Хетæгкаты Къостамæ.
материал
Предварительный просмотр:
Хетæгкаты Къостамæ.
Дæ бон хорз, мæ зынаргъ Къоста!
Ацы аз, Кæфты мæйы 15-æм бон, уыдзæн дæ райгуырæн бон! Хъуамæ дыл сæххæст уыдаид… Цæй,цы уæлдай у,цал азы дыл сæххæст уыдаид ,уый ,кæд æмæ махæн дæр, æмæ ма, мах фæстæ чи райгуыра,уыдонæн дæр ды баззайдзынæ нæ зæрдæты æрыгон ,цыппор æхсæзаздзыд лæппулæгæй.
Ехх,æвæдза! Хъизæмар царды бынæй ахæм æрттивгæ талатæ чи суагъта,уый уыд алæмæты адæймаг,хæлардзинады хидтæ аразæг. Æрдзон лæвар уыдтæ, Къоста, æппæт адæмæн дæр!
… Дæ фæстæ ма уыдис бирæ зондджын æмæ курдиатджын поэттæ æмæ фысджытæ, фæлæ…Уыдонæй никæй бон сси суæвын дыккаг Къоста! Кæддæр, дам, иу поэт афтæ дзырдта: «Къоста ирон дзырды дзæбæхдæртæ æртымбыл кодта, йæхи сæ бакодта,махæн дзы ницыуал ныууагъта»!
Ды зоныс, Къоста, æмæ ныры дуджы де ‘мдзæвгæтæ сты тынг актуалон ! Æвæццæгæн дæ дисы бафтауиккой бирæ хицæутты æбулагъ митæ, адæмы мæгуырдзинад:
Додой фæкæнат мæ райгуырæн хæхтæ,
Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау.
Зæй уæ фæласа нæ тæрхоны лæгтæ,
Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!
Ницы аивта. Ис та нæм хъæздгуытæ æмæ мæгуыртæ,нæй нæм иудзинад, æддагон нын у хæстæгдæр хионæй. Хъыгагæн…
Цыма ныр та цæуыл ныффыссис? Кæимæ тох кæнис?
Мах, æрыгæттæ, хорз зонæм, ды царды цас зындзинæдтæ бавзæрстай, уый. Ахуыр дын кæнæм де ‘мдзæвгæтæ, кæсæм дын дæ поэмæтæ. Тынг дзæбæх ахуыргæнджытæ нын ис! Уыдон се ‘ппæт дæр архайынц, цæмæй мах уарзæм нæ мадæлон æвзаг, нæ адæмы, нæ Райгуырæн бæстæ!
Ехх, тæхуды, æмæ ды куы цæрис мах дуджы! Тынг нæ хъæуы дæу хуызæн адæймаг! Æцæг патриот! Йæ райгуырæн бæстæ, йæ адæмы йæ удæй фылдæр чи уарза, ахæм. Афтæ ма банхъæл, æмæ нæм нæй хорз адæм. Ис! Бирæ! Фæлæ дзы дæу хуызæн нæй! Адæмы зæрдæты ныфс,рухс æмæ уарзондзинад чи бауадза, ахæмтæ стæм сты. Фæлæ мæ уырны,ды нæ адæмæн цы хорз цардмæ бæллыдтæ,уый искуы уыдзæн. Мах, ирон адæм, цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр никуы ферох кæндзыстæм дæ бирæ хорздзинæдтæ, дæ ном!
Мæ сæрæй дын ныллæг кувын æмæ дын стыр бузныг зæгъын!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
ХЕТАГКАТЫ КЪОСТА. СФАЛДЫСТАД.
1. Чи уыд ирон авзагы бындуравараг:А. Мамсыраты ТемырболатÆ. Хетагкаты КъостаБ. Коцойты Арсен 2. Ка дама кам райгуырд Хетагкаты Къоста:А. 1855 азы Ганисы хъауыÆ. 1859 азы Нары хъауыБ. 1872 азы Дж...
Литературон – музыкалон композици. «Нæртон хъæбул –ирон гени – Къоста!»
Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ æвзæрын кæнын цымыдис æмæ уарзондзинад.[[{"type":"media","view_mode":"media_large","fid":"7082448","attributes":{"alt":"","class":"media-imag...
"КЪОСТА - НЫВГÆНÆГ"
Чысыл адæмтæ уæлдай амондджындæр æмæ тæхудиагдæр уæд вæййынц, æмæ се`хсæнæй куы рацæуынц номдзыд лæгтæ. Мах, ирон адæм , хайджын фестæм уыцы амондæй. Иры зæххыл райгу...
Хетæгкаты Къоста.
Къоста.Рухс цард ратта уый æвзагæн,Кад æмæ намысыл дзырдта.Бирæ уарзын æз Къостайы,Уый æмдзæвгæтæ фыста....
Хетæгкаты Къоста - дзыллæты фидиуæг
Сценарий литературно - музыкальной композиции «Хетæгкаты Къоста - дзыллæты фидиуæг». 5-11 классы....
Викторинæ «Хетæгкаты Къоста».
Викторина по теме : "Жизнь и творчество Коста Хетагурова". Для обучающихся 9-11 классов....
Хетæгкаты Къоста «Фæззæг»
Базонгæ кæнын скъоладзауты Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæимæ «Фæззæг»; Бакусын скъоладзауты ныхасы рæзтыл;Сабитæн бауарзын кæнын Къостайы æмдзæвгæтæ кæсын...