Открытый урок "Нарт гарзты хорз ама знаджы барцай никуы тарстысты"
план-конспект урока (6 класс) по теме

      Урок в 6 классе по родной литературе. Тема - Сказание о Сослане из Нартовского эпоса.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл narty_soslan_urok-6_klas.docx24.35 КБ
Файл prezenta_narty_soslan_6_klas.pptx1.58 МБ

Предварительный просмотр:

                                                            Урочы технологион картӕ.

Ахуыргӕнӕг - Хетӕгаты Дмитрийы чызг Аннӕ.

Куысты бынат – Дзӕуджыхъӕуы МБОУ СОШ № 22

Предмет – ирон литературӕ.

Кълас – 6 «А»

Урочы хуыз – ӕрмӕг фидаргӕнӕн урок ( 2 сахат)

Темӕ

1. «Нарт гӕрзты хорз ӕмӕ знаджы бӕрцӕй никуы тарстысты».

2. Нарты кадджытӕ. Сослан ӕмӕ Тары фырттӕ.

Нысантӕ

1. Кадӕджы бындурыл ахуыр кӕнын сывӕллӕтты иронау сӕ хъуыдытӕ аивӕй ӕргом кӕнын, зонындзинӕдтӕ уӕрӕхдӕр кӕнын.

2. Дзургӕ ныхасы рӕзтыл куыст.

3. Сывӕллӕттӕн уарзын кӕнын адӕмон дзургӕ сфӕлдыстад; бамбарын кӕнын нӕртон дуджы идеалтӕ – ном ӕмӕ намысы нысаниуӕг.                                      

Урочы эпиграф

«Ӕнӕмӕлгӕ сты ацы дунейы ӕрмӕст хъайтары сгуыхт ӕмӕ куырыхоны ныхас».                                                                                   Абулькасим Фирдоуси.                                

УАА   -  УУД

(Универсалон ахуырадон архайд)

Удгоймагон:

     1. Ахуырадон архайд ӕмӕ йӕ мотивы ӕхсӕн бастдзинад саразын.

     2. Ахуыргӕнинӕгты хиӕмбарынады ӕууӕлтӕ раиртасын ӕмӕ бафидар кӕнын.

Регулятивон:

      1. Скӕнын урочы архайды пълан.

      2. Урочы куысты фӕстиуджытӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

Коммуникативон:

      1. Ахуыргӕнӕг ӕмӕ ӕмгӕрттимӕ ахуырадон ӕмгуыстдзинадӕн пълан скӕнын.

      2. Хъуыдытӕ аивӕй ӕргом кӕнын, хи цӕстӕнгас быцӕу ныхасы фидар кӕнын коммуникацийы хӕстӕ ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ.

Ахуырадон:

      1.Хибарӕй ахуырадон хӕс снысан кӕнын зонын.

      2. Хъӕугӕ ӕрмӕг рабӕрӕг кӕнын ӕмӕ агурын.

      3. Ӕмбаргӕ раныхас аразын хи хъуыдытӕй.

      4. Урочы хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн хъӕугӕ мадзӕлттӕ ӕвзарын уавӕртӕм гӕсгӕ.

      5. Урочы архайды фӕстиуджытӕм цӕст дарын ӕмӕ раст бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрын.

      6. Тексты ӕрмӕгӕй пайда кӕнын.

Ахуырадон фӕстиуджытӕн пълан аразын.

Зонын :

     - Адӕймаджы хъайтарон миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты нӕмттӕ базонын.

Арӕхсын:

     - Саразын диалогон ныхас хъайтарон, патриотон ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сӕ сӕвзӕрыны уавӕрты тыххӕй.

     - Аразын монологон ныхас хи патриотон миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнты тыххӕй.

     - Тексты хъӕугӕ ӕрмӕг агурын.

Удгоймагон :

     - Мотиваци ахуырадон архайдмӕ.

     - Адӕмы хъӕбатырон миниуджытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕмбарын.

     - Нӕ фыдӕлты патриотизм ӕмӕ сӕрыстырдзинадмӕ ӕмбаргӕ ахаст.

Метапредметон:

     - Ног зонындзинӕдтӕй пайдагӕнгӕйӕ къордты кусын.

     - Урочы хӕс сӕххӕст кӕнынынӕн бӕрӕггӕнӕн ӕвӕрын.

     - Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕнынӕн сфӕлдыстадон мадзӕлттӕ ӕвзарын.

     - Ныфсджынӕй интеллектуалон къуыхцыты сӕрты хизынӕн.

     - Скъоладзаутимӕ ахуырадон мадзӕлттӕ ӕвзарын урочы хӕстӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй.

Урочы ӕрмӕг.

1.Ахуыргӕнӕн чингуытӕ 6 къласӕн, кусӕн тетрӕдтӕ литературӕйӕ;

визуалон рӕнхъ – чингуыты равдыст («Нарты кадджытӕ» ирон ӕвзагыл, «Нарты кадджытӕ» уырыссаг ӕвзагыл, «Древнерусские былины», «Скандинавские легенды», «Мифы древней Греции»);

2. Техникон фӕрӕзтӕ – компьютер, проектор, экран;

3. Презентаци.

Урочы куысты хуызтӕ.

Фронталон, дыгӕйттӕй(къӕйттӕй), къордтӕй.

                                                                                                                                                   

                                                                   Урочы дидактикон структурӕ.

Этапы нысантӕ

Ахуырдзауты архайд

Ахуыргӕнӕджы архайд

Урочы хӕстӕ ӕвӕрын

Организа

цион хай (3 мин.)

Мотивацион уавӕр саразын

Салам дӕттынц, ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн дзуӕппытӕ дӕттынц.

Салам дӕтты

Ахуырадон процессмӕ бахизын.

Проблемон хӕстӕ ӕвӕрын

( 7 мин.)

Саразын ахӕм проблемон уавӕр, скъоладзаутӕ урокӕн хӕстӕ куыд сӕвӕрой, урочы ахуырадон пълан куыд саразой.

1.Ахуырадон ӕрмӕг бамбарын.

2.Урокӕн нысантӕ ӕвӕрынц.

3.Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕнынӕн алы варианттӕ ӕвзарынц.

4.Ӕвзарынц ӕппӕты ахадгӕдӕр куысты хуыз.

1.Скъоладзауты ног зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ног архайд базонынмӕ разӕнгард кӕны.

2.Ӕххуыс кӕны скъо ладзаутӕн урочы раст нысан сӕвӕ рынӕн, цӕмӕй хъӕугӕ зонындзи нӕдтӕ сӕ къухы бафтой.

Ӕвӕрд ӕрцыд урочы нысан, ахуырадон архайды пълан ног зонындзинӕдтӕ райсыны тыххӕй.

Ног ӕрмӕг ахуыр кӕнын ( 10 мин.)

Раздӕр этапы ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кӕнын

1.Фыссынц литерату-рон тетрӕдты   фӕйнӕгыл фыст ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ ног ӕрмӕгӕй.

2.Кӕсынц радыгай текст.

3.Се ʼмкъласонты дзуӕппытӕн раст аргъ кӕнынц.

Скъоладзауты архайд растырдӕм аразы.

Бахъуыды кӕнын ног зонындзинӕдтӕ текстӕй.

                             

Релаксацион паузӕ

Ӕрмӕг бафидар кӕнын

( Микро-хатдзӕг)

7 мин.

Ног зонындзи нӕдтӕй бафидар кӕнын раздӕр рацыд ӕрмӕг.

Агурынц дзуӕппытӕ фӕрстытӕн монологон ныхасы хуызы.

Склъоладзауты архайдмӕ йӕ цӕст дары, сӕ куысты рӕдыдтытӕ раст кӕны.

Ног ӕрмӕгӕй пайда кӕнын зонын ахуыра-дон архайды практикон ӕгъдауӕй.

Къордты куыст.

(10 мин.)

Ахуырадон хӕслӕвӕрд раст конд у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнын.

Ӕххӕст кӕнынц практикон хӕслӕвӕрд  къордты.

Ахуырадон архайдмӕ домӕнтӕ ӕвӕры.

Къордты куыст аразы.Къордты куыстӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕры.

Фӕрстытӕ дӕтты, рӕдыдтытӕ амоны.

Ног зонындзи нӕдтӕй хатдзӕг тӕ скӕнын, пра ктикон ӕгъда уӕй сӕ пайда кӕнын зонын. Хӕслӕвӕрдтӕ раст баххӕст кӕныны тыххӕй хатдзӕг.

Рефлекси.

(3 мин.)

Ахуырадон хӕстӕ сӕххӕст кӕнынӕн анализ скӕнын.

1.Ног зонындзинӕдты ахадындзинад бӕрӕг кӕнынц

2.Ахуырадон хӕс сӕххӕст кӕныны мадзӕлттӕн бӕрӕггӕнӕн ӕвӕрынц.

1.Фӕрстытӕ ӕвӕ-ры, урочы хӕстӕ ӕмӕ нысан куыд ӕххӕст цыдысты, уый тыххӕй.

2.Скъоладзауты метапредметон архайд ӕмӕ ног зонындзинӕдтӕ анализ кӕны.

Хатдзӕг ахуырадон хӕстӕ ӕмӕ сӕ аразыны мадзӕлттӕн.

                                                                 Урочы  цыд :

                                                              Организацион хай ( 3 мин.)

           Ахуыргӕнӕджы архайд.

                      Ахуыргӕнинӕгты архайд.

 - Уӕ бон хорз !

 - Чи у абон радгӕс ?

- Ӕгас цу !

Дзуапп дӕтты иу скъоладзау.

                                                    Мотиваци ӕмӕ проблематизаци ( 7 мин.)

  - Куыд хъуыды кӕнут, ирон лӕджы хуыздӕр миниуджытӕ цавӕртӕ сты ?

  - Раздӕр кӕй рацыдыстӕм, уыцы ирон адӕмон дзургӕ сфӕлдыстады куыд ӕвдыст ӕрцыдысты уыцы хорз миниуджытӕ ?

  -  Цы хауы ирон адӕмон дзургӕ сфӕлдыстадмӕ?

  -  Адӕмон сфӕлдыстад нӕм ӕнусты сӕрты кӕмӕй ӕрхӕццӕ, чи нын ӕй ӕрхъуыды кодта? Чи уыдысты нӕ фыдӕлтӕ?

  - Нарты кадджыты хъӕбатыртӕ чи сты? Ранымайут ма сӕ, темӕйы фыццаг урочы уын сӕ цы нывы ӕвдыстон , уымӕ гӕсгӕ. Чи сныв кодта «Нарты куывд»?

  - Куыд хъуыды кӕнут, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?

  - Абон нӕ урочы цы фӕнды базонын? Нӕ размӕ цавӕр хӕстӕ ӕвӕрӕм?

   

     Рагацау хӕдзары бакастысты ӕмӕ сахуыр кодтой кадӕг «Сослан ӕмӕ Тары фырттӕ»-йы фыццаг хай.

     Фронталон фарстӕн дзуапп дӕттынц скъоладзаутӕ радыгай.

 

  - Абон дзурдзыстӕм нӕртон лӕджы хуыздӕр миниуджытыл.

  - Нӕртон дуджы идеалтӕ цавӕртӕ уыдысты? Нӕ рагфыдӕлты дуджы лӕджы ном ӕмӕ лӕджы намысӕн цавӕр нысаниуӕг уыд?      

     Фронталон фарсты руаджы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм хӕдзармӕ куысты ӕрмӕг – кадӕджы фыццаг хай:

     - Чи у кадӕджы сӕйраг хъӕбатыр? Цавӕр миниуджытӕ йӕм ис?

     - Цавӕр тыхст заман скодта Нартыл?

     - Цы бауынаффӕ кодтой Нарт се стыр бӕллӕхӕй фервӕзыны тыххӕй?

     - Цӕмӕй бӕрӕг у, хъуыддаг тынг зын сӕххӕст кӕнӕн кӕй у, уый?

     - Цавӕр хин ми бакодта Сырдон Сосланы фыддӕрагӕн?

    - Цӕуылнӕ амардта Сослан Сырдоны ?

    - Куыд сӕмбӕлдысты Сослан ӕмӕ Мукара ?

    - Цавӕр хин зонд ӕрцыд Сосланы сӕрмӕ, цӕмӕй Мукарайыл фӕуӕлахиз уа,уый тыххӕй?

    - Кадӕджы мидис радзурӕм хи ныхӕстӕй.

    - Раттут портретон характеристикӕ Сослан ӕмӕ Мукарайӕн.

    - Хӕдзары цы нывтӕ скодтат кадӕгмӕ гӕсгӕ,

уыдонмӕ ӕркӕсӕм.

    - Хӕдзары цы ӕмбисӕндтӕ ссардтат ӕмӕ ныффыстат уӕ тетрӕдты хъӕбатырдзинады, лӕгдзинады тыххӕй, уыдон бакӕсӕм.

    - Урочы фыццаг хайӕн скӕнӕм цыбыр хатдзӕг.

    Радыгай дзуапп дӕттынц ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн.

    Дӕнцӕгтӕ хӕссынц хӕдзармӕ куысты ӕрмӕгӕй.

 Сӕ нывтӕй аразынц чысыл равдыст.

Цалдӕрӕй кӕсынц ӕмбисӕндтӕ.

 

2-3 скъоладзауы кӕнынц хатдзӕгтӕ.

                             Ног ӕрмӕг ахуыр кӕнын (темӕ дарддӕр ахуыр кӕнын) - ( 10 мин.)

    - Абон нӕ урочы темӕ у ӕмбисонд «Нарт гӕрзты хорз ӕмӕ знаджы бӕрцӕй никуы тарстысты». Темӕйӕн ӕй цӕмӕн равзӕрстам, уый хъуамӕ базонӕм фӕстӕдӕр, ӕрмӕг ӕнӕхъӕнӕй куы равзарӕм, уӕд. Уымӕн нын баххуыс уыдзӕн презентаци ӕмбисӕндтимӕ ӕмӕ Ирыстоны зындгонд  нывгӕнджыты куыстытимӕ Нарты кадджытӕм гӕсгӕ.

    - Проекторы экранӕй ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ кадӕджы дыггаг хайӕ равзарӕм, бамбарын кӕнӕм, рафыссӕм литературӕйы тетрӕдтӕм.

    - Ацы дзырдтӕм ма ӕрхъуыды кӕнут антонимтӕ ӕмӕ сӕ литературӕйы тетрӕдты ныффыссут.

    - Рафӕлдахут ма ахуыргӕнӕн чингуытӕ, радыгай бакӕсут уацмысы дыккаг хай.

Кӕсынц презентацийы текст.

Комментарийтӕ кӕнынц Нарты тыххӕй ӕмбисӕндтӕн.

Фыссынц ӕнӕзонгӕ дзырдтӕ тетрӕдты:

ӕххуырст – искӕмӕ чысыл мыздыл кусӕг;

уӕрм – стыр дзыхъхъ;

пыхс  - хӕмпӕлтӕ, къутӕртӕ;

тӕссарвад – зылынкъах;

хъару  - тых;

домбай лӕг  - хъаруджын;

бӕрӕгӕй – бӕлвырдӕй;

фӕсивӕд – ӕрыгӕттӕ.

Дзырдтӕм фыссынц антонимтӕ: ӕххуырст – сӕрибар лӕг; уӕрм – къуыбыр; пыхс – ӕрдуз; тӕссарвад – хӕрзконд, расткъах; хъару – ӕнӕхъару, ӕдых; домбай – лӕмӕгъ; бӕрӕгӕй – ӕбӕрӕгӕй; фӕсивӕд – хистӕртӕ.

Радыгай комментарийтимӕ аив кӕсынц кадӕджы дыккаг хай.

    - Релаксацион паузӕ скӕнӕм.

Релаксацион паузӕ кӕнынц.

                                                                  Ӕрмӕг бафидар кӕнын ( 7 мин.)

   - Тексты фӕстӕ фӕрстытӕн дзуӕппытӕ ссарут дыгӕйттӕй (къӕйттӕй), партӕйыл чи кӕимӕ бады, уыимӕ.

Ахуыргӕнӕг хъусы сӕ дзуӕппытӕм, раст кӕны рӕдыдтытӕ.

Иу ахуырдзау кӕсы фӕрстытӕ, иннӕтӕ сын дыгӕйттӕй (къӕйттӕй)дзуӕппытӕ агурынц:

    - Сослан кӕимӕ тох кодта, уыцы Тары фыртты нӕмттӕ куыд хуыйнынц ?

    - Чи сты тыхджындӕр: Сослан ӕмӕ Сатана, ӕви Мукара ӕмӕ Бибыц ? Цӕмӕй сты Сослан ӕмӕ Сатана тыхджындӕр ?

    - Цавӕр хорз миниуджытӕ равдыста Сослан? Ранымайут  сӕ.

    - Сатанайы къухы куыд бафтыдысты Бибыцы тых, ныфс ӕмӕ уд ?

                                                              Урочы хатдзӕг ( 10 мин.)

    - Урочы дыккаг хайӕн скӕнӕм цыбыр хатдзӕгтӕ.

    - Баххӕст кӕнӕм къордтӕй хӕслӕвӕрд:

а) фыццаг къорд раргом кӕндзӕн Сосланы хорз миниуджытӕ;

б) дыккаг къорд раргом кӕндзӕн Сатанайы миниуджытӕ;

в) ӕртыккаг къорд раргом кӕндзӕн Мукара ӕмӕ Бибыцы миниуджытӕ.

Ахуыргӕнӕг къордты куыст аразыныл архайы, консультаци сын кӕны.

Дыууӕ - ӕртӕ скъоладзауы кӕнынц хатдзӕгтӕ.

Дих кӕнынц къордтыл ӕмӕ кусынц сӕ фарстатыл.

 Алы къордӕй дӕр дзуры 1-2 адӕймаджы, иннӕтӕ сын бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕвӕрынц.

                                                                               Рефлекси ( 3 мин.)

   - Абон нӕ урочы ногӕй цы базыдтат?

   - Ӕрмӕг бамбарын уӕ къухы бафтыд, ӕви нӕ? Кӕд нӕ, уӕд цӕй аххосӕй?

    - Уацмысы кæрон фæрстытæн дзуапп раттæм.

    - Чи у Сослан? Цавӕр хъӕбатырдзинад равдыста йӕ Райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ йе ʼмбӕстаг адӕмы сӕрвӕлтау?

    - Куыдӕй ӕрцыдис зонды уӕлахиз гуымиры тыхыл?

    - Ссарут ӕмӕ бакӕсут Сатанайы стыр зонд ӕмӕ арӕхстдзинад ӕвдисӕг бынӕттӕ.

    - Цӕмӕн хоны Сатана Сосланы йе ʼнӕныййаргӕ хъӕбул?

    - Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны ацы кадӕг? Нӕ рагфыдӕлтӕ ацы кадӕг ӕрхъуыдыгӕнгӕйӕ махӕн цавӕр зонд бацамонынмӕ хъавыдысты, куыд уӕм кӕсы?

Урочы ногӕй цы базыдтой, уый дзурынц.             Цы къуыхцытӕ рауадис сӕ куысты,уый ӕмбарын кӕнынц.

Скъоладзаутæ фæрстытæн дзуæппытæ дæттынц.

Скъоладзаутӕ сӕ хъуыдытӕ дзурынц, хатдзӕгтӕ кӕнынц.

                                                                             Хӕдзармӕ куыст

Кадӕг хи ныхӕстӕй дзурын.

Уацмысы мидисӕн анализ кӕнын, фӕрстытӕн дзуӕппытӕ дӕттын.

Хӕдзармӕ куыст фыссынц.

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

                                                           

                                                                   


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

УРОЧЫ ТЕМӔ : « Нарт гӕрзты хорз ӕмӕ знаджы бӕрцӕй никуы тарстысты » Эпиграф : « Ӕӕмӕлгӕ сты ацы дунейы ӕрмӕст хъайтары сгуыхт ӕмӕ куырыхоны ныхас » Абулькасим Фирдоуси .

Слайд 2

Тугъанты Махарбег . «Нарты куывд » - Нарты гуыппырсартӕй кӕй уынӕм нывы ?

Слайд 3

Дзанайты Азанбег . « Нӕртон фосы конд » - Нывгӕнӕг цавӕр хъуыды бавӕрдта ацы нывы ?

Слайд 4

Тугъанты Махарбег . « Нарты Сослан ӕмӕ Тыхы фырт Мукара » « Зондджын сӕрӕй архайы , ӕдылы та – тыхӕй »

Слайд 5

Тугъанты Махарбег . « Куырдалӕгон » « Созырыхъо » Уӕларв йӕ куырдадзы (Сослан) байсӕрыдта Сосланы.

Слайд 6

Тугъанты Махарбег . «Сослан мӕрдты бӕсты »

Слайд 7

Дзанайты Азанбег . « Балсӕджы цалх » - Сосланы цавӕр миниуджытӕ ӕвдисӕг у ацы ныв ?

Слайд 8

Фонтан «Нарты Сослан» Дзӕуджыхъӕуы Сабырдзинады проспекты.

Слайд 9

Дзанайты Славий . « Ӕртӕ Нарты хӕстон балцы размӕ » - Цавӕр хъуыдытыл уӕ бафтыдта ацы ныв? - Нывгӕнӕг Иры фыдӕлты куыдӕй ӕвдисы ?

Слайд 10

Нарты гуыппырсарты сӕ нывты ӕвдыстой : Хохты Аслӕнджери , Хъаныхъуаты Умар Тугъанты Махарбег Дзанайты Азанбег

Слайд 11

Ӕмбисӕндтӕ Нарты тыххӕй : Нарт гӕрзты хорз ӕмӕ знаджы бӕрцӕй никуы тарстысты . Нӕртон лӕг ӕхсары бон оффытӕ нӕ кӕны . Нарт сӕ маст ӕмӕ се ʼфхӕрд ӕнӕрайсгӕ нӕ уагътой . Нарт сӕхи карды коммӕ дардтой , сӕ риу фаты фындзмӕ хастой . Нарт хӕцгӕйӕ фӕцардысты . Нарт фынӕй лӕг амарын сӕ сӕрмӕ нӕ хастой . Нарт фӕстейы цӕф мӕрдты мӕрдтӕм нӕ уагътой . Нарт цӕмӕй Нарт уыдысты ? – Тых ӕмӕ хъаруйӕ , зонд ӕмӕ ӕхсарӕй .


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Хорз фидæн - фыдæлты фарн.

Главной задачей урока является воспитание у учащихся ценностного отношения к жизни. Урок составлен на основе любви к Родине, к Отечеству, к родному краю, прививает патриотизм....

"Хорз лаг адамай хас дары" Дзесты Куыдзаджы радзырд "Тегайы балас" - ма гасга

Тахуды мы йы адамы ыхсананусма хорз ном чи сканы цахицан!Заххыл йа цардай чи аразы цард,Анусондзинад уыман ис армастдар...

Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

1.     Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.2.     Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй...

Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ

1. Басняйы текст равзарын.           2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...