Урок осетинского языка в 8 классе. "Хахта". Иуварсыг хъуыдыйадта, сиданта, баварга дзырдта.
план-конспект урока (8 класс) по теме
Урок тематический, посвящен горам. Обучающиеся повторяют односоставные предложения, обращения, вводные слова.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
hahta.docx | 560.22 КБ |
Предварительный просмотр:
Ирон æвзаджы урок 8-æм къласы
Темæ:
(Фæлхат кæныны урок)
Ахуыргæнæг Лохты Р.Х
Æрыдон
Темæ: Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ, сидæнтæ, бавæргæ дзырдтæ. Фæлхат кæныны урок.
Нысан: Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ, сидæнтæ, бавæргæ дзырдтæ сфæлхат кœнын œмœ сœ ныффидар кæнын.
Хъомыладон хæс: Скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад æрдзмæ, райгуырæн зæхмæ.
Урочы æрмæг: Текст «Хæхтæ», таблицæтæ, нывтæ, техникон фæрæзтæ.
Урочы цыд
I.Ахуыргæнæджы ныхас.
Хъуысы музыкæ
Хæхтæ… Нæй ссарæн сымах аккаг дзырдтæ. Райгуырæн хæдзар, райгуырæн хъæу! Æнæ хæхтæй цы уаиккат сымах дæр! Сымах дæттут æхсызгондзинад уæ уынд æмæ уæ кондæй. Сымахмæ кæсгæйæ, адæймаг банкъары сæрыстырдзинад йæ райгуырæн зæхх, йæ Ирæй. Адæймагмæ фæзыны æгæрон тых, басадзут ыл базыртæ, йæхиуыл æй баууæндын кæнут, йæхи рæсугъддæр æмæ сыгъдæгдæр банкъары…
Уæлдай бузныг уын, хæхтæ, нæ Ирæн нæртон гуырдтæ кæй радтат, уый тыххæй. Ирон адæм уын ныллæг кувынц æмæ кувдзысты. Бузныг, хæхтæ, 19 æнусы нын Хетæгкаты Къостайы кæй радтат, уымæй. Бузныг, хæхтæ, 20 æнусы нын Абайты Васойы кæй радтат, уымæй. Ныр дæр, хæхтæ, курæм уæ, кувæм Стыр Хуыцаумæ, цæмæй нын 21 æнусы радтат Къоста æмæ Васойы хуызæн аккаг хъæбултæ. Бузныг, хæхтæ…
Ах-г: Куыд уœм кœсы сывœллœттœ, цымœ нœ абоны урочы цœуыл ныхас кœндзыстœм?
Скъоладзау: Мœнмœ гœсгœ, абоны урочы ныхас кœндзыстœм хœхты тыххœй.
Ахуыргœнœг: Тынг раст, абон цæуылдæриддæр дзурдзыстæм нæ урочы, уыдон баст уыдзысты, Ирыстон йæ сæр бæрзонд цæмæй хæссы, æппæт адæм дæр нæм хæлæг цæй тыххæй кæнынц, æгас дунейæ дæр нæм уынæг цæмæ цæуынц, уыдоны номимæ –хæхтимæ.
Нœ урочы сфœлхат кœндзыстœм иувæрсыг хъуыдыйæдтæ, сидæнтæ, бавæргæ дзырдтæ œмœ сœ ныффидар кæндзыстœм.
Нæ урокæн эпиграфæн райстам зындгонд уырыссаг поэт, зарæггæнæг, композитор Владимир Высоцкийы ныхæстæ:
«Хæхтæй хуыздæр сты æрмæстдæр хæхтæ»
II. Ахуыргæнæг:
Æркæсæм нæ хæдзармæ куыстмæ. Абонмæ сымах хъуамæ:
- ссардтаикат поэтикон рæнхъытæ хæхты тыххæй;
- базыдтаиккат, Ирыстоны нывгæнджытæй чи равдыста йæ куыстыты хæхты нывтæ;
- æркастаиккат, Ирыстоны цавæр хæхтæ ис, уыдонмæ;
- сфæлхат кодтаиккат рацыд æрмæг.
- Табуафси
( сывæллæттæ бакастысты æмдзæвгæтæ, ранымадтой нывгæнджыты, кæцытæ сæ уацмысты равдыстой хæхты нывтæ, радзырдтой Ирыстоны хæхты нæмттæ).
- Фыссæм абоны нымæц.
Фæйнæгыл ауыгъд сты хæхты нывтæ, сæ фæстæ та фыст сты фæрстытæ
- Сывæллæттæ, ныртæккæ уæ фæйнæгмæ рауайдзæн 5 адæймаджы, кæцытæ тынг уарзынц æрдз, хæхтæ. Алчидæр уæ равзарæт, йæ зæрдæмæ кæцы ныв фæцыди, уый. Лæвар уын сæ кæнын. Æрмæст афтæ, нывты фæстæ ис фыст фарст. Дзуапп ын раттут, æмæ ныв сымах уыдзæн.
Сколадзаутæ дзуапп дæттынц
- Фæйнæгыл, сывæллæттæ, фыст ис текст «Хæхтæ». Æмбæлынц дзы ахæм дзырдтæ:
къадатæ – родники
æнхъырдтæ – морщинки, складки
дадалитæ – волосы, кудри
- Æнхъырдтæ ма æндæрхуызон куыд зæгъæн ис, йæ синоним куыд у?
Скъ: æнцъылдтæ.
- Бакæсæм текст.
Скъоладзау кœсы текст.
Хæхтæ
1.Хæхтæ… 2.Ирыстоны урсзачъе зæрæдтæ. 3.Фыдæлты цардæн йе ’гомыг æвдисæнтæ. 4.Кæсынтыл сæм фæвæййын. 5.Аргъæутты уæйгуытау æгомыгæй лæууынц. 6.Æнусон къæдзæхтæ кæрæдзийы фарсмæ улæфынц. 7.Хæхты бæрзæндтыл урссæр цъититæ æрттивынц. 8.Уыдон хурмæ тайынц æмæ къадатæй уайынц быдыртæм æмæ дæлвæзтæм. 9.Æнæбын комæй гуылфгæнгæ уайы дон, йæ пырх æндон къæдзæхтыл калы… 10.Тæхуды, хæхтæ, æз куы фестин маргъ! 11.Æз уын акæнин, æнæмæнг, хъæбыстæ, адауин мæ фæлмæн къабæзтæй уæ урс дадалиджын сæртæ. 12.Æз уын, бæгуы, асæрфин зæлдаг кæлмæрзæнæй уæ цæссыг… 13.Зонын, бирæ арф фæдтæ ныууагъта ивгъуыд цард уæ фæхстыл. 14.Уе ’нхъырдтæ уадултыл, мæ уарзон хæхтæ, хатгай фемæхсы уæ цæссыг. 15.Суадæттæн райхъуысы сæ кæуын…
Ах-г: Сымахмæ гæсгæ, ацы рæнхъытæ чи ныффыста, уый цавæр адæймаг у, цавæр миниуджытæй æххæст у?
Скъ-у: Мœнмœ гœсгœ, ацы рœнхъытœй бæрæг у, сœ автор тынг кæй уарзы йæ райгуырæн зæхх, йæ райгуырæн бæстæ, йæ æрдз.
Ах-г: Уæдæ йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы, ахæм адæймаджы куыд фæхонынц?
Скъ-у: Йœ райгуырœн бœстœ чи уарзы, ахœм адœймаджы хонынц Патриот.
Ах-г: Уœдœ тексты авторы схонæн ис патриот?
Скъ-у: Æнæмæнг, ацы рœнхъыты авторы схонœн ис патриот
Ах-г: Уæдæ нæ цымæ цæмæ разæнгард кæны ацы тексты автор?
Скъ-у: Цæмæй мах дæр æнæкæрон уарзтæй уарзæм нæ райгуырæн бæстæ, цæстыгагуыйау æй хъахъхъæнæм).
Ах-г: Текстмæ ма лæмбынæг æркæсут æмæ дзы ссарут иувæрсыг хъуыдыйæдтæ, зœгъут сын сœ хуыз.
1 Скъ-ау: 1-аг, 2-аг œмœ 3-аг хъ- œ сты номхуындон.
2-аг скъ-у: 4 – œм хъ-д у бæлвырдцæсгомон, 5 – œм та æбæлвырдцæсгомон.
Ах-г: Ныр та тексты ссарæм сидæнтæ.
Скъ-у: 10 – œм хъуыдыйады сидœн у хæхтæ.
Скъ-у: 14 –œм хъ-ды сидœн у мæ уарзон хæхтæ.
Ах-г: Раст. Ныр та ма дзы бавæргæ дзырдтæ ссарут.
Скъ-у: 10 – œм хъ-ы бавœргœ дзырд у тæхуды.
Скъ-у: 11 – œм хъ-ы бавœргœ дзырд у æнæмæнг.
Скъ-у: 12 –œм хъ-ы бавœргя дзырд у бæгуы.
Ах-г: Ныр та лæвæрд текстæй рафыссут 8-æм хъуыдыйад æмæ йæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ равзарут.
Уыдон хурмæ тайынц æмæ къадатæй уайынц быдыртæм æмæ дæлвæзтæм.
( сывœллœттœ равзœрстой хъ- д)
Ах-г: Сывæллæттæ, нæ куыст баст у хæхты номимæ æмæ ма мын зæгъут, дунейы æппæты стырдæр хох цавæр у?
Скъ-у: Эверест, йæ бæрзæнд у 8848 м.
Ах-г: Уæдæ Уæрæсе æмæ СНГ кæй хонæм, уым та цавæр бæрзонд хох ис? Скъ-у: Памир, йæ бæрзæнд у 7495 м.
Ах-г: Уæрæсейы та?
Скъ-у: Эльбрусы хох, йæ бæрзæнд у 5642 м.
Ах-г: Гуырдзы æмæ Ирыстоны ’хсæн цы хох ис, уый та куыд хуыйны?
Скъ-у: Уыцы хох хуыйны Хъазыбег, йæ бæрзæнд у 5047 м.
Ах-г: Æмæ уæд Ирыстоны та цавæр бæрзонддæр хох ис?
Скъ-у: Мœнмœ гœсгœ , Джимарайы хох. Уымæн та йæ бæрзæнд у 4776 м.
Ах-г: Ныртæккæ фæйнæгмæ дыууæ скъоладзауы рауайдзысты. Уœ иу морфологон æвзæрст ракæндзæн дзырд хæхтæ- н, иннæ та уæнгон-мырон анализ скæндзæн дзырд зæлдаг- æн. Æртæ скъоладзауы та кусынц лœвœрд карточкæтимæ. Сывœллœттœ сымах та сœ œвзарут уœ тетрœдты.
( куысты фœстœ бœрœг кœнынц хœслœвœрдтœ)
Ах-г: Сывæллæттæ, ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, нæ историйы, нæ царды, ирон адæмæн цы ахъаз фесты хæхтæ, цы бынат ахсынц ирон адæмы царды. Скъ-та: (14 æнусы … Задалески Нанайы тыххœй дзурынц)).
Ах-г: Раст хъуыды кæнут. Абон ыл зарæг дæр ма скодтой «Зæдæлески Нана».
Ныр та 9-æм хъуыдыйад рафыссут æмæ йæ синтаксикон æгъдауæй равзарут.
Æнæбын комæй гуылфгæнгæ уайы дон, йæ пырх æндон къæдзæхтыл калы
( скъоладзаутœй иу œвзары хъ-д интерактивон фœйнœгыл)
Ах-г : Ахъуыды ма кæнут, сывæллæттæ, æмæ зæгъут, литературæйæ цавæр уацмыстæ ахуыр кодтат, кæцы ран æвдыст æрцыдысты хæхтæ?
Скъ-у: «Фыййау Баде», «Сæлимæт»….
Ах-г: Лæвæрд текстæй рафыссут дзырдтæ: къадатæй, ныууагъта, урссæр. Дзырды хæйттæм гæсгæ сæ равзарут. Бацамонут сын сæ растфыссынад.
( равзœрстой)
Ах-г: Сывæллæттæ, сымахæй исчи зоны, Ирыстоны зындгонд альпинисттæй æппæты бæрзонддœр хох Эверестмæ чи схызт?
Скъ-у: Мœнмœ гœсгœ, Ирыстоны альпинистты раздзог - Хæмыцаты лæппу.
Ах-г: Цы пайда нын дæттынц хæхтæ?
Скъ-у: Сыгъдæг уæлдæф, хæххон дæттæн сæ ратæдзæн, къахгæ хæзнатæ: æвзалы, æрхуы, æфсæйнаг, мрамор, гранит, чъыр…
Ах-г: Хорз, ныр та акусœм къордгай. Уæ разы ис нывтæ. Æрхъуыды кæнут 4-5 иувæрсыг хъуыдыйады, æрмæст кæрæдзийыл баст куыд уой. Фыссæм, зæгъæм, ахæм формæйæ , куыд «Хæхтимæ ныхас». 1хъ-д хъуамœ уа номхуындон, 2 -аг– бæлвырдцæсгомон, 3 – æнæцæсгомон хъуыдыйад.
( къордтœ ныффыстой сœ хъ-œ, уый фœстœ сœ бакастысты œмœ сœ кœрœдзийы куыстытœн аргъ скодтой)
Ахуыргæнæг:
- Афтæмæй, цæуыл ныхас кодтам нæ урочы?
( скъоладзауты дзуœппытœ)
- Цы базыдтат ногæй?
( Скъоладзауты дзуœппытœ)
- Цавæр хатдзæг скæнæн ис?
( кœнынц хатдзœгтœ)
- Раст. Владимир Высоцкийы загъдау: «Хæхтæй хуыздæр сты æрмæстдæр хæхтæ»
Хæдзармæ куыст. Ныффыссын цыбыр нывæцæн «Хæхтæ – нæ зарды сæр».
Бæрæггæнæнтæ.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок осетинского языка в первом классе
Тематикон урок ирон æвзагæй 1 къласы. Урок – балц аргъаумæТемæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м...
Урок осетинского языка в 5 классе
Урок ирон æвзагæй 5-æм къласыТемæ: Номдарты нысаниуæг.Ныхасы темæ: Уалдзæг у царды райгуырæн....
Урок осетинского языка в 5 классе
Урок ирон æвзагæй 5-æм къласыТемæ: Номдарты нысаниуæг.Ныхасы темæ: Уалдзæг у царды райгуырæн....
Урок осетинского языка в 6 классе
Сочинени фыссынмæ цæттæгæнæн куыстТемæ: Уалдзæг – царддæттæг....
Урок осетинского языка в 8-ом классе
Урок осетинского языка на тему Коста Хетагурова...
Урок- описание картины Решетникова "Опять двойка" на уроке осетинского языка в 6 классе.
Подготовка к написанию сочинения по картине Решетникова "Опять двойка"....
Методическая разработка по осетинскому языку и литературе «Мотивация учащихся на уроках осетинского языка и литературы с разным уровнем обученности».
Данная разработка предназначена для учителей осетинского языка и литературы....