Фысгæ куысты сфæлдыстадон æрмадз «Шекспиры сонеттæ».
методическая разработка (11 класс)
Æрмадз «Шекспиры сонеттæ»
Æрмадзы нысантæ:
Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; дзурын поэты æмæ хи æнкъарæнты тыххæй; хи хъуыдытæ дзурын; хатдзæгтæ кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын.
Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; ахуырдзауты хъуыдыдзинад уæрæхдæр кæнын; поэзимæ цымыдисдзинад гуырын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын; аргъ кæнын хи æмæ иумæйаг куыстæн.
Хъомыладон: скъоладзауты дунеон культурæйы номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын; сфæлдыстадмæ сæ æмхиц кæнын.
Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг; классикон музыкæ; сонеттæ; рагон сыфтæ.
Куысты алгоритм: индикатор-деконструкци-реконструкци-фыццаг социализаци-хи рæдыдтытæ сраст кæныны этап-информацион басгæрст- сфæлдыстад-ног социализаци-сфæлдыстады кульминаци-рефлекси.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
masterskaya.doc | 49 КБ |
Предварительный просмотр:
Фысгæ куысты сфæлдыстадон æрмадз
«Шекспиры сонеттæ»
11-æм кълас
Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.Ю.
Æрмадз «Шекспиры сонеттæ»
Æрмадзы нысантæ:
Ахуырадон:ныхасы арæхстдзинæдтæ рæзын кæнын; дзурын поэты æмæ хи æнкъарæнты тыххæй; хи хъуыдытæ дзурын; хатдзæгтæ кæнын; диалогон æмæ монологон ныхас аразыныл кусын.
Райрæзтон:ирон æвзагмæ тырнындзинад рæзын кæнын; ахуырдзауты хъуыдыдзинад уæрæхдæр кæнын; поэзимæ цымыдисдзинад гуырын кæнын; интеллектуалон миниуджытæ рæзын кæнын; аргъ кæнын хи æмæ иумæйаг куыстæн.
Хъомыладон: скъоладзауты дунеон культурæйы номдзыд минæвæрттимæ зонгæ кæнын; сæ эстетикон æнкъарæнтæ рæзын кæнын; сфæлдыстадмæ сæ æмхиц кæнын.
Урочы фæлгонц: фæйнæгыл фыст; интерактивон фæйнæг; цæстуынгæ æрмæг; классикон музыкæ; сонеттæ; рагон сыфтæ.
Куысты алгоритм: индикатор-деконструкци-реконструкци-фыццаг социализаци-хи рæдыдтытæ сраст кæныны этап-информацион басгæрст- сфæлдыстад-ног социализаци-сфæлдыстады кульминаци-рефлекси.
Урочы цыд
Æрмадзы методикæ тынг хицæн кæны традицион урокæй: ис ын йæхи логикæ (кæнæ дзы уый æппындæр нæ вæййы), йæхи алгоритм, йæхи фæ лгонц. Ахуыргæнæгæн бар ис æрмадзы темæ куысты кæронмæ нæ дзурын, цæмæй æрмадзы архайджытæ сæхæдæг бамбарой сæ куысты нысан. Ахуырдзаутæ бадынц къордтæй, цы хæлттæ сæм схаудта (сырх, цъæх, бур, æрвхуыз), уыдонмæ гæсгæ.
1. Индуктор. Алы къорды стъолыл дæр ис цавæрдæр предмет. 1-аг стъолыл – æрмыкъух, 2-агыл – глобус, 3-агыл – рагон зæлдаг къухмæрзæн; 4-æмыл – фæткъуытæ. Ахуырдзаутæ сæм кæсынц.
2.Деконструкци. Æрмадз амонæг дæтты карточкæтæ алыхуызон дзырдтимæ. Ахуырдзаутæ сæ кæсынц.
3.Реконструкци. Ахуырдзаутæ æвзарынц карточкæтæй, предметтимæ кæй ис бабæттæн , ахæм дзырдтæ – ассоциацитæ. Ахуырдзауты ассоциацитæй: «фæлмæн, къух, дуне, цæссыг, сылгоймаг, уд, нæртон æмæ а.д.»
Мозговой штурм. Æрмадз амонæг фæрсы, предметы ‘хсæн цы бастдзинад ис, уымæй. Дзуæппытæй: «…æнæкæрон дунейы ныфсдæттæг сылгоймаджы къух…; «…зæххы къорийы рæсугъддæр бынат – нарты дыргъдон алæмæты фæткъуы бæласимæ…; «…зæххыл мады къухæй фæлмæндæр æмæ рæдаудæр нæй…»; «…зæлдаг къухмæрзæн… цымæ цавæр зæххон сусæгдзинæдтæ æмбæхсы, цавæр æнкъарæнтæ дары йæ зæлдаг зæрдæйы…»
Æрмадз амонæг бæтты предметтæ кæрæдзиимæ: æрмыкъух – Шеспиры фыд уыдис æрмыкъухгæнæг, глобус («Зæххы къори» ) – афтæ хуындис Шекспиры театр 16 æнусы, рагон зæлдаг къухмæрзæн – уыдис Шекспиры драмæйы («Отелло») Дездемонæйы къухы; фæткъуытæ – театрдзаутæ-иу сæ æхстой, сæ зæрдæмæ цы актёрты хъазт нæ фæцыдис, уыдоныл.
3.Фыццаг социализаци. Кусынц къордтæй, сонеты текстытæй фыссынц, ахсджиаг сæм цы дзырдтæ кæсынц, уыдон, æмбарын кæнынц сæ нысаниуæг, кæрæдзийæн дзурынц, цы дзырдтæ равзæрстой, уыдон, амонынц æрмадзы темæ. Ахуырдзауты дзырдтæй: «уарзт, фыдхахуыртæ, сагъæстæ, фæндтæ, мысинæгтæ, дызæрдыгдзинад, уд, быцæудзинад, цин, фæндагамонæг…»
4.Хи рæдыдтытæ сраст кæныны этап. Ахуырдзаутæ барынц сæ дзырдтæ къорды кусджыты дзырдтимæ. Кæнынц хатдзæгтæ, æфтауынц ма сæ дзырдтæм се ‘мбæлтты дзырдтæй.
5.Информацион басгæрст. (Цы дзы рауадис?) Кæсынц сæ.
6. Сфæлдыстад. Æрмадз амонæг кæсы Шекспиры 122-æм сонет.
Дæтты хæслæвæрд: бафтауын, цы дзырдтæ рафыстой, уыдонмæ, ног дзырдтæ – Шекспиры дуджы атмосферæ, йæ хæрздæф, йе ‘нкъарæнтæ, йæ зондахаст, йæ хъуыдытæ чи вдисы, ахæмтæ. Уыцы дзырдтæй пайда кæнгæйæ, ныффыссын чысыл прозаикон кæнæ поэтикон текст – драматурджы цардæй иу бон. Æрмадз амонæг уары ахуырдзаутæн «поэты боныгæй ист рагон сыфтæ», уыцы сыфтыл скъоладзаутæ фыссынц сæ хъуыдытæ.
7.Ног социализаци. Ахуырдзаутæ кæрæдзимæ æвдисынц сæ куыстытæ. Кæсынц сæ. Ахуырдзауты куыстытæй:
- «…Уарзын æз, фæлæ йыл дзурын къаддæр: æцæг уарзтæн хъæргæнæн нæй…»
- «Фыдкой æмæ фыдхахуыртæн сæ фæд мæ тар ныхыл фæхастон. Фæлæ дæ уарзт, дæ рæсугъд фæнд мæ сагъæстæ фæсырдтой… Ды дæ мæ дуне…»
- «Мæ уарзондзинады сагъæстæ, дызæрдыгдзинад та мæ сæ быны скодтой...»
- «Уарзт цины рухс у – чи судзы фæрнæй,
Фыд тымыгътæ йæм никуы сты нымады.
Уарзт стъалы у – кæд æм æхæссæн нæй,
Уæддæр нын у фæндагамонæг царды»
- «Фыссын та ногæй мæ мысинæгтæ… Ехх, мæ хъуыдытæ мæ ахонынц уæларвмæ…»
- «Айдæнмæ кæсгæйæ, мæ цард сæрæй кæронмæ мæ цæстыты раз ауайы. Паддзах мын уыд æрмæст мæ Музæ. Ныр мæ мæ хъуыдытæ уæлæрвтæм фæхæссынц. Кæд мæ æппындæр ничи мыса, уæддæр дæ зæрдæйы, мæ чиныгкæсæг, уыдзысты мæ миддунейы сагъæстæ, мæ быцæудзинад, мæ дызæрдыгдзинад…»
- «Куыд мæнгард дæ уæдæмæ, цард!
Нæ дуг – цыбыр, нæ фæндæттæ – æгæнон…
Æрмæст дæ уарзтæн нæй кæрон,
Æмæ та уалдзæджы фæзæгъын:
-Цæй, цæрон, æмæ дæ сау цæстытæн фидон хъалон…»
8. Сфæлдыстады кульминаци. Ахуырдзаутæ ауындзынц сæ куыстытæ фæйнæгыл (уыдон сæхи æнкъарынц куыд сфæлдыстадон адæм).
9. Рефлекси. Ахуырдзаутæ фыссынц, цымыдисаг сæм цы фæкаст æрмадзы, ногæй цы базыдтой, сæ зæрдæмæ цы фæцыдис (цы нæ фæцыдис), зын сæм цы фæкастис, сфæлдыстадон куыст кæнгæйæ сæм цы æнкъарæнтæ фæзындис, уый тыххæй.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Доклад "Скъоладзауты эстетикон рæзтыл куыст ирон литературæйы урокты».
Доклад о пословицах....
Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."
Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...
Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы. Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»
Ирон æвзаджы урок 4-æм къласы.Темæ: Нывмæ гæсгæ куыст: Т. Яблонская «Райсом»...
Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»
Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...
Нывма гасга куыст
Хетагкаты КЪ. "Хохы ком"....
Конспект к уроку осетинской литературе "Куыст – царды фæрæз (Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-мæ гæсгæ)"
Урочы нысантæ: 1.Равзарын уацмысы сæйраг хъуыды....
Скъоладзауты проектон куыст ирон литературæй урокты
quot;Проект" – бæлвырд куыстытæ, документтæ æмæ текстты иудзинад; предмет, объект кæнæ теоретикон продукт саразыны фæнд. Кæддæриддæр баст у сфæлдыстадон куыстимæ....