«Худинаджы бæсты – мæлæт» (Плиты Харитоны поэмæ «Сæлимæт» - мæ гæсгæ)
план-конспект урока (6 класс)
Урок в 6 классе
Скачать:
Предварительный просмотр:
Кълас-6
Урочы темæ: «Худинаджы бæсты – мæлæт» (Плиты Харитоны поэмæ «Сæлимæт» - мæ гæсгæ)
Урочы нысантæ:
1. Райхалын поэмæйы мидис æмæ йæ сæйраг идейæ. Æрдзурын Гуырдзыстоны меньшевикты фыдмиты тыххæй.
2. Бакусын ахуырдзауты ныхасы рæзтыл.
3. Уарзондзинад гуырын кæнын, æфхæрджыты ныхмæ чи лæууыд, уыдонмæ.
Хъуамæ адæймаг йæ кад æмæ сæрибардзинад
хъахъхъæна фæстаг сахаты онг.
Плиты Харитон
Урочы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
Мотиваци. Ахуырдзауты урочы архайынмæ сразæнгард кæнын.
Ахуыргæнæг дæтты фæрстытæ:
1. Михайловскæн та Терчы фаллаг фарс цавæр хъæу ис? (Ногир)
2.Нæ хъæу æрыгондæр у æви Ногир? (Ногир- 1921, Михайловск та- 1861)
3.Михайловск та Колонкæ цæмæн хонынц? (Немыцаг колони Михельсдорф уыд, цардысты дзы немыц).
4.Ирон адæм та нæ хъæуы кæд æрцардысты? (1920- 1921 )
5. Ногир æмæ Михайловскы ирон цæрджыты исты иу кæны? (Иууылдæр Хуссар Ирыстонæй 1920-1921азты ралыгъдысты )
-Цæмæн лыгъдысты? Кæмæй? Стæй цы тухитæ æвзæрстой, уыцы хабæрттæ баст сты нæ урочы темæимæ.
Актуализаци.
Ахуыргæнæджы ныхас:
Нǽ зǽрдыл ǽрлǽууын кǽнǽм 1920-ǽм азты историон цаутǽ.
Æвдыст цæуы презентаци. Скъоладзау дзуры: Гуырдзыстоны меньшевиктæ ныббырстой Хуссар Ирыстонмæ, сыгътой хъæутæ, мардтой адæмы. Фæллойгæнæг адæм сæ удтæ фервæзын кæныны тыххæй лыгъдысты уæззау фæндæгтыл хæхты сæрты, хъæдты астæуты Цæгат Ирыстонмæ. Бирæтæ дзы фæндагыл сæфт. Уыцы æбуалгъы нывтæ Плиты Харитон уыдта йæхи цæстытæй. Фæстæдæр сæ равдыста йе сфæлдыстады.
Дзырдуат (интерактивон фæйнæг)
- Ресы хох – ис Хуссар Иыстоны, Ручъы сæрмæ.
- Тъиау-хъеу Гуырдзыстоны.
- Хъомпал-змæст, æмтъеры, æмхæццæ.
- Зæрит-дыккаг аз æнæкарстæй чи баззад, ахæм уыгæрдæн.
- Чъреба-ныры Цхинвал.
- Хъорнис-хъæу Хуссар Ирыстоны.
- Пацъа-цæугæдон Хуссар Ирыстоны.
- Хъоло-зайæгой.
- Джиуын – рахау-бахау кæнын.
- Сидахъ-маргъы мыггаг.
Фарст: Кæд арæзт æрцыд уæдæ Цæгат Ирыстоны хъæу Ногир? (Скъоладзауы презентаци)
Ахуыргæнæг: Цавæр фыдæбæттæ æвзæрстой лидзæг адæм фæндæгтыл?
Скъоладзау пайда кæны текстæй, афтæмæй дзуапп дæтты:
Се ‘ргъæмттæй сæ астæутæ тасынц,
Хатгай фæвæййынц хуыдуг.
Хæрдты лæгуæрдæттæ ласынц,
Гом къæхтæн хъары сæ туг.
Дзидзидай сабитæн хуыртыл
Хъуысы сæ цъæхахст, кæуын;
Тухынц сæ, тухынц бызгъуырты
Мадæлтæ хохы рæбын.
Ахуыргæнæг: Чи уыдысты Гуырдзыстоны меньшевиктæ?
Скъоладзау: Гуырдзыстоны меньшевиктæ уыдысты: Жгъентъи, Квинтадзе, Жордани, Джугъели (презентацитæ)
Ахуыргæнæг: Меньшевикты размæ ахæм фыдмитæ чи кодта мæгуыр адæмæн?
Скъоладзау: Арагуыйы Ерыстау æлдæрттæ.
Фарст: Цавæр фыдмитæ кодтой ирон адæмæн?
Скъоладзау: Уыдон нæ ауæрстой адæмыл, мардтой сæ, сыгътой сын сæ хъæутæ, сылгоймагæй, сывæллонæй кæуыл хæст кодтой, уыдоны мардтой.
Ахуыргæнæг: Кæимæ бары поэт уыцы фыдгæнджыты?
Скъоладзау текстæй пайда кæны, афтæмæй дзуапп дæтты:
Афтæ ма басыгъта Римы
‘Хсæвыгон раджы Нерон
Зæрдæ ныррухс и йæ риуы,
Нал уыд йæ цинæн кæрон.
Ахуыргæнæг: Джугъелийы æфсады тыххæй цы зæгъы поэт?
Скъоладзау: Джугъели йæ кард йæ къухы, афтæмæй-иу скафыд йæ бæхыл æмæ- иу цингæнгæ адæмы йæ разæй скодта (текстæй)
Тарст дзыллæ хъæууынгты згъорынц,
Нал сын ис абон æнцой.
Устытæ дзыккутæ тонынц,
Знаг сæ фæкодта сæргой.
Къорды куыст. (5 мин )
1.Куыд амардта Джугъели мæгуыр идæдз усы? (Сæ хъуыдытæ текстæй æххæст кæнынц )
2.Поэт кæимæ бары Джугъелийы?
3. Куыд фæмард Дзæрæх?( раттын ын хар-кæ)
4. Чи уыд Махарбег æмæ куыд тох кодта? (раттын ын хар-кæ)
Ахуыргæнæг хъусы дзуаппытæм.
Фыццаг къорд: Лигъдæттæй иу ус фæсвæндаг бастади, дурыл æрбадти, чи йæм фæкæса, уый нал и, йæ уарзон хъæбултæм ма цæстытæ фæлмæн сзылдта æмæ сын хæрзбон загъта. Дыууæ æфсымæры мадмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ æнæбары æнкъардæй размæ ацыдысты. (текстæй)
Фæзы æрбаййæфтой усы
Гауыр Джугъелийы фсад.
Кæрдтæ æлвæстæй сæ къухы…
Нал лæууынц бæхтæ æнцад…
Схъазыд æфсæддон йæ бæхыл,
Усæн ныххафта йæ сæр;
Тугкалгæ атылди зæххыл,
Нал сирвæзт дзыхæй уынæр.
Дыккаг къорд: Поэт Джугъелийы бары мангойлаг тыхгæнджыты æфсæддон разамонæг Чингис-ханимæ, фæлæ уый раджы рæстæджы усы никуы ныццавта(интер.ф.)
Æртыккаг къорд: Сæлимæты æфсымæр Дзæрæх фæмард знаджы ныхмæ тохы. Уый тох кодта хъæбатырæй, уыд партизан, хинæй-иу йе знагыл разылд æмæ-иу дзы райста йæ маст. Дзæрæх уыд кусаг, сабырзонд, арæхстджын, фидар уæнгты конд, диссаджы барæг, сæрибарыл æмæ рæстдзинадыл тохгæнæг хъæбатыр ( интерактивон фæйнæг)
Цыппæрæм къорд: Махарбег уыд Сæлимæты уарзон, уый дæр фæмард знаджы ныхмæ тохы (текстæй).
Фæлæ Махарбег нæ тарсти,
Хаста уæндонæн йæ тых.
Хæсты цæхæрмæ фæраст и,
Знагмæ лæууыди хъæддых.
Махарбег уыд уæндон, хъæбатыр, кадджын, домбай ( интерактивон фæйнæг).
Ахуыргæнæг : Рахизæм поэмæйы сæйраг архайæг Сæлимæты фæлгонцмæ
Фарст: Цавæр у Сæлимæты æддаг бакаст?
1-аг скъоладзау: Сæлимæт у тынг рæсугъд, даргъ нарæг астæу, гуырвидауц, сауцæст, сырхуадул.
Ахуыргæнæг: Сæлимæт Хæритоны уацмысы сæйраг архайæг кæй у, уый поэмæйы сæргондæй дæр зыны. Гъе, æмæ уыцы æвзонг чызджы сурæт ныв кæнгæйæ, фыссæг ницæуыл бацауæрста. Бахай йын кодта ирон сылгоймаджы тæккæ хуыздæр миниуджытæй: хæдæфсармдзинад, уæздандзинад, уарзæгой зæрдæ, сæрибармæ тырнындзинад, хъæбатырдзинад, кад æмæ намыс. Ǽмæ цæмæй йæ уды уыцы миниуджытæ разыной, уымæн стыр ахъаз у Сæлимæты æддаг бакасты æрфыст.
Фарст: Сæлимæт йæхи доны цæмæн баппæрста?
Дзуапп: Лидзæг адæм фæлладæй иу ран æрæхсæвиуат кодтой . Ǽрбалæбурдтой сæм абырджытæ æмæ Сæлимæты аскъæфтой. Сæлимæтæн йæ ныфс нæ асаст, йе скъæфæджы амардта…
Лидзын байдыдта йæхæдæг, фæлæ йæ бæх фыр уадæй фæмард (текстæй).
Нал уыд хъару дæр йæ бæхмæ,
Барæджы быны æрхауд.
Барæг æргæпп кодта зæхмæ,
Саулох фæхуыдуг, фæмард.
Зæрдæ йæ риуы фæтоны,
Зæрдæ нæ уромы маст.
Уыцы тахт аласта донмæ,
Донмæ æдзынæг ныккаст.
Сæлимæт бамбæрста, тыхгæнджытæй нæ аирвæздзæн уый, худинаджы бæсты йæхицæн саккаг кодта мæлæт æмæ йæхи доны баппæрста.
Ивылд дон абухы арсау,
Диссаг кæлæнтæ фæци…
Рæсугъд Сæлимæт кæсагау
Гуылфмæ нывзылдта йæхи.
Фарст: Сымахмæ гæсгæ, Сæлимæт æппæты стырдæр аргъ цæмæн кæны царды?
Дзуапп: Сæлимæт æппæты стырдæр аргъ кæны сылгоймаджы кад æмæ намысæн.
Ахуыргæнæджы хатдзæг: Сæлимæты фæлгонц фыссæг куыд рæсугъдæй равдыста, афтæ рæсугъд разынди удыхъæдæй дæр. Йæ царды æппæты зындæр уавæры куы бахауд, уæд худинаджы бæсты йæхицæн хуыздæрæн мæлæт равзæрста. Ǽмæ нæм уæлдай тынгдæр бахъары, раздæр цы рæсугъддзинадимæ базонгæ стæм,уый æвирхъау кæрон.
Урочы кæронбæттæн: (хъуысы музыкæ)
1. Скъоладзау зæрдылвæрдæй кæсы скъуыддзаг поэмǽйǽ.
2.Рефлекси.
Фразæ кæронмæ ахæццæ кæнут:
Абон æз базыдтон…
Уыди цымыдисаг…
Æз бамбæрстон уый æмæ…
Ныр мæ бон у…
Мæн бафæндыди …
Мæ бон баци…
Фæнды мæ фылдæр базонын…
3. Бæрæггæнæнтæ (кæрæдзийæн æвæрынц ахуыргæнæджы æххуысæй)
4. Хæдзармæ куыст: Ныффыссын цыбыр нывǽцǽн «Мǽ хъуыдытǽ поэмǽйы тыххǽй»
Предварительный просмотр:
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урок 6 класс.Тема: Движение литосферных плит. Землетрясения.
Предмет: география Название учебно-методического комплекса:Линия учебно-методических комплексов по географии для 6-9 классов под редакцией О. А. Климановой, А. И. Алексеева Класс: 6 класс Тема: Дви...
Урок 6 класс. Презентация. Движение литосферных плит. Землетрясения.
Урок 6класс. Презентация...
Ноты для детского хора."Пискарёвские плиты" В.Суслов - Т.Бурцева
Ноты для детского хора."Пискарёвские плиты" В.Суслов - Т.Бурцева...
Плиты Грис. «Авд цухъайы». Мады рухс цаесгом.
Плиты Грис. «Авд цухъайы». Мады рухс цаесгом...
Методическая разработка по использованию очерка "АХ! Александр Харитонов" (о выдающемся архитекторе и создателе нижегородской архитектурной школы)
Данная разработка посвящена методике организации и проведения урока и внеклассного мероприятия о жизни и деятельности нижегородского архитектора Александра Евгеньевича Харитонова в рамках элективного ...
ПРОЕКТ торжественной церемонии открытия мемориальной плиты в память о Герое Советского Союза Н. В. Архангельском
Колокола памяти отсчитывают дни и годы Великой Победы, самого светлого и счастливого дня ХXI века в истории нашего народа. В мае 1945 года советские люди уничтожили гитлеровский фашизм в его лог...
Статья "Современный мечевой бой" студент 2 курса Харитонов И.М. (Научный руководитель Дарижапов М.Д.), 2022 г.
Статья "Современный мечевой бой" студент 2 курса Харитонов И.М. (Научный руководитель Дарижапов М.Д.)...