Джыккайты Шамил «Дыууадæс дзырды».
методическая разработка (10 класс)

Гобеева Алета Бекмурзаевна

Разработка урока

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл razrabotka_uroka.docx86.16 КБ

Предварительный просмотр:

                                          Гом урочы конспект 10 къл.

Темæ:    Джыккайты Шамил  «Дыууадæс дзырды»

               Æмдзæвгæйыл куыст

Урочы нысантæ: 

1) базонгæ кæнын  скъоладзауты Джыккайты Шамилы æмдзæвгæимæ;

2)ахуыргæнинæгты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ,поэзимææрзонддæр кæнын национ сæрыстырдзинад æмæ патриотизм;

3) ахуырдзауты ног лексикæимæ базонгæ кæнын; зонгæ лексикæйæ активонæй спайда кæнын ныхасы мидæг;

4) кæсыны техникæйыл бакусын;                                                          

5) диалогон  ныхасы рæзтыл бакусын;

6)грамматикон  æрмæг сфæлхат кæнын: абарст, синонимтæ, миноготы бæрцбарæнтæ, вазыгджын хъуыдыйæдтæ.

7)хи хъуыдытæ дзурыныл фœлтœрын.

Урочы фæлонц: компьютер, Джыккайты Шамилы портрет, æмдзæвгæ «Дыууадæс дзырды» хицœн сыфтыл фыст алы партœйыл, хæслæвæрдтæ æмæ ног тематикон дзырдтæ слайдты, музыкæ, чингуыты равдыст.

Урочы цыд

I. Бацæттæгæнæн хай.

Хъуысы аив ирон музыкæ.

Слайд № 1. Джыккайты Шамилы портрет

DETAIL_PICTURE_594088

II. Ахуыргæнæджы раныхас урочы темæйыл.

         -Бирæ рæсугъд дидинджытæ фæзыны  ирон литературæйы цæхæрадоны. Адæймаджы цæст  сæм нал фефсæды кæсынæй. Фæлæ уыдоны ‘хсæн фæзыны иу ахæм рæсугъд дидинæг, кæцы уæлдай æхцондзинад фæхæссы зæрдæйæн. Уый йæхимæ  тынгдææр æркæсын кæны дзыллæты. Уыцы æрвон дидинæгау нæм каст Иры адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, стыр ахуыргонд, профессор, Ирыстоны дзыллæтæн уарзон адæймаг Джыккайты Шамил. Хъыгагæн, 26 майы 2011 азы  Ирыстоны цыфыддæр знæгтæ сæ маргæйдзаг хæцæнгарз ныссагътой нæ  риуты - фыдвæнды амæттаг (стал жертвой коварства) бакодтой Иры æфсарм, æгъдау æмæ  намысы сæрхъуызой (защитник,покровитель чести и достоинства) Шамилы. Йæ зæрдæ  цыма цыдæр æнкъардта, уыйау йæ фæстаг æмдзæвгæтæй иуы фыссы:

Музыкæ фæсабырдæр

Слайд №2                                Барастырмæ(повелитель царства мертвых) балцы цæуын,

      Мæ фæллад ысуадздзынæн нæууыл.

Нæ  хъæуы мæ  мардыл кæуын,

Кæуинаг мæ цард уыд уæлæуыл.          

          Поэт нал ис, фæлæ  уæлæуыл æнустæм баззад йæ бирæвæрсыг курдиат,

 йæ тохы хъæр, йæ куырыхон ныхас, йæ дзырды фарн.

 Слайд №3 Джыккайты Шамил у 150 наукон куысты автор фольклор æмæ литературæйæ, уыимæ «Осетинская литература, краткий очерк», «Ирон литературæйы истори»-йы 3 томы, 3 монографийы. Сарæзта программæтæ ирон литературæ æмæ фольклорæй, республикæйы  скъолатæн бацæттæ кодта программæтæ ирон лит-йæ, сарæзта 8-æм къласы ирон хрестоматийы чиныг. Ныффыста 6 поэтикон чиныджы æмæ 3 драмон уацмысы. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Шекспиры «Король Лир», Софоклы «Царь Эдип», Эдмон Ростаны «Сирано де Бержерак», Роберт Бернсы, Шиллеры, Лермонтовы æмдзæвгæтæ.

     III.Ног æрмæг.

     1) Дзырдуатон куыст. Бакæсын тематикон дзырдтæ, сбæрæг сын кæнын сæ нысаниуæг. Фæбæрæг кæнын лæвæрд лексикæйы ‘хсæн зонгæ æмæ æнæзонгæ дзырдтæ.

Æнæзонгæ дзырдтимæ саразын дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ.

Слайд №4

Хуызœг: фарн; ирон фарн, хœдзары фарн. Хистœр кœм ис, фарн дœр уым ис.

Цард-жизнь, существование.    Арт- огонь, пламя, костер.    Мад-мать.

Æхсар-мужество, отвага, героизм, храбрость.

Фарн -1) мир, спокойствие; 2) обилие; 3) счастье.

Æфсарм-1) совесть, честь, скромность; 2) деликатность.

Бæркад-1) изобилие, обилие продовольствия;  2)изобильный, обильный.

Сæрибар- 1) свободный, независимый; 2) свобода, независимость.

Кад - почет, уважение; слава. Кады хъуыддаг- дело чести; кады гæххæт- почетная грамота; кад æмæ намыс- честь  и слава. Кад кæнын- а) оказывить почет,уважение; б) чествовать.

Кард - нож, меч

Ирыстон

Фидауц- 1) красота; изящество; краса, украшение;2) стройность.

Арм-рука, ладонь, кисть руки.

Уæздан-1) благородный, вежливый, учтивый, деликатный;2) дворянин, аристократ; уæздан хъуымац- дорогой материал.

Æмсæр-равный,равноправный, равнозначный.

Дзыллæтæ-народы, люди.

Сæрвæлтау-во имя, ради.

Цин- 1) радость;2) радостный;3) чин.

Нысан-1)цель, мишень;2) знак, указатель;3) признак,метка.

Бындур- 1)основание, фундамент;2)основа,база;3)основание,причина;4)основывать.

Тавын- греть, тавдзæни-будет греть.

Бæллиц- мечта,желание

Фæйнæгыл фыст

2)Грамматикон æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнæм.

Миногонты бæрцбарæнтæ:

бындурон бæрц - барæн бæрц –       уæлахизон бæрц:

фœлмœн                фœлмœндæр-       æппæты фœлмœндœр

- Ссарут тексты миногонтœ, сбœрœг сын кœнут сœ  бæрцбарæнтæ.

-Бакœсут сœ бындурон бœрцы. Цœмœй хицœн кœнынц сœ нысаниуджытœ?

-Цœмœн спайда кодта автор миногонты уыцы  хуызтœй?

Слайд № 5

 Джыккайты Шамил «Дыууадæс дзырды»

3) Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ

Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты… Уæддæр

Дыууадæс дзырды се ‘ппæтæй хуыздæр.

Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн

                                                              Цард.

Йæ фидауц уымæн-арвы стъæлфæн-

                                                              Арт.

Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у

                                                                Мад.

Цæуы йæ армæй адæмыл Бæркад.

Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц-

                                                                Фарн.

Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин-

                                                             Æфсарм.

Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр-Хæлар.

Ыскæны мах Хуыцауы ‘мсæр Æхсар.

Лæджы нысан - Сæрибар æмæ Кад.

Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн Кард.

Æппæт хæрзтæн Ирыстон у бындур,-

Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур.

ДВЕНАДЦАТЬ СЛОВ

Как солнце мне родной язык… Но есть
Двенадцать слов–в них мудрость, боль и честь.
В начале ЖИЗНЬ свою возьми в ладонь,
И озарит сиянье звёзд – ОГОНЬ.
Из слов великих нежно шепчем МАТЬ,
Рука её нам дарит БЛАГОДАТЬ.
И светлая мечта народа - МИР
ПРИЛИЧИЕ – для избранных кумир.
Святой души забота в главном – ДРУГ,
ОТВАГА нас поднимет в Божий круг.
СВОБОДА, СЛАВА – не потерпят ложь.
Во имя них в борьбе поможет НОЖ.
ОСЕТИЯ –основа всем словам,-
Без Родины не будут согревать.

4)Текст бакæсын хинымæр, стæй аив( 2 скъоладзауы)

IV.Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын. Фæрстытæн цыбыр дзуæппытæ раттын

 (къæйттæй куыст: иу - фæрсы, иннæ -дзуапп дæтты)

- Цавæр дзырдтæ нымайы поэт æппæтæй хуыздæр дзырдтыл?

- Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм.

- Цæмæн сæ равæрдта ахæм фæткыл? Куыд амоны уыцы фæткæвæрд автор йæхæдæг?

- Ды та цавæр фæткыл равæрис ранымад дзырдтæ? Цæмæн?

  (æз та…, уымæн æмæ…;

    æз дæр, æвæццæгæн,…, уымæн æмæ…)

æимæ бары автор ирон дзырдтæ?

-Цавæр абарстытæ ма ис æмдзæвгæйы?

- Ссарут тексты миногонтœ, сбœрœг сын кœнут сœ  бæрцбарæнтæ. Бакœсут сœ бындурон бœрцы. Цœмœй хицœн кœнынц сœ нысаниуджытœ? Цœмœн спайда кодта автор миногонты уыцы  хуызтœй?

- Вам нравится перевод стихотворения? А как бы вы перевели его   на русский язык?

Это ваше творческое   задание к следующему уроку.

V.- Бæрæггонд дзырдтæм ссарут синонимтæ æмæ сæ ныффыссут:

Слайд №6

Бæркад-           Фарн-            Æфсарм-           Хæлар-                 Æхсар-                     Кад-

VI. - Бацамонут хъуыдыйады мидис: 

        (Фæйнæгыл фыст) Лæджы нысан - Сæрибар æмæ Кад.

- Цавæр хъуыдыйæдтæ æмбæлы фылдæр æмдзæвгæйы? Цæмæн  сæ афтæ арæх пайда кæны автор?

VII. - Хъуыдыйæдтæ синтаксисон æвзæрст ракæнут:

Фæйнæгыл фыст)

1в. Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн Цард.

2в. Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр-Хæлар.

-Бацамонут æрхæцæн нысæнтты æвæрд.

- Фыццаг дыууæ хъуыдыйадæй саразут вазыгджын хъуыдыйад æмæ йæ   рафыссут, синтаксисон æвзæрст æй ракæнут.

Хатдзæг-синквейн            

Патриот

Бирæвæрсыг  курдиатджын

Уарзта   ратæлмац кодта      ныууагъта

Джыккайты Шамил ирон адæмæн ныууагъта йæ бирæвæрсыг курдиат,

 йæ куырыхон ныхас, йæ дзырды фарн.

поэт

VIII. Рефлекси. Спайда кæнут текстæй

-Нæ абоны урочы мах базыдтам, …

(Шамил æцæг уарзтæй кæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ æмæ йæ адæмы;

-æмдзæвгæ адæймагæн дæтты цыдæр стыр тых, йæ зæрдæ йын дзаг кæны сæрыстырдзинадæй, фидауцæй)...

IX. Кœронбœттœнхай.

Бœрœггœнœнтœ сœвœрын.

Скъоладзаутæн  арфæйы ныхæстæ зæгъын.

Хæдзармæ куыст: æмдзæвгæ ратœлмац кœнын уырыссаг œвзагмœ; аив кæсын (по желанию - наизусть). Зонын ног дзырдты нысаниуæг, дзурын тексты мидис фæрстытæм гæсгæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Шаманы

Презентация рассказывает о шаманах Сибири. Одежда, атрибуты шаманов....

Шамил Рәкыйпов (өстәмә материал)

Язучы иҗатына өстәмә материал      http://nsportal.ru/arslanova-zulfiya-zamilovna-0  файдаланылды...

Афзал Шамов "Госпитальдә" (1нче кисәк)

А.Шамовның биографиясен өйрәнү, "Госпитльдә" әсәренең 1нче кисәген уку....

Презентация "Дыууадас дзырды"

Презентация "Дыууадас дзырды"...

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут» Плиты Грисы балладœ «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»  Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъ...

Ӕрдзыл аудыны темӕ Джыккайты Шамилы ӕмдзӕвгӕ «Авдӕны зарӕг назы талайӕн».

Конспект урока по теме: "Ӕрдзыл аудыны темӕ Джыккайты Шамилы ӕмдзӕвгӕ «Авдӕны зарӕг назы талайӕн"...

Темæ:Къостайы сабийы бонтæ.Миногоны дзырдæрæзт.

Конспект урока осетинского языка в невладеющей группе. Урок посвящён детским годам К.Л. Хетагурова....