Коцойты Арсен "Хъусой". Презентаци.
презентация к уроку
Дард Японы æвæрд æрцыд цыртдзæвæн, уый хуымæтæджы нæу, æвæрд уыд куыдзæн. Райсомæй иу йæ хицауы ахизын кодта куыстмæ, изæр та- уад йæ размæ.Афтæ цалдæр азы. Бирæ цаутæ ис,царды мидæг куыдз адæймагæн куыд æххуыс кæны.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
husoy.pptx | 2.5 МБ |
husoy.docx | 15.61 КБ |
Предварительный просмотр:
Подписи к слайдам:
« Арсен ! Ацы ном Ирыстоны цы ком,цы хъǽу нǽ зонынц ахǽм нǽй » Дзугаты Георги « Ирон прозǽйы раппǽлинагдǽр дǽснытǽй иу » Гǽдиаты Цомахъ « Арсен ирон культурǽйы историмǽ бацыд аив дзырд ǽмǽ реалистон радзырды зǽрингуырдǽй» Джыккайты Шамил
« Хъусой »
«Лǽппутǽ къǽбыламǽ зылдысты , ǽхсырǽй йǽ хастой , хъазыдысты йемǽ »
Кǽсы Хъусой лǽппутǽм дǽр ǽмǽ йǽ къǽдзил тилы , цин кǽны: адон сты йǽ хǽлǽрттǽ ,йǽ хъазаг ǽмбǽлттǽ . Уый афтǽ ǽ мбары хъуыддаг , ǽмǽ къǽ былатǽ , йǽхицǽн куыд уарзон сты ,хъуамǽ лǽппутǽн дǽр афтǽ уарзон уой »
« Гаппойы зǽрдыл лǽууыди йǽ ныййарджыты фǽдзǽхст, ǽмǽ бараст ис къǽбылатǽм.Сосланы рустыл цǽстысыгты фǽд куы ауыдта,Хъусой йǽм куы бакасти ǽнкъард ǽмǽ дисгǽнгǽ цǽстытǽй,уǽ д Гаппойǽн дǽр йǽ зǽрдǽ ǽрбауынгǽг ис,фǽлǽ гǽнǽн нǽй,-дард фǽхаста йǽ къух ǽмǽ фехста къǽбылайы Терчы астǽумǽ »
Бавнǽлдта Госǽма мард къǽбыламǽ ,дзǽмбыйы бынǽй йǽ раласынмǽ Хъавыди,фǽлǽ куыдз афтǽ мǽсты ныууынǽргъыдта, ǽмǽ ус иуварс аппǽрста йǽхи . Уǽд Хъусой мард къǽбылайы йǽ дзыхы фелвǽста ǽмǽ кǽрты быруйы сǽрты агǽпп кодта .
« Куыдз фǽлдǽхт уыди рахиз фарсыл,раззаг галиу къахы дзǽмбы ǽвǽрд уыди мард къǽбылайыл »
Предварительный просмотр:
4-æм кълас
Темæ: Адæймаг æмæ æрзды удхæстæгдзинад Коцойты Арсены радзырд"Хъусой"-ы. 2-аг урок.
Нысан:1)сывæллæттæн уарзын кæнын цæрæгойты, æвзæрын сæм кæнын тыхджын æнкъарæнтæ.
2)ныхасы рæзтыл куыст.
3) хъомыладон куыст бакæнын
Урочы æрмæг: чиныг,иллюстрацитæ текстмæ,дзырдбыд.
Урочы цыд.
Ахуыргæнæджы разныхас.
Дард Японы æвæрд æрцыд цыртдзæвæн, уый хуымæтæджы нæу, æвæрд уыд куыдзæн. Райсомæй иу йæ хицауы ахизын кодта куыстмæ, изæр та- уад йæ размæ.Афтæ цалдæр азы. Бирæ цаутæ ис,царды мидæг куыдз адæймагæн куыд æххуыс кæны.
Хæдзармæ куыст.
Æмдзæвгæтæ зæрдывæрдæй зонын."Барбос", "Сидзæр къæбыла"," Гæбуцци".
Текстимæ куыст.
Радзырдмæ фыццаг урокыл арæзт æрцыд композицион-сюжетон пълан, уый æвдисдзæн радзырды хицæн хæйтты кæрæдзийыл бастдзинад. (Фыст у тетрæдты). Дыккаг урочы пъланы пунктты æххуысæй ахуыргæнинæгтæ дзурынц уацмысы мидис.
Пълан:
1.Сугъарты хæдзармæ арбафтыди къæбыла.
2.Хъусойсси тыхджын куыдз, хъæлдзæг уыд йæ цард.
3.Хъусойæн фæзынди къæбылатæ.
4. Мад æмæ фыд бауынаффæ кодтой къæбылаты аппарын. Лææппутæ разы не сты .
5. Гаппо къæбылаты чыргъæды фæхæссы.
6. Хъусой йæ хъæбулты фæстæ Терчы йæхи баппæрста.
7. Гаппойы зæрдыл лæууыди ныйарджыты фæдзæхст.
8. Хъусой нæ хъусы, Хъусой не змæлы.
9. Мад йæ къæбылайы мардимæ фæлыгъди тæргай.
10. Галиу къахы дзæмбы- мард къæбылайыл æвæрд.
Равдисын иллюстрацитæ радзырдмæ.(Чиныг- Арсен Коцоев "Корноухая"1979)
Беседæ.
- Цыма лæппуты ныййарджытæ раст уыдысты, къæбылаты кæй аппæрын кодтой, уымæй?
- Мад æмæ фыды уынаффæ цæрæгойтæн уыди карз тæрхон. Уыдоны дæр цæрын фæнлы, æмæ сын аразын хъæуы фадæттæ. Хъусой Госæмайæн фервæзын кодта йæ сабийы, фæлæ йын уый йæ хорздзинад ницæмæ рдардта, гадзрахатæй йыл рацыди. Адæймаджы фыддзинадæй дард фæлыгъди Хъусой æмæ йæ хъæбулты фæстæ фырзæрдæрыстæй амарди.
Къордтæй куыст. Дзырдбыд.
Фæрстытæ:
1.Радзырды автор у Коцойты...
2.Радзырды сæргонд.
3.Бинонты мыггаг.
4.Лæппутæй йæ цæссыгт кæмæн æрызгъæлдысты, уый ном.
5.Сывæллæтты мады ном.
6. Чи ахаста чыргъæд къæбылатимæ?
Хатдзæгтæ.
Æмбисæндтæ куыдзыл.
Хорз куыдз лæгæн æмбал у.
Куыдз зæрдæ зоны.
2-3 скъоладзауы дзурынц сæ куыйты тыххæй.
- Зæгъут-ма, уацмысы архайджытæй кæй фарс стут, дыууæ лæппуйы æви ныййарджыты? Цæмæн?
- Госæма ницæмæ рдардта Хъусойы, мады цин, нæ банымадта, стыр зæрдæниз ын кæй кæны, уый. Фесæфта Госæма къæбылаты. Сафын та сæ фæкодта æнæтæригъæд, сыгъдæгзæрдæ лæппутæн.Госæма Хъусойы къæбылаты доны баппарын кодта, уымæн æмæйын ницы пайда сты, сæ мад ын йæхæдæг æгъгъæд у. Ам Арсен æвæры ахæм хъуыды: адæймагмæ,цардмæ пайдайы цæстæй кæсын нæ хъæуы, тæригъæд зонын хъæуы, рæсугъддзинад сафын нæ хъæуы.
- Уæ зæрдæмæ фæцыд абоны урок?
- Чи хуыздæр архайдта урочы?
- Смайликтæ равдисут. Чи куыд разы у йæ куыстæй.
Бæрæггæнтæ сæвæрын.
Хæдзармæ куыст. Фыццаг æмæ фæстаг хæйттæ текстмæ хæстæг радзурут.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок по теме: "Мультимедийные интерактивные презентации. Дизайн презентации и макеты слайдов. "
Данный урок рассматривается первым по счету в разделе «Компьютерные презентации». На данном уроке учащиеся знакомятся с программой POWERPOINT, учатся изменять дизайн и макет слайдов....
Презентация "Использование мультимедийных презентаций как универсального средства познания"
В презентации "Использование мультимедийных презентаций как универсального средства познания" даются советы по оформлению и наполнению презентаций....
Разработка урока и презентации "The Sightseeng Tours" London and Saint-Petersburg c презентацией
Цели: развитие речевого умения (монологическое высказывание); совершенствование грамматических навыков чтения и говорения (прошедшее неопределенное время, определенный артикль) Задачи: учи...
Гом урок Адӕймаг ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы . Кӕронбӕттӕны урок.
Урок во 2 классе. Тема урока : Адӕймаг ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы . Кӕронбӕттӕны урок....
Технологическая карта урока по теме: " Хорз куыдз лӕгӕн ӕмбал у" Коцойты А. радзырд " Хъусой" -мӕ гӕсгӕ.
технологическая карта....
Коцойты Арсен "Дадолты мат" Тест
Тест по рассказу А.Коцоева "Дадолты мат"....
«Антон Павлович Чехов ӕмӕ Коцойты Арсен - аивадон детальты дӕснытӕ. «Ӕхцайы чырын» ӕмӕ «Выигрышный билет» - мӕ гӕсгӕ».
А.П. Чехов и А. Коцоев - мастера художественной детали....