«Фыдæлты æгъдæуттæй диссагдæр нæй!». Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок).
план-конспект урока (8 класс)
Предварительный просмотр:
Æлборты Зæринæ
36-æм астæуккаг скъолайы
ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæг
Ирон æвзаджы урок
9-æм кълас
Ныхасы темæ: «Фыдæлты æгъдæуттæй диссагдæр нæй!»
Грамматикон темæ: Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок)
(ирон æвзаг чи нæ зоны, уыцы скъоладзаутæн)
Урочы нысантæ: |
|
Урочы хуыз: | Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ ног æрмæг бафидар кæнын. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ: | Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын. Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын. Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын,æгъдæуттæ – рухс фидæн кæй сты, уый æмбарын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ: | Индивидуалон, къордгай куыст, къæйттæй куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ: | интерактивон фæйнæг, презентаци, видеоролик,чингуытæ. |
Эпиграф:
Фыдæлты æгъдæуттæ- зонд амонæг.
(æмбисонд)
Урочы структурæ
Урочы этаптæ | Ахуыргæнæджы архайд. | Скъоладзауты куыст. | УАА |
Мотиваци: (ахуыргæнæг дæтты, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг.) | - Бакæсут, байхъусут зарæгмæ «Зæдты чындзæхсæв». (Слайд) -Зарæджы цавæр зæдтæ æмæ дауджыты кой цæуы? - Уæстырджи кæй бардуаг у? - Сылгоймæгтæ та йæ куыд хонынц? -Ирон адæм кæд фæбæрæг кæнынц Лæгты дзуары бæрæгбон? - Уацилла кæй бардуаг у? -Цавæр бардуагтæ ма зонут ирон мифологийы, зæгъут сæ иронау æмæ уырыссагау? Ахуыргæнæг: Ирон мифологийы ма ис хæдзарон фосы бардуаг- Фæлвæра, хор æмæ тыллæджы бардуаг- Уацилла, сылгоймæгтæ æмæ сабиты бардуаг-Мады- Майрæм хонæм ма йæ- Уæларвон æхсин. -Уæларвон æхсин куыд тæлмац кæны? бирæгъты бардуаг- Тутыр, низты бардуаг -Аларды, хорарæх æмæ сабырдзинады бардуаг-Уацилла. Зарæгмæ хъусгæйæ мах фехъуыстам зæд – Æфсати дæр. Байхъусут таурæгъмæ. Кæддæр Хуыцау куы сфæлдыста дуне,уæд хæдзарон фос радта Фæлвæрайæн, мыдыбындзыты-Аниголæн, хор æмæ тыллæджы бардуаг та сси Фæлвæра,сырдты бардуаг та -Æфсати. Уый фæстæ Хуыцау сфæлдыста адæмы, æмæ уæд, зæдтæ сфæнд кодтой адæмæн лæвæрттæ бакæнын. Æфсати не сразы семæ. Уæд Фæлвæра, Аниго æмæ Уацилла скъахтой дзыхъхъ Æфсатийæн. Баныгæдтой йæ,йæ иу цæст ын гомæй ныууагътой .Фæлæ, Æфсати йæхи дзырд кодта: « Æз мæ фыды лæвæрттæн аргъ кæнын, æмæ сæ никæмæн балæвар кæндзынæн». Цæуыл дзырд цæуы таурæгъы? -Сымахмæ гæсгæ раст бакодтой зæдтæ. -Æфсати цæуылнæ разы кæны?
| Лæмбынæг хъусынц æмæ кæсынц видеороликмæ. Дзуапп дæттынц: Уастырджи, Æфсати, Уацилла… Дзуапп:нæлгоймæгты, бæлццæтты, хæстонты æмæ рæстаг адæмы бардуаг. Дзуапп: Фæлвæра, Аларды . Хъусынц ахуыргæнæджы ныхасмæ. Лæмбынæг хъусынц. Дзуапп дæттынц. Тæлмац кæнынц текст. | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын); удгоймагон (иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын); |
Актуализаци: (къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.) | - Раст, цæмæй фидæны куырыхон, кадджын уат, уый тыххæй хъæуы хорз зонын ирон æгъдæуттæ. Хъуамæ алчидæр зона нæ зæдты,бардуæгты нысаниуæг. Ныртæккæ та уæ размæ ис иу бæрнон хæс – райсын хорз зонындзинæдтæ. - Æмæ уыцы зонындзинæдтæ та исут æрвылбон кæм? - Зæгъут-ма уæдæ, сымахмæ гæсгæ цæуыл ныхас кæндзыстæм нæ абоны урочы? - Раст зæгъут. Нæ темæ баст уыдзæни фыдæлты æгъдæуттимæ. ( слайд) Тест | Дзуапп дæттынц. Зæгъынц урочы темæ. | Зонадон (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æгъдæутты ахадындзинад нæ адæмы царды); коммуникативон (алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæныннын); |
Ног æрмæгыл куыст: Чиныгимæ куыст: | -Цы хонæм номдар? -Цы хонæм тасындзæг? Цал хауæны ис ирон æвзаджы?
- Байхъусæм ахуыргæнæджы кастмæ (Раст дзур, кæсы ахуыргæнæг) (Хъус æрдарын бæрæггонд дывæргонд æмхъæлæсон мырты азæлдмæ). - Бакæсæм дзырдтæ. 1.Текстыл бакусын. а) дзырдуатон куыст: Зачъеджын- бородатый Хъауджыдæр-в отличие Рæгъæу- стадо Фæлгæсын- смотреть, созерцать. æ) - Байхъусæм текстмæ. -Цæмæй хицæн кæны Æфсати иннæ дзуæрттæй? - Цы дзы ис цымыдисагæй? - Цавæр цæрæгойтæ ис Æфсатийы рæгъæутты? (слайд) -Цавæр æгъдау уыдис цуанæттæм? Текстæн æрхъуыды кæнут сæргонд. б) - Кæсæм текст абзацгай æмæ æххæст кæнæм хæслæвæрдтæ. - Тексты ссарын номдартæ æмæ сæ рафыссын, дзырдтæн бацамонын сæ хауæнтæ. Хæс: Атасындзæг кæнын дзырд « Куывд» -Æрхъуыды кæнын дзырд « куывд»-имæ дзырдбаст, хъуыдыйад. | Дзуапп дæттынц: -Номдар у… Хъусынц ахуыргæнæджы кастмæ. Æвзарынц дзырдтæ æмæ сæ тæлмац кæнынц. Дзуапп дæттынц. Текстæн дæттынц сæргонд. Æххæст кæнынц хæслæвæрд. | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын); коммуникативон (фæрстытæ лыг кæнын); удгоймагон (этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын); Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын, ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын), |
Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын. Къордты куыст: | - Текстмæ гæсгæ дзуапп раттын фæрстытæн. 1.Ирон мифологийы куыд æвдыст цæуы Æфсати? 2. Æфсатийы номыл кувæндон ис? 3. Цуанæттæ балцы размæ кæмæ куывтой? - Ныртæккæ та бакæсæм æмæ байхъусæм къордтæ цы проектон куыстытæ бацæттæ кодтой, уыдонмæ. Фыццаг къорд: презентаци «Æфсати-сырдты бардуаг». Дыккаг къорд: «Фæлвæра-хæдзарон фосы бардуаг»
| Дзуапп дæттынц текстæй пайдагæнгæйæ: урс даргъзачъеджын зæронд лæджы хуызы. Æвдисынц æмæ дзурынц сæ презентациты æрмæг. | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын); коммуникативон (æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æмгæрттимæ); удгоймагон (фыдæлты æгъдæуттæм уарзондзинад гуырын кæнын); |
Рефлекси. Æрмæг бафидар кæныныл куыст: Хатдзæгтæ скæнын: Сæвæрын бæрæггæнæнтæ: | – Цавæр хъуыдытæ уæм сæвзæрын кодта нæ абоны урок? – Цавæр хатдзæгтæ скодтат? Æз ацы урочы бакуыстон хорз. Æз ацы урочы бакуыстон тынг хорз. – Бæрæггæнæнтæ сæвæрут уæхицæн æрмæг куыд бамбæрстат, уымæн. Саг у фондз, сæгуыт у цыппар, къуылых сæгуыт та æртæ. | Дзуапп дæттынц. Аргъ кæнынц сæ куыстæн. ----- 5
----- 3 | Зонадон (анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын); коммуникативон (бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ); удгоймагон (хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын); |
Хæдзармæ куыст: | 1. Ног дзырдтæ сахуыр кæнын. 2. Пъланмæ гæсгæ тексты мидис хи ныхæстæй дзурын. | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок по теме"Къостайы сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок"
Урок повторение по творчеству Коста Хетагурова....
Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»
Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...
Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"
Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"...
Дзырдбаст (фæлхат кæныны урок). «Васо- ирон æвзагзонынады стырдæр дæсны»
Открытый урок в 5 классе....
Хуымæтæг хъуыдыйад (фæлхат кæныны урок) . «Æрдз фæззæджы хъæбысы».
Открытый урок в 8 классе....
«Фыдæлты æгъдæуттæй диссагдæр нæй!». Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок).
Открытый урок 8 классе....
Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок)
Открытый урок в 9 классе...