Урочы темӕ: Уидаг. Ӕмуидагон дзырдтӕ .
план-конспект урока

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 

Скачать:


Предварительный просмотр:

          Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 3-аг къласы

          Ныхасы темӕ: Ӕмбалы фарнӕй хох дӕр нӕры.

          Урочы темӕ: Уидаг. Ӕмуидагон дзырдтӕ.        

Урочы нысантӕ

    Бамбарын кӕнын дзырды уидаг;иртасын ӕмӕ аразын ӕмуидагон дзырдтӕ;ныхасы рӕзтыл бакусын;скӕнын къорд фӕлтӕрӕны;ӕцӕг ӕмбалӕн аргъ кӕнын

Урочы хуыз

Ног ӕрмӕг амоныны урок

Урочы ахуырадон фӕстиуджытӕ

Предметон: предметӕй ног зонындзинӕдтӕ райсын,

текстæй хъæугæ информаци райсын. Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын. Регулятивон: нысан æвæрын зонын, фæтк æвæрын, рефлекси.  

Коммуникативон:  арӕхсын диалог аразын                скъоладзаутимӕ                               

У   

Удгоймагон: ӕмбалӕн аргъ кӕнын.

   

 

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ, текст, ӕмбисӕндтӕ, зарӕг «Ӕмбалы зарӕг»

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Организацион

хай

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ .

--- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ?

Cалам дæттынц

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Х Хъусӕм «Ӕмбалы зарӕг»-мӕ.

Цӕй кой кӕнынц зарӕджы?

        Разы стут зарӕгимӕ «…хорз ӕмбал не скӕндзӕн маст..»? Цавӕр хъуамӕ уа ӕцӕг ӕмбал? Дӕхӕдӕг бӕззыс ӕмбалӕн?  

      Бакӕсӕм- ма эпиграф. (слайд)

    Эпиграф: Ӕмбалы фарсмӕ

    амонд дӕр цӕры

Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Коммуникативон:

(хи хъуыды æргом кæнын)

Удгоймагон:

(кæрæдзийæн æххуыс кæнын)

Зонындзинӕдты актуализаци

    Карточкӕтимӕ куыст.      

    Карточкӕ №1

    Бӕрӕггонд дзырдтӕн ссарын            с    кӕрӕттӕ ӕмӕ сӕ рахицӕн кккӕнын.

1 къорд.

Ӕмбалӕн аргъ кӕнын хъӕуы.

Де’ мбалыл дӕ зӕрдӕ дар.

     Ӕцӕг ӕмбалимӕ хӕсты ббыдыры дӕр ӕнцон у.

2 къорд.  

  Дӕ хӕларӕй хуыздӕр дӕ ничи бамбардзӕн.  

    Хӕларимӕ хӕларӕй цӕрын хъӕуы.

   Хӕлары макуы асай.  

 (слайд 2)

         Дзырдтӕн ивгӕ цы хай кӕны   к уый куыд хуыйны?

      Ӕркӕсут-ма уӕ дзырдтӕм                       ӕ   æмæ дзы ссарут иумӕйаг хай

   

 

 

Скъоладзаутæ кусынц карточкатимæ

- Дзурынц сæ хъуыдытæ.

Алы къорд дӕр кусы йӕхи дзырдтимӕ.

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Къуылымпытӕ кӕм ӕмӕ цӕмӕн ӕййафдзысты ,уый сбӕрӕг кӕнын.

       Дзырдуатон куыст.

      ...ӕздан, фӕзм…наг, зон…джын, хӕл…рзӕрдӕ,

   коммӕ…ӕс.

(Уӕздан, фӕзминаг, зондджын,  хӕларзӕрдӕ,

    коммӕгӕс)

Цавӕр ныхасы хаймӕ хауынц ацы дзырдтӕ?

2)Адӕймаджы цавӕр миниуджытӕ ӕвдисынц?

Алы къорд дӕр исы карточкӕ №2 ӕмӕ цухгонд

дамгъӕтӕ ӕвӕры:

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын)

Релаксаци.

Алы къорды раз дӕр ис мольберт бӕласы нывимӕ.

Бӕлас у цард. Цавӕр ӕмбӕлттӕ уӕ хъӕуид уӕ царды фӕндагыл? Уӕ хӕс у дыргътыл ныффыссын миниуӕгӕвдисӕг дзырдтӕ ӕмӕ сӕ  бӕласыл ӕрцауындзын. (слайд 3)

    Аулӕфыдыстӕм.

        Кусӕм дарддӕр

      3)Цухгонд дамгъӕтӕй                                              

уын  цавӕр дзырд рауад?

  (УИДАГ)

Скъоладзаутæ дыргътыл фыссынц дзырдтæ æмæ сæ бæласыл фидар кæнынц

Удгоймагон:

(кæрæдзийæн æххуыс кæнын)

Коммуникативон:

(искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын)

Цӕлхдур аиуварс кӕнынӕн проект саразын.

Сбӕрӕг кӕнӕм дзырд «уидаг»-ӕн йӕ лексикон нысаниуӕг. Цы у уидаг? ӕркӕсут –ма уӕ мольберттӕм. Бӕласӕн йӕ кӕцы хай хуыйны уидаг? Цӕмӕн ма ис уидаг? Уӕдӕ ацы дзырд у бирӕнысанон(слайд4)

             Уидаг –корень

        Уидагон – корневой

    Уидагдыргъ –корнеплод

  Ӕмуидаг –однокоренной

     Уидагкъах –корненожка

       Уидагджын – с корнями

       Дзырды уидаг - корень слова

     Дӕндаджы уидаг – корень зуба          

     Куыд уӕм кӕсы нӕ урочы

     темӕ абон цавӕр у?

Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ

Дзырды уидаг

Зонадон

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Ног ӕрмӕг

Чиныгимӕ куыст.

 Кӕсӕм раиртӕст.

Кӕнӕм фӕлтӕрӕн 61-ӕм

Фæлтæрæнмæ хæслæвæрд кæсынц. Къайгай агурынц æвæрд фарстмæ дзуапп. Кæрæдзийы дзуæппытæ æххæст кæнынц.

Зонадон:(ног зонындзинадта авдисын фысгайа)

Коммуникативон:

(искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын)

Хибарӕй куыст.

1къорд каны 63 фӕлтӕрӕн

2 къорд 65-ӕм

Кæсынц æмæ хæслæвæрдтæ æххæст кæнынц. Куысты кæрон сæ дзуæппытыл бындуронæй кусынц.

Зонадон: (ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Ӕрмӕг бафидар кӕныныл куыст

Уӕдӕ нӕ урочы эпиграфмӕ не’ ргом раздахӕм: «Ӕмбалы фарсмӕ амонд цӕры» Куыд ын ӕмбарут йӕ хъуыды? Разы стут ацы ӕмбисондимӕ?

Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ

Удгоймагон:

(кæрæдзийæн æххуыс кæнын, ӕмбалӕн аргъ кӕнын.

Текстыл куыст.

  Байхъусут ма ацы текстма Цардис ӕмӕ уыдис иу лӕг. Царды фӕндагыл йемӕ ӕмдзу кодтой  ӕртӕ хуыцауы: амонды хуыцау, фарны хуыцау, хӕлардзинады хуыцау. Уыдоны фӕрцы лӕгӕн бирӕ цыдӕртӕ бантыст, ницы хъуаг уыди, ӕмӕ йӕм иу бон хуыцӕуттӕ ӕрбацыдысты.

  - Мӕнӕ хорз лӕг, дӕ цард сарӕзтай, тынг бирӕ дын бантыст, махӕн та цӕуын афон у, фӕлӕ дӕ бон у не ртӕйӕ иуы ныууадзын.

Ахъуыды кодта лӕг ӕмӕ дзуапп радта:

- Хӕлардзинады хуыцау лаууӕд мемӕ. Йӕхӕдӕг ацыди ӕмӕ схуыссыд. Райсом раджы йӕ цӕстытӕ байгом кодта ӕмӕ ауыдта ӕртӕ хуыцауы дар. Бадис кодта:

-Цӕуинаг куы уыдыстут, уӕд цӕмӕн баззадыстут?

-Уымӕн ӕмӕ ды ныууагътай дӕ фарсмӕ хӕлардзинады хуыцауы, уый махӕн дӕр у нӕ зынаргъ хӕлар. Хӕлардзинадӕй зынаргъдӕр ницы ис а зӕххыл, ӕмӕ мах дӕр баззадыстӕм, ,- дзуапп радтой хуыцауттӕ.

Раттут сӕргонд ацы текстӕн.

Цӕуыл дзы цӕуы дзырд?

Сымах та куыд хъуыды кӕнут?

Баххӕст ма кӕнут ӕмбисӕндтӕ.

Лӕвӕрд дзырдтӕн ӕрхъуыды  кӕнын ӕмуидагон дзырдтӕ, фӕнысан сын кӕнын сӕ уидӕгтӕ.

1 къорд мивдисӕг уарзын

2 къорд номдар ныфс

Тексты арф хъуыды ӕмбарын кӕнынц,дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн

Кусынц ӕмбисӕндтыл

(уарзт, уарзаг, ӕнӕурзт…)

(ныфсджын, ӕнӕныфс, ныфсхаст, ныфссаст..)

Зонадон: ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Удгоймагон:                  ( æмбалæн аргъ кæнын)

Коммуникативон:(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Рефлекси.

Ӕз абон урочы базыдтон…

Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди…

Мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыди…

Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Хӕдзармӕ куыст.

1.Ныффыссын чысыл нывӕцӕн «Ӕмбалы фарсмӕ амонд цӕры»

1.Фӕлтӕрӕн 66

- Кæсынц хæслæвæрд. Æмбарын кæнынц, цавæр зонындзинæдтæ сæ бахъæудзæн йæ сæххæст кæнынмæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия....

Урок осетинского языка в 8 классе. "Хахта". Иуварсыг хъуыдыйадта, сиданта, баварга дзырдта.

Урок тематический, посвящен  горам. Обучающиеся повторяют  односоставные предложения, обращения, вводные слова....

Дзырдты комкоммæ ама ахасга нысаниуджыта.

Нысан:  1.Зардыл арлаууын канын иунысанон  ама биранысанон дзырдта.                2. Бараг канын дзырдан йа комком...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....