къордты куыст. Уæлдæр тексты ссарут синонимтæ,антонимтæ,архаизмтæ æмæ загъут раиртæст.
1 къорд-синонимтæ(хæрзконд, фидыцджын)
2 къорд-антонимтæ(фæлурс-сау, цъæх-морæ)
3 къорд-архаизмтæ(цухъхъа, куырæт)
Ахуыргæнæг :
-Фæйнæгыл-таблицæ-лексикæ(антонимтæ,синонимтæ,архаизмтæ,омонимтæ,неологизмтæ,æрбайсгæ дзырдтæ),зæгъын дзырдты раиртæст дæнцæгтимæ.
Чиныгимæ куыст. Саразут 3 дзырбасты æмæ сæ рафыссут,зæгъут,кæцы дзырдтæй нæй саразæн дзырбæстытæ æмæ цæуылнæ?
-Цы хонæм дзырдбаст?
-Кæцы дзырдтæй нæй саразæн дзырбæстытæ æмæ цæуылнæ?
Бакæсæм-ма раиртæст.
Ахуыргæнæг. Абон нæ ныхасы темæ,куыд загътам,афтæмæй у Къоста-нывгæнæг.
Иу скъоладзау кæсы текст Къостайы тыххæй.
Фарст. Зæгъут ма,кæй тыххæй цæуы ныхас тексты?
Дзуапп. Хетæгкаты Къостайыл.
-Бакусæм уал дзырдуатыл.Чи зоны,сымахæй дæр исчи цæуы аивæдты скъоламæ æмæ фехъуыстат ацы терминтæ,уæ хорзæхæй:
Дзырдуат
1.Фрескæ-доныл змæст ахорæнтæй конд ныв,уымæл ма чи у,ахæм сæрстыл.
2.Графикæ - нывкæнынады аивад хæххытæ æмæ штрихтæй æнæ ахорæнтæй,стæй уыцы аивады уацмыстæ.
3.Кæрдгæныв (ваяние)-аивадон уацмыс æлыгæй,гипсæй,кæнæ дур-й.
4. Станкон-геометрион, зайæгхæлтты,цæрæгойты хæйтты бастдзинæдты æххуыссæй арæзт нывгæнæн,графикон æмæ скульптурон фæлындæнтæ.
6. Аскетикон-царды цинтæ æмæ х-рзтæй хи цухкæнынад.
Хæс. 1. Текстæй рафыссут 2 абзацæй иу хъуыдыйад,ставддæрæй фыст дзырдтæ баивут синонимтæй.
2.Рафыссут 5-æм абзац,æрхæцæн нысæнттæ æрæвæрут æмæ сæ бамбарын кæнут.
3.Фæстаг хъуыдыйад синтаксисон æвæрст ракæнут.
Ахуыргæнæг. Ирон саби рухс дунемæ куы фæзыны,уæдæй фæстæмæ хъомыл кæны æмæ рæзы Къостайы сфæлдыстады бындурыл,райдай нæ нанатæй,рæвдауæндæттæй,скъолатæй æмæ а.д. Нæ зæрдыл мА æрлæууын кæнæм,куыд арæхст сывæллон нывкæнынадмæ,уыцы цымыдисаг æрмæг.
1 скъоладзау дзуры Хетæгкаты Андухъапары мысинæгтæй.
2 скъоладзау дзуры Къостайы тыххæй.
Ахуыргæгæг. Стъараполы ахуыргæнгæйæ йын Смирнов йæ нывтæй тынг раппæлыд,хаста сæ цæвиттонæн,цæмæй разæнгард кодтаиккой иннæтæ,æмæ ахуыргæнджыты раз та загъта: «Ацы лæппуйæ рауадзæн фидæны зынгонд нывгæнæг». Къоста ахуыр кодта Репин,Суртков,Васнецов,Серов æмæ æндæр курдиатджын нывгæнджыты чи схъомыл кодта,уыцы Чистяковмæ. Иудзырдæй,зонындзинæдтæм бæлгæйæ,Къоста зæрдиагæй архайдта профессионалон дæсныйад базоныныл. Фæлæ йæм нæ кастис Академи фæуыны амонд. Йæ мæгуырдзинад ын æй ныууадзын кодта 1883 азы. Йе сфæлдыстады Къоста тынг цымыдис кодта удæгас адæймагмæ, портретон жанрмæ. Къоста иттæг разæнгардæй куыста пейзажы жанры дæр.
-Сывæллæттæ,сымах хъуамæ бацæттæ кодтаиккат проектон куыстытæ цыбыр раныхасимæ Къостайы сфæлдыстадæй.
1 скъоладзау -æрдзы тыххæй презентации æмæ сыл æрдзурын
2 скъоладзау-сывæллæттæн нывтæ æмæ сыл æрдзурын
3 скъоладзау-уарзон чызджыты фæлгонцтæ æмæ сыл æрдзурын.
Къордты куыст. «Чи тагъддæр».Сывæллæттæн лæвæрд цæуынц пазлтæ. Кæцы командæ тагъддæр æрæмбырд кæндзæн Къостайы конд ныв,уый фæуæлахиз уыдзæн. Æрхъуыды кæнын хъæуы 2-3 хъуыдыйады.
Хатдзæгтæ:
Ахуыргæнæг. Сывæллæттæ, кæуыл æмæ цæуыл дзырдтам абон урочы?(Къостайыл,лексикæйыл).
Куыд бамбæрстат æрмæг лексикæйæ,уый та сбæрæг кæндзыстæм тесты хуызы(тест фæйнæгыл)
Рефлекси.
1.Абон æз куыстон иттæг хорз, хорз,лæмæгъ.
2. æз æххæст кодтон хæслæвæрдтæ…
3. æз æй нæ зыдтон,ныр æй базыдтон…
Ахуыргæнæг. Къостайæн йæ удæй зынаргъдæр уыдысты йæ райгуырæн Ирыстон,æрдз,сывæллæттæ,адæм. Фæнды мæ,æмæ мæ уырны,сымах дæр уый фарнæй хайджын кæй уыдзыстут æмæ кæй уарздзыстут уæ Райгуырæн зæхх,йæ адæмы æмæ йын йæ кад бæрзонддæр кæй кæндзыстут.Сывæллæттæ,бирæ фæдзырдтам абон Къостайы нывты тыххæй,фæлæ йын йе мдзæвгæтæй нæ зæрдыл куы никæцы æрлæууын кæнæм,уæд уый раст нæ уыдзæн. Цæй,уæдæ,чи радзурдзæн æмдзæвгæ?
Скъоладзау дзуры æмдзæвгæ «Мæ Иры фæсивæд».
Хæдзармæ куыст раттын:Райсын нырыккон нывгæнджыты куыстытæй иу æмæ йыл цыбыр нывæцæн ныффыссын.
Хæрзбон, арфæгонд ут! Бузныг!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Презентация. Лексико-грамматические упражнения на базе лексики и грамматики урока 10 учебника английского языка Для VI класса школ с углубленным изучением английского языка авторов О.В. Афанасьевой, И.В.Михеевой.
Презентация. Лексико-грамматические упражнения на базе лексики и грамматики урока 10 учебника английского языкадля VI класса школ с угл...
Презентация по теме I love food (тренировка лексики по теме, отработка лексико-грамматического материала (специальные вопросы в Present Simple и Progressive)
Данная презентация разработана для преподавателей английского языка в 6 классах. Идет отработка лексики по теме "I love food" и употребления специальных вопросов в Present Simple/Progressive...
Путешествие в Лексику (Обобщающий урок по разделу русского языка «Лексика»)
Одним из важных элементов обучения является обобщение и закрепление знаний. На уроке в занимательной форме повторяются и закрепляются ключевые понятия лексики: омонимы, синонимы, устаревшие слова и др...
Методическая разработка на тему: «Обучение лексике иностранного языка в медицинском колледже» (Комплекс лексико – грамматических упражнений)
Настоящая методическая разработка предназначена для преподавателей иностранного языка медицинского колледжа. Её цель – ознакомление с новым методом преподавания иностранного языка – лингвосоциок...
Обобщение и систематизация изученного по теме «Лексика» 6 класс «Путешествие в страну «Лексика»
Конспект урока обобщения и систематизации изученного по теме «Лексика» 6 классФорма урока: Урок-путешествиеОборудование:Ø КомпьютерØ Мультимедийная аппаратураØ Презентация PowerPointØ Карта зада...
Лексика. Группы слов лексики.
Модульное обучение. Проектная деятельность обучающихся. Материал по теме "Лексика" изучается посредством проектной деятельности обучающихся. Каждая группа по плану -заданию изучает свою тему, вы...
Презентация к обобщающему уроку по теме «Лексика» в 5 классе: «Путешествие по океану Лексики»
Аннотация к уроку: Урок русского языка в 5 классе по теме «Лексика» является результатом проектирования учебного заня...