Сценарий ко дню родного языка
презентация урока для интерактивной доски на тему
Предварительный просмотр:
« Ӕргом ныхас»
(мадæлон æвзаджы тыххæй)
(дискуссион ныхас)
6 къл.
Ахуыргæнæг: Хуриты Н.С.
Дзæуджыхъæу
2014 аз.
Эпиграф:
Умеешь говорить — ты человек,
Еще важнее думать научиться.
Язык отцов всегда родной навек,
Сегодня ему надо поклониться.
(Видеопрезентаци Ирыстоны тыххæй музыкæимæ)
АМОНŒГ: Уæ бон хорз,ӕхсӕзӕмкъласонтӕ, фарн уӕ бадты уӕд æмæ нæм алы бон æгас цæут!
21 февраль у мадæлон æвзаджы бон æмæ æппæт адæм дæр нысан кæнынц сæ мадæлон æвзаджы бон. Махæн та нæ мадæлон æвзаг у ирон æвзаг, аланты взаг, фыдæлтæ нын цы рæсугъд æвзаг ныууагътой, уый. Абон мах æрæмбырд стæм ,цæмæй æргом аныхас кæнæм нæ царды ахсджиаг фарстæтæй иуыл.
(Зарæг «ФАРН»)
Хæлардзинад, уæздандзинад, сабырдзинад, æгъдаудзинад кæм вæййы,уым вæййы ФАРН дæр. Œмæ нæм алы бон фарны къах хæссут! Сымах стут нæ фидæны фарнхæсджытæ .
Нæ ирон Хуыцау нын радта 3 стыр фарны : Фыдыбæстæ, Ныййарæг мад æмæ Мадæлон æвзаг.
(СЛАЙДТЫЛ НЫВТӔ)
АМОНŒГ: Фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ царды уидæгтæ сты. Хистæр кадджын кæм у, кæстæр- æгъдаухæссæг, уым ирон фарнӕн сæфæн нæй, уымæн æмæ нæ фыдæлтæ сæ фарн семæ нæ ахастой,махæн æй ныууагътой,цæмæй кæрæдзи фылдæр уарзæм, амондджындæр æмæ рæсугъддæрæй цæрæм.
Мæгуыр уый у, йæ фыдæлтæ кæмæй ферох сты æмæ йе стыр галуаны йæхи дæр чи нал зоны. Мæгуыр уый у,йæ хæдонæй йæ кæрц йæхимæ хæстæгдæр чи хоны,йæ уидаг кæм равзæрд æмæ кæцæй у, уый чи нæ зоны.
( Зарæг «Фарн»)
(экраныл Ирыстоны хæхтæ)
«Фыдыбæстæ – ныййарæг мад». Адæймаг куы сæвзæрд, уæдæй фæстæмæ нæ загъта уымæй рæсугъддæр ныхас. Адæймаг йæ Райгуырæн бæстæ йæ мад куы схуыдта, уæдæй уæздандæр æмæ куырыхондæр никуы уыд.
Уæдæ,нæ Райгуырæн бæстæ махæн Ирыстон у. Œмæ кæд Райгуырæн бæстæ æмæ мадæлон æвзаг мады ад кæнынц, уæд æй не ппæт дæр зонæм, МАД-ы а-зæххыл кæй ничи баивдзæн,уый. Нæ мадæлон æвзаг та махæн ирон æвзаг у – АЛАНТЫ ВЗАГ!
Иу хорз адæймаг загъта :» Мадæлон æвзаг зонын æмæ уарзын у Райгуырæн бæстæ зонын æмæ уарзыны нысан. Уый ирон царды хæрзты бындур у. ирон царды хæрзтæ та фыдæй - фыртмæ, фæлтæрæй - фæлтæрмæ хъуамæ цæуой! Ирон æвзаг у адæмæн сæ кувæндон, сæ уд, сæ ивгъуыд, сæ цардыуаг æвдисæг æмæ йæ хъахъхъæнан хъæуы цæсты гагуыйау, хъахъхъæнын æй хъæуы Нарты фæткъуыйау,уымæн æмæ йæ дыргътæ сты æлутон!
Хъыгагæн, ныртæккæ цы рæстæджы цæрæм,уыцы рæстæджы ирон æвзаг æппæты рæсугъддæр уавæры кæй нæй , уый зонæм!
Нæ, Хуыцау бахизæд, уый зæгъын мæ нæ фæнды æмæ ницы сты не гъдæуттæ,ницы сты нæ традицитæ æмæ нæхæдæг дæр нæ бæззæм… Фæлæ, æмбæхсинаг хъуыддаг нæу, æмæ,сымах,нæ абоны кӕстӕр фæлтæр, кæй нал дзурут иронау,кæй сафæм æмæ рох кæнæм не гъдæуттæ, нæ традицитæ, нæхи…
Цымæ, цæй аххос у?
Ау, не взаг афтæ фыдуынд у æмæ дзы æфсæрмы кæнæм? Œви нæ фыдæлтæ ницæйаг уыдысты æмæ рæгъмæ хæссинаг не сты? Œви нæм ницæйаг хъæбатыртæ уыдис æмæ кæмæй уæм сæрбæрзонд,уый нæм нæй? Куыд уæм кæсы сымахмæ та ,фыццаджыдæр уый цæй аххос у? ( Слайдыл бакӕсын ирон ӕвзаджы тыххӕй видеопрезентацимæ
«Кæд дæ ирон, уæд де взаг зон») .
Фарст: Цы фæцыд уæ зæрдæмæ ацы клипы æмæ цы нæ фæцыд? Цæуылнæ дзуры сывæллон иронау, зæгъут-ма уæ хъуыдытæ)
(Ахуырдзауты дзуаппытæм байхъусын)
? ? ?
АМОНŒГ: Уазæг нæм куы рбацыд! Мидæмæ! Уазæг ирон адæммæ – Хуыцауы уазæг!
УАЗŒГ: Уæ бон хорз! О, цæй тынг бафæлладтæн …Ахæм дард æмæ зын фæндæгтыл фæцыдтæн…Ӕз дӕн аланты байзӕддаг… Фæлæ цы сты рыст æмæ фæллад, нæ адæмæн цы стыр хæзна бахъахъхъæдтон, уый раз! МАДŒЛОН ŒВЗАГ! ИРОН ŒВЗАГ! АЛАНТЫ ВЗАГ! Иу гыццыл куы аулæфин.( зары æнкъард зарæг)
АМОНŒГ: Цæй æнкъард зарæг кæныс,мæ хо!
УАЗŒГ: Нæ абоны фæлтæрмæ куы фæкæсын,уæд æрæнкъард вæййын…Хъæлдзæг зарæг мæ зæрдæ нæ агуры æмæ мæ зæрдæ цы зӕгъы, уый зарын!
АМОНŒГ: Цымæ цæуыл æнкъард у нæ «уазӕг»? Сымах дæр абоны фæлтæрæй стут æмæ уæм куыд кæсы,цы нæ цæуы йæ зæрдæмæ нæ «уазӕгӕн»- æн? Цæуы уæ зæрдæмæ нырыккон ирон чызджы фæлгонц, кæнæ ирон лæппуйы фæлгонц? Цы нӕ цӕуы уӕ зӕрдӕмӕ?
(Ахуырдзауты дзуаппытæ)
? ? ?
УАЗŒГ: Œз уæ хистæр дæн, уæ ивгъуыд æмæ æз цы зындзинæдтæ бавзæрстон,уыдон уын Хуыцау цæ цæсты кæронæй дæр макуы фенын кæнæд, фæлæ мæнæн мæ ныфс никуы асаст!..
АМОНŒГ: Цавæр зындзинæдты кой кæны нæ ивгъуыд?
( Ахуырдзауты дзуаппытӕ )
? ? ?
АМОНŒГ: Дæ уынд мын куыд æхсызгон у! Куыд рагæй бæллыдтæн дæ фенынмæ! Œз абоны ирон ахуыргæнæг дæн æмæ хъуамæ нæ абоны фæлтæрæн бамбарын кæнæм:
У иу æвзаг дæр а дунейыл фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!
УАЗŒГ! Тыхсгæ ма кæн, мæ хо! Ныфс никуы мæлы!
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Œмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг),
Дæуимæ сæфы дунейы истори!
АМОНŒГ: О, фӕлӕ нӕ абоны кӕстӕртӕ нал дзурынц ирон ӕвзагыл, рох кӕнынц сӕ мадӕлон ӕвзаг, се гъдӕуттӕ, ӕрыгон фӕсивӕд кӕрӕдзийыл худынц…Цымӕ цӕй аххос у, сымахмӕ та куыд кӕсы?...
( Ахуырдзауты дзуаппытӕ)
АМОНŒГ: Цы боны дæ, ирон чиныг! Нæ абоны фæлтæр нал кæсынц ирон чингуытæ, тагъд, æвæццæгæн, хъуына кæнын райдайдзысты чингуыты тæрхæгыл. Ирон ныхас цырагъæй агуринаг куы нæ фæуид… (мæнæ,зæгъæм, афтæ)
Уазæг: (ирон чиныг) (Байаты Гаппойы радзырд «Уазæгмæ» гæсгæ равдисын сценкæ.)
( Бакæсын абоны цардæй сценкæтæм)
АМОНŒГ: Уæ хъуыдытæ ма зæгъут ацы сценкæйы тыххæй. Уæ зæрдæмæ цæуы уæхи ныхас? Цæуылнæ?
( ? ? ? )
УАЗӔГ: Ныр æй бамбæрстат, цæуыл æнкъард кæны мæ зæрдæ?
АМОНŒГ: Куыд нæ уа æнкъард уæдæ дæ зæрдæ? Нæ ирон ныхас ма хсæнмæ-хсæнты райхъуысы,цыма нæхи взаджы фаг дзырдтæ нæй нæ хъуыдытæ зæгъынæн!
Ӕрæджы ма нæ горæты ног плакаттæ федтон (равдисын сæ слайдыл). Цавæр хъуыдытæ сæвзæрд ацы плакаттæм кæсгæйæ сымахмӕ?
(Ахуырдзауты дзуаппытæ)
(Къадзаты Станиславы ныхæстæ)
Ис æвзагæй нал дзурæм иронау,
Ис хъæбулæй не взаг у æвæд –
Стыр Уырысæн нал хизæм йæ ронæй
Удæй ма куыд уæм ирæттæ уæд?!
«Макæй уарзæм» - афтæ æз нæ дзурын,
Фæлæ уарзтæй хъуамæ ма уæм куырм.
Зæрдæ дæр цы риуæн равзæрд хурау,
Рухс кæнæд æппæты фыццаг уым!
(æниу уый канд ныры низ нæу, 20 –æм æнусы райрайæнæй нырмæ йын хос кæнæм. Гæдиаты Секъа мæнæ куыд дзырдта:
Худинаг уæм нæ кæсы,
Œнцад бадын фыддæрадæн?
Иу уæ лæгау куы нæ тæрсы
Фесæфынæй Иры взагæн!
Ирон адæм цытæ сысты?!
Чи -- гуырдзиаг, чи – уырыссаг.
Чи -- тæтæйраг, чи – кæсгон.
Никуы федтон ахæм диссаг,
Ныр куыд сæфы Ирыстон! )
АМОНŒГ: Ныр та байхъусæм ирон дзырдмæ…
Слайд (æмдзæвгæ ирон æвзагыл)
Абарут – ма сæ, рæсугъддæр нæу нæхи взаг?..
( ? ? ? )
ИВГЪУЫД: Ныр мæ зæрдæ барухс ис .
Мæлæн дын нæй, нæ мадæлон æвзаг,
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?..
Чи уыдысты нӕ фыдӕлтӕ, кӕмӕй стӕм сӕрбӕрзонд?
УАЗÆГ:
Œз – зондджын сылгоймаг – Сатана, Ацырухс,
Ацæмæзы уадындз ,Батрадзы æхсар…
Œз дæн Анахарсис, йæ туг æмæ йе стæг.
Македонскийы æмкъай – Роксанæйы сих.
Œз – скифаг паддзах ус Тамарис дæн,зонут…
Œз – Невскийы æна, дыккаджы Боренæ,
Рæсугъд Бурдухан дæн, лæджы æмсæр чызг.
Цæразон Сосланы æнусон сæфт ингæн,
Къостайы «Ирон фæндыр» - кады мæсыг.
Иссæйы æхсаргард, Чабæханы тугæй,
Советон Цæдисы хъайтар дæн, ысгуыхт,,
Гæздæнты æфсымæрты зарæг дæн, хъарæг,
Œз никæмæй къаддæр дæн,ис мæм лæгдых.
Балойы фæбогъ дæн, æз –Кучиты Юри,
Œмбисондаг фесты Вассойы ном, кад.
Œз -уыдоны фæдон,уæ зæрдыл æй дарут,-
Дудараты Верæ, Гæздæнты Булат…
Нафи дæн, Хаджи дæн, нæ абон ,нæ фидæн –
Мæ цинтæ,мæ хъыгтæ, мæ бæллиц – мæнæн.
Ирон лæг, ды фехъус, ды бамбар мæ сагъæс,
Фæйнæ дуры Иры мæсыгмæ хæссæм…
Нæ цæсты гагуыйау,нæ Иры цыт хизæм,
Нæ Иры мæсыгæн фæкъулæй тæрсæм!...
Œнустæм нын фарнæн æгъдауджын фыдæлтæ,
Ныууагътой мæлгъ æвзаг – сæ хæзна, сæ уарзт,
Цы йын кæнæм мах та? Куы ныгæнæм не взаг?
Нæ мæсыг цæудзæни нæхи дурæй саст!..
(экраныл ирон мæсыг)
Амонæг: Уæдæ, сымах стут нæ мадæлон æвзаг хъахъхъæнджытæ,сымах стут нæ ныфс,нæ фидæн. Бахъахъхъæнут нæ сыгъдæг,зæлланггæнаг æвзаг,хъахъхъæнут нæ фыдæлты царды мæсыг! Ма фесафут фыдæлты фарн . (зарæг «Фарн»).
(зкраныл аланты намысы кодекс)
(бакæсын кодекс иронау)
- Зон алы хатт дæр , алы ран дæр – ды дæ рагон æмæ уæздан адæмы байзæддаг æмæ дын уый тыххæй нæй бар æгад,æнæгъдау ми кæнын.
- Зон æмæ кад кæн дæ адæмæн, дæ бæстæйæн – уый дæ ноджы скадджын кæндзæн æмæ дын зын сахат тых бауаддзæн де уæнгты.
- Дæхи ирон (алайнаг) адæймаг макуы хон, де взаг куы нæ зонай,уæд. Зон дæ адæмы традицитæ,кафты æмæ зарды гъдæуттæ.
- Архай дæ буары сыгъдæгдзинадыл. Сфæлтæр де нæниздзинад, цæмæй уай дæ фыдæлтæн аккаг фæдон.
- Зон дæ мыггаджы равзæрд. Хорз цæстæй кæс хистæртæм,уæлдайдæр та дæ ныййарджытæм – уыдон дын балæвар кодтой цард.
- Хуыцауы фæдзæхстау дæ зæрдыл дар: Аланты разагъддзинад мулкæй нæ барстой, фæлæ хъæбатырдзинад æмæ фæллойæ; сæ удтæ сæ бæстæйы сæрыл хастой.
- Зон алы хатт дæр: цыдæриддæр аразай хорз æмæ æвзæрæй, уый фæстæмæ дæхимæ æрыздæхдзæн сæдæ хаты фылдæрæй.
- Къаддæр дзур, фылдæр хъус,дæхицæй ма ппæл. Адæмы хсæн бирæ ис дæуæй зондджындæр æмæ тыхджындæртæ.
- Аппар дæ сæры магъзæй ацы хъуыды: «Мæнæй хуыздæр цæмæй дæ?» - уый бирæ хæттыты фесæфта нæ адæмы. Кæд æцæг патриот дæ, уæд æй равдис хъуыддагæй.
- Хыл æмæ загъды мидæг дæхи ма тъысс. Œдылыимæ хылгæнгæйæ – дæхæдæг æдылыдæр дæ! Зондджын дзурæгмæ та æрмæстдæр хъусын хъæуы!
- Дæ гуыбыныл хæцын зон! Чындзæхсæв æмæ зиан æфсæдынæн не сты. Бирæ хæрын нæ фыдæлтæм худинаджы ми уыд.
- Дæхицæн цардæмбал агур йæ буары рæсугъддзинадмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæ уды хъæздыгдзинадмæ, йе гъдаумæ гæсгæ.
- Макæй уырнынад æмæ диныл бахуд. Алы дæм дæр Хуыцауæй сфæлдисгæ сты.
- У сæрыстыр æмæ раст. Стонг, дойны æмæ мæлæтæй макуы фæтæрс, кæд æцæг аланты фæдон дæ,уæд.
- Хуыцау дæ бахизæд худинаг æмæ мæгуырдзинадæй.
(мæгуыр та уый у, ацы ныхæстæ чи нæ банкъара)
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
сценарий последнего звонка "Сценарий многосерийного фильма"
интересный тематический сценарий последнего звонка....
Сценарий: Мастер-класс «Победи конфликт!» Сценарий: Мастер-класс «Победи конфликт!»
Сценарий: Мастер-класс «Победи конфликт!» Сценарий: Мастер-класс «Победи конфликт!» Цель: познакомить педагогов с опытом эффективного взаимодействия классного руковод...
разработка сценария "исторический КВН".Сценарий игры "исторический аукцион"
Сценарии "исторический КВН2и игра "исторический аукцион" способствуют к самореализации ученика, воспитание настойчивости, выдержки, способности принимать решения, т е все то, что необходимо для успеха...
сценарий Юбилея школы Сценарий юбилея школы "Наше продолжение" Автор сценария и ведущая - учитель музыки АОУ школы №9 г. Долгопрудный ТЕПЛЫХ ТАТЬЯНА НИКОЛАЕВНА
В концерте участвуют учителя, выпускники и учащиеся. Это совместное творчество....
Сценарий спектакля на английском языке "The magic gift". Сценарий спектакля "Волшебный дар"
Сценарий подходит для проведения предметных недель на тему Хеллоуин, Рождество, День Святого Валентина.Мы поставили спектакль силами учащихся 7, 2, 3 классов. Выступили перед начальной школой на...
Сценарий праздника русского языка «СЛОВО О СЛОВАХ» (сценарий праздника русского языка, проведенного в рамках декады «Филология»)
Сценарий праздника русского языка «СЛОВО О СЛОВАХ»(сценарий праздника русского языка, проведенного в рамках декады «Филология»)Щербак Е.В., МКОУ СОШ № 42013-2014 уч.год...
Сценарий праздничного концерта, посвященного международному женскому дню 8 марта «Песни весны в кругу семьи» методическая разработка мероприятия (сценарий).
Данная методическая разработка является сценарием праздничного концерта, посвящённого международному женскому дню 8 марта. В разработке представлен полный сценарий со стихами, авторами и названиями пе...
- Мне нравится (1)
Комментарии
Прекрасная разработка,
Прекрасная работа, постараюсь включить фрагменты в разработки начальной школы. Спасибо.