Сочинение "Ды дар ма зардайан аввахс да" (Ты близка моему сердцу)
творческая работа учащихся (9 класс)
В сочинении говорится о значении и роли русской культуры в РСО - Алания
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
sochinenie.docx | 16.98 КБ |
Предварительный просмотр:
Ды дӕр мӕ зӕрдӕйӕн ӕввахс дӕ !
Æвæдза, куыд хорз у, Иры зæххыл кæй рантыстæн, уый! Мæ царды уый у æппæты стырдæр хорзæх. Райгуырдтæн, дзырдтæй æрфыссæн кæмæн нæй, ахæм дзæнæты зæххыл.
Ирыстон…. Диссаг у йӕ ӕрдз! Ӕнусон урссæр хæхтæ ӕмӕ айнæг къæдзæхтӕ , фынккалгӕ æхсæрдзæнтӕ, абухгӕ хӕххон цӕугӕдӕттӕ,нӕ диссаджы хъӕдтӕ ӕмӕ фӕзтӕ, мæргъты зæлдаг цъыбар- цъыбур ,алӕмӕты сыгъдӕг уӕлдӕф… .Ацы диссаджы рӕсугъд нывтæ байдзаг кæнынц адæймаджы зæрдæ алыхуызон ӕнкъарӕнтӕй. Уый у нæ фыдæлты цæрæн бынат, уый у мæ уарзон Ирыстон.
Бынтон диссаг та Ирыстонӕн йӕ адӕм сты. Бирӕнацион у мӕ фыдыбӕстӕ, цӕры дзы сӕдӕйӕ фылдӕр алыхуызон адӕмты минӕвӕрттӕ: уырыссӕгтӕ, ирӕттӕ, сомихӕгтӕ, гуырдзыйӕгтӕ, кӕсгӕттӕ, немыцӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Алкӕмӕндӕр дзы ис йӕхи культурӕ, йӕхи царды уаг, йӕхи 'гъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.Мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ ирон культурӕ уыдоны фӕрцы ноджы хъӕздыгдӕр кӕны. Нӕ зонын, кӕд раст нӕ дӕн, уӕддӕр, фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ кӕсы.
Ирыстоны цы бирӕ адӕмтӕ цӕрынц, уыдоны 'хсӕн ис хъӕрмуддзинад, хӕлардзинад, иу у сӕ рис ӕмӕ сӕ цин дӕр. Иумӕйагӕй хайад исынц куыд нӕ ирон бӕрӕгбӕтты, афтӕ иннӕ адӕмты алыхуызон мадзӕлтты дӕр. Суанг ма , махӕн табуйаг цы ӕртӕ кӕрдзыны сты, уыдон дӕр иннӕ адӕмтӕ райдыдтой ӕвӕрын сӕ алы бӕрӕгбоны фынгыл дӕр. Уыдон дӕр мах хуызӕн кувынц ӕмӕ табу кӕнынц Хуыцауӕн. Ӕхсызгон мын у, афтӕ кӕй у, уый. Уымӕн ӕмӕ иу зӕххыл цы адӕм цӕрынц, уыдон хъуамӕ кӕрӕдзийы цӕрайӕ цӕрой, кӕрӕдзийӕн аргъ кӕной, кӕрӕдзийӕн бахъуаджы рӕстӕг ӕххуыс кӕной, кӕрӕдзи фарсмӕ лӕууой.
Бирӕ азты дӕргъы уӕхски уӕхск хӕларӕй цы адӕмимӕ цардыстӕм ӕмӕ цӕрӕм, уыдон сты уырыссӕгтӕ
Стыр ахадындзинад ис уырыссаг культурӕйӕн Ирыстоны адӕмы' хсӕн, уӕлдайдӕр та рӕзгӕ фӕлтӕры 'хсӕн. Не скъолайы ирӕтты традицион культурӕйы урочыты мах ӕппынӕдзухдӕр зонгӕ кодтам куыд ирон культурӕимӕ, афтӕ уырыссаг культурӕимӕ дӕр. Иртӕстам, дыууӕ культурӕйы цавӕр хицӕндзинӕдтӕ ис, цы дзы ис иумӕйагӕй, цы ахъаз сты нӕ царды.
Ирон адӕмӕн куыд зынаргъ сты, афтӕ зынаргъ сты уырыссаг адӕмӕн дӕр ӕнӕмӕлгӕ Къостайы, Гӕздӕнты Гайтойы, Гергиты Валерийы, Дудараты Вероникӕйы, Адырхаты Светланӕйы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр зындгонд адӕмты нӕмттӕ. Культурӕ ӕмӕ аивад бӕттынц кӕрӕдзийыл ӕппӕт адӕмты дӕр, се 'хсӕн фӕзыны иудзинад.
Иудзинады хид у, мӕнмӕ гӕсгӕ, Дзӕуджыхъӕуы Е.Б.Вахтанговы номыл академион уырыссаг театр . Йӕ алы спектакльмӕ дӕр стыр цымыдисӕй цӕуынц Ирыстоны цӕрӕг ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.
Театримӕ баст сты зындгонд режиссерты, нывгӕнджыты, драматургты нӕмттӕ. Йӕ фыццаг пьесӕтӕ ам фыста ӕмӕ ӕвӕрдта Михаил Булгаков, Е.Б.Вахтангов, ам йӕ фыццаг спектакльтӕн нывтӕ кодта Хетӕгкаты Къоста. Уыдон стыр ахъаз фесты уырыссаг театры рӕзтӕн.
Бирӕ уырыссаг фысджытӕ, музыканттӕ, нывгӕнджытӕ сӕ фыццаг къахдзӕфтӕ ӕцӕг аивадмӕ акодтой Кавказы.
Уыимӕ зындгонд уырыссаг фысджытӕ А.С.Пушкин, М.Ю.Лермонтов, М.А.Булгаков, Л.Н.Толстой, К.М.Симонов, А.П.Чехов ныууагътой нӕ Иры зӕххы историйы, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фӕд. Уыдон сӕ уацмысты равдыстой нӕ ӕрдзы рӕсугъд нывтӕ, сылгоймаджы фӕлгонцтӕ, хӕххон адӕмы цард.
Ӕнӕ зӕгъгӕ нӕй уый дӕр, ӕмӕ Ирыстоны уырыссаг адӕмӕн сӕ культурӕйы зынгӕ бынат кӕй ахсынц сӕ традицион ӕгъдӕуттӕ, чырыстон динимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ. Цыппурс ( Рождество), Доныскъӕфӕн ( Крещение), Куадзӕн (Пасха),Кӕрдӕгхӕссӕн ( Троица) ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.
Уӕлдай тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Доныскъӕфӕн (Крещение). Ӕрыдоны уырыссаг адӕммӕ уый тынг кадджын у. Ацы бӕрӕгбон алы аз дӕр фӕкӕнынц тъӕнджы мӕйы нудӕсӕм бон. Куыд дзурынц, афтӕмӕй, дам, ацы бон сыгъдӕг Чырыстийы саргъуыдтой Иорданы цӕугӕдоны. Уыцы рӕстӕг,дам, аргъуыдтой ӕрмӕстдӕр хистӕр кары адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕмбаргӕ, ӕууӕндыдысты зӕрдиагӕй иунӕг Хуыцауыл. Бӕрӕгбоны размӕ бирӕтӕ фӕдарынц мархо. Тъӕнджы мӕйы ӕстдӕсӕм боны, ӕхсӕвы, ацӕуынц аргъуанмӕ, скувынц Хуыцаумӕ, бафӕдзӕхсынц бинонты. Иутӕ сӕхи ныннайынц, аргъуаны сӕрмагондӕй найынӕн цы бынат ис, уым. Иннӕтӕ та - цӕугӕдӕтты, суадӕтты, дон, дам, уыцы 'хсӕв нымад вӕййы сыгъдӕг ӕмӕ аргъуыдыл. Афтӕ адӕм сӕ удтӕ ӕмӕ буар ссыгъдӕг кӕнынц. Райсомӕй аргъуанӕй рахӕссынц аргъуыд дон, уый у сыгъдӕггӕнӕг дон. Бапырх дзы кӕнынц хӕдзары алы къуым дӕр. Иу ран ӕй ныккӕнынц , ӕфтауынц ӕм ӕмӕ йӕ азы дӕргъы хардз кӕнынц.
Куыд банкъардтон, афтӕмӕй уырыссаг культурӕ дӕр мӕ зӕрдӕмӕ лӕууы ӕввахс. Уарзын ӕй, ӕмӕ йӕ дарддӕр дӕр цымыдисӕй ахуыр кӕндзынӕн.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Проект "Край любимый, сердцу близкий"
Патриотический проект, направленный на решение проблем подростков, находящихся в трудной жизненной ситуации...
Носил он совесть близко к сердцу
Литературно-музыкальная композиция, посвященная жизни и творчеству Владимира Высоцкого...
Литературная гостиная "Носил он совесть близко к сердцу"
Литературная гостиная, посвящённая памяти В. высоцкого, "Носил он совесть близко к сердцу" проводилась в рамках декады учащимися 10 класса...
Сценарий "Дом моего сердца" для школьного театра
Сценарий на основе притчи о счастье и добре, о том, что мешает людям быть счастливыми и как с этим бороться... Сценарий для школьной театральной недели, для постановок в рамках Фестиваля проекто...
Родина в моем сердце (My town)
Презентация (+документ Word с конспектом внеклассного мероприятия), предложенная ниже, может быть использована как на классном часу, посвещенному красотам родного края, и уроке России в начале учебног...
Приказ "Об итогах районного конкурса юных художников «Город в моем сердце навсегда», посвященный 1155-летию Смоленска и 75-летию освобождения Смоленска от немецко-фашистских захватчиков".
Приказ №9-0 от 02.03.2018.г....
Внеклассное мероприятие "Музыка в моем сердце"
Познакомить учащихся с различными стилями музыки, с известными музыкальными исполнителями Англии и Америки; развить навыки аудирования и говорения, используя аудиоматериал урока; формировать эстетичес...