Мæсыг ирон адæмы царды
план-конспект урока (6 класс)

     

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehnologon_kartae_nomivag_1.docx36.41 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон ӕвзаджы  урокмæ 6-æм къласы

Темӕ: Номивæг.Фӕлхат кӕныны урок.

Ныхасы темӕ: «Мæсыг ирон адæмы царды».

Нымӕц:  

Ахуыргӕнӕг:

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ

1.Номивæгæй рацыд ӕрмӕг  фӕлхат кӕнын.

2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.

3.Миддуне хъӕздыг кӕныныл куыст.

4.Скъоладзауты разӕнгард кӕнын бӕстӕзонӕн куыстыл архайын, ирон адæмы истории ахуыр кæнын,сӕ зӕрдӕты гуырын кӕнын   уарзондзинад Райгуырӕн бӕстӕмӕ.

5.Фӕлтӕрын скъоладзауты арӕхстдзинад ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын.

Урочы тип

Урок-викторинӕ

Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ

Предметон : зонын номивæджы сӕйраг ӕмбарынад куыд ныхасы хай, хицӕн кӕнын номивджыты  къордтӕ,  зонын номивджытӕй  пайда кӕнын дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы мидӕг.

Метапредметон( Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад  интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон процессы; ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст, проектон.

Техникон фӕрӕзтӕ

  Компьютер, мультимедийон  проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

 Презентации урокмӕ «Мæсгуыты бæстæ»,  видеоӕрмӕг , аудиоӕрмӕг«Мӕсыг куыд амадтой», нывтӕ,карточкӕтӕ.

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Ахуыргæнæджы разныхас: Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абоны  урокмæ куы цæттæ кодтон, уæд хъуыдытæ кодтон, цы хорздзинад  бакæнон ,цæмæй скъоладзаутæ сæ зæрдыл ацы урок бадарой. Æмæ æрхъуыды кодтон! Табуафси, æркæсут ма уæ партæтыл цы уынут? Нывтæ фыстытимæ. Уыцы фыстытæ хуымæтæг не сты.Уым алкæмæн дæр хибарæй æз ныффыстон мæ фæндиаг. Нæ урок райдайын мæ фæнды уыцы фæндиæгтæй, табуафси, бакæсут сæ æмæ ахæм зæрдæйы уагимæ нæ урок райдайдзыстæм.

Нывтыл ахæм фыстытæ:

«Зæрдæхъæлдзæг у!»

«Дæ мидбылты худ!»

«Дæ цард циндзинадæй дзаг уæд!»

«Стыр лæг ауы!»  СЛАЙД 2

  Уæ зæрдæмæ фæцыдысты мæ фæндиæгтæ? Тынг æхсызгон мын у, уæдæ афтæ зæрдæхъæлдзæгæй нæ куыст райдайæм.

 -Мæдинæ, зæгъ-ма, дæ ном дæ зæрдæмæ цæуы? Дæуæн та, Дзерассæ? Уый хорз, фæлæ æз арæх  фехъусын, мæ ном мæ зæрдæмæ нæ цæуы, зæгъгæ, ахæм ныхас. Æмæ бирæтæ сæ нæмттæ дæр баивынц . Куыд уæм кæсы, уымæн гæнæн ис? Цавæр цæстæй кæсут ахæм хъуыддагмæ? Уӕдӕ ма мын зӕгъут, сывӕллӕттӕ, ирон ӕвзаджы урочыты цавӕр ныхасы хайыл сӕмбӕлӕм, кӕцы ивы нӕмттӕ.Тынг раст, номивӕг. Дзырды арӕзт дӕр ууыл дзурӕг у:

«ном»+ «ивын»=номивӕг СЛАЙД 3

Цалдӕр урочы  дӕргъы номивӕджы тыххӕй ног зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кодтам.Зӕгъут ма, цӕмӕн схуыдтой ирон ӕвзаджы ацы ныхасы хай афтӕ? Кӕй нӕмттӕ ивы номивӕг ӕмӕ куыд? Тынг хорз. Абон мах номивӕджы тыххӕй цы базыдтам, уый сфӕлхат кӕндзыстӕм.Хатдзӕгтӕ скӕндзыстӕм.

 Ныр та мӕ фӕнды равдисын сымахмӕ ацы   предметтӕ. Куыд ӕнхъӕл стут, цы сты? (Мӕсгуытӕ)

Нӕ царды мидӕг кӕм фембӕлӕм мӕсыгыл? Ракӕсут ма фӕйнӕгыл цы ныхӕстӕ ӕвдыст цӕуынц.

«Ирон хъӕуӕн йӕ ныфс, йӕ кад ӕмӕ йӕ фидауц уыди мӕсыг». Джыккайты Шамиль. СЛАЙД 4

Ацы ныхӕстӕ равзӕрстон нӕ урочы эпиграфӕн. Куыд ӕнхъӕл стут, нӕ ныхасы темӕ та цы уыдзӕн?Дзурдзыстӕм нӕ рагфыдӕлты царды мӕсыгӕн цавӕр ахадындзинад уыд, ууыл.

 СЛАЙД 5

 Нӕ куысты райдиан ма иу хатт ӕркӕсӕм нӕ «мӕсгуытӕм». Хуымӕтӕджы уын ӕртӕ мӕсыджы не рбахастон. Сымах абон ӕртӕ къордыл адих уыдзыстут ӕмӕ нӕ урок викторинӕйы хуызы сараздзыстӕм. Куыд уынут, афтӕмӕй мӕсгуытӕ кӕронмӕ амад не сты. Уӕ размӕ лӕууы хӕс  раст дзуӕппытӕ дӕттын, урочы кусын активонӕй  ӕмӕ алкӕцы раст дзуаппӕн дӕр бакусдзыстут  мӕсыг амайӕн дур. Афтӕмӕй мӕсгуытӕ амад ӕрцӕудзысты. Цы къорд сӕрӕндӕр уа, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыццаг самайдзӕн йӕ мӕсыг.Табуафси, райдайӕм.

Ахуыргæнæгæн салам дæттынц

Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц

Скъоладзаутæ кæсынц фæндиæгтæ.

 

Скъоладзаутæ аразынц диалог ахуыргæнæгимæ

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ

3.Урочы ӕрмӕгыл бакусын

Куыд загътам афтӕ, абон фӕлхат кӕнӕм номивӕгӕй цы ӕрмӕг рацыдыстӕм, уый .

Фӕрстытӕ:

Цы у номивӕг?

Цавӕр номивӕджы хуызтӕ сбӕлвырд кодтам?

Цы сты цӕсгомон номивджытӕ?

Цӕмӕй цӕсгомон номивджытӕ бӕлвырддӕр сфӕлхат кӕнӕм, уый тыххӕй фӕйнӕгыл  кӕсӕм ӕмдзӕвгӕ, ӕмӕ цухгонд номивджытӕ ӕвӕрӕм.

Ахуыр кӕнын уарзын … (ӕз) СЛАЙД 6

Ахуыр-цардӕн стыр фӕрӕз.

Чиныг кӕсын уарзыс (…) ды,

Ахуыр кӕнын дӕ фӕнды?

Хорз скъоладзау у (…) уый,

Ахуыр кӕнынмӕ тындзы.

Зондджын сабитӕ стӕм (…) мах. СЛАЙД 7

Фидар стыр зонды гӕнах!

Ахуыр кӕнут хорз (…) сымах

Ахуыр –стыр цардмӕ фӕндаг.

Бирӕ зонынц уӕртӕ (…) уыдон,

Скъола у сӕ зонды суадон.

 Афыссӕм абоны нымӕц, ӕмӕ нӕ тӕтрӕдтӕм рафыссӕм цӕсгомон номивджытӕ, цы дзырдтимӕ баст сты, уыдонимӕ.( уарзын ӕз, уарзыс ды, уый у скъоладзау, мах стӕм зондджын, сымах ахуыр кӕнут, уыдон зонынц).

Тынг хорз бакуыстат, сабитӕ. Алчи дӕр уӕ йӕ мӕсыг самайынӕн бакуыста дур. Баныхасут сӕ уӕ мӕсгуытыл.

Иннӕ хӕслӕвӕрд та уыдзӕн ахӕм. Уӕ разы ис карточкӕтӕ текстимӕ. Бакӕсут текст «Рагон ирон архитектурӕ»  ӕмӕ бакӕндзыстӕм дзырдуатон куыст. (Ӕмхасӕн 1)

Рындз- къӕдзӕхы тигъ, схъӕлӕй чи зыны(выступ скалы)

Къуылдым- хохы фарс(склон горы)

Айнӕг-къӕдзӕх (скала)

Гӕнах-дыууӕуӕладзыгон хӕдзар(замок)

Фидар-хӕцӕн арӕзтад(крепость)

Мӕсыг- башня

Цыртдзӕвӕн-историон ахадынзинад кӕмӕн ис, ахӕм арӕзттытӕ СЛАЙДТÆ 8-13

Видеоæрмæгмæ бакæсын.

Бахъуыды кӕнут ацы дзырдтӕ.Хъуамӕ нӕ истори  мах зонӕм ӕмӕ фылдӕр архайӕм нӕ Райгуырӕн бӕстӕйы цыртдзӕвӕнты истории иртасыныл.

Мах сбӕрӕг кодтам амонӕн номивджытӕ дӕр. Табуафси, рафыссут ацы текстӕй амонӕн номивджытӕ.

(ахӕм,цы, уый)

Скъоладзаутӕ фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.

Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс.

Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн .

Коммуникативон  :ныхасы раст пайда кӕнынц цӕсгомон, здӕхгӕ ӕмӕ амонӕн номивджытӕй.

Зонадон: ахуыргӕнӕджы ныхасӕй исынц сӕхицӕн ног информации, сӕхи зонындзинӕдтӕн бӕрӕггӕнӕн дӕттынц,ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕныныл архайынц анализы фӕрцы  

 Коммуникативон: фӕрстытӕ дӕттынц, иннӕты фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.

Удгоймагон: ӕмбарынц сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сыл фӕуӕлахиз кӕныныл архайынц.

Физминуткӕ

 Сывӕллӕттӕ, ныр та баулӕфӕм. Куыд уынут, афтӕ урочы дӕргъы архайӕм нӕ мӕсгуытӕ самайын. Табуафси, бацӕттӕ кӕнӕм дуртӕ мӕсгуытӕн   дзӕбуджы фӕрцы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрбӕхӕссӕм сӕ кӕрӕдзимӕ дӕтгӕйӕ, ныр та нӕ куыствӕллад уӕнгтӕ аивазӕм. СЛАЙД 14

Музыкӕйы зӕлтӕм хъусгӕйӕ «куыст йӕ тӕмӕны бацыд»

Удгоймагон: ӕмбарынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын хъӕуы,уый

Дарддӕр кусын урочы ӕрмӕгыл

Мӕсыг цӕмӕн хъуыди нӕ рагфыдӕлты, уый базыдтам. Ныр та мӕ фӕнды, цӕмӕй байхъусӕм куыд амадтой мӕсыг ирон адӕм раджы заман. (Хъусынц аудио ӕрмæгмæ)

СЛАЙД 15

Ацы хатт та уын ахӕм хӕслӕвӕрд. Байхъуыстат радзырдмӕ. Уӕ цӕстытыл ауад, арӕзтад куыд цыд, уый.Алы къорд дӕр  бацӕттӕ кӕнӕд   хъусынгӕнинаг , цӕсгомон  ӕмӕ здӕхгӕ номивджытӕй пайда кӕнгӕйӕ. Йӕ сӕргонд уыдзӕн ахӕм «Куыд самамин ӕз мӕ мыггаджы мӕсыг».  Ранымайӕм иумӕ здӕхгӕ номивджытӕ.Табуафси, спайда сӕ кӕнут уӕ ныхасы мидӕг. СЛАЙД 16

Тынг хорз! Мӕнӕ та уын дуртӕ уӕ мӕсыгӕн.

Ныртӕккӕ та нын Азӕмӕт радзурдзӕн Мамсыраты мӕсыджы тыххӕй. СЛАЙД 17

Уӕ карточкӕты уынут ӕмбисӕндтӕ. Хӕслӕвӕрд у ахӕм. Бамбарын кӕнут ӕмбисӕндты мидис. Цавӕр уавӕрты фӕпайда кӕнӕм ацы ӕмбисӕндтӕй.

Алы къордӕн дӕр иу ӕмбисонд.

  1. «Змисӕй мӕсыг амайы» кӕнӕ «митӕй мӕсгуытӕ амайы».
  2.  Мӕсыг хи дурӕй хӕлы.
  3. Мӕсыгӕн йӕ сӕрӕй йӕ бындур фидардӕр аразын хъӕуы.

Зӕгъут ма,ацы ӕмбисӕндты номивджытӕ ис? Фыццаг ӕмбисонды цавӕр номивӕгӕй ис спайда кӕнӕн? (уый-цӕсгомон номивӕг, 3 –ц, иууон нымӕц).Дыккаг ӕмбисонды цы у дзырд «хи»? (Скъоладзаутӕ кӕд къуылымпы кӕной, уӕд ахуыргӕнӕг йӕхӕдӕг ӕмбарын кӕны, кӕй у здӕхгӕ номивӕг «йӕхи»- йы цыбыр формӕ.)

(Ӕртыккаг ӕмбисонды –«йӕ» )

Ныффыссӕм ацы ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ сӕ бахъуыды кӕнӕм.

Скъоладзаутӕ хъусынц текстмӕ.

Скъоладзаутӕ къордты кусынц, сӕ дзуапп цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ алы къордӕй дӕр иу дзуапп дӕтты.

Мамсыраты Азӕмӕт хъусынгӕнинаг кӕсы, ӕвдисы презентаци.

Зонадон:   хатдзӕгтӕ кӕнынц

 Регулятивон: ӕмбарынц сӕ зонындзинӕдтӕ фаг кӕй не сты.

Коммуникативон: дӕттынц фӕрстытӕ, цӕмӕй  райсой хъӕугӕ зонындзинӕдтӕ проблемӕ бахынцынмӕ.

Рефлекси

Сывӕллӕттӕ, абоны урок тынг мидисджын уыд, сфӕлхат кодтам номивӕджы хуызтӕ. Ранымайут-ма сӕ.

Нӕ историон уидӕгтӕм дӕр аздӕхтыстӕм.  Абоны урочы цӕуыл дзырдтам, уымӕй нӕ царды кӕм спайда кӕндзыстӕм? Байхъусут ма ахӕм ӕмбисондмӕ.

Иу зондджын лӕг куы марди, уӕд йӕ фыртӕн бафӕдзӕхста: «Цӕмӕй цӕрын фӕразай, уый тыххӕй алы хъӕуы дӕр дӕхицӕн амай мӕсгуытӕ». Лӕппу катай кӕны: кӕй бон у уыйбӕрц мӕсгуытӕ аразын?Уӕд ын иу куырыхон лӕг райхӕлдта фӕдзӕхсты мидис: алы хъӕуы дӕр дӕхицӕн скӕн дурмӕсыг нӕ, фӕлӕ мӕсыгау фидар ныфс чи у, ахӕм ӕрдхорд.

Мах абон бирӕ фехъуыстам мӕсыджы фидардзинады тыххӕй. Ацы ӕмбисонд та нын фӕдзӕхсы, мӕсыг куыд фидар у, афтӕ фидар уӕд ирон адӕмы ӕхсӕн ӕрдхорддзинад дӕр. Разы стут мемӕ?  

Нӕ эпигрӕфмӕ раздӕхӕм. Мӕсыг ирон адӕмы царды хуымӕтӕг арӕзтад нӕ уыд.   Уый уыд  кад, фидауц ӕмӕ ныфс. Адӕмы ӕхсӕн  мӕсыджы хуызӕн «фидар» ӕрдхорддзинад куы уа, уӕд ирон адӕмы кад ӕмӕ фидауц бӕрзонддӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр кӕндзӕн, ӕмӕ   кӕрӕдзийӕн стыр ныфс уыдзысты кӕддӕриддӕр, раджы заман мӕсыг куыд уыд мыггажы ныфс, афтӕ.

  Абон нӕ урочы  бакуыстам тынг хорз. Алы къордӕн дӕр йӕ мӕсыг кӕронмӕ амад ӕрцыд.Се ппӕт дӕр бакуыстой зӕрдиагӕй.  Ӕртӕ къорды дӕр равдыстой иумӕйагӕй зӕрдӕргъӕвддзинад. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис ӕмӕ абон иууылдӕр сымах стут уӕлахиздзаутӕ. Ӕрдхорддзинад фӕуӕлахиз! Амӕй фӕстӕмӕ дӕр афтӕ зӕрдиагӕй кусут.

Скъоладзаутӕ зхатдзӕгтӕ кӕнынц.

Скъоладзаутӕ хъуыды дарддӕр кӕнынц:

Абон ӕз урочы…

Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди (нӕ фӕцыди)….

Мӕ

Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ ма сӕ цӕуыл хъӕуы фылдӕр бакусын.

Сӕ зонындзинӕдтӕн сӕхӕдӕг аргъ кӕнынц

Хӕдзармӕ куыст

Абон нын Азӕмӕт бацӕттӕ кодта хъусынгӕнинаг йӕ мыггаджы мӕсыджы тыххӕй. Табуафси, сымахӕй дӕр кӕй фӕнды, уый бацӕттӕ кӕнӕд ахӕм хъусынгӕнинаг кӕнӕ презӕнтаци. Уыцы куыст чи бакӕна, уый райсдзӕн «5», кӕй фӕнды райсын «4» уый ма ноджыдӕр ссарӕд ӕмӕ йӕ тӕртрадмӕ рафыссӕд ӕмбисӕндтӕ мӕсыджы тыххӕй. Иннӕтӕ та сӕххӕст кӕндзыстӕ фӕлтӕрӕн.

Ӕмхасӕн 1

           Ирон традицион архитектурӕ хицӕн кодта кӕддӕриддӕр йӕ фидар арӕзтадӕй.  Хӕххон адӕм сӕ хъӕутӕ ӕвӕрдтой, знаг зынтӕй кӕдӕм бабырсдзӕн, ахӕм бынӕтты – рындзтыл, къуылдымтыл, айнӕгрӕбынты. Арӕзтой дурын хӕдзӕрттӕ, - ахӕм хӕдзар уыд фидар, гӕнах.

             Хъӕу кӕнӕ хицӕн мыггӕгтӕ амадтой мӕсгуытӕ – хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕ. Мӕсыг у фыдӕлӕтӕй нын цы бынтӕ ӕмӕ цы хӕзнатӕ баззад, уыдоны ахъаззагдӕр. Мӕсыг у архитектурон дӕсныйады зынгӕ ӕнтыст, культурӕйы цыртдзӕвӕн.Мӕсгуыты тыххӕй ныхас цӕуы бирӕ чингуыты. Сӕ нысанмӕ гӕсгӕ мӕсгуытӕ уыдысты фӕлгӕсӕн ӕмӕ хӕцӕн.Фӕлгӕсӕн мӕсыг лӕууы рындзы кӕнӕ хохы тигъыл.Уыцы мӕсыгмӕ хъуамӕ зыной кӕмттӕ, фӕндӕгтӕ, знӕгты ӕрбацӕуӕнтӕ. Абон дӕр ма ахӕм мӕсыг лӕууы Уыналы сӕрмӕ.

           Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕсыг йӕ хъалӕй ничи амадта.Мӕсыгӕн уыдис сӕйрагдӕр  нысаниуӕг: уый фӕрцы хохаг лӕг хъахъхъӕдтӕ йӕ бинонты цард ӕмӕ йӕ сӕрибар.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темæ: «Халоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр цард хуыздæр у!

Эпигрæф урокмæ:Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау!Цæрæгойы цард нæ, адæймаджы цард!Нафи...

Ирон литер.урок 9 къл. Ирон литературайы историйыл афалгаст.

История осетинской литературы интересная и противоречивая. С одной стороны, по мнению исследователей, предки осетин Аланы имели письменность и литературу. Однако, из этого до нас ничего не дошло, кром...

«Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»

laquo;Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы»...

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ: «Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл....

Ирон театры стъалыта Таутиаты Соламан, Хъариаты Тамара,Икъаты Маирбек, Сланты Къоста ама Саламты Къолайы ахадындзинад ирон аивады разты

В работе говорится о  жизни и творчестве звезд осетинского театра, о их роли в развитии осетинского искусства...

Анализ урока Ирон адæмы психологи «Ирон хъæуы»

Анализ урока  Ирон адæмы психологи  «Ирон хъæуы»...