Лексика: синонимы, антонимы, омонимы.
учебно-методический материал (5 класс)
Тема урока: Лексика: синонимы, антонимы, омонимы.
Класс: 6
Предмет: родной (осетинский) язык
Автор: Гобозова Екатерина Омаровна, учитель родного (осетинского) языка и литературы МБОУ СОШ 41, РСО-А, г. Владикавказ.
Аннотация урока: урок сопровождается показом электронной презентации и проецированием её на экране интерактивной доски, строится с опорой на ранее изученные темы.
В ходе урока, работая с дидактическим материалом, обучающиеся выполняют лингвистический разбор предложенных учителем текстов, строят словосочетания. Наблюдения над языковыми явлениями позволяют учащимся сделать вывод об особенностях лексического значения слова. Обучающиеся также вспомнили чем синонимы, антонимы и омонимы отличатся друг от друга, как их правильно использовать в речи.
Процесс обучения в течение всего урока предусматривает использование различных приёмов обучения, в том числе и с применением ИКТ, что позволяет обучающимся более наглядно представить результаты исследования изучаемых языковых явлений. Реализация поставленной цели и задач позволяет формировать УУД, способствует повышению уровня учебной мотивации. Урок разработан на основе школьного учебника для 5 класса под ред. Дзодзиковой З.Б, Пухаевой Л. и в соответствии с ФГОС ООО.
Форма урока: фронтальная, групповая, индивидуальная.
Цель: формирование знаний о лексике: синонимах, антонимах, омонимах.
Задачи:
Обучающие: формировать знание о лексике, о лексическом значений слова; уметь различать синонимы, антонимы, омонимы; изучить нормы образования и употребления синонимов, антонимов, омонимов в речи.
Развивающие: развивать умение составлять предложение, определять синонимы, распознавать морфологические омонимы, различать антонимы, развивать орфографические и пунктуационные навыки.
Воспитательные: воспитывать интерес к урокам родного (осетинского) языка, воспитывать любовь к родному языку, его красоте, образности.
Планируемые результаты урока:
Предметные: знать о значении термина лексика; определения лексического значения слова; называть что относиться к лексике; развивать умение правильно употреблять синонимы в речи; закрепить умение употреблять антонимы в речи; определять синтаксическую роль омонимов, определять их синтаксическую роль в предложении.
Личностные: развитие способности соотносить свои поступки с общепринятыми этическими нормами, умение оценивать нравственный аспект своего поведения, ответственное отношение к учению.
Коммуникативные: умение вступать в диалог и участвовать в коллективном обсуждении проблем; чётко выражать свои мысли, аргументировать свои высказывания.
Регулятивные: ставить цель с учётом изученного и усвоенного; контролировать с целью учёта отклонений.
Познавательные: анализ языкового материала с целью выделения существенных и несущественных признаков; построение логической цепи рассуждений.
Тип урока: урок повторение-обобщение пройденного материала.
Межпредметные связи: связь с литературой (образцы предложений из художественной литературы, пословицы и поговорки).
Педагогические условия и средства реализации ФГОС: урок родного (осетинского) языка направленный на формирование УУД, является проблемно-диалогическим уроком, применяются разноуровневые задания для учащихся.
Вид используемых на уроке средств ИКТ: универсальные, ресурсы сети Интернет, компьютерная презентация.
Оборудование:
- раздаточный материал;
- доска.
Необходимое аппаратное и программное обеспечение: компьютер, проектор, локальная сеть, выход в Интернет.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
1_otkrytyy_urok_leksika_5_klass_osetinskiy_yazyk_vladeyushchaya_gruppa.docx | 64.77 КБ |
Предварительный просмотр:
Ныхасы темæ: «Уалдзӕг – царды фидиуӕг».
Темӕ: «Балц Лексикӕйы бӕстӕмӕ» (Синонимтӕ. Омонимтӕ. Антонимтӕ.).
Урокы нысан: 1. Лексикӕйӕ рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын ӕмӕ бафидар кӕнын.
2. Фӕхъӕздыгдӕр кӕнын скъоладзауты дзырдуат.
3. Разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг ахуыр
кæнынмæ.
Урокы хуыз: урок-балц (урок комплексного применения знаний (урок закрепления изученного).
Урокы фæлгонц: презентаци, фæйнæг, дидактикон æрмæг, чиныг.
Урокы эпиграф:
«Бӕлас акӕлы, йӕ уидӕгтӕ йын
зӕххӕй куы стонай, уӕд.
Æвзаг амӕлы, йӕ уидӕгтӕ йын бинонты
ӕхсӕн куы сыскъуынай, уӕд.
Уымӕ гӕсгӕ, ирон лӕг, де 'взаг
хъахъхъӕн дӕ бинонты ӕхсӕн».
Абайты Васо
Урокы цыд:
- Организацион хай
– Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ!
– Æгас нӕм цу!
– Абон нӕ урокмӕ ӕрбацыдысты уазджытӕ ӕмӕ уыдонӕн дӕр салам раттӕм.
– Æгас нӕм цӕут!
– Ныр та ӕрбадут, сывӕллӕттӕ, райдайӕм нӕ урок!!!
Ахуыргӕнӕджы раныхас
(Цъиуты зарджытæ) Сымах, сывæллæттæ, байхъуыстат алыхуызон цъиуты зарджытæм. Уый у се 'взаг. Æмæ куыд федтат, афтæмæй, мæргътæ дæр æмæ куыд зонут, афтæмæй, дунейы алы цæрæгой дæр ныхас кæны йæхи æвзагыл. Фæлæ адæмы æвзагæн æмбал нæй. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, зæххы къорийыл цæрæг адæмы æнæ æвзагæй. Ахуыргæндтæ тынг раджы æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, æмæ æрмæст æвзаджы фæрцы адæймаг рахицæн цæрæгойты ‘хсæнæй æмæ схызт эволюцийы тæккæ уæлдæр къæпхæнмæ.
Нӕ фыдӕлтӕ нын хорзӕй цы ныууагътой, уыцы хӕзнатӕй иу у нӕ мадӕлон ӕвзаг.
Ирон ӕвзаг у аргъӕутты, таурӕгъты, ӕмбисӕндты, Нарты кадджыты ӕвзаг, Къоста, Васо, Секъа ӕмӕ иннӕ куырыхон лӕгты ӕвзаг.
Ирон ӕвзаг, нӕ фыдӕлты хӕзна, у тынг рагон ӕмӕ хъӕддых, бирӕвӕрсыг ӕмӕ къабузджын, рёсугъд ӕмӕ тынг хъæздыг алы фæзындтæй, æмæ мæ фæндид, цæмæй сæ пайда кæнын базонæм, цæмæй не ‘взаг уа аив æмæ раст.
Æвзаг цас фылдӕр куса, цас ыл фылдӕр дзурой ӕмӕ фыссой, уыйас фидардӕр кӕны. Æмӕ мадӕлон ӕвзаг фидар куы уа, уӕд адӕм дӕр ӕнгомдӕр, ӕммуддӕр вӕййынц. Адӕм се 'взагӕй адӕм сты. (пауза, сывӕллӕттӕм хӕстӕгдӕр бацӕуын).
– Зӕгъут-ма, мын уӕдӕ, сывӕллӕттӕ, цӕмӕй хъӕздыг у не ’взаг?
– Не 'взаг хъӕздыг у дзырдтӕй. (ӕххӕст дзуапп мын раттут).
– Раст загътат.
– Уӕдӕ уæ абон хонын балцы. Фæнды уæ балцы ацæуын?
– Ӕрмæст кæдæм, уый уын нæма хъæр кæнын – хъуамæ йæ уæхæдæг базонат. Уый тыххӕй нӕ баххӕст кӕнын хъӕуы иу хӕслӕвӕрд.
Фӕрстытӕ (сфӕлдыстадон куыст бӕласимӕ ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй):
- Куыд хуыйны цалдӕр нысаниуӕджы цы дзырдӕн ис, уый? (бирӕнысаниуӕгон дзырдтӕ).
- Куыд хуыйны ӕрмӕст иу нысаниуӕг цы дзырдӕн ис, уый? (иунысаниуӕгон дзырдтӕ).
- Æмхуызон чи фӕхъуысы, фӕлӕ бынтон алыхуызон нысаниуджытӕ кӕмӕн вӕййы, ахӕм дзырдтӕ хуыйнынц…(омонимтӕ).
- Æмхуызон нысаниуджытӕ цы дзырдтӕн ис ӕмӕ иу ныхасы хаймӕ чи хауы, уыдон хуыйнынц…(синонимтӕ).
- Сӕ нысаниуджытӕ ныхӕй-ныхмӕ цы дзырдтӕн сты, уыдон хуыйнынц…(антонимтӕ).
- Æвзаджы ӕппӕт дзырдтӕ иумӕ хуыйнынц…(лексикӕ).
– Æрбакӕсӕм нӕ бӕласмӕ, куыд уӕм кӕсы, ацы диссаджы рӕсугъд бӕласыл цы дзырдтӕ ӕрцауыгътам, уыдон цавӕр иу дзырд иу кӕны.
– Лексикӕ.
– Раст загътат, сывӕллӕттӕ.
– Уӕдӕ цы хонӕм лексикӕ?
–Æвзаджы ӕппӕт дзырдтӕ иумӕ хуыйнынц лексикӕ.
–Уœдœ цавœр бӕстӕмӕ абалц кӕндзыстӕм абоны урокы?
– Мах, абоны урокы абалц кӕндзыстӕм Лексикӕйы бӕстӕмӕ. – Балцы æмбырд кæндзыстæм алы «сусæгдзинæдтæ», кæцытæ нæ нæ дарддæры царды æнæмæнг бахъæудзысты. Ӕрмæст мах хъуамæ уæм кæрæдзиимæ хæлар, сæрæн, къæрцхъус, æмæ нын уæд бирæ бантысдзæн. Балцы кæрон та алчидæр скæндзæн хатдзæг йæ куыстæн. Фӕлӕ, цӕмӕй ма ферох кӕнӕм цы бон ацыдыстӕм балцы, уый тыххӕй та рӕвдз байгом кӕнӕм нӕ тетрӕдтӕ ӕмӕ абоны нымӕц ныффыссӕм.
Райдыдта нӕ балц.
Сывӕллӕттӕ, нӕ бӕстӕйӕн йӕ бахизӕны лӕууы ӕртӕуӕладзыгон стыр райдзаст галуан. Фыццаг уӕладзыджы цӕрынц Дзырдтӕ-ӕмбӕлттӕ, дыккаджы – Быцӕугӕнӕг дзырдтӕ (Дзырдтӕ-быцӕугӕнджытӕ), ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыджы ӕрбынат кодтой Дзырдтӕ-фаззӕттӕ.
1-аг уӕладзыг. Уӕдӕ бацӕуӕм уазӕгуаты Дзырдтӕ-ӕмбӕлттӕм, ӕмӕ семӕ базонгӕ уӕм. Фӕлӕ уыдон сӕ кӕрӕдзимӕ ныххылтӕ сты ӕмӕ ма сӕ бафидауын кӕнӕм. Уымӕн нын баххуыс кӕндзӕн мӕнӕ ацы хӕслӕвӕрд.
1-аг хӕслӕвӕрд (карточкӕтыл куыст, дзургӕйӕ куыст):
Аив. | Бӕзджын. |
Къӕсхуыр. | Сӕрыхъуынтӕ, дадалитӕ. |
Дзӕбӕх. | Кӕл-кӕл кӕнын. |
Хӕст. | Рӕсугъд, зӕрдӕмӕдзӕугӕ. |
Ставд. | Хӕлар, лымӕн. |
Дзыккутӕ. | Гоппа, къоппа. |
Худын. | Дынджыр, дзӕвгар. |
Сӕр. | Фыдхуыз, мӕллӕг. |
Стыр. | Тох. |
Æмбал. | Хорз. |
Аив – рӕсугъд, зӕрдӕмӕдзӕугӕ.
Къӕсхуыр – фыдхуыз, мӕллӕг.
Дзӕбӕх – хорз.
Хӕст – тох.
Ставд – бӕзджын.
Дзыккутӕ – сӕрыхъуынтӕ, дадалитӕ.
Худын – кӕл-кӕл кӕнын.
Сӕр – гоппа, къоппа.
Стыр – дынджыр, егъау.
Æмбал – хӕлар, лымӕн.
2-аг хӕслӕвӕрд. Саразут дзырдбӕстытӕ дыууӕ цӕджындзы дзырдтӕй, синонимон миногонтӕй раст пайдагӕнгӕйӕ. (чиныгимӕ куыст 5-ӕм фӕлтӕрӕн 103-ӕм фарсыл): (музыка)
Зӕронд, дӕрдджын | дзаума, ус. |
Къуындӕг, нарӕг | фӕндаг, дзабыр. |
Ставд, бӕзджын | бӕлас, чиныг. |
Хӕрзхуыз, нард | чызг, карк. |
Мӕллӕг, къӕсхуыр | фыс, сывӕллон. |
- Зӕронд ус. Дӕрдджын дзаума.
- Къуындӕг фӕндаг. Нарӕг дзабыр.
- Ставд бӕлас. Бӕзджын чиныг.
- Хӕрзхуыз чызг. Нард карк.
- Мӕллӕг фыс. Къӕсхуыр сывӕллон.
Хатдзӕг скӕнын:
– Цавӕр дзырдтӕ сты Дзырдтӕ-ӕмбӕлттӕ?
– Дзырдтӕ-ӕмбӕлттӕ сты синонимтӕ.
– Цы хонӕм уӕдӕ синонимтӕ?
– Æмхуызон нысаниуджытӕ цы дзырдтӕн ис ӕмӕ иу ныхасы хаймӕ чи хауы, уыдон хуыйнынц синонимтӕ.
– Цœмœ нœ хъœуынц œвзаджы?
– Цæмæй уыцы иу дзырд алыхуызон дзырдтæй зæгъӕм ӕмӕ не 'взаг рӕсугъддӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр уа.
Аулæфт.
– Къухтæ! Къухтæ!
Айрæзут!
– Къухтæ! Къухтæ!
Атæхут!
– Къухтæ! Къухтæ!
Амбæхсут!
– Къухтæ! Къухтæ!
Мæнæ стут!
(Нæ къухтæ хæрдмæ сисæм æмæ сæ атилæм,
– Уыдон бæлæстæ сты хъæды!
Къухтæ æркъæдз кæнæм, æнгуылдзтæ бауигъæм,
– Уый дымгæ æртæхтæ згъалы!
Къухтæ фæйнæрдæм акæнæм, æнæсхъиугæ сæ атилæм.
– Уый нæм дард бæстæй цъиутæ тæхынц!
Куы æрбаддзысты уый дæр равдисæм,
Фæстæмæ нæ базыртæ æруадзæм.)
Уыци-уыцитæ:
- «Даргъ йæ хъустæ,
Даргъ йæ рихи,
Къуыпп йæ рустæ,
Къуырд йæ къæдзил». (Тæрхъус).
2. «Сæрд уæлæмæ цæуы, зымæг – дæлæмæ». (Кæрдæг).
3. «Зæхх æндавын æз мæ тынтæй,
Зæрдæ байрайы мæ уындæй.
Дисыл адæмты æфтауын,
Хъазгæ-худгæ уæ рæвдауын.
Ӕз фæскъæвда зæхмæ 'ркæсын,
Цинад, амонд уæм æрхæссын». (Хур).
4. «Нæу цыма фыдгæнæг,
Уыйау йæхи дары.
Афтæмæй нæ уадзы
Иунæг карк хæдзары». (Рувас).
2-аг уӕладзыг. Ныр та схизӕм дыккаг уӕладзыгмӕ Быцӕугӕнӕг дзырдтӕм (Дзырдтӕ-быцӕугӕнджытӕм). Чи сты ӕмӕ ӕппыныдзух цӕуыл быцӕу кӕнынц?
1-аг хӕслӕвӕрд. Нывтœм гœсгœ ныффыссут ныхмӕвӕрд дзырдтӕ. (Дыууæ скъоладзауы фæйнæгмæ рацæуынц æмæ фыссынц ныхмæвæрд дзырдтæ, рæстæгмæ гæсгæ):
- Чъизи – сыгъдӕг.
- Стыр – гыццыл.
- Хъӕлдзӕг – ӕнкъард.
- Бӕрзонд – ныллӕг.
- Лӕууын – цӕуын.
- Бон – ӕхсӕв.
2-аг хӕслӕвӕрд. Тексты мидӕг баивын ставддœрœй фыст дзырдтœ ныхмӕвӕрд дзырдтӕй. Раттын сœргонд фыццаг вариантœн дœр œмœ дыккаг вариантœн дœр. (Фӕйнӕгыл текст).
(Фӕззӕг).
Ралӕууыдис фӕззӕг. Уӕлдӕф фӕуазалдӕр ис. Бонтӕ фӕцыбырдӕр сты. Мӕргътӕ атахтысты хъарм бӕстӕмӕ. Кӕрдӕг фӕбур. Бӕлӕстӕ бур хуыз адардтой. Бафынӕй ис ӕрдз!
Адӕм райдыдтой сӕ фӕззыгон куыстытӕ.)
(Уалдзӕг).
Ралӕууыдис уалдзӕг. Уӕлдӕф фӕхъармдӕр ис. Бонтӕ фӕдаргъддӕр сты. Мӕргътӕ ӕртахтысты хъарм бӕстӕйӕ. Кӕрдӕг фӕцъӕх. Бӕлӕстӕ цъӕх адардтой. Райхъал ис ӕрдз!
Адӕм райдыдтой сӕ уалдзыгон куыстытӕ.
Хатдзӕг скӕнын:
– Цавӕр дзырдтӕ сты Дзырдтӕ-быцӕугӕнджытӕ?
– Дзырдтӕ-быцӕугӕнджытӕ сты антонимтӕ.
– Цы хонӕм уӕдӕ антонимтӕ?
– Сӕ нысаниуджытӕ ныхӕй-ныхмӕ цы дзырдтӕн сты, уыдон хуыйнынц антонимтӕ.
– Цœмœ нœ хъœуынц œвзаджы?
–Уыдоны фӕрцы нӕ бон у алыхуызон ныхмӕвӕрд ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ архайдыдтӕ равдисынӕн.
3-аг уӕладзыг. Ныр та схизӕм ӕртыккаг уӕладзыгмӕ – Дзырдтӕм-фаззӕттӕм. Куыд ӕцӕг фаззӕттӕ, афтӕмӕй ацы дзырдтӕн се 'нгӕс у иухуызон, сӕ миддуне та – алыхуызон.
1-аг хӕслӕвӕрд. Бирӕстъӕлфыты бӕсты зӕгъут цухгонд дзырдтӕ. Цӕмӕй уын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй та уын бацӕттӕ кодтон ӕххуысӕн нывтӕ. (Фӕйнӕгыл куыст.)
- Сарæзта цæрæнуат халон
Цæй, ныр æй æз куыд… (халон).
- Де 'мгæрттимæ сабыр хъаз
Хондзысты дæ кæннод… (хъаз).
- Саби айвæзта йæ ком
Мигъты фæстæ разынд… (ком).
- Цадмæ баппæрстон æз хъазы
Зымæджы дæр уым куы … (хъазы).
Хатдзӕг скӕнын:
–Цавӕр дзырдтӕ сты Дзырдтӕ-фӕззӕттӕ?
– Дзырдтӕ-фӕззӕттӕ сты омонимтӕ.
– Цы хонӕм уӕдӕ омонимтӕ?
– Æмхуызон чи фӕхъуысы, фӕлӕ бынтон алыхуызон нысаниуджытӕ кӕмӕн вӕййы, ахӕм дзырдтӕ хуыйнынц омонимтӕ.
– Цœмœ нœ хъœуынц œвзаджы?
– Цӕмӕй сын зонӕм сӕ нысаниуджытӕ ӕмӕ сӕ ныхасы раст пайда кӕнӕм.
Ахуыргӕнӕг.
Æрбахӕццӕ стӕм нӕ балцы кӕронмӕ.
Криптограмма.
Нымӕцтӕ баивын дамгъӕтӕй ӕмӕ базонын, цы ис фыст фыстӕджы.
2 | 4 | 13 | 1 | 5 | 1 | 19 | 2 | 18 | 39 | , | 15 | 2 |
28 | 14 | 7 | 2 | 5 | 26 | 2 |
15 | 39 | 20 | ||||
3 | 14 | 20 | 21 | 20 | 26 | 39 |
2 | 30 | 25 | 2 | 20 |
16 | 28 | 39 | ||||||
25 | 39 | 25 | 17 | 28 | 39 | 20 | 1 | 15 |
,
28 | 2 | 7 |
.
Хъомыладон куыст
(Æвзаг амӕлы, йӕ уидӕгтӕ йын бинонты ӕхсӕн куы сыскъуынай, уӕд.)
– Нӕ урокы кӕм сӕмбӕлдыстут ацы рӕнхъытыл?
– Эпиграфы. (урокы райдайаны).
– Уӕдӕ бакӕсӕм эпиграф. (скъоладзау ӕй кӕсы, ӕмбарын ӕй кӕны).
Ахуыргæнæджы раныхас.
– Сывœллœттœ, нœ абоны урокы сымах равдыстат œрхъуыдыдзинад, сœрœндзинад œмœ хорз зонындзинœдтœ.
Лексикæйœ пайда кæнын хъуамæ алы адæймаг дæр зона… Уымæн æмæ дзырд тыхджын у.
Ӕвзаг.
Паддзах, дам, йæ лæггадгæнæгæн бафæдзæхста:
– Ацу æмæ мын æрбахæсс, адæмы кæрæдзийæн чи уарзын кæны, ахæм хæринаг.
Лæггадгæнæг ацыд æмæ йын æрбахаста æвзаг. Уæд та йæ арвыста, ныр та мын æрбахæсс, адæмы кæрæдзийæн чи сызнаг кæны, ахæм хæринаг. Дыккаг хатт дæр та лæггадгæнæг æрбахаста æвзаг.
Ӕвзаджы, алы дзырдæй дæр хъæуы тынг арæхстджынæй пайда кæнын. Дзырдæн йæ бон бирæ у: бафхæрын, зæрдæ фæриссын кæнын, ныфс бауадзын, зæрдæ бахъæлдзæг кæнын.
(Скворечник с птицами и песня)
Саразын синквейн дзырд «Лексикæ».
- Лексикæ.
- Хъæздыг, бирæвæрсыг.
- Ахуыр кæны, уарзын, зонын.
- Лексикæ – æвзаджы æппæт дзырдтæ.
- Дзырдуат.( Дзырдтæ.)
III. Рефлекси. (Хатдзæгтæ).
– Ныр та сымах зæгъут уæ хъуыдытæ нæ абоны балцы (урокы) тыххæй. Табуафси!
– Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ …
– Урок мæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уымæн æмæ …
– Ӕз урокы сахуыр дæн…
– Урокæй мæхицæн райстон…
– Урок мæм фæкаст…
IV. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын. (Скъоладзаутæ сæхицæн бæрæггæнæнтæ æвæрынц).
V. Хæдзармæ куыст.
Ныр та хæдзармæ куы æрбацæуат, уæд уæ зæрдыл æрлæууын кæнут нæ балц, æмæ фæйнæ 3 синонимæй, антонимæй æмæ омонимæй æрхъуыды кæнут æмæ ныффыссут уæ тетрæдты хъуыдыйæдтæ, æмæ синонимты, антонимты æмæ омонимты бын бахахх кæнут.
– Бузныг, сывæллæттæ, мæ зæрдæ мын барухс кодтат уæ архайдæй æмæ уæ зонындзинæдтæй.
– Хæрзбон зӕгъӕм нӕ уазджытӕн!
– Фæндараст!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Синонимы, антонимы, омонимы
Открытый урок по русскому языку в 5 классе.Тема урока: Синонимы, антонимы, омонимы. -ЦЕЛИ урока:образовательные: знать определение синонимов, антонимов, омонимов; использовать их в ре...
Урок русского языка в 5 классе"Синонимы,антонимы,омонимы"
Урок-объяснение нового материала...
Конспект урока "Синонимы. Антонимы. Омонимы"
Данная разработка предназначена к открытому урока для конкурса "Учитель года"...
Презентация к уроку руского языка в 5 классе "Синонимы, антонимы, омонимы"
Презентация составлена учащейся 5 класса , демонстрирует правила и иллюстрации, подобранные к ним....
Проверочная работа по теме "Лексика" 5 класс. Синонимы, антонимы, омонимы.
Проверочная работа по теме "Лексика" 5 класс. Синонимы, антонимы, омонимы....
Презентация к уроку русского языка по теме "Лексика. Синонимы, антонимы, омонимы"
Игра-путешествие в страну Лексику....