Темæ: Чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ?
план-конспект занятия (6 класс)

Урочы  нысантæ.

1. Нæ рагфыдæлты царды тыххæй æрдзурын.

2.Æнæзонгæ  дзырдты  мидис  хъуыдыйæдты  мидæг  бæрæг  кæныныл    фæлтæрын.

3. Кæсынмæ арæхстдзинад æвзæрын кæнын.

4. Нæ рагфыдæлты историмæ цымыдисдзинады æнкьарæнтæ гуырын кæнын.

Урочы хуыз.

Урок беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализæ скæнын. Тексты структурæ зонын,  архайды æрфыст, куыстæн аргъ кæнын зонын, аразын хи радзырд – æрфыст текстмæ гæсгæ.

Метапредметон: бамбарын кæнын урочы нысаны ахадындзинад, æвзарын раст аналитикон нысан, хынцинæгтæ, кæрæдзимæ раст фæрстытæ дæттын, кæрæдзийы хъуыдытæм лæмбынæг хъусын æмæ коммуникативон уæвын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

ахуыргǽнǽн чиныг, компьютер, презентации, диск.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon urok_6_kl._fgos._tehn.kartaanzhelika.doc77 КБ

Предварительный просмотр:

Кълас:  6 «б»

Ахуыргæнæг: Габуты А.М.

Ахуырдзауты нымæц: 19

Нымæц:25 ноябрь , 2022 аз

Темæ: Чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ?

Урочы  нысантæ.

1. Нæ рагфыдæлты царды тыххæй æрдзурын.

2.Æнæзонгæ  дзырдты  мидис  хъуыдыйæдты  мидæг  бæрæг  кæныныл    фæлтæрын.

3. Кæсынмæ арæхстдзинад æвзæрын кæнын.

4. Нæ рагфыдæлты историмæ цымыдисдзинады æнкьарæнтæ гуырын кæнын.

Урочы хуыз.

Урок беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализæ скæнын. Тексты структурæ зонын,  архайды æрфыст, куыстæн аргъ кæнын зонын, аразын хи радзырд – æрфыст текстмæ гæсгæ.

Метапредметон: бамбарын кæнын урочы нысаны ахадындзинад, æвзарын раст аналитикон нысан, хынцинæгтæ, кæрæдзимæ раст фæрстытæ дæттын, кæрæдзийы хъуыдытæм лæмбынæг хъусын æмæ коммуникативон уæвын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

ахуыргǽнǽн чиныг, компьютер, презентации, диск.

                                                                                                                                            Урочы эпиграф: 

    «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,

                                                                                                                                      йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад

                                                                                                                          ын куы нæ зонай,уæд».

                                                                                                                                                                                       М.Горький  

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

 - Уæ бон хорз, мæ æрыгон хæлæрттæ, уырны мæ, абон кæрæдзи кæй бамбардзыстæм, уый.) 1 слайд.

- Цы уынут ацы нывы?

 

Кæсынц презентацимæ.

Дзуапп дæттынц.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

-- Чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ?

-Уæдæ, сымахмæ гæсгæ, кæуыл ныхас кæндзыстæм  нæ абоны урочы?

-Сбæрæг - ма  кæнут нæ абоны урочы темæ.

- Цæмæн хонæм адæмон сфæлдыстад?

- Зындгонд уырыссаг фыссæг   М.Горький   дæр раст загъта «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай,уæд».

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци; проблемон фарст æвæрын), æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координации кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын),

удгоймагон

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)

Урочы темæйыл куыст.

ИКТ

- Байхъусæм скъоладзаумæ. Уый нын бацæттæ кодта хъусынгæнинаг нæ рагфыдæлты царды тыххæй.

 Хатдзæг:

Нæ фыдæлтæ нын цы бынтæ ныууагътой, уыдон афтæ бирæ сты, æмæ се’ппæтæн фæнымæйæн нæй. Хъæздыг, æвидийгæ у ирон адæмон сæ истори. Кæуылты сты Нарты кадджытæ, адæмон таурæгътæ æмæ æргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Уыдон сæвзæрдысты ирон æвзагыл. Мах хъуамæ уыдон бахъахъхъæнæм, нæ фыдæлтæ сæ куыд бахъахъхъæдтой, афтæ. Уый та ис бахъахъхъæнын æрмæстдæр æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал уа, уæд фесæфдзысты уыцы æнæнымæц диссæгтæ дæр æмæ адæм  сæхæдæг дæр.Æмæ мах, сæ кæстæртæ, сæ байзæддæгтæ, хъуамæ бахъахъхъæнæм уыцы хъæздыгдзинадтæ æмæ сæ дарддæр сыгъдæгæй хæццæ кæнæм.

-Ныр та дарддæр бакæсæм нæ                                                                                                                                     

Презентациимæ.

Скъоладзау кæсы йæ хъусынгæнинаг.

Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ.

Сывæллæттæ алы слайдыл дæр комментари дæттынц ахуыргæнæджы æххуысæй.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

- Уæдæ  нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм,нæ рагфыдæлты царды тыххæй цы зонæм, уый.

 Сывæллæттæ  радыгай дзуапп дæтты.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

 коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)..

Ног æрмæгыл куыст.

1.Дзырдуат.

 2.Текст.

Фæлтæрæнтимæ куыст.

(дзургæйæ)

Рагфыдæлтæ – предки

 Байзæддæгтæ-потомки

 Хæстон-военный

 Стæрты-в походах.

 Цæугæ цард- кочевой образ жизни.

Ǽрмдæснытæ-ремесленники.

Уæлахиз кæнын-побеждать.

 Ǽнгомдзинад-сплоченность.

   

                                                                                               

Раныхас:

- Æз  уæм хуымæтæджы нæ радтон ахæм фарст:

 -- Чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ?

Ныр та цæмæй нæ зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр  уой,  уый тыххæй бакæсæм текст æмæ йæ равзарæм.

1.Ахуыргæнæг кæсы текст.

     

Фæлтæрæн 2. Ратæлмац кæнут хъуыдыйæдтæ уырыссаг æвзагмæ.

Фæлтæрæн 6.Раттут фæрстытæ уе мбæлттæм 2-аг фæлтæрæны  хъуыдыйæдты мидисæй.

1.  Кæсынц ног дзырдтæ.

2. Фыссынц тетрады йæ тæлмацимæ.

1.Сывæллæттæ лæмбынг хъусынц.

2. Сывæллæттæ  кæсынц,ног дзырдтыл æнцойгæнгæйæ тæлмац кæнынц. хъуыдыйæдтæ.

Кæсынц,тæлмац кæнынц.

Фарстон хъуыдыйæдтæ аразынц, дзуапп сыл дæттынц.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

Зонадон

(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын;

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

- Ныр та ма  бакæсæм текст иу хатт..

 кæсы йæхæдæг)

Нæ адæмæн ис рагон истори. Нæ фыдæлтæн-скифтæ æмæ алантæн сæ ном хъуыстгонд уыд Ази æмæ Европæйы быдырты. Сæ хæстон балцытæй æмризæджы рызтысты паддзахæдтæ æмæ императортæ, уымæ гæсгæ семæ кодтой цæдис æмæ хæстæгдзинад. Бирæ туг фæкалдтой сæ царды фæндæгтыл, фæлæ ныууагътой историйы сæ кады несæнттæ дæр.

Уыдон æнтыстджынæй кодтой фос æмæ зæххы куыст. Тыхджын уыд сæ зонд, сæ курдиат дæр. Нæ фыдæлты сфæлдыстадон бынтæ æппæты ахъаззагдæр хæзната сты не взаг æмæ нæ эпос. Уыдон сты нæ адæмы фарн.

 Беседæ тексты мидисмæ гæсгæ.

  1. Нæ рагфыдæлтæ историйы цаввæр бынат ахстой?
  2. Куыд  æрвыстой сæ цард?.
  3. 4.Цавæр фæд ныууагьтой царды?

Дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйæ.

Тыхджын, кусаг, ныфсджын, фæразон, хиуылхæцгæ, хъæбатыр, уæззаузонд.

.

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Хатдзæгтæ скæнын.

-Абон урокæн скæнæм хатдзæгтæ:

фыццаг зæгъдзынæн мæхæдæг.

1.Æфхæрд нæ ныббарын.

- Абоны царды актуалон у?

-Абон мах байгом кодтам æнусы дуарттæ æмæ нæ зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кодтам.нæ урок цы рæсугъд ныхæстæй райдыдтам уыдоныл æнцойгæнгæйæ: «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй, йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай,уæд».

                                                                                                                             

   

 

Синквейн.

1.Нæ рагфыдæлтæ.

2.хъæбатыр, уæздан

3.тох кæнынц,тырнынц.

4. тыхджын, хиуылхæцгæцгæ.

1 Æгаддзинад сæрмæ ма рхæссын.

2 .Кæрæдзийæн æххуысс кæнын зын сахат.

Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),

удгоймагон

(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын).

Хæдзармæ куыст.

Нæ рагфыдæлты царды тыххæй æрмæг дзурын.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

ДИРЕКТОР ГБОУ СОШ №47                РУБАЕВА С.В.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Уыдысты фыццæгтæ... Тугъанты Махарбег

Урочы темæ: :  Тугъанты Махарбег (Рацыд лексикон æрмæджы фæлхат, диалогон æмæ монологон ныхасы рæзт)Грамматикон æрмæг: вазыгджын хъуыдыйады бæттæгтæ; номдары тасындзæг; амад нымæцонтæ (фæлхат).Ур...

Нарт Нарт уæд уыдысты…

КВН на тему Нарт   Нарт   уæд  уыдысты&helli...