Открытый урок по родному языку в 5 классе "Виды предложений по цели высказывания"
план-конспект урока (5 класс)
Распознавать виды предложений по цели высказывания и эмоциональной окраске: побудительные, вопросительные и повествовательные.
Корректировать интонацию в соответствии с коммуникативной целью.
Анализировать и характеризовать интонационные и смысловые особенности повествовательных, вопросительных и побудительных предложений.
Моделировать предложения в соответствии с коммуникативной задачей высказывания. Употреблять их в речевой практике.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
виды предложений по цели высказывания 5 класс | 222.79 КБ |
Предварительный просмотр:
Ирон æвзаджы урок 5 къласы.
Урочы темæ. Хьуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысанмæ æмæ интонацимæ гæсгæ.
Ныхасы темæ. Фæззæг царды къæбиц у.
Урочы хуыз. Ног æрмæг амоныны урок.
Урочы нысан. 1. Ахуырдзауты зонындзинæдтæ хъуыдыйады тыххæй фæарфдæр кæнын.
2.Ныхасы рæзтыл бакусын.
3.Гуырын кæнын цымыдисдзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ.
Цæстуынгæ æмæ æххуысгæнæн æрмæг: тæгæры сыфты баст алы стъолыл, музыкæ, презентаци, сюжетон нывтæ.
Эпиграф. Фæззæгæй зæрдæ буц у.
I.Урочы цыд .
1.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Фæлхат кæнын рацыд æрмæг. Алы скъоладзауæн дæр лæвæрд цæуы карточкæйыл хæслæвæрд фæрстытимæ. Раст рæнхъæвæрдыл сæвæрын хъæуы дзуæппытæ.
Фæрстытæ: 1)Дзырдбаст конд у… 3)дыууæ кæнæ фылдæр сæрмагонд дзырдæй. 2)Фарст цы дзырдæй лæвæрд фæцæуы
дзырдбæстыты… 4)уый хуыйны сæйраг дзырд.
3)Фарст цы дзырдмæ фæхауы дзырдбæстыты… 2)уый хуыйны дæлбар. 4)Дзырдбæстыты мидæг дзырдтæ баст цæуынц… 1)сæ мидисмæ гæсгæ æмæ грам. æгъдауæй.
5)Хъуыдыйад арæзт у… 6)дзырд кæнæ дзырдты къордæй.
6)Хъуыдыйад æвдисы … 7) æххæст хъуыды.
7)Хъуыдыйады мидæг дзырдтæ баст сты… 5)грамм. æгъдауæй æмæ хъæлæсыуагæй.
2.Мотивацион уавæр. Бакæсын текст.
Тæгæрбæлас.
Æрызгъæлдысты уазал зæхмæ тæгæрбæласы сырх сыфтæртæ. Лæппын рувас сæ æруагъта æмæ сæ равæрдта, йæ хæдзармæ цы къахвæндаг згъордта, ууыл. «Уадз æмæ мæ уазджытæн æхсызгон уа», - загъта йæхинымæр рувас. Фæлæ йæм ничи æрбацыд тæгæры сыфтæй æмбæрзт фæндагыл.
-Уæд цæмæн, цæй тыххæй? - бафарста рувас саг-сæгуыты. - Диссаджы рæсугъд фæндаг. Афтæмæй йыл ничи цæуы.
-Эх! Тæгæры сыфтæр зæрдæйы æнгæс у! Æмæ мæ бон нæу ныллæууын фæззæджы зæрдæйыл.
-Цæмæй фæцыд уæ зæрдæмæ ацы текст?
-Цавæр сæргонд ма раттæн ис текстæн?
-Йа сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?
-Сымахмæ та куыд кæсы,æцæгæйдæр тæгæрбæласы сыфтæ зæрдæйы æнгæс сты?
-Цæуылнæ уыди сагæн йа бон фæззæджы «зæрдæйыл» ныллæуын?
-Цавæр миниуджытыл дзурæг у саджы дзуапп?
Ах.- г. Уæдæ ма мын загъут фæззæджы рæсугъддзинад цæй мидæг ис?
(Скъоладзауты дзуæппытæ…)
3. Къордтыл куыст.
1къорд. Бацамонут дзырдтæ æмæ дзырдбæстыты нысаниуджытæ, синонимтæ сæм ссарут:
æрызгъæлдысты, æруыгъта, æхсызгон уыд, зæрдæйы æнгæс уæвын.
2 къорд. Рæфыссут вазыгджын дзырдтæ. Сæ арæзт сын бацамонут.
Хæслæвæрд. Цы дзырдтимæ бакуыстат, уыдонмæ æркæсут æмæ зæгъут, цавæр хъуыдыйæдты сты.
Зæгъæм: Дзырд æрызгъæлдысты ис фыццаг хуымæтæг хъуыдыйадыды. Йæ арæзтмæ гæсгæ у ацы хъуыдыйад хуымæтæг даргъ, таурæгъон … æ. а. д. Ис радзырды фарстон хъуыдыйад дæр.
Ах.-г. Уæдæ абон нæ ныхас цæудзæни хъуыдыйады хуызтыл сæ загъды нысанмæ æмæ интонацимæ гæсгæ. Афтæ хуыйны нæ абоны урочы темæ. (12-æм урок)
Фæнысан кæнæм абоны нымæц æмæ темæ.
II. Ног æрмæгыл куыст.
Фиппаинæгтæ:
1.Зонын куыд арæзт вæййынц хуымæтæг хъ-дтæ? 2.Цавæр 3 хуызыл дих кæнынц хъ-дтæ сæ загъды нысанмæ æмæ интонацимæ гæсгæ. 3.Цæмæн хъæуынц мах уыцы зонындзинæдтæ?
(Цæмæй арæхсæм: -Хъуыдыйæдтæ иртæсын сæ хуызтæм гæсгæ)
1. Чиныгимæ куыст.
1.Бакæсын 2-аг фæлтæрæны цы радзырд ис, уый. Сæххæст кæнын, фæлтæрæнмæ цы хæслæвæрдтæ лæвæрд ис, уыдон. Хъуыдыйæдты арæзтыл æрдзурын.
А). Дзырдуатон куыст.
Мæкъуыл-фæмæкъуылджын
Хил-зачъетæ
Уыгæрдæнтæ-хуымтæ
Æ). Рафыссут вазыгджын дзырдтæ. Бамбарын сын кæнут сæ арæзт.
Хъулон-мулон, бур-бурид, алыхуызон, кæрдæгхуыз.
Б). Рафыссут дыууæ таурæгъон хъуыдыйады, саразын сæ разæнгардгæнæн æмæ фарстон хъуыдыйæдтæ.
-Хъулон-мулон фæззæг æрбалæууыд.
.-Хъулон-мулон фæззæг æрбалæууыд?
. -Хъулон-мулон фæззæг æрбалæууыд!
-Сæууон æртæх хъазы фæззыгон хуры тынтæм.
-Сæууон æртæх хъазы фæззыгон хуры тынтæм?
-Сæууон æртæх хъазы фæззыгон хуры тынтæм!
III. Æрмæг бафидар кæнынæн баххæст кæнын фæлтæрæн 3-аг.
«Зæрватыкк дзуры дæумæ». Хъуыдыйæдты хуызтæ сбæрæг кæнын. Фæрстытæ равзарын. Кæмæн уайдзæф кæны зæрватыкк? Цæвæр миты тыххæй?
Ахуыргæнæджы разныхас. Стыр цымыдисаг у дунейон мифологийы зæрвæтыччы фæлгонц. Ирон адæмæн дæр у зæды æмсæр æмæ табуйаг маргъ. Уый у ног царды фидиуæг, хæдзары бæркад æмæ амондхæссæг. Кæд уалдзыгон цъиу у, уæддæр ын ис фæззæджы хуызæн бæркады нысаниуæг.
Æмбисæндтæ зæрватыччы тыххæй.
Зæрватыкк у Хуыцауы минæвар, уалдзæджы фидиуæг.
Зæрватыкк ахстон амондджын хæдзары аразы.
Уырнæнтæ- приметы.
Зæрватыччытæ бæрзæндты куы тæхой, уæд хорз боныхъæд уыдзæн.
IV. Релаксаци. Сывæллæттæ компьютерæй зæрватыччы цъыбар- цъыбурмæ хъусынц, афтæмæй урочы эпигрæфмæ рахизын æмæ йыл æрдзурын.
Цæуыл у нæ эпиграф? - Фæззæгæй зæрдæ буц у.
Æмбисæндтæ ма ныффыссын фæззæджы тыххæй æмæ сæ равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
1.Фæззæг хъæздыг у.
2.Фæззæг - магусайы удхæссæг.
3.Фæззæг дзаджджын у.
4.Фыццаг мæкъуыл куы фæзыны, фæззæг уæд райдайы
5.Фæззæг царды къæбиц у.
V. Рефлекси.
Цы зыдтон хъуыдыйады тыххæй? Цы базыдтон?
-Æз зыдтон…
-Базыдтон…
-Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…
-Зын мын уыд…
-Урочы мæм сæвзæрд ахæм хъуыды…
VI. Бæрæггæнæнтæ.
VII. Хæдзармæ куыст. 7-æм фæлтæрæныл. Цыбыр нывæцæн.
Райдайæнмæ гæсгæ радзырд кæронмæ ныффыссын. Спайда кæнын таурæгъон, разæнгардгæнæн, фарстон хъуыдыйæдтæй.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок по родному языку на тему:"Моя семья"
1.Организация урока.2.Введение в новую тему.3.Работа над новым материалом.4.Физкультминутка.5.Работа над стихотворением Резеды Валиевой "Дәү әнием".6.Игра "Вкусные слова".7.Итог урока....
План-конспект открытого урока по родному языку (кумыкский) в 6 классе на тему:"Склонение имён существительных по падежам","Атлыкъланы гелишлеге гёре тюрлениши"
План-конспект открытого урока по родному языку (кумыкский) в 6 классе на тему:"Склонение имён существительных по падежам","Атлыкъланы гелишлеге гёре тюрлениши"...
Проект открытого урока "Защита родного языка как патриотический долг каждого"
Урок-исследование знакомит учащихся 10-11 классов с Федеральным законом "О государственном языке РФ" и законодательными мерами по защите русского языка....
Открытый урок по русскому языку Однородные члены предложения 6кл
Цель:Познакомиться однородные члены предложения и с правилами расстановки знаков препинания при однородных членах....
Открытый урок по родному языку.
Открытый урок по родному языку....
Открытый урок по родному языку
Открытый урок по родному языку....
Открытый урок по табасаранскому языку Тема: «Односоставные предложения. Определенно-личные предложения.»
Дарснан тема: Саб составнан предложенйир. Са...