Нæ уарзон сахар – Дзæуджыхъæу
план-конспект урока

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ "Нæ уарзон сахар – Дзæуджыхъæу"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nae_uarzon_sahar_-_dzaeudzhyhaeu.docx27.15 КБ

Предварительный просмотр:

ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ

«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»

Утверждаю

директор ГБОУ

_____________ / Н. Т. Течиева

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ

 «Нæ уарзон сахар – Дзæуджыхъæу» 

Подготовила

учитель осетинского языка и литературы

Джусоева Г.П.


Технологон картæ ирон литературæйы  урокмæ 5-æм къласы

Темæ: «Нæ уарзон сахар – Дзæуджыхъæу» (Миногон, миногонты бæрцбарæнтæ)

Урочы  нысантæ

Райхалын кадыджы мидис

Урочы хуыз

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: ахуырдзауты хуыздæр базонгæ кæнын кæм цæрынц, кæм рæзынц уыцы бæстæимæ, Ирыстоны зындгонд адæймæгтимæ,  Дзæуджыхъæуы рæсугъд æмæ фæлладуадзæн бынæттимæ.

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

миногонтыл бакусын, миногонты бæрцбарæнтæ зæрдыл æрлæууын кæнын, ахуырдзауты дзургæ ныхасы рæзтыл бакусын.

Удгоймагон: уарзондзинады æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнын нæ Райгуырæн бæстæмæ, нæ горæты рæсугъд бынæттæм.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ.

                                                                           

                                                                                 Урочы организацион структурæ

Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,

фыдыбæстæ, дæуæй

Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр

Нæ уыдис æмæ нæй.

Кочысаты М.

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Организацион хай

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ?

Cалам дæттынц

Сигналон карточкатæй æвдисынц сæ цæттæдзинад

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Фæйнæгыл фыст хъуыдыйæдтæ: (2 слайд)

Лæппу кæфы. Чызг зары. Гæды уасы. Куыдз рæйы гæдыйыл.

 ---Иухуызон сты ацы хъуыдыйæдтæ?

---Уæдæ-ма мын зæгъут, абон цæуыл дзурдзыстæм?

-Фæстаг хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй уæлдай ис фæрссаг уæнг.

- Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтыл.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

---Байгом уæ тетрæдтæ, афыссут абоны нымæц æмæ ныффыссæм  Нымæцон диктант. (3 слайд)

(Ахуыргæнæг дзуры фарст, скъоладзаутæ дзуæппытæ фыссынц сæ тетрæдты нымæцонты хуызы: 1 – раст хъуыды, 0 – рæдыд.)

1.Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады грамматикон бындур.

2.Сæйрат æвдисы архайд.

3.Зæгъинаг у дзырды хай.

4.Æрмæст сæйраг уæнгтæй конд хъуыдыйад хонæм хуымæтæг цыбыр.

5.Иу сæйраг уæнгимæ хъуыдыйад хонæм иувæрсыг.

6.Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.

7.Синтаксис ахуыр кæны хъуыдыйад æмæ дзырдбаст.

(Ахуыргæнæг байгом кодта фæйнæгыл æмбæхст фыст:

1001101 – раст дзуæппытæ)

Скъоладзаутæ кусынц сæ тетрæдты хибарæй.

Скъоладзаутæ кусынц къæйттæй:

Кæрæдзийы куыстытæ раст кæнынц æмæ æвæрынц нысæнттæ

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

Коммуникативон:

(искæй архайдæн аргъ кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

---Фæйнæгыл фыст æмбисонд: (4 слайд)

Мадæлон æвзаг мадау адджын у.

---Куыд æй æмбарут?

--- Ссарут гамматикон бындур.

---Сæйрат цавæр фарстæн дзуаппи дæтты?

---Цавæр хауæнтæ-ма зонут?

---Ссарут-ма ацы хъуыдыйады хауæнты фарстатæн дзуапп чи дæтты, ахæм дзырд?

---Цавæр хауæны ис æвæрд?

---Уæдæ, хауæнты фарстатæн цавæр фæрссаг уæнг дзуапп дæтты?

---Нæ урочы темæ дæр у «Æххæстгæнæн». Абон мах бакусдзыстæм хъуыдыйады æххæстгæнæн хицæн кæныныл, стæй йæ сæйратимæ цæмæй ма хæццæ кæнат, ууыл.

---Æххæстгæнæнимæ базонгæ стут райдиан кълæсты. Цы ма дзы хъуыды кæнут.

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

- æвзаг адджын у

- Номон хауæны фарстатæн: чи? цы?

Дзурынц хауæнтæ сæ фарстатимæ.

-Мадау

-Цæдисон: кæйау? Цæйау?

-Æххæстгæнæн

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц.

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

Чиныгимæ куыст

---Абарæм нæ дзуæппытæ чиныджы æрмæгимæ.

(5 слайд)

Скъоладзаутæ сæ чингуыты кæсынц æххæстгæнæны тыххæй зæрдылдаринаг.

Регулятивон :

(чиныджы хъæугæ информаци ссарын)

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Физкультинутка

---Гыццыл баулæфæм мæм нæ куыст адарддæр кæнæм.

Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын.

---Ныр та бакусæм къордты.

(Æртæ къордыл дих кæны ахуыргæнæг скъоладзауты. Дæтты сæм карточкатæ хæслæвæрдимæ: баххæст кæнын хъуыдыйæдтæ æххæстгæнæнтæй.) (6 слайд)

Карточка

1.(Кæмæн?)……. сæ хæхты фæзынд хъулонзачье  уæйыг?

2.Хонджытæ æппæт (кæй?)……. дæр æрхуыдтой.

3.Батрадз (кæимæ?)……… хъазыныл фæци.

4.Батрадз (цы?)…….. амардта , йæ (цæмæй?)…….. мусонг акодта.

---Хорз бакуыстат, фæлæ-ма зæгъут, кæцæй ист сты ацы хъуыдыйæдтæ?

---Ныр та фæйнæгыл  акусæм.

Ссарут хъуыдыйæдты æххæстгæнæн,  йæ бын ын бахахх кæнут æмæ зæгъут, цæмæн. (7 слайд)

Марат фыссы фыстæг.

Мæ мад цæттæ кæны сихор.

Нæ сыхаг ныссагъта бæлас.

Къордтæ кусынц цалдæр минуты, стæй сæ карточкатæ дæттынц ахуыргæнæгмæ.

Нарты кадджытæй. «Батрадз æмæ хъулонзачъе уæйыг»

Скъоладзаутæ иугай цæуынц фæйнæгмæ, хъуыдыйæдтæ фыссынц æмæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Зонадон: 

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

---Адарддæр кæнут хъуыдыйæдтæ. (8слайд)

Хъуыдыйады вæййы сæйраг æмæ ….

Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ сты:….

Æххæстгæн у хъуыдыйады…

Дзуапп дæтты фарстатæн…

Нысан кæны….

Скъоладзаутæ дарддæр кæнынц хъуыдыйæдтæ, сæ зонындзинæдтыл æнцойгæнгæйæ.

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Хатдзæгтæ скæнын.

--Цы базыдтат ногæй?

---Цы уæм фæкаст зындæр? Æнцондæр?

Сæ хъуыдытæ дзурынц

Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын )

Хæдзармæ куыст

14 –æм урок, 6 –æм фæлтæрæн

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

Директор         _______________        Н. Т. Течиева

        подпись                           расшифровка

                   М.П.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок "Технология приготовления творога с сахаром и сметаной " 6 класс

Создание условий для обучения приготовлению творога с сахаром и сметаной...

Мæ уарзон Ирыстон.

Осетия-горный край. это самый красивый уголок Кавказа. на вершинах гор-вечные ледники. Ущелья в Осетии глубокие. Реки бурные и опасные. Посмотреть на красоту нашей природы приезжают гости со все...

Об использовании учебников: В.И.Сахаров, С.А.Зинин «Литература 19 века» (10 класс); В.А. Чалмаев, С.А. Зинин «Русская литература 20 века» (11 класс)

При переходе к профильному обучению нельзя отрицать актуальность и значимость учебника. На идее двухуровнего (базового и профильного) федерального компонента государственного стандарта основана ...

"Промышленная хромотография для оптимизации выработки сахара"- МЕТОДИЧЕСКИЙ ДОКЛАД.

В докладе рассматривается новый метод оптимизации выработки сахара -метод хромотографии....

Проверочная работа по теме "Смутное время в России" для 10 класса по учебнику А. Н. Сахаров, А. Н. Боханов

Проверочная работа " Смутное время" позволяет проверить усвоение материала по хронологии, терминологии данного периода, знания исторических личностей и их роли в истории страны. Задания разного уровня...

Сахар детям не игрушка или выбираем здоровое лечебное питание Сахар скорее вреден для малышей или скорее полезен? Этот вопрос уже многие годы не теряет своей сложности актуальности, и здесь мы постараемся систематизировать последние медицинские данные на

Сахар детям не игрушка или выбираем здоровое лечебное питание Сахар скорее вреден для малышей или скорее полезен? Этот вопрос уже многие годы не теряет своей сложности актуальности, и здесь мы по...