Презентация к уроку по родному языку "Современный поэт - Шамиль Джиккаев".
презентация к уроку (9 класс)

Черчесова Виктория Касполатовна
Презентация к уроку по родному языку "Современный поэт - Шамиль Джиккаев".

Скачать:

Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Хатыр: нæ зыдтам аргъ дæ кадæн Джыккайты Шамилы мысынæн

Слайд 2

Йæ тынтæ хур сæуæхсидмæ æрвыста, Сæууон æртæх зæлдаг сыфтыл æрхауд. Æнæнхъæл, арвæй урс – урсид фæлысты Хæххон Дзомагъмæ Хъодыгонд зæд ‘ртахт.

Слайд 3

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, профессор.

Слайд 4

Ныффыста æхсæз поэтикон æмбырдгонды æмæ æртæ пьесæйы.

Слайд 5

Ирыстоны номдзыддæр лæгтæй сæ иу.

Слайд 6

Ирон æвзагмæ тæлмац кодта фæсарæйнаг æвзæгтæй .

Слайд 7

Мæ ныхыл рухс цырагъ сыгъдис, Мæ риуы зæлыдис дзæнгæрæг, Йæ дзингæй талынгмæ лыгъдис Хуыснæг, хæйрæг æмæ æрвнæрæг.

Слайд 8

Хъазуаты сидтæн æз фæдис, Фæткъуы бæлас ныссагътон. Мæнæн, цы зæгъон, уый уыдис, Зæгъын цы хъуыд, уый загътон.

Слайд 9

Мæ хъæрæй нæ райхъал æфсарм, Нæ уæм хъуыст фыдохы мæ фæдис.

Слайд 10

Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон, О ме скæнæг, цæй амондджын дæн æз! Нæ зæххæй мæм æртæ хорзы æрхауди: Йæ рыст, йæ маст æмæ йæ уарзт.

Слайд 11

Уыдис мын дзуар æмæ æмгар, Нæ хастон худ æгадæй. Кæлмытæ амардтон дзæвгар, Нæ лыгъдтæн дард дзынгатæй.

Слайд 12

Мæ Ир, цы маст зоныс мæнæй, Мæ уд цæй охыл дарыс артмæ? Кæд мын цæрæн дæ риуыл нæй, Уæд дзы кæдæм фæлидзон дардмæ?

Слайд 13

Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты... Уæддæр Дыууадæс дзырды — се ‘ппæтæй хуыздæр. Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн ЦАРД, Йæ фидауц уымæн — арвы стъæлфæн — АРТ. Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД, Цæуы йæ армæй адæмыл БÆРКАД. Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц — ФАРН, Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин — ÆФСАРМ. Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр — ХÆЛАР, Ыскæны мах Хуыцауы ‘мсæр ÆХСАР. Лæджы нысан — СÆРИБАР æмæ КАД. Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн КАРД. Æппæт хæрзтæн ИРЫСТОН у бындур, — Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур.

Слайд 14

Схъулон ис дæ хъарм туджы æртæхтæй Сихорафон хъæды ‘рдузы зæхх. Дард, фæсхохы Дзомагъы къæдзæхтæ Сау цæссыг цæуыл ызгъалынц, зæгъ?!

Слайд 15

Хатыр: нæ зыдтам аргъ дæ кадæн, Цæргæйæ нæ рæвдыд нæ зыдтай, Ныр дыл зæрдæбынæй æркуыдтой Нæ Ир, дæ табугæнæг адæм.

Слайд 16

Кæд базондзыстæм царды бонтæн аргъ, Адзал хъызт зымæг къæсæргæрон ниуы... Нæхи йеддæмæ никæй хъæуæм мах, Нæхæдæг та нæ ауæрдæм нæхиуыл...


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Презентация к уроку "И.А.Крылов - поэт и мудрец"

Презентация к уроку "И.А.Крылов - поэт и мудрец"...

Презентация к уроку музыки 1 классу "Поэт, художник, композитор"

План-конспект проведения урока. Тема:  Поэт, художник, композитор.Цели:воспитательная:воспитание эмоциональной отзывчивости на музыку;воспитание грамотного слушателя;воспитание музыкального ...

Презентация к уроку по родной (чувашской)литературе "Творчество чувашского писателя Ю Скворцова"

Презентация предназначена к уроку в 7 классе по чувашской литературе по рассазу Ю.Скворцова "Вяхирь"...

Презентация к уроку по родному языку "Давайте познакомимся".

Воспитать любовь не только к родному языку, но и к другим языкам мира....

Презентация к уроку "Литература" - "Родная природа в поэзии" А.А.Блок - 6 класс.(По В.Я.Коровина)

Презентация для урока литературы по теме "Родная природа". Составлена для использования дистанционного обучения во время конференции на Zoom. Содержит элементы анализа стихотворения и кратко...

Презентация к уроку музыки "Писатели и поэты о музыке и музыкантах. "Ты, Моцарт. Бог..."

Презентация к уроку музыки в 5 классе для знакомства с биографией и творчеством великого австрийского композтора В.А.Моцарта....