Урочы конспект
план-конспект урока (9 класс) на тему
Предварительный просмотр:
Цёлычы хъёуы иумёйагахуырадон астёуккаг скъола
Ирон ёвзаджы урок 8 къласы
Сочинени – этюд
«Ирон къабайы орнамент"
Ирон ёвзаджы ахуыргёнёг
Боциты А.В.
2012 аз
Урочы нысан: чысыл сочинени – ёрфыст фыссыныл цалх кёнын скъоладзауты
Урочы хёстё:
- Ахуырдзауты предметы ёрфыссыны арёхстдзинадыл кусын, арёхсын дзырдтё ёмё дзырды здёхтытё нывёцёны логикон арёзтён взарын.
- Хъомыл сё кёнын адёмон ёрмгуыстмё уарзон цёстёй кёсын, фёллойён аргъ кёнын ёмё национ аивад уарзыныл.
- Сё фысгё ныхас, хъуыдыкёнынад ёмё орфографион зонындзинёдтё сын рёзын кёнын.
Урочы ифтонгдзинад: ирон орнаменты иллюстрацитё, разгом ёмё цухъайы нывтё, ИА фёйнёгыл презентаци.
Урочы цыд
1. Организацион хай.
2. Ахуыргёнёджы раныхас.
- Нё размёйы урочы ныхас кодтам ирон аивады рёсугъддзинадыл, йё хицёндзинёдтыл. Ёрмгуысты сусёгдзинёдтём арёхстджын чи уыд нё фыдёлтёй раджы ёмё ма абон дёр, уыцы традицитё дарддёр чи ёххёст кёны, ахём дёснытимё уё базонгё кодтон. Уёдё цымё цы у ёрмгуысты дёсныйад? Чи зёгъдзён?
Скъоладзау: Ёрмгуысты дёсныйад у аивады ахём хуыз, йё сёйрагдёр нысан цардуагон дзаума саразын кёмён у, фёлё уыциу рёстёг аивадон уацмыс схонён дёр кёмён ис: къустё, дурынтё, гарузтё, хёрдгёхуыд дзабыртё, уёлёдарёс ёмё аивгёнёнтё.
Ахуыргёнёг: Тынг раст. Нё урочы нысан та, куыд ёй бамбёрстат, у ахуыр кёнын цёстуынгёйё дзаума ёрфыссыныл, ома, нывёцён – этюдтё фыссын ахуыр кёнын. Нё куысты дзаума та уыдзён разгомы орнамент.
Орнаментён дёр ма йё нысан нё зёрдыл ёрлёууын кёнём, цёмён ныв кодтой нё дёснытё къабатыл ахём нывёфтыд… Чи?(дзуапп дёттынц цалдёрёй)
3.Скъоладзауты раныхёстё.
Скъоладзау: Орнамент у ахём ныв кёнё нывёфтыд, алы адёмыхаттён дёр сё цардахаст, национ колорит ёмё монон хъёздыгдзинад чи ёргом кёны.
Скъоладзау: Сылгоймёгты къабаты орнамент, нёлгоймёгты уёлёдарёс ёмё хотыхтыл нывтё ёвдыстой нё фыдёлтё скифтё-алайнагты дунейы ёмбарынад: хур, зёххы, зайёгойты, цёрёгойты нысан. Уымё гёсгё, орнаменты ранёй-ран фенён ис къалиутё сыфтимё, дидинджыты элементтё, хуры тынтё, ёмё ёндёртё. Къёбицы дзауматыл, нёлгоймёгты дарёсыл та ёмбёлынц алыхуызон цёрёгойты нывтё, цёй символтё сты, уый ирон адёмёй бирётё абон дёр хорз зонынц.
Скъоладзау: Зёгъём, фыранк, фыр ёмё бёхы нывтё дзырдтой нё фыдёлты тых, сёрибар ёмё хёдбардзинадыл. Арс, калм, цёргёсы хуызтё та - хиуыл хёцын ёмё хъуыдыджын уёвыныл. Кёд-иу ныв ёнёхъёнёй конд нё уыд, уёддёр дзы- иу цавёрдёр хай райстой аивгёнынён, дзаума куыд карст уыд, цавёр у, уый хынцгёйё. Ёххёст нывтё ирддёрёй фенён ис хотыхтё ёмё егъау дурынтё, фынгтё, зёрин дзауматыл дёр. Дёсны тё-иу лёмбынёг сбёрёг кодтой орнаменты, нывы элементы бынат, йа аразыны хуыз, ас, формё. Алы аивадон сфёлдыстады дёр ирдёй бёрёг зынд дёсныйён йё ёрмдзёф: алы дзаумайыл дёр ныв, ёнёмёнг, уыд фёйнёхуызон, никуы цыд фёлхатгонд, авторы миддуне, хуыз ёмё аивдзинад куыд ёмбары, уый ёвдыста. Уымё гёсгё уыди хъуыстгонд ёмё сгуыхт зёрингуырдтё, хуыйджытё, куырдтё, аразджытё. Адём дёр сём дардёй уымён цыдысты.
Скъоладзау нымайы раджы ёмё абоны царды дёсныты нёмттё
4. Сочинени ёмё композицийы пъланыл куыст.
Хёслёвёрд:
1. Лёмбынёг ёркёсут къабайы орнаменты нывтём ёмё зёгъут, цы уё цымыдис кёны тынгдёр?
2. Цавёр хъуыдытё уём ёвзёрын кёнынц?
3. Цы зёгъиккат ацы къаба бахуыйёгёй?
4. Ёрхъуыды кёнут этюдён ахём сёргонд, йё сёйраг хъуыды йын чи ёргом кёна. Цавёр у уё ахаст ирон орнаментмё?
-Цёмёй орнаменты ёрфыст раст, бёрёг фёткыл арёзт уа, уый тыххёй уё хъёуы пълан. Цал хайё арёзт вёййы сочинени –ёрфысты пълан?(ёртё) Саразём ма йё.
Пълан.
1. Разныхас: цыбырёй радзурын ёрмгуысты дёсныйадыл, нывты хуызтыл.
2. Сёйраг хай: ирон орнаменты ёрфыст.
1) Орнаменты бынат, технологи(хъуымац, ёрмёг, хуызтё), цёмён хъёуы, цы у йё нысан.
2) Йё ныв, йё графикё(дидинёджы элементтё, фёзилёнтё, къабузтё, сыфтё).
3) Де ‘нкъарёнтё къабайё, орнаментёй.
3. Кёронбёттён: дё ахаст ирон орнамент, нывёфтыдмё иумёйагёй, ёрмдёснытём, ирон адёмон ёрмгуысты аивадмё.
Хёслёвёрд:
Ёрхъуыды кёнут дзургё ныхасёй уё нывёцёны райдайён. 1-2 скъоладзауы сё дзурынц.
5. Дзырдуатон куыст: (фёйнёгыл, кёнё таблицёйё).
1. Дзырдты нысан, семё хъуыдыйёдтё аразын.
Адёмон-декоративон ёрмгуысты аивад; ёрмдёснытё, традиции, орнамент, нывёфтыд.
2. Дзырдты растфыссынадыл бакусын: рёсугъд, аивдзинад, ёрмгуыст, орнамент,зёрингуырдтё, хёрдгёйёхуыйёг, къабузтё, иугёндзон.
3. Къаба: дёлфёдтём, даргъдыс, ёхгёдхъуыр, риуыгънёджытё, дёллаггуыр. дёргъмё, тигътё, кёрёттё, ёлёрмттё.
5. Хуызтё:сыгъзёрин, ёвзистхуыз, цыллёндах,цъёх, сырх, кёрдёгхуыз сгёллад хъуымац, дари.
6. Хибар куыст.
7. Кёронбёттён.
Рефлекси. 2-3 куысты бакёсын. Зёгъын,цы базыдтой, цы сын рауад хуыздёр.
8. Хёдзармё куыст: базонын алкёйы мыггаджы ёрмдёсныты тыххёй, кёд уыдысты, уёд.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Гом урочы конспект "Дыууæ социалон къласы ахастдзинæдтæ Нигеры кадæг «Бадилон симд»-ы"
Конспект открытого урока...
Гом урочы конспект "Беджызаты Чермены таурæгъ «Кодзыртæ»"
Конспект открытого урока...
Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.
Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....
Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.
Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...
Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.
Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство действия....
Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)
Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...
Урочы темӕ: «Кæм дын бæззон, дæу дæн мæ Ир!»
К юбилею Джусойны Нафи и Хаджееву Таймуразу...