Урок в невлад.группе
план-конспект урока (9 класс) на тему
Предварительный просмотр:
Ахуыры азы 3-хай - Ахуыргӕнӕг Фидараты Р.Т.
Темæ:Нæ культурæйы ирддæр стъалытæ.( Иумæйаг урок )
Урочы нысан: 1 Зонгæ лексикæ темæйæ иу системæмæ æркæнын.
2. Ныхасы раст пайда кæнын вазыгджын хъуыдыйæдтæй. 3. Скъоладзауты ахуыр кæнын фысгæ ныхас раст аразыныл, дзургæ ныхас æмбарыныл.
Хъомыладон хæс: ахуырдзаутæн культурæ уарзын кæнын.
Цæстуынгæ æрмæг: презентаци, карточкæтæ
Урочы методикон рацарæзт
I. Бацæттæгæнæн хай
– салам раттын
– скъоладзауты цæттæдзинадыл цæст ахæссын
– радгæсимæ бакусын
(фæбæрæг кæнын, къласы чи нæй, уыдоны. Æрдзурын боныхъæды ахастыл).
II. Фонетикон зарядкæ. (слайд-2)
Кафт-кæфтытæ уацмыс-уацмыстæ
Ныв-нывтæ хуыз-хуызтæ
Зарæг-зарджытæ æнкъарæн-æнкъарæнтæ
Нывгæнæг-нывгæнджытæ бындурæвæрæг-бындурæвæрджытæ
III. Лексикон зарядкæ. (слайд-3)
1.зындгонд нывгæнæг 1.яркие звезды
2.æнгом баст уæвын 2.показана
3.курдиаты цæхæр 3.быть тесно связанным
4.нывкæнæнад 4.известный художник
5.лæгæй-лæгмæ 5.творчество
6.æвдыст æрцыд 6.красивая природа
7.сфæлдыстад 7.лицом к лицу
8.рæсугъд æрдз 8.блеск таланта
9.ирддæр стъалытæ 9.живопись
IV.Рацыд æрмæгыл бакусын.
Текст№1-хи ныхæстæй радзурын пъланмæ гæсгæ. (слайд-4)
I.Зындгонд поэттæ.
II.Пушкины сидт.
III.Уырыссаг литературон æвзаджы бындурæвæрæг.мæ гæсгæ.
IV. Уырыссаг поэзийы ирддæр стъалытæ.
Текст№2-бакæсын,фæрстытæ саразын. (слайд-5)
Хетæгкаты Къостайы ном абон зынаргъ æмæ уарзон у нæ бæстæйы бирæ адæмтæн.
Бирæ ис Уæрæсейы йæ номимæ баст бынæттæ.Зæгъæм,Стъараполы ахуыр кодта гимназы æмæ райдыдта ныв кæнын.
Украинæйы,горæт Херсоны, дæр ис Къостайы музей. Херсоны рæсугъддæр уынгтæй иуыл сæвæрдтой Къостайы ном.
Зонæм Ирыстоны Къостайы номыл бынæттæ дæр: фæлладуадзæн парк, поэты музей,Нары хъæуы фыссæджы хæдзар, Дзæуджыхъæуы даргъдæр æмæ рæсугъддæр уынг-Къостайы проспект, Ирон аргъуаны кæрты йæ ингæн æмæ бирæ æндæр бынæттæ. Уæдæ Цхинвалы дæр ис Къостайы цыртдзæвæн.
Нывкæнынады тыххæй радзурын(слайд-6-7-8)
1.Уæрæсейы стырдæр нывты галерей.
2.Павел Третьяков.
3.Нывгæнджыты куыстытæ.
4.А.К.Саврасов «Цъиахтæ æртахтысты»
Таблицæ баххæст кæнын.-фысгæ куыст(слайд-9)
Нывгæнæг | Нывгæнæджы тыххæй | Цы уарзта? | Йæ пейзажтæ | Йæ куыст |
V.Аудировани
Байхъусын,баххæст кæнын(слайд-10-11)
1.Есенаты Æхсар у нырыккон ирон … .
2.Уый … мин фарастсæдæ æвдайæм азы.
3.Ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны университеты … факультеты.
4. Цæры æмæ кусы … .
5. Йæ куыстыты … Уæрæсейы, Францы, Испанийы, Венгрийы, Швецарийы.
6.Йæ … жанр у натюрморты жанр.
VI.Ног æрмæгыл бакусын.
1. Бакæсын,фæрстытæ саразын(слайд-12)
Петр Ильич Чайковский у музыкалон дунейы зындгонддæр композитортæй иу. Уый ныффыста æстай музыкалон уацмысæй фылдæр,уыдонимæ дæс оперæйы æмæ æртæ балеты дæр. Петр Ильич нымад у дунейы музыкалон культурæйы ирддæр стъалытæй иуыл.
2. Байхъусын,дзуæппытæ ныффыссын(слайд-13)
1.Чи у Плиты Христофор?
2.Цавæр оперæ ныффыста?
3. Цы æвæрд ис оперæйы бындуры?
4.Кæд равдыстой оперæ Стыр театры?
5.Чи скодта стыр аргъ оперæйæн?
6.Кæм æмæ кæд фехъуыстой музыкæ уарзджытæ оперæ « Къоста»-йы ног вариант?
VI. Кæронбæттæн хай(слайд-15-16)
– хатдзæгтæ скæнын
1.Цæуыл дзырдтам урочы? 1.Абон урочы мах дзырдтам …
2.Цы базыдтам ногæй? 2.Ногæй базыдтам …
3.Цæуыл сахуыр стæм? 3. Урочы сахуыр стæм …
-Бæрæггæнæнтæ сæвæрын
– х∕к фæбæрæг кæнын- Текст№2 радзурын
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Методическая разработка: предполагаемый план проведения урока - При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке.
При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке....
Методическая разработка урока литературы по теме «Творчество Сергея Есенина»(11 класс). Тема урока - «Голубая Русь» Сергея Есенина. Тип урока –урок-исследование.
Знакомство со стихотворениями С.Есенина, посвящёнными теме родины, с творческим методом поэта....
Сходства и различия уроков с метапредметным подходом с интегрированными уроками и уроками с межпредметными связями (на примере уроков русского языка в 8 классе) Метапредметный подход на уроке русского языка в 8 классе
Сходства и различия уроков с интегрированными уроками и уроками с межпредметными связями (на примере уроков русского языка в 8 классе)...
полугодовая работа 6 класс невлад. группа
Полугодовая контрольная рабта в формате ОГЭ для 6 класса невл. группы...
полугодовая работа для 10 класса невлад.группа
учебно-методический материал...