Ирон литературӕйы урок 11 - ӕм къласы
учебно-методический материал (11 класс)

Дзерасса Отаровна Сотиева

  "Уарзт æцæг у , æрымысгæ мæлæт". 

Дзугаты  Георгийы æмдзæвгæ "  Ма кæ"- мæ гæсгæ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_11_kl._dzugaty_georgiy_2.docx40.43 КБ

Предварительный просмотр:

  Кълас:   11  ( ирон литературæ)                                                                                          

 Ахуыргæнæг: Соттиты Дзерассæ Отары чазг                                                            

                                                 

 Темæ: «Уарзт ӕцӕг у, æрымысгӕ  -  мӕлӕт».

(Дзугаты Георгийы ӕмдзӕвгӕ « Ма кӕ» - мӕ гӕсгӕ).                                                                             

Урочы  нысантæ.

1.Скъоладзаутæн æмбарын кæнын уацмысы аивадон фæрæзтæ æмæ уый руаджы урочы темæ æргом кæнын.

1 Базонгӕ Георгийы уарзондзинады лирикӕимӕ.

2  Дзургӕ ныхасы рӕзтыл бакусын.

3  Эстетикон ӕнкъарӕнтӕ хъомыл кӕнын скъоладзауты зӕрдӕты.

Нырыккон технологитӕурочы: проблемондзинад,информацион технологитӕ.

Урочы хуыз.

Урок - экскурси

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.Тексты структурæ зонын, архайды æрфыст, куыстæн аргъ кæнын зонын, аразын хи радзырд – æрфыст нывмæ гæсгæ.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын; бамбарын кæнын урочы нысаны ахадындзинад, æвзарын раст аналитикон нысан, хынцинæгтæ, кæрæдзимæ раст фæрстытæ дæттын, кæрæдзийы хъуыдытæм лæмбынæг хъусын æмæ коммуникативон уæвын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын; тырнын ныхасы хъæздыгдзинадмæ.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.

                                                                                                                                     Урочы эпигрӕф:       

 Хочу любовь провозгласить страною

                                                                                                                                              Чтобы все там жили в мире.

                                                                                                                                               Чтоб начинался гимн ее строкою:

                                                                                                                                              «Любовь всего превыше на земле».

                                                                                                                                                                            Расул  Гамзатов        

                                                                                                                                                                                                                                                                                   

                      Урочы структурæ

            Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

                                        УАА

                Мотиваци.

     

                      Актуализаци

          (къуылымпытæ кæм  æййафдзысты уый  сбæрæг

кæнын)                                                

                                                         

Урочы темæйыл   æрдзурын

                                           

                           Зындзинадты    сæрты ахизын            

                  Проект баххæст

                              кæнын

 Къордты куыст

Улӕфт  - релаксаци

 

   

     Хатдзæгтæ скæнын

Хæдзармæ куыст.

         

           

  - Уæ бон хорз, мæ æрыгон хæлæрттæ, уырны мæ, абон кæрæдзи кæй бамбардзыстæм, уый.                       слайд

Ахуыргæнæг æвдисы фæйнæгыл ныв

- Абон нæ урочы цæуыл ныхас кæндзыстæм?

Скъоладзауты размæ рахæссы урочы темæ æмæ эпигрæф.

                                            слайд

- Цавæр бынат æрцахста Дзугаты Георги  ирон литературæйы?

-Георгийы цард æмæ сфæлдыстадæй цавæр цымыдисаг хабæрттæ зонут?

-Георгий уыд ирон поэтты  æхсæн зынгæдæр æмæ номдзыддæртæй иу. Йæ курдиат уыд бирæвæрсыг. Георгий  стыр хуын бахаста ирон  поэзийы хæзнадонмæ.

Нæ урочы нысан цавæр уыдзæн?

- Цы хъуамæ раиртасæм урочы?

-Цæмæн ахуыр кæнæм ацы æмдзæвгæтæ, цы нын амонынц?

- Мӕ хӕлӕрттӕ ,абоны урокмӕ бирӕ хуынтимӕ кӕй ӕрбацыдыстут ,уый уынын.   Дих уыдыстут 2  къордыл, алы къордӕн дӕр уыд  хицӕн хӕслӕвӕрд. Куыд сарӕхстыстут ,уый та нӕ урочы равзардзыстӕм.

-Ӕмдзӕвгӕ «Ма кӕ»-йы лирикон герой фӕдзӕхсы «цъӕхдзаст» фӕлмӕнтӕдзураг чызджы ,цӕмӕй лӕппуйы зӕрдӕйы рагон хъӕдгом ма агайа. Лирикон геройы цӕстытыл ауайы йӕ  кӕддӕры уарзоны сурӕт:

Ехх, цы  цӕстытӕ уыдысты!

Ехх,цы хъару мыл ӕфтыдтой!

Раст,цъӕхденджызтау,зындысты,  

Раст ыстъалытау ,ӕрттывтой.

Георги пайда кӕны абарстытӕй : чызджы цӕстытӕ – «денджызтау», «стъалытау».

Метафорæтæй–«Судзгӕ зӕрдӕйы ӕнусмӕ

 Сагъдӕй чи ныууагъта хъама».

Георги  зоны, ирон  хӕдзармӕ лӕппуйы номӕй дзырдӕуы.           Фӕлӕ уыцы лӕппу дӕ уарзон куы уа, уӕд та? Ирон уарзондзинад ӕнусты  дӕргъы ӕмбӕхст у. Лирикон хъайтар бады къӕсӕрмӕ ӕввахс,мыййаг, куы нӕ фӕлӕууа йӕ зӕрдӕ,куы ракӕса кӕртмӕ,ӕмӕ йӕ сусӕг уарзт куы сӕргом уа!

Уый нӕ уӕндыди нӕ кӕртӕй     Махмӕ бадзурын мӕ номӕй.  

 Мачи  ракӕса мӕ  бӕсты

 Бадтӕн  алы  хатт  кӕронӕй…

Георгийы интимон лирикӕйы хъайтары ахаст йӕ уарзон чызгмӕ у  уӕздан. Цавӕрдӕр аххосӕгтӕм  гӕсгӕ дыууӕ ӕвзонг уды куы фӕхицӕн вӕййынц ,уӕддӕр ивгъуыд уарзты рухс лӕдӕрсы лӕппуйы зӕрдӕйӕ ,ӕнусмӕ  дзы судзгӕ фӕд ныууадзы.

-Уарзондзинады темӕ кӕцыфӕнды адӕмы культурӕйы ахсы зынгӕ бынат, уымӕн ӕмӕ уый у ӕнкъарӕнты рӕсугъддӕр ӕмӕ диссагдӕр. Хуызджын ахорӕнтӕй йӕ сныв кодтой нывгӕнджытӕ, алӕмӕты зӕлтӕй йӕ снывӕстой композитортӕ . Ӕппӕт дунейы уарзондзинады  литературон цыртдзӕвӕныл нымад  сты Шекспиры «Ромео ӕмӕ Джульеттӕ»,Петраркӕйы сонеттӕ Пушкин ӕмӕ Есенины                                                 ӕнӕмӕлгӕ лирикӕ.Уарзондзинад бӕрзонд ӕмӕ сӕрибар ӕнкъарӕн у,сӕуӕхсидау-ирд,цӕссыгау- сыгъдӕг.

«Цӕимӕ  ис абарӕн уарзт-уыцы диссаджы удсыгъдӕггӕнӕн  ӕнкъарӕн ,сабийы зӕрдӕйау хивӕнд чи у,зӕронд лӕгау зондджын,арвау -  парахат.Йӕ тыхы ахаст ын абариккам мӕлӕты тасимӕ, фӕлӕ лӕг йӕ уарзты фӕдыл мӕлӕтмӕ дӕр цӕуы», - фыссы Малиты Васо.

Алы  адӕм сӕхирдыгонау ӕмбӕрстой уарзондзинад, кодтой йын аргъ, арӕзтой сӕхи философи,ӕвдыстой дзы сӕ национ культурӕйы  хицӕндзинӕдтӕ.

Кадавар  у ирон поэзийы мидӕг интимон лирикӕ.Уымӕн та ис аххосӕгтӕ: тызмӕг ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ирон этикет фидар хӕцыдысты ӕнкъарӕнты рохтыл. Уӕлдай карздӕр домӕнтӕ уыд сылгоймагмӕ.Уырыссаг поэттӕ  сылгоймагимӕ куыд ӕргом ныхас кӕнынц ,афтӕ дзурӕн нӕ уыд ирон сылгоймагмӕ.

-Равзарӕм нӕ урочы эпигрӕф, кӕй рӕнхъытӕ сты,цы зӕгъынмӕ хъавы поэт?

 Чиныгимæ куыст.

1 -аг къорды иртасджытӕн хӕс лӕвӕрд уыдис. Дунейы диссӕгтӕй иуы тыххӕй ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ йӕ абон нӕ урокмӕ ӕрбахӕссын.

Зарӕг «Уарзты фӕндыр». Галуанты Людмилӕйы  ныхӕстӕ   зары Фидараты Тамарӕ.

-Бузныг зӕгъын сымахӕн дӕр. Бӕстон куыст бакодтат. Мӕ дзӕбӕх ,хӕлӕрттӕ, мӕ зардӕ уын зӕгъы, цӕмӕй сымах дӕр искӕд бауарзат  сыгъдӕг уарзтӕй.

                 

РЕФЛЕКСИ

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

- Сæххæст æй кодтам?

Дзуаппытæ дæтгæйæ пайда кæнут ацы хъуыдыйæдтæй.

                         

                                             слайд

1. Равзарут ӕмдзӕвгӕйы аивадон фӕрӕзтӕ, абарсты экспресси.

2. Ӕмдзӕвгӕ аив кӕсын.

3. Ссарын  уарзондзинадыл  фыст ӕмдзӕвгӕтӕ, бакæсын сæ.

Салам дæттынц.

Дзуапп дæттынц.

   Дзуапп  дæттынц.

1 –аг  къорды иртасджытӕ дзурынц   Тадж –Махалы    тыххӕй. 

Мавзолей Тадж – Махал  ис Индийы ,цӕугӕдон Джамнӕйы был.Урс мраморӕй амад рӕсугъд ӕмӕ хӕрзаив къулты уӕлӕ хъӕдындзы бынтау хӕрдмӕ фӕцыдысты ӕхсырхуыз фондз цъупсӕры ,ӕмбӕлынц арвы тыгъдадыл.75 метыры бӕрзӕндӕн диссаджы архитектурон галуан  адӕймаджы цӕст йӕхимӕ сайы кӕцыфӕнды афон дӕр: райсомӕй уа,ӕмбисбон,изӕрӕй,ӕви мӕйрухс ӕхсӕв,къӕвда бон уа,хурбон. Йӕ рӕсугъддзинадыл нӕ тых кӕны нӕдӕр ӕрдзон фӕзынд,нӕдӕр адӕймаджы ӕрхуым зӕрдӕйы уаг.                                                                                                        

Шах Джахан Индийы паддзахиуӕг кодта 1627 -1658 азты.Йӕ ном фӕстагӕттӕн баззад нӕдӕр йӕ уӕлахизты ,нӕдӕр йӕ

фыдгӕндты фӕрцы.Тадж -Махал ӕй фӕлтӕртӕн рох кӕнын нӕ уадзы.

Шах –Джаханӕн уыд рӕсугъд ӕмӕ зондджын ус Мумтаз – Махал. Кӕрӕдзийыл ӕрхъӕцмӕ дӕр нӕ лӕууыдысты. Фидар уыд сӕ уарзондзинад .Фӕлӕ 1629 азы, сӕ иумӕйаг царды ӕвддӕсӕм азы, Мумтаз – Махал йӕ цыппӕрдӕсӕм сывӕллон  ныййарыны фӕстӕ амард. Кӕрон нал уыд Шах –Джаханы хъыг ӕмӕ мастӕн! Йӕ уарзон къайы фӕстӕ йын цард ад нал кодта. Шах йӕ усы баныгӕдта цӕугӕдон Джамнӕйы был ӕмӕ йын цыртӕн та сӕвӕрдта , «дунейы чи никуыма уыд,ахӕм».Йӕ хъыг ,йӕ маст зӕххыл нӕ цыдысты ,ӕмӕ  сӕ сфӕнд кодта  бавӕрын ,абоны онг фӕлтӕрты цӕст чи рӕвдауы ,уыцы мавзолей Тадж – Махалы…  Гъе,ахӕм у Шах–Джаханы уарзондзинады кадӕг йӕ цардӕмбал Мумтаз –Махалмӕ.Ӕнусон кадӕг. Йӕ рӕсугъд ӕвдисӕн  - Тадж – Махал.

2 –аг къорд.

- Мах та уын радзурдзыстӕм Дзӕуджыхъӕуы цӕугӕдон Терчы  был Сунниты мӕзджыты тыххӕй. Ӕддаг бакастӕй – рӕсугъд ,йӕ истории - ӕнкъарӕнтимӕ баст. Ирыстонӕн ӕй лӕвары хуызы саразын кодта нӕ азербаджайнаг сиахс Муртуза Мухтаров.Мӕзджыты архитектор уыд Иосиф Гаспарович Плошко.  Муртуза уыд бакуыйаг нефткуыстгӕнӕг - миллионер. Тугъанаты Хамбийы чызг Лизӕйы цы  уысм  федта ,уӕд  банкъардта ,йӕ  амонд     кӕй  у  уый,  равзӕрста   йӕйӕхицӕн цардӕмбалӕн. Барвыста минӕвӕрттӕ инӕлар Тугъанты Хамбийы хӕдзармӕ…

Мӕнӕ чындзӕхсӕвы бон дӕр. Амӕй ай зынаргъдӕр лӕвӕрттӕ  сласта Мухтаров йӕ каисты хӕдзармӕ.Ӕртӕ боны фӕстӕ 30 ӕрыгон джигиты  урс цухъхъаты,урс бӕхтыл уадысты фаэтоны алыварс. Фаэтон

Муртуза саразын кодта Варшавӕйы. Фидар уыд сӕ уарзондзинад Лизӕ ӕмӕ Муртузайӕн ,ӕнӕ кӕрӕдзи иу бон дӕр нӕ фӕрӕзтой.  Сӕ цард уыд аргъауы хуызӕн,фӕлӕ ,хъыгагӕн, ӕвзӕр кӕронимӕ.1920 азы сырх ӕфсӕддонтӕ бацахстой Мухтаровы хӕдзар. Муртуза дзы дыууӕйы фехста, фӕстаг нӕмыгӕй та фехста йӕхи. Лизӕйы ныппӕрстой йӕ хӕдзары ныккӕнды. Лизӕ куыддӕртӕй афтыдис  Стамбулмӕ ,ӕрцард йӕ фыды фсымӕры лӕппуйы хӕдзары. Тугъанты Тӕтӕрсауы бинонтимӕ фӕцард суанг 1956 азмӕ, йӕ амӕлӕты бонмӕ. Гъе, ахӕм  ӕнкъард цаутимæ     баст  у Сунниты мӕзджыт.

     

 Сæ хъуыдытæ дзурынц

- Мæ зæрдæмæ фæцыд, куыд куыстон...

- Абон нæ къорд уыди  активон…

- Иннæ урочы мæ кусын хъæуы..

 

                         

                         

  зонадон 

(куысты нысан цы у, уый бамбарын; проблемон фарст æрæвæрын)

  Регулятивон

 (ахуырадон нысан æвæрын;     æххæст  кæнын ахуырадон  архайд),  

                        удгоймагон (хæдуагæвæрдæнкъарын              ирон  æвзаджы ахадындзинад нæ

 адæмы царды).

                       зонадон

( анализ, абарст, зонындзинæдтæ

 æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг

 кæнын; проблемон фарст æрæвæрын)

коммуникативон

(хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй

дзурын; хи хъуыдытæ

 бахъахъхъæнынæн аргументтæ

 хæссын)

регулятивон

(æххæст кæнын ахуырадон архайд),

зонадон

(дзургæ ныхасы æмбаргæ арæзт;

зонындзинæдтæ иу уагмæ кæнын)

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд æмæ

æххæстæй зæгъын; æмгуыстдзинад

аразын ахуыргæнæн æмæ

 æмгæрттимæ)

удгоймагон

(хъуыды бавæрын, иумæйаг

 хъуыддаджы бæрнондзинад

æмбарын)

зонадон

(хъæугæ æрмæг агурын; хибарæй

саразын алыхуызон мадзæлттæ

 проблемæтæ лыг кæнынæн

 сфæлдыстадон бындурыл;

зонынадон

 хъæппæрис æвдисын)

удгоймагон

( этикон æмæ моралон домæнтæ

æххæст кæнын; адæймаджы

миддунейæн эстетикон æгъдауæй

аргъ кæнын æмæ æмбарын)

коммуникативон

( иумæйаг уынаффæ-йыл разы

уæвын; ныхмæлæуддзинæдтæ

райхалын)

зонадон

(анализ, синтез; текстæй хъæугæ

æрмæг исын; æмбаргæ æмæ

сæрибарæй хъуыдытæ зæгъын)

регулятивон

( аргъ кæнын, рæстытæ кæнын)

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд æмæ

 æххæстæй зæгъын)

зонадон

(хи хъуыдыты рæстдзинадæн аргументтæ хæссын, сбæлвырд кæнын аххостæ æмæ фæстиуджыты бастдзинад)

удгоймагон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ)

коммуникативон

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын)

зонадон

(архайдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; архайды фæстиуджытæн аргъ кæнын)

удгоймагон

( ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын; æнтыстытæ бæлвырд кæнын)

коммуникативон

( ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын)

                                                                                   


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ирон авзаджы урок 10-ам къласы

Мивдисæджы грамматикон категоритæ.Фæлхат....

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджы уроктæм.

Тематикон пълан 10 къласы ирон æвзаджыуроктæм.Ныхасы культурæ æмæ коммуникативон этикæ....

У р о к - с е м и н а р (7 – æм кълас)

(Кочысаты М. æмæ Калоты Х. номыл мысæн урок)...

Ныхасы – тематикон урок ( Ироон æвзаг 10 – æм къласы ) Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»

Темæ: « Зæххы фарн адæмы фарну.»                        ( Миногонæй зонындзинæдтæ сфæ...

Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»

                  Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст:  Т. Яблонская «Райсом»...

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....