Æз цард афтæ æмбарын
план-конспект урока (10 класс)
Предварительный просмотр:
Урочы технологион картæ ирон литературæйæ 10-æм къласы.
Темæ: «Æз цард афтæ æмбарын…» Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ «Аууон» æмæ «Фæсмон»-мæ гæсгæ.
Ахуыргæнæг: Гуылæрты Эльвирæ Дианосы чызг, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
Темæ: «Æз цард афтæ æмбарын…»
(Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ «Аууон» æмæ «Фæсмон»-мæ гæсгæ)
Урочы нысантæ. |
|
Урочы хуыз. | Урок -дискусси. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ. | Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.Тексты структурæ зонын, архайды æрфыст, куыстæн аргъ кæнын зонын, аразын хи радзырд – æрфыст нывмæ гæсгæ. Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын; бамбарын кæнын урочы нысаны ахадындзинад, æвзарын раст аналитикон нысан, хынцинæгтæ, кæрæдзимæ раст фæрстытæ дæттын, кæрæдзийы хъуыдытæм лæмбынæг хъусын æмæ коммуникативон уæвын. Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ. | Системон – архайдон технологийы метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. | Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг. |
Эпигрæф урокмæ:
Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!
Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!
Нафи
Урочы структурæ
Урочы этаптæ | Ахуыргæнæджы архайд. | Скъоладзауты куыст. | УАА |
Мотиваци. (ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.) Актуализаци (къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын Урочы темæйыл куыст. ЗЫНДЗИНАД (ЦÆЛХДУР) КУЫД АИУВАРС КÆНÆН ИС, УУЫЛ АХЪУЫДЫ КÆНЫН, ПРОЕКТЫ ХУЫЗЫ ЙÆ ÆРФЫССЫН.(ГИПОТЕЗÆ) ПРОЕКТ БАХХÆСТ КÆНЫН. СФÆЛДЫСТАДОН КУЫСТ КЪОРДТЫ КУЫСТ ПРОЕКТЫЛ КУЫСТ ЦАС ÆНТЫСТДЖЫН РАУАД, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН. СКЪОЛАДЗАУТЫ ХИБАРÆЙ КУЫСТ; ХИ РАСТ КÆНЫНЫНМÆ КУЫД АРÆХСЫНЦ, УЫЙ СБÆРÆГ КÆНЫН. РЕФЛЕКСИ ХАТДЗÆГТÆ СКÆНЫН ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ | - Уæ бон хорз, мæ æрыгон хæлæрттæ, уырны мæ, абон кæрæдзи кæй бамбардзыстæм, уый. (1 слайд) Æвдисы фæйнæгыл ныв ( маскæйы ныв). (2 слайд) - Цавæр хъуыдытæ уæм æвзæрын кæны ацы ныв? - Адæймаг кæд скæны маскæ? - Йе ´цæг цæсгом адæмæй чи æмбæхсы, уыцы адæймаджы куыд хонæм? - Уырыссаг æвзагмæ ма ратæлмац кæнæм ацы дзырд. - Дзырд «козбауæн» ирон æвзаджы ис синонимтæ – цурон æмæ дыдзæсгом. (3 слайд) - Абон нæ урочы цæуыл ныхас кæндзыстæм? Скъоладзауты размæ рахæссы урочы темæ æмæ эпигрæф. (4 слайд) - Цавæр бынат æрцахста Дæбе ирон литературæйы? - Дæбейы цард æмæ сфæлдыстадæй цавæр цымыдисаг хабæрттæ зонут? - Дæбе уыд ирон фысджыты зынгæдæр æмæ номдзыддæртæй. Йæ курдиат уыд бирæвæрсыг. Куыста алы жанрты: поэзии, прозæйы, драмæйы. Кодта тæлмац, фæлæ уæлдай ахадындзинад ис йæ радзырдтæн. (5 слайд) - Цы у радзырд? -Ирон радзырды дæснытыл ма кæй нымайæм? - Дæбе стыр хуын бахаста ирон дзырдаивады хæзнадонмæ. (6,7,8 сл.) - Дæбе радзырдтæ «Аууон» æмæ «Фæсмон» куы ныффыста, уæдæй абонмæ раивта 3 фæлтæры, фæлæ уæддæр сты цымыдисаг æмæ нырыккон. - Цымæ цæмæн? (9слайд) - Нæ урочы нысан цавæр уыдзæн? - Цы хъуамæ раиртасæм урочы? ( Раиртасын, Дæбе нæ размæ цы проблемæтæ рахаста, уыдон абон актуалон сты æви нæ?) - Рæстæг аивта, фæлгонц-маскæтæ та куыд аивтой? - Цæмæн ахуыр кæнæм ацы радзырдтæ, цы нын амонынц? - Адæймаджы козбау цы скæны? (10 слайд) Дзуры урочы нысантæ: 1. Системон –архайдон технологийы бындурыл раиртасын радзырды проблематикæ.
- Рахизæм радзырды проблемæтæ иртасынмæ. - Цы у аууон? (11 слайд) - Радзырды сæйраг архайæг чи у? Йæ сюжет ма йын нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм. - Чи у Сауаты Гæбил? - Автор ын ахæм мыггаг цæмæн радта? - Чиныджы-ма ссарут Гæбилы æддаг арфыст. (12 слайд) - Гæбилы миддуне (удыхъæд) та цавæр у? ( 13 слайд) - Куыд æмбары Гæбил цард? Ссарут-ма уыцы рæнхъытæ чиныджы. - Гæбилы зондахаст, йæ царды философи у ахæм (14 слайд) - Сандыр Гæбилы йæ аууонимæ дзургæ куы баййæфы, уæд ын цы зæгъы? Ссарут-ма уыцы рæнхъытæ чиныджы. (15 слайд) - Сымах разы стут йемæ? - Цæмæн схуыдта Дæбе йæ радзырд «Аууон»? - Ахæм фæлгонц саразын фыссæджы къухы цавæр литературон фæрæзы руаджы бафтыд? - Гæбилы фæлгонц уæ цæстытыл куыдæй ауад, уый ма аныв кæнут (смайличы хуызы) уæ разы цы сыфтæ ис, уымæн йæ 1-аг фарсыл. - Удыхъæдæй мæгуыр адæм иууылдæр къаннæг вæййынц? Ацы ныв та уын уæ зæрдыл кæй æрлæууын кодта? - Адæймаг фæсмон цæуыл фæкæны? - Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм радзырд «Фæсмон»-ы сюжет. - Цæмæй хуыздæр бамбарат райкомы кусæг чи уыд, уый тыххæй æркæсæм ацы схемæмæ. (16 слайд) - Цы аивта дыууæ дуджы иерархийы? - Дæбе нын Хæмæтхъаны нæ цæстытыл куыдæй ауайын кодта? Цавæр у йæ сурæт? (17 слайд) - Йæ цæсгомы æрфыст чиныджы ссарут. - Хæмæтхъанæн йе ´ддаг бакастæй йæ миддуне бæрæг нæу, йæ хъуыдытæ æмæ йе ´нкъарæнтæ сты арфдæр æмбæхст. - Цæмæй Гæбил æмæ Хæмæтхъаны фæлгонцтæ афтæ ирдæй ауайой нæ цæстытыл, уый тыххæй Дæбе спайда кодта аивадон мадзал – портретæй. (18 слайд) - Бакæсæм- ма, цы у портрет? (19 слайд) - Ацы аивадон мадзалæй - ма нæ фысджытæй æнтысджынæй чи пайда кодта? - Уæ сыфы 2-аг фарсыл сныв кæнут Хæмæтхъаны цæсгом. - Цавæр æнкъарæн иу кæны Гæбил æмæ Хæмæтхъаны? - Хæмæтхъаны тасдзинад ирддæрæй кæцыран æвдыст æрцыд? - Хæмæтхъан та куыд æмбары цард? - Цавæр аивадон фæрæзтæй пайда кæны Дæбе йæ радзырдты? (20 слайд) - Радзырдтæй ист рæнхъытæ цавæр æнкъарæнтæ æвдисынц? - Дæбе сныв кодта 2 ирд фæлгонцы. Куыд уæм кæсы, æхсæнадæн дзы фылдæр зиан кæцы у? - Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæнынц Гæбил æмæ Хæмæтхъан? - Ацы радзырдтæй Дæбе цы зæгъынмæ хъавыд, цæуыл нæ ахуыр кæны? (21 слайд) - Дæбе йæ радзырдтæ «Аууон», «Фæсмон» æмæ «Хъæндил»-ы цы фæлгонцтæ сарæзта, уыдон абарæн ис уырыссаг æмæ дунеон литературæйы ахæм сатирикон фыст уацмысты хъайтартимæ. -Уæ зæрдыл цавæр уацмыстæ æмæ хъайтартæ æрлæууыдысты? - Цы сæ иу кæны? (22 слайд) - Цæмæй нæ куыст кæронмæ æххæст æрцæуа, уый тыххæй нæ хъайтарты абарын хъæуы абоны цардимæ. -Абон не ´хсæн Гæбилтæ æмæ Хæмæтхъантæ æмбæлынц? -Арæхдæр кæм æмбæлынц? - Цард цæуы, дугтæ ивынц, фæлæ бæрнон кусджытæ æмæ се ´ххуысгæнджытæ абон дæр сты. Сæ уавæртæ, сæ куыст фæивта, вæййы сын фембæлдтытæ адæмимæ, рацæуынц комкоммæ эфиры. - Ахъуыды-ма кæнут, цавæр фарст сæм радтиккат, цæмæй уын сныв кæна абоны разамонæджы портрет. - Уæ сыфæн йе 3-аг фарсыл равдисут абоны разамонæджы. - Кæцы ныв уын хуыздæр рауадис æмæ цæмæн? - Сывæллæттæ, сомбоны кусæг дæр æмæ разамонæг дæр уе ´хсæн ис, æмæ цы хуызæн хъуамæ уа? - Куыд хъуыды кæнут? - Куыд æмбарут сымах та цард? - Нæ урочы нысан цавæр уыди? - Сæххæст æй кодтам? Дзуаппытæй дæтгæйæ пайда кæнут ацы хъуыдыйæдтæй. (23 слайд) Радзырдтæ хи ныхæстæй дзурын. | Салам дæттынц. Дзуапп дæттынц. (козбау) Лицемерный, двуличный. козбаудзинадыл, маскæ-фæлгонцтыл дзуапп дæттынц. дзуапп дæттынц. æвдисынц царды æцæгдзинад адæймаджы ницæйаг удыхъад дзуапп дæттынц.
дзуапп дæттынц. сау – талынг дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйæ Сатирæйы ныв кæнынц Хæмæтхъаны «Фæсмон»-æй
ном дзуапп дæттынц
дзуапп дæттынц текстæй кæсынц презентацийы слайдæй дзуапп дæттынц кусынц къордтæй тас дзуапп дæттынц дзуапп дæттынц
сæ хъуыдытæ дзурынц кусынц къордтæй - Мæ зæрдæмæ фæцыд, куыд куыстон. - Абон нæ къорд уыди активон. - Иннæ урочы мæ кусын хъæуы активондæрæй. фыссынц хæдзармæ куыст | зонадон (куысты нысан цы у, уый бамбарын; проблемон фарст æрæвæрын) регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын; æххæст кæнын ахуырадон архайд), удгоймагон (хæдуагæвæрд, æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды). зонадон ( анализ, абарст, зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын; проблемон фарст æрæвæрын) коммуникативон (хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын; хи хъуыдытæ бахъахъхъæнынæн аргументтæ хæссын) регулятивон (æххæст кæнын ахуырадон архайд), зонадон (дзургæ ныхасы æмбаргæ арæзт; зонындзинæдтæ иу уагмæ кæнын) коммуникативон(хи хъуыдытæ бæлвырд æмæ æххæстæй зæгъын; æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæн æмæ æмгæрттимæ) удгоймагон (хъуыды бавæрын, иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын) зонадон (хъæугæ æрмæг агурын; хибарæй саразын алыхуызон мадзæлттæ проблемæтæ лыг кæнынæн сфæлдыстадон бындурыл; зонынадон хъæппæрис æвдисын) удгоймагон ( этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын; адæймаджы миддунейæн эстетикон æгъдауæй аргъ кæнын æмæ æмбарын) коммуникативон ( иумæйаг уынаффæ-йыл разы уæвын; ныхмæлæуддзинæдтæ райхалын) зонадон (анализ, синтез; текстæй хъæугæ æрмæг исын; æмбаргæ æмæ сæрибарæй хъуыдытæ зæгъын) регулятивон ( аргъ кæнын, рæстытæ кæнын) коммуникативон (хи хъуыдытæ бæлвырд æмæ æххæстæй зæгъын) зонадон (хи хъуыдыты рæстдзинадæн аргументтæ хæссын, сбæлвырд кæнын аххостæ æмæ фæстиуджыты бастдзинад) удгоймагон (бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ) коммуникативон (алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын) зонадон (архайдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; архайды фæстиуджытæн аргъ кæнын) удгоймагон ( ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын; æнтыстытæ бæлвырд кæнын) коммуникативон ( ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын) |
Директор ГБОУ РЛИ Ходова Ф.А.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Агъдау - царды бындур.
Урок во втором классе .Тема "Хистар ама кастар"(По стихотворению М.Дзасохова) Конспект урока и презентация....
Урок-театр «Хъуамæ царды исты фæд ныууадзон…» (Брытъиаты Елбыздыхъойы царды æмæ сфæлдыстады нывтæ).
Конспект урока по осетинской литературе в 9 классе....
Открытый урок в 7 кл. Гаглойты Рутен. Радзырд "Цард"
Урок в 7 классе по рассказу Гаглоева Рутена "Цард"...
Конспект к уроку осетинской литературе "Куыст – царды фæрæз (Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-мæ гæсгæ)"
Урочы нысантæ: 1.Равзарын уацмысы сæйраг хъуыды....
Урок - викторина в 8 класс по осетинской литературе Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.» (Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)
Урочы хӕстӕ : 1) Сбӕрӕг кӕнын ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй; 2) Сывӕллӕтты ахуыр кӕнын раст ха...
Ахуыргæнæгæн æххуысæн Картотекæ Плиты Гришы цард æмæ сфæлдыстад æвзарынæн.
Картотека.Материалы, которые находятся в данных источниках, будут способствовать более быстрому сбору необходимого материала по изучению жизни и творчества известного осетинского поэта Плиева Гриша....
Темæ: «Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр цард хуыздæр у!
Эпигрæф урокмæ:Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!Нафи...