учебная программа
методическая разработка (10 класс) на тему
учебная программа для 10 класса по родному языку (диф.гр.)
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
rp_10_klass.docx | 45.82 КБ |
Предварительный просмотр:
«Согласовано» Руководитель МО ____ /Габуева М.Х./ Протокол № 1 от «29» августа 2017 г. | «Согласовано» Заместитель директора МАОУБСОШ № 7 ___________ Бибаева М.В. «29» августа 2017 г. | «Утверждаю» Директор МАОУБ СОШ№7 __________ Корнаева Т.Л. Приказ № от « » _________20____ г. |
РАБОЧАЯ ПРОГРАММА
по предмету
«Родной язык»
(для изучающих осетинский как второй)
10 класс
учителя осетинского языка и литературы
Плиевой Ланы Тенгизовны
Рассмотрено на заседании методического объединения
учителей осетинского языка и литературы
Протокол № 1 от
«29» августа 2017 г.
2017-2018 учебный год
ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ
10-æм къласы ирон æвзаджы Кусæн программæ цæттæгонд æрцыд Федералон паддзахадон ахуырадон стандартты домæнтæм гæсгæ. Программæ арæзт у ирон æвзаджы программæйы бындурыл. Автор: Цᴂллагкаты С.Ю. (сфидар æй кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон университеты ЮНЕСКО – йы кафедрæ).
Программæйы нысан:
-Ирон æвзаг ахуыр кæныны нысантæ æмæ фæстиуджытæ фæхуыздæр кæнын;
-ног ахуырадон стандартмæ гæсгæ астæуккаг скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæныны технологитæ ивд кæй цæуынц, уый хынцгæйæ, ирон æвзаджы уроктæм ивддзинæдтæ бахæссын;
-астæуккаг скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæныны ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнын.
Программæйы мидис:
Астæуккаг скъолайы ахуырдзауты зонгæ кæнын ирон æвзаджы нормæтимæ, ахуыр сæ кæнын хи ныхас литературон æвзагмæ гæсгæ аразыныл.
10-æм къласы Ирон æвзаджы Кусæн программæйы структурæ:
10-æм къласы ирон æвзаджы кусæн программæ арæзт у системондзинад æмæ наукондзинады принциптыл. Программæйы хъусдард цыд, цæмæй йæ домæнтæ ахуыргæнджытæн уой æнцон баххæстгæнæн, цы æмбарынæдтæ дзы амынд цæуы, уыдон та скъоладзаутæн – æнцон бамбарæн.
Ныхасы рæзтыл куыст фæпарахатдæр кæныны тыххæй æвзаджы æмбарынæдтæ лæвæрд цæуынц ныхасы рæзтыл куыстытимæ æнгом бастæй, æвзаджы иуæгтæн ныхасы мидæг цы ахадындзинад ис, уый амонгæйæ. Ныхасы рæзтыл куыстытæн сæ ахадгæдæртæ сты тексты бындурыл æххæстгæнæн фæлтæрæнтæ, кæцытæ бæрцæй лæвæрд цæуынц грамматикæ амоныны куысты хуызтимæ.
Программæйы бæрæггонд æрцыд ахуыры азы сахæтты нымæц, алы темæйæн дæр дзы цас лæвæрд цæуы, уый.
Кусæн программæйы нысан æмæ хæстæ:
Программæйы сæйраг нысан: ахуырадон предмет «Ирон æвзаг» 10-æм къласы ахуырдзаутæн дæтты уᴂрᴂхдᴂр зонындзинæдтæ ирон æвзаджы тыххæй, рæзын сын кæны сæ æвзаджы æмæ ныхасы арæхстдзинæдтæ. 10-æм къласы Кусæн программæйы нысан у: ахуырдзауты æвзаджы æмбарынæдтимæ базонгæ кæнын, практикон æгъдауæй сæ пайда кæныныл фæцалх кæнын.
Иумæйагæй ахуырадон предмет «Ирон æвзаджы» сæйраг хæстæ сты:
- скъоладзаутимæ хъомыладон куыст кæнын;
- логикон хъуыдыкæнынады рæзтыл кусын;
- скъоладзауты фæцалх кæнын хиуыл кусыныл, ирон æвзаг хибарæй ахуыр кæныныл;
- иумæйаг ахуырадон арæхстдзинæдтæ рæзыныл куыст (удгоймагон, регулятивон, зонындзинæдтæ исыны (познавательный), коммуникативон).
Предметы хицæндзинад:
Ирон æвзаг у ирон адæмы уд æмæ зонд, ирон адæмы культурæйы хæзнадон; ирон æвзаг у ныхас кæныны, хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз, нæ адæмы царды тыххæй зонындзинæдтæ кæрæдзийæн дæттыны фæрæз.
Ахуырты рæстæг пайдагонд цæуы ахæм ахуырадон технологитæй:
-скъоладзаутæм индивидуалон цæстæй кæсыны технологи (дифференциаци);
-проблемон ахуыртæ;
-информацион-коммуникативон технологи;
-æнæниздзинад хъахъхъæныны технологи;
-бæрæггæнæнты инновацион системæ;
-коллективон куысты хуызтæ;
-проектон-иртасæн технологи
Кусæн программæмæ хаст ивддзинæдтæ
Ирон æвзаджы ахуырадон программæйы (Дзæуджыхъæу, «СЕМ»,
2012 аз) 10-æм къласы ирон æвзаг ахуыр кæнынæн лæвæрд цæуы 100 сахаты. Кусæн программæйы дæр лæвæрд цæуы ацы сахæтты нымæц.
10-æм къласы ирон æвзаджы Кусæн программæйы æрмæг темæтæм гæсгæ лæвæрд цæуы афтæ:
Ахуырадон – тематикон пълан
№ | Программæйы мидис | Сахат |
1. | Рацыд ᴂрмᴂг зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын. | 2 |
2. | Историйы сыфтᴂ фᴂлдахгᴂйᴂ. | 8 |
3. | Бахъахъхъᴂнᴂм ᴂрдз. | 6 |
4. | Контролон куыст. | 1 |
5. | Фыдᴂлты фарн. | 7 |
6. | Ӕгъдау – царды мᴂсыг. | 2 |
7. | Контролон куыст. | 1 |
8. | Балц фᴂсарᴂнтᴂм. | 7 |
9. | Контролон тест. | 1 |
10. | Уᴂрᴂсейы ахуырад ᴂмᴂ наукᴂ. | 11 |
11. | Афᴂдзы ᴂмбисы контролон куыст. | 1 |
12. | Ӕрдзон диссᴂгтᴂ. | 4 |
13. | Нывᴂцᴂн « Ирыстон- Кавказы фидауц» | 1 |
14. | Уᴂрᴂсейы паддзахадон арᴂзт. | 6 |
15. | Контролон тест. | 1 |
16. | Уᴂрᴂсейы культурᴂ. Нывᴂцᴂн «Мᴂ уарзон уырыссаг фыссᴂг (поэт). | 11 |
17. | Контролон тест. | 1 |
18. | Нырыккон фᴂсивᴂды проблемᴂтᴂ. | 4 |
19. | Ирыстоны национ культурᴂ. | 9 |
20. | Контролон куыст. | 1 |
21. | Киноаивад ᴂмᴂ музыкᴂ. | 12 |
22. | Афᴂдзы кᴂроны контролон куыст. | 1 |
23. | Кᴂронбᴂттᴂн урок. Фᴂлхат. | 1 |
10-æм къласы Кусæн программæйы нысантæ æмæ хæстæ баххæст кæнынæн ахуырты рæстæг пайдагонд цæудзæн ахæм ахуырадон фæрæзтæй
Ахуыргæнæн чиныг: «Ирон æвзаджы чиныг 10-æм къласæн». Автор: Цᴂллагкаты С.Ю., Дзæуджыхъæу, «СЕМ», 2012.
Ахуыргæнæн уæлæмхасæн æрмæг скъоладзаутæн.
Ахуырты хуызтæ:
Ног æрмæг амоныны урок, рацыд æрмæг (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ) бафидар кæныны урок, комбинарон урок, урок-беседæ, фæлхат кæныны урок, урок-лекци, урок-хъазт, урок-иртасæн, урок-практикум, ныхасы рæзтыл кусыны урок.
Ахуырты пайда кæнæн ис ахæм методтæй æмæ мадзæлттæй:
- рацыд æрмæджы фæдыл беседæ;
- индивидуалон бафарст;
- фронталон бафарст;
- индивидуалон куысты хуызтæ;
- кæрæдзийы куыстыты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын;
- хи куысты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын (дзырдуатæй, бæрæгуатæй пайда кæнгæйæ);
- грамматикон хъæзтытæ;
- презентаци цæттæ кæныныл куыст;
- текстимæ куыст
Ахуырдзауты архæйдтытæ урочы:
- хи æмæ искæй ныхасы анализ, ныхасы рæдыдтытæ раст кæныныл куыст;
- текстæн пълан аразыныл куыст;
- пъланмæ гæсгæ текст хи ныхæстæй радзурын;
- текст кæронмæ ахæццæ кæнын;
- тексты рæдыдтытæ сраст кæнын;
- ног текст аразыныл куыст;
- диалогон ныхасы архайын;
- аудировани (текстмæ хъусын, алыхуызон текстты информаци иртасын, тексты хъуыды раст æмбарын, хъуыдытæ кæрæдзиуыл логикон æгъдауæй бæттын зонын;
- фысгæ ныхас (текст) аразын зонын, хи хъуыдытæ фысгæ ныхасы хуызы раргом кæнынмæ арæхсын;
- темæмæ гæсгæ æнцойгæнæн схемæтæ æмæ таблицæтæ цæттæ кæнын;
- хибарæй (кæнæ къорды кусгæйæ) орфографион æмæ пунктуацион хæслæвæрдтæ бацæттæ кæнын;
- дзырдуæттимæ кусын;
10-æм къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ бæрæггæнæн куыстытæ:
- тестытæ;
- тексты иумæйаг æвзæрст;
- цардæй ист цауы тыххæй дзурын,
- предметы æрфыст цæттæ кæнын;
- лингвистикон темæйыл дзургæ/фысгæ дзуапп цæттæ кæнын.
Рацыд æрмæгæй зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны куысты хуыз:
- тест;
- контролон куыст.
Къæлиндарон – тематикон пълан
№ | Темæ | Сах | Куысты хуыз | Цæстуынгæ æрмæг | Æмгъуыд |
1. | Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. | 2 | Ныхасы рæзтыл куыст, диалогон ныхас | чиныг, фᴂйнᴂг | |
2. | Историйы сыфтᴂ фᴂлдахгᴂйᴂ. Скифᴂгты лᴂвᴂрттᴂ Дарийᴂн. Бᴂлас йᴂ уидᴂгтᴂ фидар у,…Сᴂрмᴂтᴂгты паддзах Амагᴂ. Стыр зᴂлдаг фᴂндаг. Истори кᴂнынц адᴂм. Хъуысаты инᴂлар. Хъобайнаг культурᴂ. | 8 | Урок – беседæ, рольтæм гæсгæ кæсын | Чиныг,ИКТ | |
3. | Мᴂ зᴂрдᴂ ис хᴂхты. Ӕрдз-нᴂ хъᴂздыгдзинад. Хуыцауы зᴂхх. Бахъахъхъᴂм ᴂрдз. Адᴂймаг ᴂмᴂ ᴂрдз. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. | 6 | Комбинирон урок, урок- беседᴂ | Нывтæ, дидактикон æрмæг | |
4. | Контролон куыст. | 1 | ИКТ,чиныг | ||
5. | Фыдᴂлты фарн нᴂ мᴂлы. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Бинонтᴂ хистᴂрᴂй фидауынц. Лексикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Амонд зᴂххы ис,.. Сомы аргъ. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. | 7 | Ныхасы рæзтыл куыст, диалогон ныхас | ИКТ | |
6. | Ӕгъдау – царды мᴂсыг. Цард ᴂгъдауᴂй фидауы. | 2 | Урок – беседæ Аив кæсыны урок | ИКТ, фотоаль- бом | |
7. | Контролон куыст | 1 | |||
8. | Балц фᴂсарᴂнтᴂм. Балц Францы зᴂрдᴂмᴂ. Тᴂхуды, фен Париж, ᴂмᴂ… Латинаг квартал. Парижы зᴂрдылдарᴂн бынᴂттᴂ. Диалогон ныхасы рᴂзтыл куыст. Тᴂлмацы техникᴂйыл куыст. | 7 | Урок – беседæ Аив кæсыны урок | Нывтæ, чиныг,ИКТ | |
9. | Контролон тест. | 1 | |||
10. | Уᴂрᴂсейы номдзыд ахуыргᴂндтᴂ. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Мᴂскуыйы паддзахадон университет.Грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ.Уᴂрᴂсейы наукᴂ. Англисаг студенты лᴂвар. Гени вᴂййы ᴂппᴂтдунеон. Нобелы премийы лауреаттᴂ.Зындгонд ахуыргᴂндтᴂ. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Космонавтикᴂйы бон. | 11 | Урок – беседæ Аив кæсыны урок | Чиныг, нывтæ,ИКТ | |
11. | Афᴂдзы ᴂмбисы контролон куыст. | 1 | |||
12. | Ӕрдзон диссᴂгтᴂ. Тᴂлмацы техникᴂйыл куыст. Ӕрдзы ᴂнᴂхъᴂугᴂ ницы ис. Ирыстоны цъитиджын хᴂхтᴂ. | 4 | Комбинирон урок Урок – беседæ Аив кæсыны урок | ИКТ | |
13. | Нывᴂцᴂн « Ирыстон- Кавказы фидауц» | 1 | нывтæ,ИКТ | ||
14. | Уᴂрᴂсейы паддзахадон арᴂзт. Монологон ныхасы рᴂзтыл куыст. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Тᴂлмацы техникᴂйыл куыст.Фыццаг тырысатᴂ. Лексикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. | 6 | Урок-лекци Комбинирон урок Урок – беседæ Аив кæсыны урок | Чиныг, нывтæ, ИКТ | |
15. | Контролон тест. | 1 | чиныг | ||
16. | Уᴂрᴂсейы культурᴂ. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Номдзыд фысджытᴂ. Грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Тᴂлмацы техникᴂйыл куыст. Нывᴂцᴂн «Мᴂ уарзон уырыссаг фыссᴂг (поэт). Уᴂрᴂсейы музыкалон Олимп Гениалон уырыссаг композитортᴂ. Уырыссаг нывкᴂнынады хᴂзнатᴂ.Зындгонд уырыссаг нывгᴂнджытᴂ.Нырыккон уᴂрᴂсейаг культурᴂ. | 11 | Комбинирон урок Аив кæсыны урок Урок – беседæ | Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ, | |
17. | Контролон тест. | 1 | |||
18. | Нырыккон фᴂсивᴂды проблемᴂтᴂ. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Монологон ныхасы рᴂтыл куыст. Тᴂлмацы техникᴂйыл куыст. | 4 | Комбинирон урок Урок – беседæ Аив кæсыны урок | Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ, | |
19. | Ирыстоны национ культурᴂ. Ирыстоны нывкᴂнынады райрᴂзт. Нывкᴂнынады дᴂснытᴂ. Монологон ныхасы рᴂтыл куыст. Ирыстоны нывгᴂнджыты хистᴂр фᴂлтᴂр. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ.Фыдыбᴂстᴂйы Стыр хᴂсты темᴂ нывгᴂнджыты сфᴂлдыстады. Диалогон ныхасы рᴂзтыл куыст. Тᴂлмацы техникᴂйыл куыст. | 9 | Комбинирон урок Урок – беседæ Аив кæсыны урок | Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ, | |
20. | Контролон куыст. | 1 | |||
21. | Киноаивад ᴂмᴂ музыкᴂ. Дунейы кинематограф. Лексикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Ирыстоны кинематографийы фыццаг къахдзᴂфтᴂ. Тᴂлмацы техникᴂйыл куыст. Аивад ивы хъуыдытᴂ ᴂнкъарᴂнтᴂй. Лексикон-грамматикон фᴂлтᴂрᴂнтᴂ. Ирыстоны курдиатджын актертᴂ. Диалогон ныхасы рᴂзтыл куыст. Дунейы стырдᴂр кинофестивальтᴂ. Ирыстоны музыкалон Олимп. Национ музыкᴂйы историйᴂ. | 12 | Комбинирон урок Урок – беседæ Аив кæсыны урок | Карточкæтæ, Чиныг, нывтæ, | |
22. | Афᴂдзы кᴂроны контролон куыст. | 1 | |||
23. | Кᴂронбᴂттᴂн урок. Фᴂлхат. | 1 |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
РАБОЧАЯ УЧЕБНАЯ ПРОГРАММА курса истории для 6 класса основное общее образование, 2 ступень срок реализации программы: 2011-2012 учебного года
Рабочая программа по истории для 6 класса...
Учебная программа по русскому языку специального курса для 11 класса средней школы. Подготовка к ЕГЭ Учебная программа по русскому языку специального курса для 11 класса средней школы
Настоящая программа специального курса по русскому языку для XI классов создана на основе примерной базовой программы государственного стандарта среднего общего образования. Пр...
Рабочая учебная программа по учебной дисциплине «русский язык» для 1 «д» класса УМК «Школа России» Программа составлена Резаевой Татьяной Михайловной
Рабочая учебная программа по учебной дисциплине «русский язык» для 1 «д» класса УМК «Школа России» Программа составлена: Резаевой Татьяной Михайловной...
Рабочая учебная программа по учебной дисциплине «русский язык» для 1 «д» класса УМК «Школа России» Программа составлена Резаевой Татьяной Михайловной
Рабочая учебная программа по учебной дисциплине «русский язык» для 1 «д» класса УМК «Школа России» Программа составлена: Резаевой Татьяной Михайловной...
Рабочая учебная программа по учебной дисциплине «русский язык» для 1 «д» класса УМК «Школа России» Программа составлена Резаевой Татьяной Михайловной
Рабочая учебная программа по учебной дисциплине «русский язык» для 1 «д» класса УМК «Школа России» Программа составлена: Резаевой Татьяной Михайловной...
Рабочая учебная программа внеурочной деятельности «Ментальная математика» (общеинтеллектуальное направление) Срок реализации рабочей учебной программы – один учебный год
Рабочая программа по ментальной математике для 5-6 классов составлена в соответствии с требованиями ФГОС ООО, на основе требований к результатам освоения основной образовательной программы основного о...
УЧЕБНАЯ ПРОГРАММА по учебному предмету «Гимнастика» для адаптированной дополнительной общеобразовательной общеразвивающей программы художественной направленности в области хореографического искусства «Азбука танца»
Программа учебного предмета «Гимнастика» разработана на основе «Рекомендаций по организации образовательной и методической деятельности при реализац...