Литературно-музыкальная композиция
материал (6, 7, 8, 9 класс)
Литературно-музыкальная композиция знакомит обучающихся с Коста - художником.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Литературон-музыкалон композици « Балц Къостайы æрмадзмæ». | 26.47 КБ |
Онлайн-тренажёры музыкального слухаМузыкальная академия
Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей
Современно, удобно, эффективно
Предварительный просмотр:
Литературон-музыкалон композици « Балц Къостайы æрмадзмæ».
Зал фæлгонцгонд у Хетæгкаты Къостайы портрет, йæ нывтæй, ахуырдзауты нывтæй, къулы газеттæй.
Зæлынц ирон фæндыры зæлтæ.
Балцамонæг æмæ йæ дыууæ æххуысгæнæджы сты хистæр кълæсты ахуырдзаутæ.
Балцамонæг: Уæ бон хорз, нæ зынаргъ уазджытæ! Куыд зонæм, афтæмæй ирон адæмы номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къоста канд ирон адæмы `хсæн нæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказы адæмты `хсæн дæр уыд фыццаг фæндаггæрдæг нывкæнынады. Æмæ нывкæнынады дæр йæ курдиат сæрттывта арвæрдыны алы хуызтæй, хæххон суадоны æртæхтау у сыгъдæг æмæ аив.
Бетъырбухы Аивæдты академийы ахуыргæнгæйæ, Къоста уыд йæ рæстæджы курдиатджын фæсивæды `хсæн, уыд хуыздæр ахуыргæнджыты къухы, æмбæлди студентты сусæг къордтимæ. Уымæ гæсгæ академийæ рацыд, йæхи сæрмагонд цæстæнгас кæмæн уыд, ахæм демократон нывгæнæгæй. Уыцы цæстæнгас арф бынат æрцахста йе сфæлдыстады æмæ ирдæй разынд йæ уацмысты.
Мах абон базонгæ уыдзыстæм Къоста-нывгæнæгимæ, абалц кæндзыстæм ивгъуыдмæ, нæ цæстытыл ма иу хатт ауайын кæндзыстæм, Къостайы зæрдæ цы мæгуыр адæмыл рыст, уыдоны; Къостайы зæрдæйы арф бынат чи бацахста, уыцы сылгоймæгты. Табуафси, хонæм уæ Къостайы æрмадзмæ.
Зарджыты къорд зары Къостайыл конд зарæг.
Стæй мынæгæй хъуысы «Додой»-ы мелоди.
Балцамонæг: Къоста Дзæуджыхъæуы Санаты Ибрагимы хæдзары куы цард, уæд фыссын райдыдта «Дурсæттæг сабитæ». Фыста йæ 1886 азæй 1891 азмæ. 1891 азы Къостайы ахастой, æмæ, йæхи хъуыдымæ гæсгæ, ныв кæронмæ куыстгонд нæ фæци. Фæлæ уæддæр ацы ныв у йæ курдиатджындæр куыстытæй иу.
Æвдыст цæуы ныв «Дурсæттæг сабитæ».
1-аг æххуысгæнæг: Тынг арф, æрхъуыдыджын, реалистон у ацы ныв. Хъæздыг у хуызтæй дæр. Ныв асæй у стыр, æмæ дзы сабитæ рауадысты се`мбæрцæй. Дыууæ хæххæн лæппуйы-Арвыкомы фæндагыл. Сæ иу уæззау дзæбугæй пырх кæны дуртæ. Иннæ-нымæтхуды, гомгуыбын, йæ цæстæнгасы-æнкъарддзинад. Рахизæрдыгæй-телыхъæд, йæ цуры хуыссы куыдз, æнтæфы йе`взаг раппæрста, афтæмæй. Телыхъæдыл хызын ауыгъд, æвæццæгæн дзы сæ ахуыйæн æвæрд ис. Нывыл ивылы хуры рухс. Дурсæттæг сабийы цæсгомыл æрттивынц хиды æртæхтæ. Нывы пейзаж у Балтайы сæрмæ. Рыг фæндагыл фæцæуы хохаг лæг. Дардæй æрбазынд дилижанс, ноджы дарддæрæй æрттивынц митсæр бæрзæндтæ, ранæй-рæтты сæ сæрмæ-мигъы къуымбилтæ. Сабиты бызгъуыр уæлæдарæс, хурсыгъд цæсгæмттæ, къухтæ, хиды æртæхтæ дзурæг сты хæххон сабиты мæгуыр, æнæбон цардыл, сæ уæззау куыстыл, сæхицæн кæрдзыны къæбæр тухитæй кæй амал кодтой, ууыл.
Зарджыты хор зары «Сидзæргæс», стæй иу ахуырдзау кæсы æмдзæвгæ «Додой».
2-аг æххуысгæнæг: Куыд дзурынц, афтæмæй Къоста «Дурсæттæг сабитæ»-йы Санаты Ибрагимы дыууæ лæппуйы сныв кодта. Хистæр, зæгъынц, зæрдиагæй разы кодта, фæлæ кæстæр, марадз зæгъ, кæд куымдта. Куыддæр-иу хуыссæнæй рагæпп кодта, афтæ-иу æй Къоста афтид хæдоны ацахста, цæмæй йын ма алидза, уый тыххæй. Нывгæнгæйæ-иу ын дзырдта алы худæджы ныхæстæ, ирхæфста йæ «Уасæг» æмæ æндæр æмдзæвгæтæй.
Ахуырдзаутæ кæсынц, Къоста сабитæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй цалдæр.
Къоста фыццаг хатт хаст куы æрцыд, уæд ын чидæр йæ ныв ауæй кодта цавæрдæр къупецаджы усæн. Цы æхца дзы райста, уый Къоста йæ цæстæй дæр нæ федта. Бирæ фыдæбæтты фæстæ ныв йæ къухы бафтыд.
Балцамонæг: Хохаг сывæллæтты царды уæззау нывтæ зынынц Къостайы иннæ ныв «Дон хæссынмæ»-йы дæр.
1-аг æххуысгæнæг: Къоста йæ нывы равдыста аив, хæрзконд æрыгон сылгоймаг æмæ цардбæллон чысыл лæппуйы сурæттæ. Сывæллонæн ис стыр, рæсугъд сау цæстытæ. Йæ гыццыл гуккытæй фидар хæцы йæ мады фæдджийыл æмæ рæвдз уайы хохаг зын фæндæгтыл. Ацы нывмæ кæсгæйæ, адæймаг ахъуыды кæны, зæгъгæ, Къоста ацы ныв ныффыста йæ сабидугыл хъуыдыгæнгæйæ. Нывы цы рæсугъд сылгоймаджы уынæм, уый та йæ мады сурæт у.
Ахуырдзау дзуры скъуыддзаг «Чи дæ ? »-йæ.
2-аг æххуысгæнæг: Хохаг царды уæззау уавæртæ Къоста равдыста йæ иннæ ныв «Арахъуадзджытæ»-йы дæр.
Балцамонæг: Паддзахы рæстæг провинциаг нывгæнджытæ хицауады `рдыгæй ницы аудындзинад уыдтой. Цардысты, дзуæртты нывтæ æмæ портреттæй цы чысыл муртæ истой, уыдонæй. Къостайы рæстæджы ахæмтæ уыдысты Васнецов, Врубель, Нестеров æмæ æндæр нывгæнджытæ. Уыцы куыст бахъуыд Къостайы дæр. Уæдæ-иу Къоста дзуæртты нывты равдыстытæ дæр сарæзта.
1-аг æххуысгæнæг: Уыцы равдысты тыххæй 1887 азы газет «Цæгат Кавказ»--ы фыссынц: « Владикавказ. Ноябры фæстаг бонты Владикавказы Коммерцион клубы æвæрд æрцыд æвзонг нывгæнæг Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Сыгъдæг Нинæ». Ацы ныв у тынг арæхстджын конд. Ныв уынынмæ чи цыд, уыдонæй бирæтæ лæгъстæ кодтой Къостайæн, цæмæй сæ нывы цурмæ хæстæг бауадза æмæ феной, ныв æцæгдæр ахорæнтæй конд у, уый. Иууылдæр ын алебастрæй конд æнхъæл уыдысты.
Зæд йæ галиу къухæй йæ риумæ балхъывта кæрæй-кæронмæ фыст пергамент, йæ рахиз къухы та –сæнæфсиры пуцæлттæй конд дзуар. Сæнæфсиры пуцæлттæ кæрæдзиуыл фидаргонд сты Нинæйæн йæхи сæрыхилтæй. Йæ ныхыл ис сæрбæттæн баст, сæрбæттæны æдде- урс басылыхъ. Йе сконд, йæ дарæс се`цæг хуызæй дисы æфтауынц. Фæлæ уæддæр æппæты тынгдæр зæрдæскъæфæн зæдæн у йæ цæстæнгас: кæсы кæдæмдæр дардмæ. Йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы хъуыддагыл кæй æууæнды, уый йыл зыны».
Зарæг «Хъуыбады».
2-аг æххуысгæнæг: «Сыгъдæг Нинæ»-йы ныв Къоста сарæзта Тифлисы аргъуантæй иуæн. Æмæ адæмы зæрдæмæ тынг кæй фæцыд, уый стыр ахъаз фæци йæ дарддæры куыстæн. Дзæуджыхъæуы аргъуантæ йын радтой куыстытæ. Цалдæр зæды нывы скодта сомихы аргъуанæн дæр.
Балцамонæг: Бынтон диссаг рауад Къостайæн йæ иннæ зындгонд ныв «Хъыггæнæг зæд». Уыцы нывы тыххæй дæр йæ рæстæджы фыста газет «Цæгат Кавказ».
1-аг æххуысгæнæг: Газет «Цæгат Кавказ» 1882-æм азы фыста: « Бынæттон нывгæнæг Хæтæгкаты Къоста æрæджы владикавказæгтæн фенын кодта йæ ног ныв. Ныв у ахæм: галиуæрдыгæй нывы кæрон- стыр хъæдын дзуар, йæ цъуппыл-зæгæлæй пергамент фидаргонд, йæ алыварс- какон сындзæй венок. Хъæдын дзуарыл рахизæрдыгæй йæ рахиз рæмбыныкъæдзæй æрæнцой кодта зæд. Йæ галиу къух дзуарыл афтæ æвæрд у, цæмæй йæ цæсгом уа дзуары`рдæм. Зæд цыма ауыгъд у, афтæ зыны. Тынг аив нывгонд сты йæ дзыккутæ дæр, цыма сæ рог уддзæф сабыргай фæйлауы, уыйау. Йæ галиу къух у цардæгасау, йæ уæлæдарæс-рухсдзыд».
2-аг æххуысгæнæг: Къоста «Хъыггæнæг зæд» куы фыста, уæд уыцы рæстæг тынг уарзта къупецаджы чызг Аннæ Поповæйы. Æмæ Поповæйы сурæт стыр бынат æрцахста нывы. Дæс азы дæргъы ацы дыууæ зæрдæйы бирæ маст, бирæ хъизæмар бавзæрстой сæ уарзондзинады сæраппонд. Попова мой не скодта, амард 80-аздзыдæй, зыбыты иунæгæй. Йæ фæстæ ныууагъта æрмæст йæ диссаджы боныг. Кæрæй-кæронмæ дзы мысы Къостайы ном…
Ахуырдзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ «Многоточия», « А.Я.П.»
«Хъыггæнæг зæд» дæр ,бæрæг куыд у, афтæмæй аргъуанæн уымæн ничи балхæдта, æмæ дзы иууылдæр уыдтой Аннæйы сурæт. Зæд Аннæйы `нгæс афтæ тынг уыд, æмæ бирæты дам- думтæй ничиуал æфсæста. Зæды сурæт дæр, йæ цуры дзуар æмæ сындзын венок дæр дзурæг сты Аннæйы æнамонд хъысмæтыл. Дзурæг сты, Аннæмæ цы хъизæмар æнхъæлмæ каст се`хсæнады уавæртæ æмæ йæ ныййарджыты аххосæй, ууыл. Нывы зæды цæстыты Къоста скодта цæссыгтæ, йæ цæсгомыл зыны æнкъарддзинад. Йæ уарзон чызг сæ фембæлдтыты аххосæй цы уавæры бахауд, уый Къоста хорз æмбæрста, æмæ йæ уый тыххæй йæ зæрдæмæ ноджы хæстæгдæр иста. Йæ сурæт ын равдыста рухс зæды хуызы.
Ахуырдзау кæсы æмдзæвгæ « Да, встретились напрасно мы с тобою…»
Балцамонæг: Къоста иттæг дæсны уыд портреттæ фыссынмæ. Хуымæтæджы йын йæ хуыздæр куыстытæ аивадиртасджытæ нæ барынц Гольбейны æмæ Дюреры уацмыстимæ. Уæлдай арæхстджынæй æвдыста адæймаджы цæстытæ. Къоста йæ нывты кæддæриддæр архайдта адæймагæн йæ миддуне йæ цæстæнгасы равдисыныл. Йæ фыст портреттæй абоны онг æрхæццæ æрмæст фараст, иннæтæ фесæфтысты. Уыдонæй фондзы равдыста нæлгоймаджы сурæттæ, цыппары-сылгоймаджы.
Æвдыст цæуынц Къостайы фыст портреттæ цыбыр комментаритимæ.
1-аг æххуысгæнæг: …Мады рæвдыд, мады фæлмæн ныхас… Чи сæ бафсæст, чи сæ ферох кодта йæ амæлæты бонмæ? Фæлæ йæ мады иу хатт дæр чи нæ федта, мад иу хатт дæр авдæны кæй нæ ауызта, уыдон та? Æвæццæгæн, уыдоны зæрдæты баззайынц, цæргæ-цæрæнбонты чи нæ байгас вæййы, ахæм хъæдгæмттæ. Уыдонæй иу уыди Къоста дæр. Фæстæдæр, йæ лæджы кары куы бацыд, уæд адæмы ныхæстæм гæсгæ скодта йæ мады портрет. Хъыгагæн, портреты хъысмæт бæрæг нæу.
Ахуырдзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ «Тæхуды», «Нет, тебя уж никто не заменит…»
2-аг æххуысгæнæг : Къостайы нывты `хсæн егъау бынат бацахста ныв « Цæлыккаты Аннæйы портрет» . Нæ рауад поэтæн йæ дыккаг уарзт дæр. Мæнæ куыд фыссы йæ фыстæджытæй иуы: « Тæхуды, ныр дæумæ цæсты кæронæй уæддæр бакæс. Цы зæрдæ дæм дарын, уый тыххæй дардыл нæ дзурдзынæн, æвæццæгæн ыл дызæрдыг нæ кæныс. Бæлвырд дзуапп мын ратт, зæгъгæ, дæуæй уый домын мæ бон нæу, фæлæ уæддæр мæхицæн ныфс æвæрын, ахъуыды кæн. Дæ портрет мæ мады портреты фарсмæ æрцауыгътон».
Ахуырдзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ «Хæрзбон», «Благодарю тебя за искреннее слово».
1-аг æххуысгæнæг: Нæ абоны балц Къостайы æрмадзмæ æххæстыл банымайæн нæй, йæ миддуне ирдæй кæм равдыста, уыцы «Автопортрет»-ыл куы нæ æрлæууæм, уæд.
Бæрæг у, Къостайæн, йæ автопортретыл кусгæйæ, йæ зæрдæйы уаг бынтон хæрзтæй кæй нæ уыд. Æнкъард æмæ æрхæндæгдзинад æвдисы йæ бакаст. Фæлæ ма йын лæмбынæг бакæсут йæ цæстытæм. Сау къæлæт æрфгуыты бынæй æрттивынц дыууæ цæхæры. Кæсгæ нæ, цыма дзургæ кæнынц: «Зындзинæдтæй нæ тæрсын æз, рухс фидæны сæраппонд тохмæ цæттæ дæн».
Скъоладзау дзуры:
Тæхуды, мæ куы фехъусис
Дæ фæдонтæн сæ хъæлдзæг зард,
Куы сын фенис сæ цард.
Дæ фæндырæй, зыланггæнгæ,
Æрцæгъдис уæд, зынаргъ Къоста,
Нæ цин æмæ нæ кад!
Зарджыты къорд зары зарæг «Мæ Ирыстон».
2-æг æххуысгæнæг: Къоста дæсны равдыста æрдзы нывтæ дæр: «Зикъарайы æфцæг», «Æрдзон хид», «Тебердайы ком».
Балцамонæг: Кæронбæттæны мæ зæгъын фæнды уый , æмæ Къостайы фæлгонц разæнгард кодта æмæ кæны нæ нывгæнджыты, скульпторты, графикты. Къостайы сурæт сарæзтой нывгæнджытæ Тугъанты Махарбег, Дзанайты Азанбег, Калманты Батыр, Дзантиаты Юрий; скульптортæ Дзантиаты Инал, Дзантиаты Алыксандр, Томайты Михал, Тауаситы Сослæнбег, Санахъоты Сергей, Дзанайты Чермен, Кцойты Владимир; график Хохты Аслæнджери.
Ныр та нæ жюрийы уæнгтæ сбæрæг кæндзысты, Къостайы уацмыстæм хуыздæр нывтæ чи скодта, уыцы ахуырдзауты. Сывæллæттæ, мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй Къостайы фарнæй хайджын уат, бæрзондæй-бæрзонддæр, кадджынæй-кадджындæр кæнат Иры ном, Иры кад!
Ахуырдзау кæсы «Балцы зарæг».
Иннæ ахуырдзау та кæсы æмдзæвгæ:
Къоста – нæ кад æмæ нæ зарæг,
Нæ цинтæй никуы уыдзæн цух!
Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг,
Зæххыл йæ зарæгау æдзух!
Цалынмæ жюрийы уæнгтæ сæ куыст кæнынц, уæдмæ скъоладзаутæ нæртон хъазт саразынц.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Литературно-музыкальная композиция "Военной песни негасимый свет..."
Материал может быть использован к Дню защитника Отечества или 9 Мая...
Литературно-музыкальная композиция к Дню Победы
Литературно-музыкальная композиция в сопровождении презентации. Достаточно важный момент в представлении - это перестроения. Доступна и интересна любой возрастной группе учащихся....
Литературно-музыкальная композиция "Память сердца"
Всё дальше и дальше уходит от нас в глубь прошлого Великая Отечественная война. Всё меньше её живых свидетелей и участников. Придёт время - и мы будем узнавать о событиях и людях военных лет только из...
Литературно-музыкальная композиция "Человек поднялся в небо"
Литературно-музыкальная композиция "Человек поднялся в небо" разработана в рамках проведения недели, посвященной Дню космонавтики....
Презентация литературно-музыкальной композиции "Романса трепетные звуки" (Век нынешний и два минувших)
Презентация литературно-музыкальной композиции может быть использован во внеурочной работе с учащимися среднего и старшего возраста...
Методическая разработка «Сорок черный год» (литературно-музыкальная историческая композиция)
История России показывает, что двигателем общественных сил в тяжелые для государства времена становится патриотизм к Родине, своему народу, к лучшим национальным традициям, что воплощалось в стремлени...