«Антон Павлович Чехов ӕмӕ Коцойты Арсен - аивадон детальты дӕснытӕ. «Ӕхцайы чырын» ӕмӕ «Выигрышный билет» - мӕ гӕсгӕ».
методическая разработка (8 класс)
А.П. Чехов и А. Коцоев - мастера художественной детали.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
a.p._chehov_ama_kotsoyty_a.2_.docx | 36.4 КБ |
Предварительный просмотр:
3-ӕм астӕуккаг скъолайы
ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг
Уалыты Илонӕ Тенгизы чызг
ирон литературæйы урок
Урочы темӕ: «Антон Павлович Чехов ӕмӕ Коцойты Арсен - аивадон детальты дӕснытӕ.
«Ӕхцайы чырын» ӕмӕ «Выигрышный билет» - мӕ гӕсгӕ».
г. Дзӕуджыхъӕу
Урочы нысан: 1. Ӕрдзурын Коцойты А. «Ӕхцайы чырын» ӕмӕ А. П. Чеховы «Выгрышный билет» - ы аивадон детальтыл.
2. Рæзгæ фæлтæры хъомыл кæнын адæймаджы раппæлинаг миниуджытыл, хи хизын фауинаг хъуыддæгтæй.
3. Сæвзæрын сæм кæнын цымыдисдзинад дыууæ авторы сфæлдыстадмæ, се сфæлдыстадон курдиатимæ.
Цæстуынгæ æрмæг: 1. Фыссджыты къамтӕ, мыдадзын цырагъ, тымбыл стъол
2. Дыууӕ къорды, дыууӕ стъолы. Иу къорды стъолыл самовар ӕмӕ тӕбӕгъы къренделитӕ. Иннӕ къорды стъолыл та
3. Чингуыты равдыст – Коцойты Арсены ӕмӕ А.П. Чеховы уацмыстимӕ.
4. Пианинӕ (цӕгъды йыл 10 къласы чызг).
Эпиграф урокмæ: 1. «Ӕхца адӕймаджы цардӕн фӕрӕз у, фӕлӕ йӕ бирӕ фыдбылыз у».
Урочы цыд.
- Организацион хай.
Ахуыргӕнӕг: Уӕ бон хорз, мӕ зынаргъ сывӕллӕттӕ!
Ӕгас цӕут, нӕ буц уазджытӕ!
Ирмӕ рагӕй буц у уазӕг
Уазӕг фысымты цин уарзт.
Уӕ ном уын пианинойы зӕлтӕй арӕм
Цӕут нӕм алы бон ӕгас!
(Пианинӕйӕ цӕгъды 10 къласы ахуыргӕнинаг Даша Кириличева, Макоев Ацамаз «Нактюрн»)
Ахуыргӕнӕджы раныхас: Зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ, зӕрдӕйы бӕллиццтӕ, зӕрдӕйы монцтӕ нӕ бон дзырдты фӕрцы зӕгъын куы нал вӕййы, уӕд байгом вӕййынц аивады рӕдау дуӕрттӕ.
Пианинӕйы аив зӕлтӕ дзӕгъӕлы нӕ айзӕлдысты абон. Фӕстӕдӕр ма йӕм раздӕхдзыстӕм. Уый у нӕ урочы интригӕ.
Ахуыргӕнӕг: - Сывӕллӕттӕ бакӕсут ма уӕ хорзӕхӕй уе стъолы сӕр цы предметтӕ ис уыдонмӕ, ӕмӕ зӕгъут: Цы сты? Стӕй литературӕйы мидӕг цавӕр фыссджытимӕ баст сты ? (Самовар, къренделитӕ, дохтыры предметтӕ, карикатурӕтӕ,чингуытӕ, фыссӕн сис).
- Уӕдӕ нӕ ныхас уыдзӕн кӕуыл? (А. Коцойты ӕмӕ А. П. Чеховыл).
Ахуыргӕнӕг: Коцойты Арсен ӕмӕ Антон Павлович Чехов сты литературӕмӕ стыр ӕвӕрӕнтӕ чи бахастой, уыцы фысджытӕ. Уый бӕрӕг у критикты ныхӕстӕй дӕр. Зӕгъӕм, Джыккайты Шамил Коцойты Арсены сфӕлдыстадон бынтӕй, афтӕ загъта: «Арсен ирон культурǽйы историмǽ бацыд аив дзырд ǽмǽ реалистон радзырды зǽрингуырдǽй» . Уӕдӕ Максим Горький та хорз аргъ скодта А.П. Чеховӕн : «Чехов умеет писать так, чтобы словам было тесно, мыслям просторно». Ацы ныхӕстӕн мах ӕвдисӕн уыдзыстӕм нӕ абоны урочы.
Ахуыргӕнӕг: Коцойты Арсен нӕхи фыссӕг у. Фӕлӕ Ирыстоны ахӕм къуым нӕ разындзӕн ӕмӕ Антон Павлович Чеховы чи нӕ зоны? Йе сфӕлдыстадӕй йын ӕгӕр мӕгуыр «Тонкий и Толстый» чи нӕ бакастис, гъе-та йӕ драмӕ «Вишневый сад» чи нӕ федта. Чехов йӕхӕдӕг уыд Ирыстоны дӕр, цыд Дайраны комы фӕндагыл.
Ахуыргӕнӕг: - Абон нæ урокмæ Дзантиаты Викӕ бацæттæ кодта презентаци (проектон куыст) «Антон Павлович Чеховы фӕдтӕ Ирыстоны». Байхъусӕм ма йӕм:
«Куыд базыдтон афтӕмӕй А.П. Чехов Кавказы уыд дыууӕ хатты. Мадзура Чеховы бон фыр диссагӕй нӕ бацис йӕхи бауромын, Кавказы ӕрдз куы федта, уӕд. Йе 'мбӕлттӕ ӕмӕ хиуӕттӕм фыста фыстӕджытӕ.Уыдонимӕ К. Баранцевичмӕ дӕр. Байхъусут ма сӕм : «Ӕз фӕсӕццӕ дӕн Арвыкомы фӕндагӕй. Уый фӕндаг нӕу, фӕлӕ ӕнӕхъӕн поэзи. Ныр та афтӕ банхъӕлут цыма лӕуут 800 футы бӕрзӕндыл…Банхъӕлдтат? Дарддӕр та чысылгай бацӕут сӕрсӕфӕны былмӕ ӕмӕ ныккӕсут дӕлӕмӕ: кӕмдӕр уынут, урс уадздзаг кӕуылты атъанг, уыцы нарӕг бын у хъӕлӕбагӕнӕг цӕугӕдон Арагуи. Ныр та уӕ цӕстытыл хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ кӕсут размӕ: хӕхтӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хӕхтӕ, бынӕй та –Терк, къӕйдуртӕ ӕхсынгӕ тындзы размӕ».
- Нӕ горӕты ис бирæ цыртдзӕвӕнтӕ, Ирыстоны цы зындгонд адӕм уыд, уыдонæн, уыдонимӕ Чеховӕн дӕр.
Ахуыргӕнӕг: Коцойты Арсен ӕмӕ Антон Павлович Чехов сты аив дзырды дӕснытӕ. Хъӕздыг у сӕ уацмысты ӕвзаг, ӕлвӕст - сӕ хъуыдыйӕдтӕ, алы дзырд дӕр йӕхи бынаты. Сӕ юмористон радзырдты худтысты ӕмӕ ӕргом кодтой адӕймаджы худинаг миниуджытӕ. Фӕлӕ уыцы худты мидӕг ӕмбарын кодтой, адӕймаг кӕм рӕдийы ӕмӕ цы хъуамӕ сраст кӕна, уый.
Ахуыргӕнӕг: Куыд уӕм кӕсы цӕмӕн уын аздӕхтон уе 'ргом самовармӕ, чингуытӕм, кӕрикатурӕтӕм ӕмӕ афтӕ дарддӕр? Цы базыдтат уыдоны фӕрцы?
Скъоладзау: Кӕй кой кӕндзыстӕм, уый базыдтам.
Скъоладзау: Коцойты Арсен ӕмӕ Чеховимӕ кӕй сты баст ацы предметтӕ,
уый базыдтам.
Ахуыргӕнӕг: Раст зӕгъут ацы детальтӕ баст сты фыссджытимӕ. А. П. Чехов ӕмӕ Коцойты Арсены хонынц аивадон детальты дӕснытӕ. деталы формулировка)
Абон мах равзардзыстӕм Коцойты Арсены «Ӕхцайы чырын» ӕмӕ Антон Павлович Чеховы «Выигрышный билет». Ӕрдзурдзыстӕм цавӕр аивадон детальтӕй спайда кодтой дыууӕ фыссӕджы.
Ахуыргӕнӕг: Цымӕ цы у деталь? Уӕ зӕрдыл уын ӕй ӕрлӕууын кӕнон.
Деталь – у аивадон фӕлгонц аразыны сӕйраг фӕрӕз, автор цалдӕр дзырды фӕрцы равдисы ӕнӕхъӕн ныв.
Детальты фӕрцы ис равдисӕн хъайтарты ӕддаг бакаст, характер, дзаумӕтты конд ӕмӕ архайды бынат.
Равдисын компьютерыл, ныффыссын тетрæдты ? (райуарын –
Нӕ урокмӕ эпиграфӕн райстон ахӕм ныхӕстӕ : «Ӕхца адӕймаджы цардӕн фӕрӕз у, фӕлӕ йӕ бирӕ фыдбылыз у».
Ам ӕз сывӕрин фарсты нысан.
Ӕхца – фӕрӕз ӕви фыдбылыз у?
Куыд фӕстӕмӕ ацы фарстӕн дзуапп ратдзыстӕм.
Дыууӕ дихы акӕнын скъоладзауты ӕмӕ равзарын радзырдтӕ.
Детальтыл бакусын фӕйнӕгыл: Пазл байгом кӕнын детальты фӕрцы.
Сӕйраг детальтӕ ӕхцайы чырын ӕмӕ лоторейный билет.
ПРЕЗЕНТАЦИИМӔ куыст. ДЕТАЛЬТЫ ӕвзӕрст.
- Цы равдыста Арсен ацы детальты фæрцы?
Цыбырӕй скъоладзаутӕ дзурынц рӕстӕджы тыххӕй.
Скъоладзау: Арсен йӕ радзырд ныффыста мидхӕсты рӕстӕг. Бӕстӕ уыд змӕст ӕмӕ ӕмтъеры. Горӕт Дзӕуджыхъӕу куы иуты къухы уыд, куы иннӕты. Хъӕздгуытӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ лидзӕг фесты. Уӕд байгом ис хуыснӕджытӕн уӕрӕх фӕндаг.
***** Скъоладзаутӕ дзурынц куыд бацыдысты кӕйдӕр хӕдзармӕ, цы дзы уыд, цы ми кодтой ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
- Уыцы ӕхцайы чырын байгом кодта уӕрӕх фӕндаг адӕймаджы фантазийӕн.
Ам дарддӕр Арсен спайда кодта аргъауы ӕвзагӕй ӕмӕ та дзуры:
« Цӕуынц дыууӕ уӕрдоны фӕдыл-фӕдыл».
Деталь - ӕхцайы чырыны фæрцы фыссæг дарддӕр дзуры дыууӕ лӕджы сæнтты тыххӕй. Халы сын сӕ миддуне, сӕ монцтӕ(кӕсынц чиныджы)
Уӕсмӕны бӕллицтӕ | Сӕйтты сӕнттӕ |
| 1.40 азы цӕры ӕмӕ нырӕй фӕндарастдӕр никуы фӕци |
| 2.Бӕх давгӕйӕ йӕ цонг фӕцӕф ӕмӕ йын дзӕбӕх нӕ тасы |
| 3.Чи зоны, йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ма давынмӕ цӕудзӕн, фӕлӕ давӕггаджы хъуаг нал уыдзӕн |
| 4.Нард род аргӕвддзӕн |
|
|
| |
| |
Ахуыргӕнӕг: Ацы бӕллицтӕ фенгӕйӕ цавӕр миддуне раиртӕстат сӕйраг хъайтартӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Арсен нын комкоммӕ нӕ дзуры хъайтарты ӕддаг бакаст,сӕ миддунейы тыххӕй, фӕлӕ сӕ хъуыдытӕм гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты, уый.
Уӕсмӕн | Сӕйтт |
Сыхӕгтӕ | Сыхӕгтӕ |
Къӕрных, хуыснӕг йӕ 18-ыд лӕппуйы дӕр ма йемӕ ракодта. | Къӕрных, хуыснӕг |
Хӕлӕггӕнӕг (сӕгъыбоцъо Хъасболатмӕ, фӕныкгуыз Долӕтмырзӕмӕ, Ханджеримӕ) | Хӕлӕггӕнӕг |
Зыд ӕмӕ кӕрӕф, хин (райсом раджы сыстад,цыма йын куыстмӕ байрӕджы, хӕлоф кодтой) | Зыд ӕмӕ кӕрӕф,хин |
Ӕнӕфенд, талынг, фӕстӕзад зондахаст | Ӕнӕфенд, талынг, фӕстӕзад зондахаст |
Ам уал Коцойты Арсены радзырд фӕуадзӕм ӕмӕ бакӕсӕм Чеховы «Выигрышный билет»-ӕй скъуыддзагмӕ.
Скъуыддзаг ӕвдисынц. Радзырды детальтӕ. Цӕмӕн хъӕуынц? Цы дӕттынц? Цы пайда сты? (Слайд – пазл)
Скъоладзау: Ам федтам дыууӕ адӕймаджы ахастдзинӕдтӕ. Иван Дмитрич бӕллы ӕнӕмӕт, ӕгуыст цардмӕ, алцыдӕр ын цӕмӕй ӕнӕкусгӕйӕ уа. Зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн. Цард дзы цӕджинагау куыд фыца. Йӕ сӕнттӕ йӕ куы иуырдӕм ахӕссынц , куы иннӕрдӕм.
Скъоладзау: Йӕ бинойнаджы дӕр куы бафӕндыд йемӕ фӕсарӕнтӕм ацӕуын, уӕд лӕг усмӕ хъӕндзинӕдтӕ райдыдта уынын. Уыцы ӕхцайы рамбылдӕй –та йӕ удхӕссӕг уынын дӕр ма райдыта.
Скъоладзау: Куыд фӕстӕмӕ уынӕм бинонты гыццыл трагеди. Ӕхцайы кой сын фехӕлдта сӕ ӕрвылбоны цард. Сӕ бӕллицтӕ «мигъы бацыдысты» ӕмӕ дзы ис диссаджы агъуыстыты ӕрфыст: «Надежда и ненависть обе разом исчезли, и тотчас же Ивану Дмитричу и его жене стало казаться, что их комнаты темны, малы и низки, что ужин, который они съели, не насыщает, а только давит под желудком, что вечера длинны и скучны…»
Скъоладзау: Иван Дмитриевич цыма нырмӕ йӕ бинойнаджы никуы федта, уыйау йыл бустӕ кӕнын байдыдта.— Чёрт знает что, — сказал Иван Дмитрич, начиная капризничать. — Куда ни ступишь, везде бумажки под ногами, крошки, какая-то скорлупа. Никогда не подметают в комнатах! Придется из дому уходить, чёрт меня подери совсем. Уйду и повешусь на первой попавшейся осине.
Ахуыргӕнӕг: Ӕхца, давын, стигъын ӕмӕ уыдонимӕ баст бӕллицтӕ бирӕты цард фехӕлдтой. Бинонтӕ хъуамӕ ӕнгом цард кӕной, мӕсыгау ӕнӕфӕцудгӕ, ам та ус ӕмӕ лӕг ӕхцайы тыххӕй фӕхыл сты.
Ирон адӕм –иу афтӕ дзырдтой: «Ӕхца хӕйрӕджыты амӕттаг у». Уый уын «Выигрышный билет» - ы кӕронбӕттӕн. Бӕллицтӕ мигъау атадысты ӕмӕ та дыууӕ хъайтары ихы сӕр азадысты. Цы фесты цымӕ Арсены хъайтартӕ та?
Уыдон дӕр «амондагур» ацыдысты ӕмӕ сӕ хӕдзармӕ ӕхцайы чырын ӕрбаластой. Урочы райдиан мах базон-базон раст базыдтам? (Слайд сундук - пианино)
IV. Хатдзӕгтӕ:
Ахуыргӕнӕг: Ныр та хъуамӕ араст уӕм ирон ӕвзаджы къӕбицмӕ. Уемӕ уын дӕттын ӕхца. Фӕзилут дзы ӕмӕ зӕгъут кӕддӕра царды ӕхцайӕ балхӕнӕн цавӕр хорздзинӕдтӕн нӕй?
Ӕфсарм, ӕгъдау, уӕздандзинад, ӕууӕнк, ныфс, хистӕрӕн кад кӕнын кӕстӕры нымайын.
- Ӕхца ӕцӕг амондджын никуы скӕндзӕн адӕймаджы. Уыцы ӕцӕгдзинад цардӕй бӕрӕг у.
РЕФЛЕКСИ: Фӕнды мӕ цӕмӕй ацы детальтӕй саразат адӕймаг царды цӕмӕ хъуамӕ тырна ахӕм хъуыды.
- Адӕймаг хъуамӕ уа удӕй тыхджын;
- Сыгъдӕг хъуыдытӕ дӕ рӕдийын нӕ бауаддзысты;
- Лӕгӕй фӕцӕрынӕн иунӕг бон дӕр фаг у.
- Хъахъхъӕнут адӕймагдзинад!
Удӕй сыгъдӕг Лӕг хъахъхъӕны - Адӕймагдзинад.
Ахуыргӕнӕг: «Какое наслаждение - уважать человека!» - фыста А. П. Чехов. Цӕмӕй уыцы ӕхсызгондзинад ма фесафат, уый тыххӕй та хъахъхъӕнут уӕхи мидӕг Адӕймагдзинад!
Скъоладзау: А. П. Чехов ӕмӕ Коцойты Арсен ӕцӕгӕйдӕр сты аивадон детальты дӕснытӕ. Детальты фӕрцы нӕ бон у хъайтартӕн се 'ддаг бакаст, сӕ миддунейы кой кӕнын, характеристикӕ сын раттын.
Скъоладзау: Дзургӕ фӕлгонцтӕ сын скӕнын, уымӕн ӕмӕ нын автортӕ барӕй нӕ дӕттынц хъайтарты кӕмкоммӕ ӕрфыст . Уыимӕ ма нӕ цӕстытыл ауайынц худӕг ӕмӕ худинаг детальтӕ.
Скъоладзаутӕ: Детальтӕ сты дыууӕ фыссӕгӕн сӕ сӕйраг хотыхтӕ - хъӕндзинӕдтӕ хурмӕ хӕссынӕн.
Ахуыргӕнӕг: «Курдиаты хо у цыбыр дзырд » - дзырдта А. П. Чехов. Ацы ныхӕстӕ Арсенӕн дӕр дӕр систы хуры тынтӕ чиныгкӕсджыты зӕрдӕтӕм, фӕндаг ссарынмӕ. Деталь раст равзарын, кӕм хъӕуы уым дзы спайда кӕнын, сӕ бирӕмӕ сын нӕ хъавын у Арсен ӕмӕ Чеховы сӕйраг нысан. Уый фӕрцы ссардтой чиныгкӕсӕджы зӕрдӕмӕ фӕндаг, уый фӕрцы сты ӕнӕмӕлгӕ ӕмӕ абон дӕр акктуалон. Цӕрӕтдзаг скодтой бирӕ хъайтарты.
Эпиграфӕй хатдзӕг: «Ӕхца ӕппӕт аразӕг нӕу. Адӕмы уарзондзинад, зӕрдӕрухс ӕмӕ намыс дзы не ссардзынӕ дӕ митӕ, дӕ цард ӕгъдауыл, ӕфсармы уагыл куы нӕ уой, уӕд».
Ахуыргӕнӕг: Нӕ урок пианинӕйӕ хуымӕтӕджы нӕ райдыдтам. Арсен ӕмӕ Антон абон дӕр удгас сты, уымӕн ӕмӕ ныффысстой ӕнӕмӕлгӕ радзырдтӕ кар, ас ӕмӕ рӕстӕг кӕмӕн нӕй, ахӕмтӕ.Уыдон чиныгкӕсӕджы размӕ рахастой ӕнӕмӕлгӕ проблемӕтӕ, фарстатӕ.
Уӕсмӕн ӕмӕ Сӕйтт ахӕм талынг куы нӕ уыдаиккой, уӕд бамбӕрстаиккой: Пианинӕ удварны хӕзна кӕй у, уый адӕймаджы цӕрӕтдзаг кӕй кӕны, монон хъӕздыгдзинадӕн та ӕмбал кӕй нӕ ис.
V. Хӕдзармӕ куыст. Ныффыссын чысыл эссе: «Ӕхца адӕймаджы цардӕн фӕрӕз у, фӕлӕ йӕ бирӕ фыдбылыз у».
(Пианинӕйӕ цӕгъды Даша Кириличева Ӕлборты Феликсы «Прелюдие»).
Ахуыргӕнӕг: (Под музыку) Ӕлборты Феликсы музыкӕ у удыхос, Нӕртон фӕткъуы. Дохтыртӕ афтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ: «Операциты фӕстӕ Феликсы музыкӕмӕ хъусын хъӕуы,уӕд адӕймаг рӕвдздӕр ӕрцӕуы йӕхимӕ».
(Проигрыш)
Ахуыргӕнӕг: Скъолайы бирӕ предметтӕ ис. Уыцы предметтӕн сӕ сӕйраг «деталь» у мадӕлон ӕвзаг, мадӕлон ӕвзагӕй хӕстӕгдӕр зӕрдӕмӕ никӕцы предмет лӕууы. Мадӕлон ӕвзаг у фыдӕлты туг, адӕмы фарн ӕмӕ ӕвидигӕ хӕзна. Тынг мӕ фӕнды, цӕмӕй мадӕлон ӕвзаджы мыртӕ уӕ зӕрдӕты макуы бамыр уой!
(Скъоладзаутӕ уарынц открыткӕтӕ)
Ахуыргӕнӕг: Арфӕгонд ут.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Презентация к уроку литературы на тему "Антон Павлович Чехов.Жизнь и творчество".
Презентация содержит материал об образовании, первых произведениях, театральной деятельности А. П. Чехова....
"Антон Павлович Чехов. Жизнь и творчество"
Цель презентации - познакомить учащихся с жизнью и творчеством А.П. Чехова. Это своеобразная экскурсия по чеховским местам. Учитель рассказывает биографию классика и дополняет свой рассказ иллюстрация...
Антон Павлович Чехов. Краткий рассказ о писателе (детство и начало литературной деятельности). «Хирургия» - осмеяние глупости и невежества героев рассказа. Юмор ситуации. Речь персонажей как средство их характеристики. Особенности стиля рассказов Чехова.
Урок литературы в 5 классе. Прилагается краткий литературоведческий словарик.Цели: 1) Познакомить с биографией А.П. Чехова. -Повысить общую культуру учен...
Антон Павлович Чехов-8 правил воспитанного человека
Письмо А.Чехова своему брату Николаю, очень талантливому художнику и крепко пьющему человеку.МОСКВА, 1886....
презентация Антон павлович Чехов
Презентация "Антон Павлоич Чехов" используем на чеховских чтениях, праздничном мероприятии....
Антон Павлович Чехов (1860-1904) Возможные вопросы для викторин и конкурсов
Антон Павлович Чехов(1860-1904)Возможные вопросы для викторин и конкурсов...
Антон Павлович Чехов
Презеньация отражает этапы работы с обучающимися на уроке литературы по формированию навыка анализа художественного текста....