План-конспект открытого урока в 6 классе «Миногонты дзырдарæзт фалхат кæныны урок.»
план-конспект урока (6 класс)

Кулаева Светлана Рубеновна

«Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæдæр у Мад!»

       

                                                                 Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм –

                                                          Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау – хъарм.

                                                          Ныфсы мæсыг цотæн – йæ зондджын ныхас,

                                                          Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты ’нгас.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon gom_urok_minogonty_dzyrdarazt.doc62.5 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Миногонты дзырдарæзт фалхат кæныны урок.»

Ныхасы темæ: «Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæдæр у Мад!»

       Урочы нысан: 1. Миногонæй рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын,                        

                                    фӕарфдӕр кӕнын скъоладзауты зонындзинӕдтӕ.

                           2. Бакусын ныхасы рӕзтыл.

                           3. Сывæллатты зæрдæты рæзын кæнын уарзондзинад                            

                                    ныййарæг мадмæ.

     Техникон фæрæзтæ: Компьютер, проектор, экран.

           

                     Эпигрæф урокмæ:

                                                               Ныййарæджы зæрдæ, ныййарæджы арм –

                                                          Бæмбæгæй фæлмæндæр, зæрин хурау – хъарм.

                                                          Ныфсы мæсыг цотæн – йæ зондджын ныхас,

                                                          Рæвдауы кæстæры йæ цæстыты ’нгас.

                                        Урочы цыд.

       . Мотивацион уавӕр. Ахуыргæнæджы раныхас. (бакӕсын урочы эпигрӕф).

1.Кæуыл фыст сты ацы рæнхъытæ?  Равзарын хъуыды.

                  2.Цæмæн равзæрстон ацы темæ?

      Уымæн æмæ æрхæццæ кæны Мады бон. Мах æй фæбæрæг кæнæн Джеоргуыбайы фæстаг хуыцаубон.  Ахæм бæстæ нæй, æмæ Мады бон чи нæ бæрæг кæны. Уæрæсе йæ райдыдта бæрæг кæнын 1998 азæй нырмæ.

            3.  Ныр та байхъусут базон-базонмæ, ӕмӕ зæгъут, цавæр ныхасы хайыл дзы цæуы ныхас.

                           Йе ууæл номдарæн æвдисын,

                           Уый цæмæй зына æргом.

                           Бирæ хæстæ химæ исын,

                           Алкæддæр дæн семæ баст. (Миногон)

    Сывæллæттæ, уæдæ мах абон нæ урочы миногоны дзырдарæзт ахуыргæнгæйæ ныхас кæндзыстæм ныййарæг мадыл.  

     . Урочы темӕйыл куыст.

           1.Ссарæм ма æмдзæвгæйы скъуыдздзаджы миногонтæ, равзарæм сæ.

                   Зæрдыл арлæууын кæнын миногонæй рацыд æрмæг.

.          2.Дзырдуатон куыст.

            Ныффыссын дзырдтæ, равзарын са дзырдарæзт.

         Æгæрон, æдых, æмхуызон, æмзонд, æмвæнд, æдзонд, кусаг, зондджын, фæразон, бæрзондгомау, сауцæст, хæрзæгъдау, кусаг, фӕлмӕнзӕрдӕ, куыстуарзаг, хъӕддаг, кӕрдӕгджын, ӕгӕрон, бӕрзондгомау, ӕмкусӕг, хӕрзхъӕд, зноныккон.

          3. Чиныгимӕ бакусын.

              --169-ӕм фӕлтӕрӕн. (сӕххӕст кӕнын 3-ам хӕс).

              --170-ӕм фӕлтӕрӕн.

              --172-ӕм фӕлтӕрӕн.

Ахуыргæнæг: Уæдæ-ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, миногонты арæзты сæйраг мадзæлттæ. (ахуырдзауты дзуӕппытӕ).

       Ахуыргæнæг: - Сылгоймаг!.. Мад!..Ды дæ уалдзæгау рæсугъд, царддæттæг,

хуры тынтæ уарæг!.. Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд хъуамæ ферох уой дæ бирæ фæлмæн ныхæстæ, дæ къухты хъарм, дæ рæвдаугæ цæстæнгас?!

  - Цы ис зæххыл зынаргъдæр мадæй? - МАД!

  Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не’схайджын кодта сылгоймаджы æмбисонды хорз миниуджытæй. Сылгоймаг у мад, чызг, хо, бинойнаг. Ис ыл бирæ хæстæ царды. Цæвæр нæмттæй ма дзурынц ирон адæм мадмæ?

                            (дзыцца, гыцци, æна).

  Цавæр литературон уацмысты æмбæлæм ацы нæмттимæ?

    (Чермены зарæг, «Сидзæргæс», «Бецал»)

              Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, алкай цастытыл дæр, æваццæгæн, ауад йа мад, æмæ уæ алкæмæ дæр афтæ кæсы, мæ мадæй хъуыздæр нæй. Афтæ нæу? Уадæ ма ныр та уæ тетрæдты ныффыссут миногонтæ, кæцытæ авдисынц уа мадæлты миниуджытæ.

                                        Бакæсут-ма сæ.

(Уарзон, фæлмæн, уарзæгой, аудаг, быхсон, фæразон, халарзæрдæ, зондджын, æмбаргæ, сæрæн, æрхъуыдыджын, рæсугъд, æгъдауджын, хатыргæнаг, мæтгæнаг, бараг, цингæнæг, цæстуарзон, амонæг)

Ахуыргæнæг: Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн… Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд æгæрон тых ис уыцы дзырдты… Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц сылгоймаг – бардуагмæ, Мадымайрæммæ, курынц дзы цот.

             Ⅲ. Презентацимӕ бакӕсын. 

Ахуыргæнæг: Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, схъомылгæнæг, ахуыргæнæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс.

         Чи фæнымайдзæн Мады хæрзтæ? Кæй бон суыдзæн Мады лæггад æмæ фыдæбонæн аккаг аргъ скæнын? Æвæццæгæн, никæй!..

              Æрмæст адæммæ нæй æхæм стыр уарзондзинад мад æмæ хъæбулы астæу, фæлæ цæрæгойтæм дæр. Уый тыххæй бирæ уацмыстæ фыст ис.

Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, литературӕйы урочы цавӕр уацмыстӕ бакастыстӕм мад-ныййарӕджы ӕнкъарӕнты тыххӕй? ( «Хъусой»,  «Зæрватыкк»)

          Фæйнæгыл текст.

                                Хæфсæн йæ лæппын – хуры тын.

Цады был царди хъоппæгцæст хæфс. Рауагъта дзы бирæ лæппынтæ. Мад сæ йæхицæй дæр фылдæр уарзта. Рæвдыдта сæ. Хъахъхъæдта сæ.  

Иу хатт фыдзæрдæ кæсаглас бахъуызыд цъыфдзастмæ. Лæппынтæн сæ тæккæ дынджырдæры ацахста æмæ стахт арвмæ.  

Хæфс фæкуыдта йæ лæппуйы сæфтыл.  

Райсомæй бæстæ куы райхъал, уæд хуры зæлдаг тын сæмбæлд хæфсы риуыл. Хуры тын батавта мады зæрдæ.  

– Мæ хъæбул мæм æрхæццæ! – фæхъæр кодта хæфс. Йæ риуыл цы хуры тын афынæй, ууыл йæ дыууæ къухæй ныххæцыд.

– Цæй хъарм дæ, цæй адджын дæ, мæ чысыл хъæбул!

Адæм мæнгæн нæ фæзæгъынц:

– Хæфсæн йæ лæппын – хуры тын.

       

                                              Тексты равзарын.

1. Текст аив бакæсын.

2. Беседæ:

- Цæмæ ис ахæм сæргонд текстæн?

- Цæмæй бæрæг у хæфс йæ лæппынты бирæ уарзта, уый?

- Цавæр фыдми бакодта кæсаглас?

- Цавæр æхсызгондзинад æрцыд мадыл райсомæй?

- Цæмæн бацин кодта хæфс хуры тыныл?

3.Дзырдтæ дзырды хæйттæм гæсгæ равзарын:

хъоппæгцæст, фыдзæрдæ,  кæсаглас, цъыфдзастмæ;  адджын. 

Æрдзурын сæ дзырдарæзтыл.

4.Текстæй рафыссын дзырдбæстытæ миногонтимæ.

Ахуыргæнæг: Ныр та аулафам. Алчи дæр уарзы фæлмæн, рæвдауæн ныхас. Ирон æмбисонд куыд зæгъы, фæлмæн ныхас калм дæр æмбары.Уæда-ма сымах дæр уæ кæрæдзийæн зæгъут рæсугъд ныхæстæ-миногонтæ.

                                        Къордты куыст.

Текст 1.

            Мад…Ацы фæлмæн, алæмæтаг дзырд фехъусгæйæ, алы кары   адæймаджы        

     цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон схъомылгæнæг…

Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, схъомылгæнæг, ахуыргæнæг, зондамæнæг, хур æмæ цæсты рухс. Цас фыдæбон федта Мад йæ царды, хъæбул хъомылгæнгæйæ, цал æгъуыссæг æхсæв арвыста йæ кæстæры æнæмæт фынæй хъахъхъæнгæйæ, цал хатты йæ бахызта фыдбылыз æмæ æвзæр хъуыддæгтæй, цас уарзондзинад æмæ хъармдзинад ын балæвар кодта æнæвгъау?!

Текст 2: Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхзызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл æцæг амонд фенæн ис, уæд æрмæстдæр мады рухс цæсгом уынгæйæ. Мады фаг хорздзинæдтæ ацы зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд...

  Мад – царддӕттӕг. Хӕрзконд, хӕрззонд, фӕлмӕнзӕрдӕ, уды

рӕсугъддзинад. Уыдон иууылдӕр мады лӕвӕрттӕ сты. Мад сӕ куынӕ ратта, уӕд уыцы хорздзинӕдтӕ тыгъд быдыры ссаргӕ не стырд. Мады уарзондзинадӕй сӕ удтӕ хъӕздыг кӕмӕн сты, уыдонӕй хъӕздыг у цард дӕр.

      Фарст: Зæгъут-ма, сывæллæттæ, æнæ миногонтæй æвзагæн уæвæн ис?                   Цæуылнæ? (æвзаг уаид мæгуыр, тексты аив, зæрдæмæ æмбæлгæ нæ уаид…)

      1.Текстты ссарын миногонтæ, равзарын сæ.

     Нывæцæн: 1-аг къордæн. « Мæ мад амондджын уæд уыдзæн, æмæ …» (5минуты)

                   2-аг къордæн. «Мæ мадæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй …»

                   (Сывæллæттæ кæсынц нывæцæнтæ, кæрæдзийы фыстытæн аргъ канынц).

Ахуыргæнæг: Мады тыххæй ис бирæ æмбисæндтæ. (бакæсын амбисæндтæ).

--Мады армæй сой цæуы.

--Мады хъæбыс фæлмæн у.

--Мадæй уарзондæр нæй.

--Мады зæрдæ-æнкъараг.

--Мадæн йе лгъыст дæр арфæйау у.

--Мады уындæй æхсызгондæр ницы ис.

                       

. Сæвæрын бæрæггæнæнтæ. Сбæрæг кæнын сывæллæтты ахаст урокмæ.

          1.Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ…

           2.Урочы бамбæрстон…

           3.Урочы мын зын уыд…

           4.Æз банкъардтон…

           5.Царды мын ацы урок феххуыс …

. Хæдзармæ куыст. Нывæцæн «Куыд æххуыс кæнын мæ мадæн».

                                    Спайда кæнын миногонтæй.

                               

Ахуырганаг: Сывæллæттæ, уæ мадæлты фæндиаг байрæзут. Цин æмæ сын амонд                      

                      хæссут.  

                           

                                           Бузныг уеппӕн дӕр.

 

 

                           

 

                     

       

                         


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

План-конспект к открытому уроку

В данном конспекте препоставлен подробный план провердения открытого урока в 5х классах...

План-конспект к открытому уроку "Графики функций,содержащих модуль"

Факультативное занятие для 9 класса с использованим персонального компьютера и интерактивной доски...

План конспект проведение открытого урока В 11 классе. «Отработка приёмов игры в волейбол»

Волейбол (англ. volleyball от volley — «удар с лёта» и ball — «мяч») — вид спорта, командная спортивная игра, в процессе которой две команды соревнуются на специальн...

План-конспект интегрированного открытого урока по английскому языку и информатике в 5 классе

План-конспект интегрированного открытого урока по английскому языку и информатике по теме "Праздики в Великобритании и США".На уроке учащимися была создана интерактивная презентация Powerpoint...

План - конспект к открытому уроку : «Моя семья»

Форма открытого урока направлена на развитие навыков монологической и диалогической речи учащихся 2 классов....

План –конспект конкурсного открытого урока

laquo;Постановка дыхания – как основа формирования техники спортивного плавания...

Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"

Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"...